Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Рагон Иерусалимы Йегъовӕйы кувӕндонӕн ӕхца кӕцӕй истой?

Кувӕндоны цы алыхуызон куыстытӕ кодтой, уыдонӕн ӕхца истой хъалонтӕй, сӕйраджыдӕр та, адӕмӕй цы дӕсӕм хай ӕмбырд кодтой, уымӕй. Уыди ма ӕндӕр хъалонтӕ дӕр. Зӕгъӕм, цатыр аразыны рӕстӕг Йегъовӕ Моисейӕн загъта, цӕмӕй, израилӕгтӕй фыст чи ӕрцыд, уыдонӕй алкӕмӕй дӕр мысайнагӕн ӕрӕмбырд кодтаид сиклы ’рдӕг ӕвзист ӕхца (Рацыд 30:12–16).

Ӕвӕццӕгӕн уыцы ӕгъдау уый фӕстӕ ӕрфидар, ӕмӕ дзуттӕгтӕй алчидӕр алы аз дӕр мысайнагӕн лӕвӕрдта уыйбӕрц ӕвзист ӕхца. Йесо дӕр уыцы хъалоны кой кодта, Петрӕн куы загъта, цӕмӕй, кӕсаджы дзыхӕй цы ӕхца систаид, уымӕй хъалон бафыстаид (Матфейы 17:24–27).

Цалдӕр азы размӕ Иерусалимы ссардтой дыууӕ ӕвзист ӕхцайы. Ахӕм ӕхцатӕй фыстой кувӕндоны хъалон. Иу дзы скодтой н. э. 22 азы Тиры, ӕмӕ йӕ ссардтой, фыццаг ӕнусы цы къанау скодтой, уым. Ӕхцайыл иуырдыгӕй ныв ис Тиры сӕйраг хуыцау Мелкарты, кӕнӕ Ваалы, сӕры ныв, иннӕрдыгӕй та – науы фындзыл бады цӕргӕс. Иннӕ ӕхца та ссардтой, кувӕндон цы хохыл арӕзт уыд, уым. Арӕзт ӕрцыд н. э. 66–67 азты, дзуттӕгтӕ фыццаг хатт Ромы ныхмӕ куы сыстадысты, уӕд. Ис ыл къусы ӕмӕ гранаты ӕртӕ дидинӕджы ныв. Фыст ма йыл ис «сиклы ӕрдӕг» ӕмӕ «сыгъдӕг Иерусалим». Уыцы ӕхцайы тыххӕй профессор Габриэль Баркей, загъта, зӕгъгӕ, бӕрӕг у, ӕхца «артӕй сау кӕй у, ӕмӕ, ӕввӕцӕгӕн, арты бахауд, н. э. 70 азы дыккаг кувӕндон куы басыгъд, уӕд».

Вавилоны паддзах Навуходоносор цы бӕстыхӕйттӕ арӕзта, уыдон цӕййӕстӕ уыдысты?

Библийы Данелы чиныджы фыст сты Навуходоносоры ныхӕстӕ: «Ай мӕнӕ номдзыд Вавилон нӕу? Ӕз ацы горӕт сарӕзтон ме стыр хъомысӕй, цӕмӕй дзы паддзахы хӕдзар уа ӕмӕ цӕмӕй мӕ кад айхъуыса!» (Данел 4:30). Уыцы горӕт ӕцӕгдӕр стыр уыди?

Историктӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй Навуходоносор сарӕзта кувӕндӕттӕ, галуантӕ, горӕты къултӕ ӕмӕ стыр «ауыгъд» дыргъдӕттӕ. Вавилоны астӕу цы сӕйраг кувӕндон уыди, уымӕн йӕ мӕсыг, кӕнӕ йӕ зиггурат, уыд 70 метры бӕрзӕндӕн. Фӕлӕ иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй Навуходоносорӕн «ӕппӕты диссагдӕр рауад Кады фӕндаг ӕмӕ Иштары кулдуар» (Babylon—City of Wonders). Кады фӕндаг цыд Иштары кулдуарӕй. Уыцы кулдуарыл та кӕрӕй-кӕронмӕ уыди, цӕугӕ чи кӕны, ахӕм домбӕйтты нывтӕ. Иштары кулдуар уыди Вавилоны стырдӕр бахизӕн, ӕмӕ уыцы чиныджы афтӕ фыст ис: «Иууылдӕр амад уыди цъӕх-цъӕхид агуыридуртӕй ӕмӕ йыл ныв уыд, цӕугӕ чи кӕны, ахӕм сӕдӕгай галтӕ ӕмӕ залиаг кӕлмытӕ. Ӕмӕ-иу рагзаманты уыцы горӕтмӕ чи ӕрбацыд, уыдонӕн-иу уыцы диссӕгтӕ сӕ цӕстытӕй нӕ хицӕн кодтой».

20 ӕнусы райдианты археологтӕ ссардтой Кады фӕндагӕй ӕмӕ Иштары кулдуарӕй мингай хӕйттӕ, ӕмӕ дзы бирӕтӕ сцалцӕг кодтой. Ныр сты Берлины Пергамон-музейы.

[Нывтӕ 12 фарсыл]

Ӕхцатӕ сты уыйас

[Нывтӕ барлӕвӕрдӕй]

Top: Clara Emit, Courtesy of Israel Antiquities Authority; bottom: Zev Radovan

[Ныв 12 фарсыл]

Иштары кулдуар цалцӕггондӕй