Фыдӕн йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй йӕ фыртимӕ ӕнгомдӕр уа?
«ПАПӔ, уыйбӕрц цыдӕртӕ кӕцӕй зоныс?» Мыййаг дын дӕ фырт искуы афтӕ загъта? Хъӕбул дын кӕй ис, уый тыххӕй, ӕвӕццӕгӕн, дӕхицӕй ныббуц дӕ. Фӕлӕ ма дын дӕ фырт дӕ зондмӕ куы байхъусы ӕмӕ йын уый пайда куы ’рхӕссы, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ зӕрдӕ стыр цинӕй байдзаг вӕййы * (Ӕмбисӕндтӕ 23:15, 24).
Фӕлӕ дӕм цалдӕр азы фӕстӕ дӕр дӕ фырт ахӕм цӕстӕй кӕсдзӕн? Куыд стыр кӕны, афтӕ дӕ, мыййаг, дардӕй-дарддӕр нӕ кӕны? Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй, куыд стыр кӕны, афтӕ йемӕ ӕнгомдӕр уай? Раздӕр уал ӕркӕсӕм, алы фыд дӕр цы ӕртӕ цӕлхдурыл сӕмбӕлы, уымӕ.
Ӕртӕ цӕлхдуры
1. РӔСТӔГ НӔ ФАГ КӔНЫ. Бирӕ бӕстӕты бинонты дарын фылдӕр нӕлгоймӕгтӕм хауы. Ӕмӕ сӕ бахъӕуы ӕнӕхъӕн бон кусын. Уый тыххӕй иуӕй-иу бӕстӕты бинонты хистӕртӕн сӕ сывӕллӕттӕн фаг рӕстӕг нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, ӕрӕджы Францийы куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй бинонты хистӕртӕ алы бон дӕр сӕ сывӕллӕттыл 12 минутӕй къаддӕр хардз кӕнынц.
АХЪУЫДЫ КӔН. Дӕ фыртимӕ цас рӕстӕг фервитыс? Хорз нӕ уаид, иу кӕнӕ дыууӕ къуыримӕ график куы скӕнис, дӕ фыртимӕ алы бон дӕр цас рӕстӕг ӕрвитдзынӕ, уымӕн? Уый цы пайда уыдзӕн, уый дӕм диссаг дӕр фӕкӕсдзӕн.
2. КӔЙ БАФӔЗМОЙ, УЫЙ НӔЙ. Йӕхицӕн сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ сӕхӕдӕг гыццылӕй сӕ фыдӕлтимӕ ӕнгом нӕ уыдысты. «Мӕ фыдимӕ-иу искуы иу хатт аныхас кодтон»,– зӕгъы иу лӕг Жан-Мари, цӕры Францийы. Уый йыл куыд бандӕвта? Жан-Мари зӕгъы: «Уый тыххӕй сӕмбӕлдтӕн, хъуыды дӕр кӕуыл нӕ кодтон, ахӕм зындзинӕдтыл. Зӕгъӕм, зын мын уыди мӕ лӕппутимӕ ӕргомӕй ныхас кӕнын». Вӕййы ма афтӕ дӕр, ӕмӕ фыд ӕмӕ фырт кӕрӕдзи хорз фембарынц, фӕлӕ ӕнгом нӕ вӕййынц. Филипп, цӕуы йыл 43 азы, зӕгъы: «Мӕ фыдӕй рӕвдыд кӕй нӕ зонын, уый тыххӕй мӕхицӕн дӕр зын у мӕ лӕппуйы рӕвдауын».
АХЪУЫДЫ КӔН. Дӕ фыд демӕ куыд уыд, мыййаг, ды дӕр дӕ сывӕллӕттӕн афтӕ дӕ? Дӕ фыдмӕ хорзӕй кӕнӕ ӕвзӕрӕй цы уыди, мыййаг, уый нӕ фӕзмыс? Афтӕ цӕмӕн рауайы?
3. ХОРЗ УЫНАФФӔ НӔЙ. Иуӕй-иу адӕмтӕм сывӕллӕтты фыд нӕ фӕхъомыл кӕны. «Кӕм сыстыр дӕн,– зӕгъы Лука, райгуырд ныгуылӕн Европӕйы,– уым сывӕллӕтты хъомыл кӕнынц сылгоймӕгтӕ». Ӕндӕр
адӕмтӕм та хорз фыдыл нымад у, йӕ сывӕллӕтты хӕрдмӕ скӕсын чи нӕ уадзы, уый. Жорж схъомыл Африкӕйы ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Махмӕ фыды йӕ сывӕллӕттимӕ хъазгӕ никуы фендзынӕ, уый, дам, нӕлгоймагӕн худинаг у. Уымӕ гӕсгӕ мын зын у мӕ лӕппуимӕ рӕстӕг ӕрвитын».АХЪУЫДЫ КӔН. Сымахмӕ та фыдыл цы хӕстӕ ис? Сымахмӕ дӕр фыд сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын сылгоймаджы хӕсыл нымайы? Фыд йӕ уарзт ӕмӕ йӕ цин йӕ фыртмӕ ӕргом февдисы, ӕви уый фыдӕн худинаг у?
Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дӕ сывӕллӕттимӕ ӕнгом уай? Ӕркӕсӕм цалдӕр уынаффӕмӕ.
Бӕлас талайӕ тасы
Алы лӕппуйы дӕр фӕфӕнды йӕ фыды фӕзмын. Ӕмӕ цалынмӕ гыццыл у, уӕдмӕ уымӕй пайда кӕн. Уый куыд кӕнӕн ис? Уымӕн рӕстӕг арӕн кӕд ис?
Гӕнӕн куы уа, уӕд-иу алы бон дӕр дӕ лӕппуйӕн демӕ исты кусын кӕн. Зӕгъӕм, хӕдзары исты куы аразай, уӕд ын-иу зӕгъ, цӕмӕй дын баххуыс кӕна. Куы мӕрзай, уӕд-иу ӕм ратт гыццыл цъылын, исты куы къахай, уӕд та-иу ӕм ратт гыццыл бел. Ӕмӕ фендзынӕ, демӕ кусгӕйӕ куыд тынг цин кӕндзӕн, уый! Чи зоны дӕ фылдӕр рӕстӕг бахъӕуа дӕ куыст фӕуынмӕ, фӕлӕ уый фӕрцы ноджы ӕнгомдӕр бауыдзыстут. Стӕй ма йӕ кусын дӕр сахуыр кӕндзынӕ. Библийы цалдӕр мин азы размӕ фыст уыди, цӕмӕй фыд йӕ сывӕллӕтты алы бон дӕр исты куыстыл ӕфтыдтаид ӕмӕ уыцы рӕстӕгӕй пайда кодтаид, цӕмӕй семӕ ныхас кодтаид ӕмӕ сӕ ахуыр кодтаид (Дыккаг закъон 6:6–9). Уыцы уынаффӕйӕн абон дӕр ис стыр тых.
Иумӕ исты кусын хорз у, фӕлӕ ма-иу рӕстӕг рахицӕн кӕн иумӕ хъазынӕн дӕр. Афтӕмӕй ӕрмӕст уӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй не ’рвитдзыстут. Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй фыд йӕ сывӕллӕттимӕ куы фӕхъазы, уӕд сывӕллӕттӕ вӕййынц ныфсхастдӕр ӕмӕ ныфсджындӕр.
Фыд йӕ лӕппуимӕ куы фӕхъазы, уӕд йӕ къухы ахсджиаг хъуыддаг бафты. Иртасӕг Мишель Фез зӕгъы: «Фыд йӕ лӕппуимӕ куы фӕхъазы, уӕд лӕппу ӕмӕ фыдӕн сӕ ныхас кӕрӕдзийыл хуыздӕр фӕбады». Хъазгӕйӕ фыдӕн йӕ бон у йӕ лӕппумӕ йӕ цин ӕргом ӕвдисын, ныхасӕй уа ӕви хъуыддагӕй. Афтӕмӕй йӕ лӕппуйы ахуыр кӕны йе ’нкъарӕнтӕ ӕргом ӕвдисын. «Мӕ лӕппу ма гыццыл куы уыди,– зӕгъы Андре, цӕры Германийы,– уӕд арӕх хъазыдыстӕм. Мӕ хъӕбысы-иу ӕй акодтон, ӕмӕ-иу ыл ӕз куыд цин кодтон, уый дӕр мыл-иу афтӕ цин кодта».
Фынӕйы афон дӕр хорз фадат у, цӕмӕй фыд йӕ фыртмӕ ӕнгомдӕр кӕна. Алы изӕр дӕр ын исты кӕс, стӕй хъус, боны мидӕг ыл хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы ’рцыд, уыдӕттӕ дын куы дзура, уымӕ. Афтӕ куы кӕнай, уӕд ын, куы фестырдӕр уа, уӕд дӕр ӕнцон уыдзӕн демӕ ӕргом ныхас кӕнын.
Алыхуызон хъуыддӕгтӕ иумӕ кӕнут
Хистӕр кълӕсты чи ахуыр кӕны, ахӕм лӕппу, гӕнӕн ис, йӕхи афтӕ дара, цыма йӕ нӕ фӕнды йӕ фыдимӕ ӕргом ныхас кӕнын. Кӕд дӕ фырт дӕр дӕ фарстатӕн дзуапп нӕ дӕтты, уӕд афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ йемӕ зын у ныхас кӕнын. Йемӕ ӕндӕрхуызон куы ныхас кӕнай, уӕд дын, чи зоны, йӕ зӕрдӕ байгом кӕна.
Жак цӕры Францийы, ӕмӕ йын-иу иуӕй-иу хатт зын уыд йӕ фырт Жеромимӕ ныхас кӕнын. Ахӕм рӕстӕг-иу ӕй Жак тыххӕй нӕ дзурын кодта, фӕлӕ йемӕ футболӕй хъазыд. «Хъазты фӕстӕ-иу,– зӕгъы Жак,– нӕхи кӕрдӕгыл ауагътам, ӕмӕ-иу мын уӕд мӕ фырт арӕх йӕ зӕрдӕ байгом кодта. Мӕнмӕ гӕсгӕ, иумӕ кӕй уыдыстӕм, стӕй уый дӕр мӕнӕн рӕстӕг кӕй хицӕн кодта, уый фӕрцы кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кодтам».
Фӕлӕ дӕ лӕппу спорт куы нӕ уарза, уӕд та? Андрейӕн йӕ зӕрдыл ӕхсызгонӕй ӕрлӕууы, йӕ лӕппуимӕ-иу стъалытӕм сахатгай куыд кастысты, уый. Андре дзуры: «Ӕддейӕ-иу даргъ бандӕттӕ сӕвӕрдтам, нӕ уӕлӕ-иу хъарм скодтам ӕмӕ-иу цай цымгӕйӕ талынджы арвмӕ кастыстӕм. Ныхӕстӕ-иу кодтам, стъалытӕ чи сфӕлдыста, ууыл. Исай 40:25, 26).
Ныхас ма-иу кодтам нӕхи хъуыддӕгтыл дӕр ӕмӕ ӕнӕуи бирӕ цӕуылдӕртыл дӕр» (Фӕлӕ дӕ лӕппу цы уарзы, ды уый куы нӕ уарзай, уӕд та? Уӕд хъуамӕ фылдӕр дӕхиуыл нӕ, фӕлӕ дӕ сывӕллоныл хъуыды кӕнай (Филиппӕгтӕм 2:4). «Мӕхӕдӕг мӕ лӕппу Вонӕй спорт фылдӕр уарзтон,– зӕгъы Ян, цӕры Хуссар Африкӕйы.– Уый та уарзта хӕдтӕхджытӕ ӕмӕ компьютертӕ. Ӕмӕ мыл цы бон уыди – ӕз дӕр сӕ мӕхицӕн бауарзын кодтон. Акодтон-иу ӕй хӕдтӕхджыты равдыстмӕ ӕмӕ-иу йемӕ компьютерыл хъазыдтӕн, хӕдтӕхӕг куыд скъӕрӕн ис, ахӕм хъазтӕй. Вонимӕ нӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй кӕй ӕрвыстам, уый фӕрцы мын йӕ зӕрдӕ тынгдӕр гом кодта».
Йӕ ныфсыл ын ныфс ӕфтау
«Па, мӕнӕ-ма!» Дӕ гыццыл лӕппуйӕн-иу исты хорз куы рауади, уӕд-иу дӕм цингӕнгӕйӕ афтӕ нӕ дзырдта? Кӕд ныр хистӕр кълӕсты ахуыр кӕны, уӕд дӕр ма дын дӕ зӕрдӕ барухс кӕныныл фӕархайы? Чи зоны, нӕ. Фӕлӕ дын хъуамӕ дӕ хъуыды зона, цӕмӕй дзы уӕззаузонд адӕймаг рауайа.
Ӕркӕсӕм-ма, Йегъовӕ Хуыцау йӕ фырттӕй иуимӕ куыд уыд, уымӕ. Йесо зӕххыл хъуамӕ иу ахсджиаг хъуыддагмӕ бавнӕлдтаид, ӕмӕ йын уӕд Хуыцау ӕргом загъта, цы зӕрдӕ йӕм дардта, уый тыххӕй: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Матфейы 3:17; 5:48). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ хӕс у, цӕмӕй дӕ лӕппуйӕн зонд амонай ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнай (Ефесӕгтӕм 6:4). Фӕлӕ дзы йӕ хорз ныхӕстӕ ӕмӕ хъуыддӕгты тыххӕй феппӕлыс?
Иуӕй-иу нӕлгоймӕгтӕн зын вӕййы сӕ сывӕллӕттӕй ӕппӕлын ӕмӕ сӕм сӕ уарзт ӕргом ӕвдисын. Афтӕ та, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн у, ӕмӕ сын гыццылӕй сӕ ныййарджытӕ сӕ хорздзинӕдтӕ ницӕмӕ дардтой, сӕ рӕдыдтыты кой та сын арӕх кодтой. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ уыд, уӕддӕр дӕ архайын хъӕуы, цӕмӕй дӕ лӕппуйы ныфсыл ныфс ӕфтауай. Уымӕн куыд ис гӕнӕн? Уӕлдӕр цы Лукайы кой кодтам, уый арӕх йӕ куыстытӕ фӕкӕны йӕ 15-аздзыд лӕппу Мануэлимӕ. «Иуӕй-иу хатт Мануэлӕн фӕзӕгъын,– зӕгъы Лука,– цӕмӕй цавӕрдӕр хъуыддаг йӕхӕдӕг райдайа, ӕмӕ йӕ ме ’ххуыс куы хъӕуа, уӕд ӕм кӕй фӕкӕсдзынӕн. Фылдӕр хатт йӕхӕдӕг фӕархайы. Исты йын куы рауайы, уӕд йӕ зӕрдӕ ныррухс вӕййы ӕмӕ дзы ныфс бацӕуы. Ӕмӕ дзы ӕз дӕр раппӕлын. Куыд ӕй фӕндыд, афтӕ йын исты куы нӕ рауайы, уӕд дӕр ын бамбарын кӕнын, йӕ фыдӕбонӕн ын кӕй аргъ кӕнын».
Дӕ фыртӕн йӕ ныфсыл ныфс ӕфтаудзынӕ, йӕ разы цы стыр нысӕнттӕ сӕвӕрдта, уыдонмӕ тырнынӕн ын куы ӕххуыс кӕнай, уӕд. Фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ тагъд йӕ нысӕнттӕ йӕ къухы куы нӕ бафтой, уӕд та? Кӕнӕ йӕ нысӕнттӕ, ӕвзӕр куы нӕ уой, фӕлӕ, дӕу куыд фӕнды, ахӕм куы нӕ уой, уӕд та? Уӕд дӕ хъӕуы дӕхи мидӕг цыдӕр фӕивын. Уӕлдӕр цы Жакы кой кодтам, уый афтӕ зӕгъы: «Мӕ лӕппуйӕн-иу ӕххуыс кодтон, цӕмӕй-иу йӕ размӕ хуымӕтӕг нысӕнттӕ сӕвӕрдтаид. Фӕлӕ-иу мӕ хъуыди сбӕрӕг кӕнын, уыцы нысӕнттӕ йӕхи сты ӕви мӕн. Мӕхицӕн-иу загътон, зӕгъгӕ, йӕхи хъӕуы архайын». Дӕ фырты хъуыдымӕ куы хъусай, куы хъӕуа, уӕд дзы куы ӕппӕлай ӕмӕ йын исты куы нӕ уайа, уӕд дзы ныфс куы уадзай, уӕд ын баххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй йӕ нысӕнттӕ йӕ къухы бафтой.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый уын алы хатт ӕнцон нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ, ӕппынфӕстаг, гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ лӕппуйы бафӕнда, цӕмӕй ӕнгомдӕр уат. Ӕниу кӕй нӕ фӕнды, дӕ хорзмӕ дын чи бӕллы, уымӕ ӕнгомдӕр уай?
[Фиппаинаг]
^ 2 абз. Ацы статьяйы сӕйраджыдӕр дзырд цӕуы фыд ӕмӕ фырты тыххӕй, фӕлӕ йӕ уынаффӕтӕ ахӕссӕн ис фыд ӕмӕ чызгмӕ дӕр.