Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кув. Куыд, уый та дӕхи бар у. Уый ӕцӕг у?

5 Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кув. Куыд, уый та дӕхи бар у. Уый ӕцӕг у?

5 Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кув. Куыд, уый та дӕхи бар у. Уый ӕцӕг у?

Арӕх фӕзӕгъынц: «Иу ранмӕ бирӕ фӕндӕгтӕ куыд кӕны, афтӕ Хуыцаумӕ дӕр кӕны бирӕ фӕндӕгтӕ. Алы адӕймаг дӕр ӕм хъуамӕ ссара йӕхи фӕндаг».

Библийы фыст ис: Хуыцаумӕ хъуамӕ кувӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, цӕстмӕ митӕй йын йӕ зӕрдӕ нӕ балхӕндзыстӕм. Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд дины разамонджытӕн загъта, сӕ лӕггад Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуылнӕ цӕуы уый: «Цӕстмӕхъустӕ, пехуымпар Исай сымах тыххӕй рӕстытӕ ныффыста: „Ацы адӕм мӕ кадджын кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕтӕ та дард сты мӕнӕй“» (Марчы 7:6). Уӕдӕ нын цӕмӕй Хуыцау нӕ лӕггадӕй райгонд уа, уый тыххӕй йын ӕрмӕст сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кувын фаг нӕу.

Чырысти бамбарын кодта, уыцы дины разамонджытӕн ӕмӕ сӕ фӕдылдзӕуджытӕн сӕ рӕдыд цӕй мидӕг уыд, уый. Сӕ зӕрдыл сын ӕрлӕууын кодта Хуыцауы ныхӕстӕ: «Дзӕгъӕлы мын кувынц, уымӕн ӕмӕ, цы амонынц, уыдон адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ йеддӕмӕ ницы сты» (Марчы 7:7). Сӕ лӕггад сын «дзӕгъӕлы» уымӕн сухыдта, ӕмӕ сын сӕхи ӕгъдӕуттӕ Хуыцауы закъӕттӕй ахсджиагдӕр уыдысты.

Кӕд арӕх фӕзӕгъынц, Хуыцаумӕ бирӕ фӕндӕгтӕ кӕны, зӕгъгӕ, уӕддӕр Библийы фыст ис, иунӕг фӕндаг йеддӕмӕ йӕм кӕй нӕй. Матфейы 7:13, 14 стихты кӕсӕм: «Бахизут нарӕг дуарыл, уымӕн ӕмӕ сӕфтмӕ цы фӕндаг кӕны, уый у фӕтӕн ӕмӕ уӕрӕх, ӕмӕ йыл бирӕтӕ цӕуынц. Цардмӕ цы фӕндаг кӕны, уый та уынгӕг у, ӕмӕ дуар дӕр нарӕг у, ӕмӕ уыцы фӕндаг бирӕтӕ не ссарынц».

Хабар ӕцӕг куыд у, уый зонын цы пайда у? Зӕгъӕм, бирӕ рӕстӕг ерысты згъорынмӕ дӕхи фӕцӕттӕ кодтай ӕмӕ стӕй уыцы ерысты рамбылдтай. Фӕлӕ уалынмӕ базыдтай, дӕ хӕрзиуӕг кӕй нӕ райсдзынӕ, уымӕн ӕмӕ ерысты уагӕвӕрдтӕй кӕцыдӕр, нӕ йӕ зыдтай, афтӕмӕй фехӕлдтай. Ӕвӕццӕгӕн ахъуыды кӕнис, мӕ фыдӕбӕттӕ дзӕгъӕлы фесты, зӕгъгӕ. Чи зоны хабар афтӕ рауайа, Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнӕм, уыимӕ дӕр.

Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнӕм, уый апостол Павел абарста ерыстимӕ: «Адӕймаг ерыс-хъӕзтыты архайгӕйӕ хъазты уагӕвӕрдты сӕрты куы ахиза, уӕд хӕрзиуӕг нӕ райсдзӕн» (2 Тимофеймӕ 2:5). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссарӕм, уый тыххӕй йын хъуамӕ лӕггад кӕнӕм йӕ «уагӕвӕрдтӕм» гӕсгӕ, ома йӕхи зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ. Хуыцауӕн, нӕхи куыд фӕнды, афтӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ абарӕн уыдзӕн, ерысты уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи не згъоры, афтӕмӕй хӕрзиуӕг райсынмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ахӕм адӕймагимӕ.

Хуыцауы хорзӕх ссарын нӕ куы фӕнда, уӕд, цы фондз мӕнг хъуыдыйыл аныхас кодтам, уыдон хъуамӕ мацы бар дарой, куыд ын лӕггад кӕнӕм, уымӕ. Чырысти загъта: «Ӕцӕг кувӕг адӕм нӕ уӕларвон Фыдӕн кувдзысты Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» (Иоанны 4:23). Хуыцаумӕ цы иунӕг раст фӕндаг кӕны, уый та базонӕн ис йӕ Ныхасӕй, Библийӕ (Иоанны 17:17) *.

[Фиппаинаг]

^ 8 абз. Ацы хъуыддаджы тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 15 сӕр.

[Хицӕнгонд текст 8 фарсыл]

Динтӕ иууылдӕр афтӕ амонынц, Хуыцауӕн, йӕхи зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ лӕггад кӕнын кӕй хъӕуы?