Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дзуаппытӕ, арӕх кӕй фӕдӕттынц, уыцы дӕс фарстайӕн

Дзуаппытӕ, арӕх кӕй фӕдӕттынц, уыцы дӕс фарстайӕн

Дзуаппытӕ, арӕх кӕй фӕдӕттынц, уыцы дӕс фарстайӕн

1 Адам ӕмӕ Евӕ ӕмуат кӕй ӕрцыдысты, уый мидӕг уыд сӕ тӕригъӕд?

▪ Дзуапп: Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Едемы цӕхӕрадоны цы дыргъӕй нӕ уыд хӕрӕн, уый ӕцӕг дыргъ кӕй нӕ уыд, фӕлӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ кӕй амыдта. Фӕлӕ Библийы уымӕн бӕлвырдгӕнӕн нӕй.

Ахъуыды кӕн: Хуыцау Евӕйы куы нӕма сфӕлдыста, уӕдмӕ Адамы бафӕдзӕхста, цӕмӕй «хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй» ма бахордтаид (Райдиан 2:15–18). Зӕххыл Адамы йеддӕмӕ кӕй ничи уыд, уымӕ гӕсгӕ уыцы фӕдзӕхст ӕмуат ӕрцӕуынмӕ нӕ амыдта. Уымӕй уӕлдай Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн йӕхӕдӕг загъта, «цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут», зӕгъгӕ (Райдиан 1:28). Цымӕ, йӕ зӕххон хъӕбулты чи уарзы, уыцы Хуыцау адӕмӕн ахӕм закъон радтаид, «зӕхх байдзаг кӕнут», зӕгъгӕ, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхст кӕй сӕххӕст кодтой, уый тыххӕй сын стӕй мӕлӕты тӕрхон рахастаид? (1 Иоанны 4:8).

Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Евӕ, хӕрын кӕмӕй не ’мбӕлд, уыцы дыргъӕй бахордта, йӕ лӕг йӕ разы куы нӕ уыд, уӕд. Дарддӕр цы ’рцыд, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Ӕмӕ уый фӕстӕ, йӕ лӕг йӕ разы куы уыди, уӕд дзы уымӕн дӕр радта ӕмӕ дзы уый дӕр бахордта» (Райдиан 3:6).

Кӕнӕ ма ахъуыды кӕн: Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы нӕ бафхӕрдта, ӕмуат кӕй ӕрцыдысты ӕмӕ сын цот кӕй рацыд, уый тыххӕй (Райдиан 4:1, 2). Уӕдӕ бӕрӕг у, Адам ӕмӕ Евӕ цы дыргъ бахордтой, уый, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ кӕй нӕ амыдта, фӕлӕ уыд ӕнӕуи дыргъ.

2 Библимӕ гӕсгӕ, лӕг ӕмӕ усӕн кӕрӕдзийыл цин кӕнын не ’мбӕлы?

▪ Дзуапп: Библийы фыццаг чиныджы фыст ис, Хуыцау кӕй сфӕлдыста нӕлгоймаджы дӕр ӕмӕ сылгоймаджы дӕр. Куы сӕ сфӕлдыста, уӕд йӕ фыдӕбонӕй райгондӕй баззад ӕмӕ загъта, «тынг хорз», зӕгъгӕ (Райдиан 1:27, 31). Фӕстӕдӕр усджын нӕлгоймӕгтӕн Хуыцауы фӕндӕй Библийы фыст ӕрцыдысты мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: «Цин кӕн дӕ усыл, де ’взонджы бонты дӕ цард кӕимӕ баиу кодтай, ууыл... Алкӕддӕр дӕ йӕ риутӕ расыг кӕнӕнт» (Ӕмбисӕндтӕ 5:18, 19). Кӕд Библи ахӕм хабӕртты ныхмӕ у, уӕд дзы ахӕм ныхӕстӕ цӕмӕн ис?

Уӕдӕ Библийӕ бӕрӕг у, лӕг ӕмӕ ус ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уый Хуыцауы фӕнд кӕй у. Ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон ӕрмӕст цот уадзын нӕу, фӕлӕ ма сӕ кӕрӕдзи фӕлмӕн уарзтӕй рӕвдауын дӕр.

3 Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг, закъонмӕ гӕсгӕ сӕ цард куы нӕ баиу кӕной, афтӕмӕй иумӕ куы цӕрой, уӕд уый Библимӕ гӕсгӕ раст у?

▪ Дзуапп: Библийы бӕлвырдӕй фыст ис, «хӕтгӕ чи кӕны... уыдонӕн Хуыцау кӕндзӕн тӕрхон», зӕгъгӕ (Дзуттӕгтӕм 13:4). «Хӕтын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, порне́йа, зӕгъгӕ, уый амоны бирӕ цӕмӕдӕрты ӕмӕ хауы, цардӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм адӕймаг искӕимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа ӕмӕ ӕндӕр хӕлд митӕ куы кӕна, уымӕ *. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы цӕсты раст нӕу, цӕмӕй нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг сӕ къухтӕ ӕрфыссыны размӕ лӕг ӕмӕ усы цард кӕной, кӕд фӕстӕдӕр сӕ цард баиу кӕнынмӕ хъавынц, уӕддӕр.

Дыууӕ уды кӕрӕдзи тынг куы уарзой, уӕддӕр Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ ӕмуат ӕрцӕуыны размӕ хъуамӕ сӕ къухтӕ ӕрфыссой. Нӕ бон уарзын кӕй у, уый дӕр Хуыцауы лӕвар у. Хуыцауӕн йӕ сӕйрагдӕр миниуӕг у уарзондзинад. Уӕдӕ Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ ӕмуат ӕрцӕуыны бар ӕрмӕстдӕр лӕг ӕмӕ усӕн кӕй ис, уый дзӕгъӕлы нӕу. Ацы закъон цы пайда у, уый базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

4 Адӕймагӕн уыцы иу рӕстӕг иу цардӕмбалӕй фылдӕр уа, уый раст у?

▪ Дзуапп: Йӕ заманты Хуыцау бар лӕвӕрдта, цӕмӕй нӕлгоймагӕн иу усӕй фылдӕр уыдаид, фӕлӕ ахӕм бар радта ӕрмӕстдӕр рӕстӕгмӕ (Райдиан 4:19; 16:1–4; 29:18–30:24). Уыцы ӕгъдау Хуыцауы фӕндӕй нӕ фӕзынд. Хуыцау Адамӕн радта ӕрмӕстдӕр иу ус.

Уӕдӕ Хуыцауы фӕнд уыд, цӕмӕй адӕймагӕн иу цардӕмбалӕй фылдӕр ма уыдаид, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесо Чырыстийӕн бар радта, цӕмӕй уыцы ӕгъдау ногӕй ӕрфидар кодтаид (Иоанны 8:28). Иухатт Чырыстимӕ бинонты царды тыххӕй фарста куы радтой, уӕд загъта: «Райдианы сӕ чи сфӕлдыста, уый сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй... сфӕлдыста, ӕмӕ... загъта: „Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар“» (Матфейы 19:4, 5).

Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй иу фӕстӕдӕр Хуыцауы фӕндӕй ныффыста: «Алы нӕлгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи ус, ӕмӕ алы сылгоймагӕн дӕр – йӕхи лӕг» (1 Коринфӕгтӕм 7:2). Библийы ма фыст ис, зӕгъгӕ, чырыстон ӕмбырды йӕ бар фылдӕр хӕстӕ кӕмӕн бакӕнынц, уыцы нӕлгоймагӕн хъуамӕ «иу ус йеддӕмӕ ма уа» (1 Тимофеймӕ 3:2, 12).

5 Цӕмӕй сылгоймаг ма басывӕрджын уа, уый тыххӕй хи хъахъхъӕнӕн мадзӕлттӕй пайда кӕнын не ’мбӕлы?

▪ Дзуапп: Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн уый кой никуы кодта, сывӕллӕттӕ сын кӕй хъуамӕ уа кӕнӕ кӕй хъуамӕ ма уа. Стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дӕр уый фӕдыл ничи ницы загъта. Библийы иу ран дӕр фыст нӕй, лӕг ӕмӕ усы цот рауадзын куы нӕ фӕнда, ӕмӕ уый тыххӕй сӕхи куы хъахъхъӕной, уӕд уый раст кӕй нӕу.

Уӕдӕ лӕг ӕмӕ усӕн сӕхи бар у, цот рауадздзысты ӕви нӕ. Стӕй сӕхи бар у, цот кӕд рауадздзысты ӕмӕ сын цал сывӕллоны уыдзӕн, уый. Лӕг ӕмӕ ус сӕхи куы хъахъхъӕной ӕмӕ ахӕм мадзӕлттӕй куы пайда кӕной, цӕмӕй сылгоймаджы хуылфы цард ма сӕвзӕра, уӕд уый сӕхи хъуыддаг у *. Уый тыххӕй сын хъуамӕ мачи тӕрхон кӕна (Ромӕгтӕм 14:4, 10–13).

6 Аборт кӕнӕн нӕй?

▪ Дзуапп: Хуыцауы цӕсты цард табуйаг у, ӕмӕ, мады гуыбыны чи сӕвзӕры, уыцы сывӕллоны дӕр нымайы удыл (Псалом 139:16). Хуыцау загъта, зӕгъгӕ, чи нӕма райгуырд, ахӕм сывӕллонӕн зиан чи ӕрхӕсса, уыцы адӕймагӕй дзуапп кӕй ӕрдомдзӕн. Уӕдӕ, чи нӕма райгуырд, уыцы сывӕллоны цард чи аскъуына, уый йӕ цӕсты у лӕгмар (Рацыд 20:13; 21:22, 23).

Фӕлӕ, зӕгъӕм, мад ӕмӕ сывӕллоны цардӕн тӕссаг у, ӕмӕ хъӕуы равзарын, мад цӕрдзӕн ӕви сывӕллон. Уый лӕг ӕмӕ ус сӕхӕдӕг хъуамӕ аскъуыддзаг кӕной.

7 Библимӕ гӕсгӕ цардӕмбалӕй хицӕн кӕнӕн ис?

▪ Дзуапп: О, фӕлӕ Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ хицӕн кӕныны бар ис ӕрмӕстдӕр иу хъуыддаджы тыххӕй: «Йӕ усмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн кӕмӕн нӕ уа, афтӕмӕй дзы чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны» (Матфейы 19:9).

Йӕ цардӕмбал кӕмӕн нӕ хӕты, афтӕмӕй дзы чи ахицӕн вӕййы, ахӕм адӕймаг Хуыцауӕн ӕлгъаг у. Йӕ цардӕмбалы ницӕй тыххӕй, уӕлдайдӕр та ӕндӕр искӕимӕ бацӕрыны тыххӕй чи ныууадзы, ахӕм адӕймаг дзуапп дӕтдзӕн Хуыцауы раз (Малахи 2:13–16; Марчы 10:9).

8 Нӕлгоймаг нӕлгоймагимӕ кӕнӕ сылгоймаг сылгоймагимӕ лӕг ӕмӕ усы цард кӕной, уымӕ Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы?

▪ Дзуапп: Библи у хӕтындзинады ныхмӕ, ӕмӕ гомосексуализм дӕр хауы хӕтындзинадмӕ (Ромӕгтӕм 1:26, 27; Галатӕгтӕм 5:19–21). Кӕд Библийы бӕлвырдӕй фыст ис, Хуыцауӕн ахӕм митӕ ӕлгъаг кӕй сты, уӕддӕр мах фидарӕй зонӕм, «Хуыцау дуне афтӕ тынг [кӕй] уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16).

Кӕд Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ гомосексуализмы ныхмӕ сты, уӕддӕр алы адӕймагмӕ дӕр хорз зӕрдӕ дарынц (Матфейы 7:12). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй «алкӕмӕн дӕр кад кӕнӕм». Уӕдӕ Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ се сӕфт уынынц гомосексуализмӕй, гомосексуалисттӕй нӕ, фӕлӕ (1 Петры 2:17).

9 Адӕймаг телефонӕй ӕмӕ Интернетӕй ӕнӕгъдау хъуыддӕгты тыххӕй куы пайда кӕна, уӕд уым ӕвзӕрӕй исты ис?

▪ Дзуапп: Ӕнӕгъдау митӕ кӕнынӕн телефон кӕнӕ Интернетӕй пайда кӕнӕн ис ӕви нӕ, уый тыххӕй Библи ницы дзуры, фӕлӕ дзы фыст ис ахӕм ныхӕстӕ: «Хуыцауы адӕмӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕм хӕтынӕн ӕмӕ алы чъизи хъуыддагӕн кӕнӕ зыддзинадӕн йӕ кой дӕр ма уӕд. Стӕй уын не ’мбӕлы нӕдӕр ӕнӕуаг митӕ, нӕдӕр ӕдылы ныхӕстӕ ӕмӕ нӕдӕр ӕнӕфсарм хъазӕн ныхӕстӕ кӕнын» (Ефесӕгтӕм 5:3, 4). Телефон ӕмӕ Интернеты уылты цы ӕнӕгъдау митӕ фӕкӕнынц, уый аххосӕй, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ адӕймаг раст цӕстӕй нал фӕкӕсы, стӕй афтӕ хъуыды кӕнын райдайы цыма ӕмуат ӕрцӕуӕн кӕимӕфӕнды дӕр ис. Ахӕм хъуыддӕгтӕ адӕймагӕн хиуыл хӕцынӕн не ’ххуыс кӕнынц, фӕлӕ йӕ ардауынц, цӕмӕй йӕ буары фӕндтыл цӕуа.

10 Библийы мастурбацийы тыххӕй исты фыст ис?

▪ Дзуапп: Мастурбаци у, адӕймаг йӕ буары фӕндтӕ сцырен кӕнынӕн йе ’фсӕрмиаг уӕнгтӕм куы ’внала, уый. Кӕд Библийы мастурбацийы тыххӕй комкоммӕ ницы ис фыст, уӕддӕр дзы ис бӕлвырд фӕдзӕхст Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн: «Уӕдӕ амарут уӕ зӕххон буары фӕндтӕ: хӕтындзинад, чъизи митӕ, монцӕй судзын» (Колоссӕгтӕм 3:5).

Мастурбаци чи кӕны, ахӕм адӕймаг, лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ раст цӕстӕй нӕ фӕкӕсы ӕмӕ фӕхъуыды кӕны ӕрмӕстдӕр йӕхи ӕнкъарӕнтыл. Библийы фыст ис, уыцы хъуыддаг ныууадзыныл зӕрдиагӕй чи архайы, уыдоны Хуыцау кӕй схайджын кӕндзӕн, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ» (2 Коринфӕгтӕм 4:7; Филиппӕгтӕм 4:13).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 11 абз. Порне́йа-мӕ ма хауы цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕуын, гомосексуализм ӕмӕ фосимӕ хуыссын.

^ 19 абз. Библийы ацы фарстайы фӕдыл цы фыст ис, уый тыххӕй базонӕн ис 1999 азы 15 июны журналӕй, «Сторожевая башня», зӕгъгӕ, рубрикӕ «Вопросы читателей», 27, 28 фӕрстӕ.