Библи ивы адӕймаджы цард
ИУ ӔРЫГОН чызг Хуыцауы цӕмӕн ныууагъта ӕмӕ йӕм фӕстӕдӕр цӕмӕн раздӕхт? Бакӕсӕм, цы зӕгъы, уый.
«Цӕмӕн цӕрын, уый ныр ӕмбарын» (ЛИЗА АНДРЕ).
РАЙГУЫРД 1986 АЗЫ
ЦӔРЫ ЛЮКСЕМБУРДЖЫ
РАЗДӔР УЫД ӔГОММӔГӔС
Райгуырдтӕн гыццыл горӕт Бертранжейы. Бертранже у сыгъдӕг, сабыр ӕмӕ хъӕздыг горӕт ӕмӕ у Люксембургмӕ хӕстӕг. Стӕм фондз мадызӕнӕг, ӕз дӕн кӕстӕр. Мӕ ныййарджытӕ сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ тынг архайдтой, цӕмӕй мӕн дӕр, мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕрты дӕр Хуыцауы фӕндагыл сӕвӕрдтаиккой.
Хистӕр кълӕсты куы ахуыр кодтон, уӕд дызӕрдыг кӕнын райдыдтон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуыл ахуыр кодтой, ууыл. Фыццаг уыцы хъуыдытӕ ницӕмӕ дардтон, фӕлӕ сабыргай мӕ уырнындзинад лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр кодта. Мӕ ныййарджытӕн сӕ бон цы уыд, уый арӕзтой, цӕмӕй мын баххуыс кодтаиккой раст фӕндагыл цӕуынӕн, фӕлӕ сӕм ӕз нӕ хъуыстон. Сусӕгӕй мӕ рӕстӕг ӕрвыстон, сӕ ныййарджыты чи ницӕмӕ дардта, ахӕм лӕппутӕ ӕмӕ чызджытимӕ. Мӕн фӕндыд сӕрибарӕй цӕрын, ӕмӕ мӕм афтӕ каст, уыдон афтӕ кӕй цӕрынц. Бирӕйӕ-иу ӕрӕмбырд стӕм, ӕнӕгъдау митӕ-иу кодтам, фӕлвӕрдтам алыхуызон наркотиктӕ ӕмӕ нуӕзтам. Райдианты мӕм хорз каст, мӕнмӕ гӕсгӕ, хъӕлдзӕг цард чи кодта, уыдонимӕ мӕ рӕстӕг ӕрвитын.
Ӕцӕгӕй та амондджын нӕ уыдтӕн. Ахӕм ӕмбӕлттимӕ ма цард уыд афтид, иу дӕр дзы цардыл нӕ хъуыды кодта. Ӕз та хъуыды кодтон, дунейы рӕстдзинад цӕуылнӕ ис, ууыл. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ мӕхимӕ ноджы тынгдӕр ныхъхъуыстон.
БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Иу бон уыдтӕн тынг ӕнкъард, уӕд мыл цыд 17 азы. Мӕ мад мын мӕ уавӕр уыдта, ӕмӕ мӕ бафарста, ногӕй дӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ фӕнды, зӕгъгӕ. Баразӕнгард мӕ кодта, цӕмӕй Библийы ахуырӕдтӕм лӕмбынӕг ӕркастаин ӕмӕ ахъуыды кодтаин, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын мӕ фӕнды, ӕви нӕ. Зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ кӕй аныхас кодтам, уый мыл тынг бандӕвта. Мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой мӕ хистӕр хо Каролинӕ ӕмӕ йӕ лӕг Акиф. Акифӕн йӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ куы сыстыр, уӕд райдыдта ацы фӕндагыл цӕуын. Акиф раздӕр куыд цард, уый кӕй зыдтон, уымӕ гӕсгӕ мын ӕнцон уыд йемӕ ӕргом ныхас кӕнын, цы мӕ тыхсын кодта, ууыл.
Псалом 78:40, 41; Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Стӕй ма бамбӕрстон, иннӕ адӕмыл дӕр кӕй ӕндавынц.
Ӕз зыдтон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй нӕ цардтӕн, фӕлӕ мӕм афтӕ каст, ӕмӕ мӕ цард мӕхи хъуыддаг у. Фӕлӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ бамбӕрстон, мӕ хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй риссын кӕнын (Библи ахуыр кӕнгӕйӕ уыдтон, Хуыцауы Ныхасыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис, уый. Зӕгъӕм, Библийӕ цы бирӕ пехуымпарӕдтӕ базыдтон, уыдон уыдысты раст – се ’ппӕт дӕр лыстӕг хабӕртты онг сӕххӕст сты. Уый мын баххуыс кодта, раздӕр цӕуыл дызӕрдыг кодтон, уый бамбарынӕн.
Библи афӕдзы бӕрц куы ахуыр кодтон, уӕд мӕ ныййарджытимӕ ацыдтӕн Германимӕ мӕ хистӕр ӕфсымӕрмӕ, уым лӕггад кодта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалы. Ме ’фсымӕр куыд амондджын у, уый куы федтон, уӕд хъуыдыты ацыдтӕн. Ӕз дӕр рагӕй бӕллыдтӕн, цӕмӕй афтӕ амондджын уыдаин! Филиалы чи лӕггад кодта, уыдон мӕ дисы бафтыдтой. Уыдон тынг хицӕн кодтой мӕ раздӕры ӕууӕнкхор ӕмбӕлттӕй, сӕ мӕт уыд, сӕхи куыд аирхӕфстаиккой, ӕрмӕстдӕр уый. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй скуывтон ӕмӕ йын дзырд радтон, цӕрӕмбонтӕм ын кӕй лӕггад кӕндзынӕн. 19 азы мыл куы цыд, уӕд мӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтон ӕмӕ донаргъуыд райстон.
АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Ныр ӕмбарын, цӕмӕн цӕрын, уый. Ӕхсызгон мын у адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын, ӕххуыс сын кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн йӕхи тыххӕй ӕмӕ фидӕны тыххӕй цы дзуры, уый базоной. Мӕ бинонтӕ дӕр тынг цин кӕнынц – сӕ зӕрдӕ сын нал риссын кӕнын.
Мӕ раздӕры рӕдыдтытӕ мӕ рох не сты, фӕлӕ архайын, цӕмӕй сыл ма хъуыды кӕнон. Фылдӕр хъуыды кӕнын, Йегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, кӕй мӕ уарзы ӕмӕ мыл кӕй тыхсы, ууыл. Ӕз дӕр разы дӕн Ӕмбисӕндты 10:22 стихы ныхӕстимӕ: «Йегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы кӕны хъӕздыг ӕмӕ йемӕ маст нӕ хӕссы».
[Хицӕнгонд текст 12 фарсыл]
«Бирӕйӕ-иу ӕрӕмбырд стӕм, ӕнӕгъдау митӕ-иу кодтам, фӕлвӕрдтам алыхуызон наркотиктӕ ӕмӕ нуӕзтам»
[Хицӕнгонд текст 13 фарсыл]
«Мӕ раздӕры рӕдыдтытӕ мӕ рох не сты, фӕлӕ архайын, цӕмӕй сыл ма хъуыды кӕнон»