Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...
Гыццыл сывӕллӕттӕн донаргъуыд дӕттын хъӕуы?
▪ Виктория у католикон диныл хӕст. Йӕ гыццыл ӕфсымӕр, Джон, куы амард, уӕд тарст, зындоны арты кӕй судздзӕн. Цӕмӕн? Виктория загъта: «Джон донаргъуыд нӕ уыд, афтӕмӕй амард, ӕмӕ сауджын загъта, зӕгъгӕ, ме ’фсымӕр уый тыххӕй ӕнустӕм зындоны кӕй хъизӕмар кӕндзӕн». Ахӕм ныхӕстӕ кӕйфӕнды зӕрдӕйы дӕр тас бауадздзысты. Фӕлӕ, цымӕ, Библи дӕр афтӕ зӕгъы, ӕмӕ донаргъуыд чи нӕу, уыцы сывӕллӕттӕ зындоны фӕхъизӕмар кӕнынц?
Библийы фыст ис, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ донаргъуыд кӕй хъуамӕ исой. Чырысти йӕхӕдӕг загъта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр [мын] цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл, ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын» (Матфейы 28:19, 20). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, донаргъуыд чи райсы, уый Чырыстийы ахуыргӕнинаг кӕй хъуамӕ уа. Ӕндӕр ныхасӕй, донаргъуыд райсынц, Чырыстийы тыххӕй чи базоны ӕмӕ стӕй йӕ фӕдыл цӕуын кӕй бафӕнды, уыдон. Фӕлӕ сывӕллӕттӕ уый хъом не сты.
Уӕддӕр бирӕтӕ зӕгъынц, Чырыстийы ныхӕстӕ гыццыл сывӕллӕттӕм дӕр кӕй хауынц. Лютерайнаг дины разамонджытӕй иу, Ричард Бачер, загъта: «Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ райса донаргъуыд, суанг гыццыл сывӕллӕттӕ дӕр. Сывӕллӕттӕн донаргъуыд куы нӕ уой, уӕд сын Хуыцау нӕ ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ сын тӕссаг уыдзӕн зындоны артмӕ бахауынӕй». Ахӕм ныхӕстӕн Чырыстийы ахуырӕдтимӕ иумӕйагӕй кӕй ницы ис, уымӕн, ӕппынкъаддӕр, ис ӕртӕ бӕлвырдгӕнӕны.
Фыццаг: Чырысти афтӕ нӕ дзырдта, сывӕллӕттӕ донаргъуыд кӕй хъуамӕ исой. Ацы хабар цымыдисаг цӕмӕн у? Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ амонын ахсджиаг хъуыддагыл нымадта. Сӕйраг хъуыддӕгтӕ та-иу сын сӕ зӕрдыл цалдӕр хатты дӕр ӕрлӕууын кодта. Цӕмӕн? Цӕмӕй-иу сӕ хорз бамбӕрстаиккой (Матфейы 24:42; 25:13; Марчы 9:34–37; 10:35–45). Фӕлӕ сывӕллӕттӕн донаргъуыд дӕттын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй иунӕг хатт дӕр нӕ загъта. Мыййаг ӕй ферох уыдаид? Уымӕн гӕнӕн нӕй. Сывӕллӕттӕн донаргъуыд дӕттын куы хъуыдаид, уӕд ӕй Чырысти загътаид.
Дыккаг: Чырысти никуы загъта, мӕлӕты фӕстӕ исчи кӕй фӕхъизӕмар кӕны. Йесо ӕууӕндыд Хуыцауы Ныхасыл. Уым та бӕлвырдӕй фыст ис: «Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц» (Екклесиаст 9:5). Чырысти зыдта, мӕрдтӕ зындоны арты кӕй нӕ судзынц кӕнӕ ӕндӕр ахӕм исты ран кӕй нӕ хъизӕмар кӕнынц. Йесо дзырдта, мӕрдтӕ дӕр фынӕй адӕймагау кӕй ницы ’мбарынц (Иоанны 11:1–14).
Ӕртыккаг: Чырысти загъта, кӕй райгас уыдзысты, «ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон» (Иоанны 5:28, 29). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдоны ’хсӕн уыдзысты, донаргъуыд чи нӕ уыд, милуангай ахӕм адӕймӕгтӕ дӕр. Уыдонӕн фадат уыдзӕн, цӕмӕй Хуыцауы закъӕттӕ базоной ӕмӕ ӕнустӕм дзӕнӕты цӕрой (Псалом 37:29) *.
Уӕдӕ Библийы ницы ис фыст, гыццыл сывӕллӕттӕ донаргъуыд кӕй хъуамӕ исой, уый тыххӕй.
[Фиппаинаг]
^ 8 абз. Дзӕнӕты тыххӕй ӕмӕ мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 3 ӕмӕ 7 сӕртӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.