Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрдзон бӕллӕхы рӕстӕг нын цы баххуыс кӕндзӕн?

Ӕрдзон бӕллӕхы рӕстӕг нын цы баххуыс кӕндзӕн?

Ӕрдзон бӕллӕхы рӕстӕг нын цы баххуыс кӕндзӕн?

Ӕрдзон бӕллӕхтӕ кӕй сарӕх сты ӕмӕ стыр зиан кӕй ӕрхӕссынц, уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕнын хъӕуы: адӕймагӕн ахӕм уавӕры цы баххуыс кӕндзӕн? Ӕркӕсӕм цалдӕр уынаффӕмӕ.

Тӕссаг ранӕй дӕхи айс. «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы, ӕвӕлтӕрдтӕ та размӕ ацӕуынц ӕмӕ бӕллӕхы бахауынц»,– фыст ис Библийы (Ӕмбисӕндтӕ 22:3). Ацы уынаффӕ хорз у, дзырд ӕрдзон бӕллӕхтыл куы цӕуа, уӕд дӕр. Вулкан срӕмудзынӕй, дон раивылынӕй, тыхдымгӕ йе та цунамийӕ тӕссаг кӕй у, уый тыххӕй куы фехъусын кӕной, уӕд ӕппӕты хуыздӕр уаид, адӕм уырдыгӕй сӕхи ӕдас ранмӕ куы айсиккой. Цард хӕдзар ӕмӕ мулкӕй бирӕ зынаргъдӕр у.

Чи зоны, иуӕй-иутӕн фадат ис, цӕмӕй, ӕрдзон бӕллӕхӕй тӕссаг кӕм у, ахӕм ран ма цӕрой. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, ӕрдзон бӕллӕхтӕй тӕссаг бынӕттӕ зӕххыл бирӕ нӕй, ӕмӕ, ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ фидӕны цы стыр ӕрдзон бӕллӕхтӕ ’рцӕудзӕн, уыдонӕн сӕ фылдӕр ӕрцӕудзысты уыцы бынӕтты. Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, ӕрдзон бӕллӕхтӕй тынгдӕр тӕссаг у, денджызы былгӕрӕтты, денджызӕй дӕлдӕр, стӕй, зӕххы цъар кӕм афаз вӕййы (зоны разломов), уырдӕм хӕстӕг чи цӕры, уыдонӕн. Кӕд дын фадат ис, цӕмӕй ахӕм бынаты ма ӕрцӕрай кӕнӕ ахӕм бынатӕй ӕдас бынатмӕ алидзай, уӕд дын ӕрдзон бӕллӕхы бахауынӕй афтӕ тӕссаг нӕ уыдзӕн.

Рагацау дӕхи бацӕттӕ кӕн. Адӕймаг куы бацархайа, цӕмӕй йӕхи ӕрдзон бӕллӕхӕй бахиза, уӕддӕр, чи зоны, ахӕм бӕллӕхы ӕнӕнхъӕлӕджы бахауа. Фӕлӕ рагацау дӕхи куы бацӕттӕ кӕнай, уӕд дын ахӕм уавӕры ӕнцондӕр уыдзӕн. Ам дӕр та нын хорз ӕххуыс уыдзӕн, Ӕмбисӕндты 22:3 стихы цы уынаффӕйы ис, уый. Бӕллӕхы рӕстӕджы дӕ цы бахъӕудзӕн, уыдон дын хицӕнӕй сумкӕйы ӕвӕрд сты, цӕмӕй ӕдас ранмӕ алидзынмӕ цӕттӕ уай? Ӕрдзон бӕллӕхтӕм адӕймагӕн йӕ бон йӕхи бацӕттӕ кӕнӕн куыд у, уый фӕдыл цы чиныг рауагътой, уым фыст ис, ахӕм сумкӕйы нывӕрӕн кӕй ис ӕнӕмӕнгхъӕугӕ хостӕ, дон, тагъд чи нӕ сӕфы, ахӕм хӕринӕгтӕ ӕмӕ документтӕ (1-2-3 of Disaster Education). Хорз ма уаид, дӕ бинонтимӕ куы аныхас кӕнис, кӕм цӕрут, уым цавӕр ӕрдзон бӕллӕхтӕй тӕссаг у ӕмӕ алы уавӕры дӕр куыд растдӕр уаид архайын, ууыл.

Хуыцауимӕ ӕнгом у. Хуыцауимӕ ӕнгом куы уай, уӕд дын уый цыфӕнды уавӕры дӕр баххуыс кӕндзӕн. Библийы фыст ис: «[Хуыцау у] тӕригъӕдгӕнаг Фыд ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцау. Уый нын удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр». Ӕндӕр стихы та фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцау «ныфссаст адӕймагӕн удӕнцой... дӕтты» (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4; 7:6).

Хуыцау адӕмы уарзы ӕмӕ тынг хорз фӕзоны, чи йыл ӕууӕнды, уыдон цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, уый, ӕмӕ сын алы хатт дӕр сӕ ныфс бафидар кӕны (1 Иоанны 4:8). Цавӕрдӕр диссагмӕ йӕм куы не ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, фӕлӕ дзы сыгъдӕг тых куы курӕм, уӕд нын ӕнӕмӕнгӕй баххуыс кӕндзӕн. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бӕллӕх кӕуыл ӕрцӕуы, уыдонӕн сыгъдӕг тых сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, ныфс сӕ чи бауадзы ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕ чи ӕрсабыр кӕны, ахӕм стихтӕ Библийӕ. Ӕмӕ уӕд сӕ бон вӕййы зӕгъын, рагон Израилы паддзах Давид куыд загъта, афтӕ: «Саудалынг комы дӕр куы ацӕуон, уӕд дӕр ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн, уымӕн ӕмӕ ды мемӕ дӕ. Дӕ лӕдзӕг ӕмӕ мын дӕ хъил сты удӕнцойы хос» (Псалом 23:4).

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнынц. Фыццаг ӕнусы пехуымпар Агав загъта, «ӕгас зӕххыл дӕр кӕй скӕндзӕн тынг ӕххормаг рӕстӕг». Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй уыцы хабар ӕрцыд Клавдийы заман. Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй Иудейӕйы чи цард, уыдонӕй бирӕтӕ ӕххормаг ӕййӕфтой. Иннӕ рӕтты цӕрӕг чырыстӕттӕ хабар куы фехъуыстой, уӕд куыд бакодтой? Библийы кӕсӕм: «Ахуыргӕнинӕгтӕ бауынаффӕ кодтой, алчидӕр сӕ, йӕ бон цас у, уыйас кӕй ратдзӕн, цӕмӕй Иудейӕйы цӕрӕг ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕной» (Хъуыддӕгтӕ 11:28, 29). Сӕ зыны сахат сӕ фарсмӕ балӕууыдысты ӕмӕ, сӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй сын баххуыс кодтой.

Абон дӕр исты стыр бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзи фарсмӕ балӕууынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты иууылдӕр хорз зонынц, сӕ кӕрӕдзи ӕххуысхъуагӕй кӕй нӕ ныууадзынц, уымӕй. Зӕгъӕм, 2010 азы 27 февралы Чилийы стыр зӕххӕнкъуыст куы ’рцыд, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕм уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзындысты. Зӕгъӕм, цунами йӕ хӕдзар кӕмӕн ахаста, иу ахӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Карлӕ, зӕгъгӕ, загъта: «Мӕ бон зӕгъын дӕр нӕу, куыд тынг мын фенцон, дыккаг бон нӕм [Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ] ӕндӕр рӕттӕй ӕххуысмӕ куы ’рбацыдысты, уый куы федтон, уӕд. Йегъовӕ нӕ ’рсабыр кодта нӕ зынаргъ хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты фӕрцы. Бамбӕрстон ӕй, иунӕг кӕй нӕ дӕн ӕмӕ мын тӕссаг кӕй ницӕмӕй у». Карлӕйӕн йӕ мадыфыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕу, фӕлӕ кӕрӕдзийӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уый фенгӕйӕ загъта: «Уал азы цы аргъуанмӕ цӕуын, уым ахӕмӕй никуы ницы федтон». Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыдысты, ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаиккой.

Хуыцауы чи уарзы, уыдоны ’хсӕн куы уай, уӕд дын уый стыр ӕххуыс уыдзӕн бӕллӕхы рӕстӕджы. Фӕлӕ цымӕ искуы ахӕм рӕстӕг скӕндзӕн, ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕ нал уыдзӕн? Ӕркӕсӕм, Библийы уый тыххӕй цы фыст ис, уымӕ.

[Ныв 6 фарсыл]

Бӕллӕхы рӕстӕджы дӕ цы бахъӕудзӕн, уыдон дын хицӕнӕй сумкӕйы ӕвӕрд сты, цӕмӕй ӕдас ранмӕ алидзынмӕ цӕттӕ уай?

[Ныв 7 фарсыл]

Хуыцауӕй цавӕрдӕр диссагмӕ куы не ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, фӕлӕ дзы сыгъдӕг тых куы курӕм, уӕд нын ӕнӕмӕнгӕй баххуыс кӕндзӕн

[Ныв 7 фарсыл]

Бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзи фарсмӕ балӕууынц

[Ныв 7 фарсыл]

«Бамбӕрстон ӕй, иунӕг кӕй нӕ дӕн ӕмӕ мын тӕссаг кӕй ницӕмӕй у»