Цымӕ ацы фарстайӕн дзуапп зонын ӕнӕмӕнг у?
Цымӕ ацы фарстайӕн дзуапп зонын ӕнӕмӕнг у?
«Дӕс азы мыл куы цыд, уӕд лӕппутимӕ цӕуын райдыдтон. Фыццаг-иу кӕрӕдзийы къухтыл хӕцыдыстӕм ӕмӕ-иу пъатӕ кодтам. Фӕлӕ фӕстӕдӕр райдыдтам кӕрӕдзийы ӕфсӕрмыйаг уӕнгтӕм ӕвналын ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕнын. 15 аздзыдӕй райдыдтон кусын, ӕмӕ, кӕимӕ куыстон, уыцы нӕлгоймӕгтӕ-иу мын ӕргомӕй дзырдтой, мемӕ сӕ ӕмуат ӕрцӕуын кӕй фӕнды. Ӕз хъуыды кодтон, мӕхи куыд фӕнды, афтӕ кӕй хъуамӕ цӕрон. Ме ’мкусджытӕй истӕмӕй хицӕн кодтаин, уый мӕ нӕ фӕндыд ӕмӕ уыдон куыд кодтой, ӕз дӕр афтӕ кодтон» (САРӔ *, АВСТРАЛИ).
ДИССАГ дӕм нӕ кӕсы, Сарӕ Хуыцауӕн кувӕг бинонты ’хсӕн кӕй схъомыл, уый? Йӕ ныййарджытӕ йӕ ахуыр кодтой, цӕмӕй, Библийы ӕгъдау ӕмӕ ӕфсармы тыххӕй цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ цардаид. Фӕлӕ Сарӕ ӕндӕр фӕндаг равзӕрста.
Чи зоны, ахӕм цард бирӕтӕм ӕвзӕр нӕ кӕсы. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый абоны царды нал ахады. Кӕмӕдӕр та афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕймаг уырнӕг уа ӕмӕ, йӕхи куыд фӕнды, афтӕ цӕра, уыцы дыууӕ хъуыддаджы кӕрӕдзи нӕ хъыгдарынц.
Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый зонын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрын ӕцӕгдӕр ахсджиаг у? Библи у «Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн» (2 Тимофеймӕ 3:16). Ӕмӕ дӕ кӕд уырны, адӕймаджы Хуыцау кӕй сфӕлдыста ӕмӕ Библи йӕ Ныхас кӕй у, уӕд дзы ацы фарстайы фӕдыл цы фыст ис, уый зонын ахсджиаг у.
Фӕлӕ бирӕтӕ нӕ зонынц, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый фӕдыл Библийы бӕлвырдӕй цы фыст ис, уый. Афтӕ та уымӕн у, ӕмӕ чырыстон динты разамонджытӕ кӕд дзургӕ афтӕ кӕнынц, Библийӕн аргъ кӕнӕм, зӕгъгӕ, уӕддӕр ацы фарстайы фӕдыл иу зондыл хӕст не сты. Ӕмӕ, раст зӕгъгӕйӕ, бирӕ динтӕ уый тыххӕй ныддихтӕ сты.
Ацы хъуыддаджы тыххӕй иннӕтӕ цы дзурынц, уымӕ хъусыны бӕсты хуыздӕр нӕ уаид, иу гыццыл рӕстӕг куы ссарис ӕмӕ ацы фарста дӕхӕдӕг куы равзарис? Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, ацы хъуыддаджы фӕдыл арӕхдӕр цы дӕс фарстайы фӕдӕттынц, уыдонӕн Библи цы бӕлвырд дзуапп дӕтты, уыдонмӕ. Фӕстаг статьяйӕ та базонӕн ис, адӕймаг уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у.
[Фиппаинаг]
^ 2 абз. Ном ивд у.