Писмо Норвегийӕ
Цалдӕр боны митын ӕдзӕрӕг быдыры
УЫЦЫ хабар уыд зымӕджы райдианты. Райсомӕй рудзынгӕй ракастыстӕм, боныхъӕд цыхуызӕн у, уый базонынӕн. Ӕмӕ цъӕх-цъӕхид арв куы федтам, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ ныррухс сты! Ӕртӕ бонмӕ хъусын кӕнынмӕ цыдыстӕм Финнмарксвиддӕмӕ. Финнмарксвиддӕ у хӕхбӕстӕ ӕмӕ ис Норвегийӕн цӕгаты ’рдыгӕй.
Норвегийы зымӕджы вӕййы тынг уазал, ӕмӕ иугыццыл нӕ ныфс нӕ хастам уыцы цӕгатаг ӕдзӕрӕг быдырмӕ хъусын кӕнынмӕ ацӕуынмӕ. Хорз у, ӕмӕ немӕ рацыдысты, уым чи цард, уыцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ӕртӕйӕ. Уыдон уыцы бынат хорз зыдтой ӕмӕ нӕ цы кӕнын хъуыд, уый-иу нын дзырдтой.
Уыцы ран цалдӕр фӕндаджы йеддӕмӕ нӕй. Дард рӕтты чи цӕры, уыдонмӕ ацӕуӕн ис ӕрмӕстдӕр митылдзогтыл (снегоходтыл). Нӕ дзаумӕттӕ, нӕ хӕринӕгтӕ ӕмӕ артаг сӕвӕрдтам нӕ митылдзогтыл ӕмӕ дзоныгътыл. Дардӕй нӕм зынд ӕнӕкӕрон урс ком. Мит хурмӕ бриллиантау цӕхӕртӕ калдта. Уыцы рӕсугъддзинадмӕ кӕсгӕйӕ-иу нӕ улӕфӕнтӕ дӕр ахгӕдтой!
Финнмарксвиддӕйы цӕры алыхуызон сагтӕ, стайтӕ, тӕрхъустӕ, рувӕстӕ, росомахатӕ ӕмӕ ӕрсытӕ. Фӕлӕ нӕ тынгдӕр фӕндыди фенын, дард рӕтты чи цард, уыцы адӕмы. Уӕлдай тынгдӕр та нӕ фӕндыди фембӕлын саамаг ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕй искӕуыл. Уыдонӕй иутӕ дарынц цӕгатаг сагтӕ, иннӕтӕ та кусынц хӕххон базӕты.
Фыццаг цы базӕмӕ бахӕццӕ стӕм, уым федтам цалдӕр лӕппу ӕмӕ чызджы лыжӕтыл быргӕ, уырдӕм сӕ къласимӕ ӕрцыдысты ӕндӕр ранӕй. Иууылдӕр ӕрлӕууыдысты, ӕмӕ нӕ бафарстой, ам цӕмӕн стут, зӕгъгӕ. Мах сын нӕ цыды сӕр ӕхсызгонӕй бамбарын кодтам. Куы цыдысты, уӕд ма нын сӕ иу арфӕ дӕр ракодта: «Бирӕ уын бантысӕд!» Фӕстӕмӕ нӕ митылдзогтыл сбадтыстӕм, ӕмӕ стыр салд цадыл ӕмӕ урс быдырыл ахызтыстӕм. Цымӕ цӕгатаг сагты фендзыстӕм?
Иугыццыл хӕдзармӕ бахӕццӕ стӕм, ӕмӕ нын иу нӕлгоймаг уӕзданӕй салам радта. Уыцы лӕг уыд бынӕттон цӕрджытӕй. Нӕ дзоныгъ кӕй асаст, уый куы федта, уӕд нӕ бафарста, саразон уын ӕй, зӕгъгӕ. Ӕмӕ аразынмӕ бавнӕлдта. Уыцы ран адӕм ӕппындӕр никуыдӕм тагъд кӕнынц. Куыд уӕзданӕй архайдта, уымӕ кӕсын нын ӕхсызгон уыди. Нӕ дзоныгъ нын куы сарӕзта, уӕд ын
раарфӕ кодтам ӕмӕ йын Библийӕ цалдӕр хъуыдыйы радзырдтам, Хуыцау хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн уадзы, уый тыххӕй. Ӕмӕ нӕм лӕмбынӕг байхъуыста. Ныууагътам ын чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Пробудитесь!». Лӕг нӕм йӕ мидбылты бахудти ӕмӕ нын раарфӕ кодта: «Бузныг уын, кӕй мӕм ӕрбацыдыстут».Уыцы бон ма кӕимӕдӕрты аныхас кодтам, ӕмӕ уӕдмӕ баизӕр. Нӕ ных сарӕзтам, ӕхсӕв кӕм хъуамӕ ӕрлӕууыдаиккам, уыцы хӕдзармӕ. Ӕнӕнхъӕлӕджы ауыдтам рувасы. Йӕ сырх царм урс-урсид митыл бӕрӕг дардта. Рувас ӕвиппайды дзыхълӕуд фӕкодта, ныккаст нӕм, стӕй ацыд. Мит уарын райдыдта, ӕмӕ нӕ развӕндаг нал зынди. Кӕдӕм цыдыстӕм, уыцы хӕдзармӕ куы бахӕццӕ стӕм, уӕд сулӕфыдыстӕм! Пецы арт скодтам ӕмӕ хӕдзар сабыргай схъарм. Кӕд ӕнӕхъӕн бон уыцы быдыртыл цӕугӕйӕ бафӕлладыстӕм, уӕддӕр уыдыстӕм хъӕлдзӕг.
Уалынмӕ ӕрбабон. Нӕ митылдзогты артаг ныккодтам ӕмӕ нӕ ных сарӕзтам дӕлвӕзмӕ, цӕугӕдоныл дӕлӕмӕ ӕрцыдыстӕм ӕмӕ бахӕццӕ стӕм ӕндӕр базӕмӕ. Уым фембӕлдыстӕм иу ӕрыгон нӕлгоймагыл ӕмӕ йын Библийӕ цалдӕр хорз хъуыдыйы загътам. Стӕй нын цыбырдӕр фӕндаг бацамыдта, ӕмӕ ууыл фӕстӕмӕ раздӕхтыстӕм.
Ӕрхӕццӕ фӕстаг бон дӕр. Националон парк Стаббурсдаленмӕ ацыдыстӕм. Уый диссаджы рӕсугъд бынат у, дардӕй зындысты митӕй ӕмбӕрзт хӕхтӕ ӕмӕ хурмӕ ӕрттывтой. Уалынмӕ ауыдтам сагты дзуг! Сӕхицӕн ӕнцад хызтысты, ӕмӕ сӕ сӕфтӕджытӕй миты бынӕй хъуына къахтой ӕмӕ йӕ хордтой. Гыццыл фалдӕр та митылдзогыл бадти, саамаг ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм лӕг ӕмӕ йӕ сагтӕм касти. Йӕ куыдз дзуг хъахъхъӕдта, дард цӕуын сӕ нӕ уагъта. Иуафон куыдз махырдӕм ракасти, фӕлӕ стӕй фӕстӕмӕ йӕ дзугмӕ азгъордта. Уыцы лӕгмӕ бацыдыстӕм, Библийӕ йын цыдӕртӕ радзырдтам, ӕмӕ нӕм зӕрдиагӕй байхъуыста.
Уыцы ран фӕцыдыстӕм 300 километры, ӕмӕ фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ нӕ хъуыдыйӕ нӕ хицӕн кодтой, кӕимӕ аныхас кодтам, уыцы адӕм. Мах нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм, уыцы ӕнӕкӕрон ӕдзӕрӕг быдырмӕ кӕй ацыдыстӕм, цӕмӕй адӕмимӕ аныхас кодтаиккам.
[Ныв барлӕвӕрдӕй 15 фарсыл]
© Norway Post