Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон

Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?

Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?

Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц алыхуызон фарстатӕ. Чи зоны сыл ды дӕр хъуыды кодтай. Алы фарстамӕ дӕр дзы амынд ис, Библийы йын дзуапп дӕ бон кӕм у ссарын, уыцы бынат. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы фарстатыл демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты.

1. Лӕг ӕмӕ усы сӕ къухтӕ ӕрфыссын цӕмӕн хъӕуы?

Йегъовӕ амондджын Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ бинонты цардӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд ӕй фӕндыд, цӕмӕй бинонтӕ дӕр амондджын уыдаиккой. Лӕг ӕмӕ ус сӕ цард закъонмӕ гӕсгӕ куы баиу кӕнынц, уӕд сӕ хӕстӕм фӕкӕсынц бӕрнон цӕстӕй, ӕмӕ уый пайда вӕййы сӕ сывӕллӕттӕн дӕр. Хуыцауы фӕндон у, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус сӕ къухтӕ ӕрфыссой ӕмӕ иумӕ цӕрӕнбонты цӕрой (Лукайы 2:1–5). Стӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой (Дзуттӕгтӕм 13:4). Лӕг ӕмӕ усӕн хицӕн кӕныны кӕнӕ ногӕй бинонтӕ скӕныны бар ис, исчи сӕ йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй куы рацӕуа, ӕрмӕстдӕр уӕд. (Бакӕс Матфейы 19:3–6, 9.)

2. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн куыд хъуамӕ уой?

Йегъовӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй сӕ алчидӕр, цы хӕс ӕвӕрд ыл ис, уый ӕххӕст кӕна ӕмӕ афтӕмӕй кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕной (Райдиан 2:18). Нӕлгоймаг бинонты хистӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ йӕ бинонты дара ӕмӕ сӕ Хуыцауы фӕндагыл араза. Йӕ усы хъуамӕ удуӕлдай уарзтӕй уарза. Дыууӕ уды амондӕн ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕной. Адӕм иууылдӕр ӕнӕххӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ сахуыр уой кӕрӕдзийӕн барын, кӕннод сӕ амонд сӕхи къухӕй фехалдзысты. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:31, 32; 5:22–25, 33; 1 Петры 3:7.)

3. Цымӕ лӕг ӕмӕ усӕн хицӕнӕй цӕрӕн ис?

Дӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзи куы не ’мбарат, уӕддӕр-иу архайут кӕрӕдзиимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕныныл (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5). Хуыцауы Ныхасы афтӕ фыст никуы ис, ӕмӕ дыууӕ уды кӕрӕдзи куы не ’мбарой, уӕд хъуамӕ хицӕнӕй цӕрой, зӕгъгӕ. Фӕлӕ вӕййы ахӕм зын уавӕртӕ дӕр, ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнӕг хъуамӕ уынаффӕ рахӕсса, растдӕр куыд уаид бакӕнын – йӕ цардӕмбалӕй хицӕнӕй цӕра ӕви нӕ. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:10–13.)

4. Хуыцауы зӕрдӕ сывӕллӕттӕн цы зӕгъы?

Сывӕллӕттӕ, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй амондджын уат. Уымӕй хуыздӕр уын ничи бацамондзӕн, уе ’рыгон бонтӕ куыд хуыздӕр ӕрвитат, уый. Уӕ ныййарджытӕ сымахӕй фылдӕр кӕй зонынц ӕмӕ царды сымахӕй фылдӕр кӕй федтой, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй сын сӕ зондмӕ хъусат (Колоссӕгтӕм 3:20). Йегъовӕ уыны, йӕ номы кадӕн цыдӕриддӕр аразут, уый. (Бакӕс Екклесиаст 11:9–12:1; Матфейы 19:13–15; 21:15, 16.)

5. Сывӕллӕттӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?

Ныййарджытӕ, сымах хъӕуы бирӕ фыдӕбон кӕнын, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн уа, кӕм цӕрой, уый, хӕринаг ӕмӕ уӕлӕдарӕс (1 Тимофеймӕ 5:8). Фӕлӕ цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ амондджын уой, уый тыххӕй сӕ хъуамӕ ахуыр кӕнат Хуыцауы уарзын ӕмӕ йӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрын (Ефесӕгтӕм 6:4). Сывӕллӕттӕ куы уыной, уӕхӕдӕг Хуыцауы куыд тынг уарзут, уый, уӕд сыл уый ӕнӕфӕзынгӕ нӕ фӕуыдзӕн. Уӕ сывӕллӕттӕн цы уынаффӕтӕ дӕттут, уыдон Хуыцауы Ныхасыл арӕзт куы уой, уӕд сыл уый хуыздӕрырдӕм фӕзындзӕн ӕмӕ ӕмбаргӕ уыдзысты. (Бакӕс Дыккаг закъон 6:4–7; Ӕмбисӕндтӕ 22:6.)

Уӕ сывӕллӕтты ныфсыл-иу ныфс куы ’фтауат ӕмӕ сӕ куы ’ппӕлат, стӕй, цӕмӕй рӕдийынц, уый сын куы дзурат ӕмӕ сын зонд куы амонат, уӕд сӕ уый бахъахъхъӕндзӕн ӕнӕзонд митӕй ӕмӕ уӕд сӕ цардӕй фӕсмойнаг никуы фӕуыдзысты (Ӕмбисӕндтӕ 22:15). Фӕлӕ сывӕллонӕн бауайдзӕф кӕнын куы хъӕуа, уӕд та хъуамӕ ӕгӕр карз ӕмӕ ӕгъатыр ма уат. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:21.)

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы чингуытӕ рауагътой, уыдоны ’хсӕн ис, сӕрмагондӕй ныййарджытӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн фыст чи ’рцыд, ахӕмтӕ. Цы уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон ист сты Библийӕ. (Бакӕс Псалом 19:7, 11.)

Фылдӕр базонӕн ис ацы чиныджы, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 14 сӕрӕй. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.