Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...

2012 азы зӕхх фесӕфдзӕн?

2012 азы зӕхх фесӕфдзӕн?

▪ «Бӕстысӕфтӕй чи тӕрсы, уыцы адӕм гуылф кӕнынц Францийы иу хъӕумӕ... Уыдоны уырны, 2012 азы 21 декабры бӕстысӕфт кӕй уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ рагон адӕмыхатт майӕйы къӕлиндармӕ гӕсгӕ фӕуд кӕны 5125-азон цикл» (Би-би-си-йы хабӕрттӕ).

Кӕд абон иуӕй-иу дины разамонджытӕ, ахуыргӕндтӕ ӕмӕ дӕснытӕ дзурынц, зӕгъгӕ, зӕхмӕ стыр бӕллӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уӕддӕр зӕхх нӕ фесӕфдзӕн. 2012 азы зӕххыл ницы ӕрцӕудзӕн. Зӕхх уыцы аз дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр нӕ фесӕфдзӕн.

Библи нын дзуры: «Фӕлтӕр фӕлтӕры ивы, зӕхх та лӕууы ӕнустӕм» (Екклесиаст 1:4). Ахӕм хъуыды ма ис Исайы 45:18 стихы дӕр: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ... уый скодта зӕхх, сфӕлдыста йӕ ӕмӕ йӕ фидар сӕвӕрдта, дзӕгъӕлы йӕ не сфӕлдыста, скодта йӕ цӕрынӕн: „Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй“».

Зӕгъӕм, йӕ сывӕллоны чи уарзы ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ барухс кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм фыд цалдӕр сахаты йӕ лӕппуйӕн хъазӕн лодкӕ уый тыххӕй фӕараздзӕн кӕнӕ йӕ чызгӕн куклаты хӕдзар уый тыххӕй скӕндзӕн, цӕмӕй йӕм ӕй куы ратта, уӕд ын ӕй уайтагъд фехала? Уый ӕгъатыр ми уаид! Хуыцау дӕр зӕхх уый тыххӕй скодта, цӕмӕй йыл адӕм амондджынӕй ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй цардаиккой. Фыццаг адӕмӕн, Адам ӕмӕ Евӕйӕн, Хуыцау загъта: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут». Уый фӕстӕ «Хуыцау йӕ цӕст ахаста, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ууыл, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уыд тынг хорз» (Райдиан 1:27, 28, 31). Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый нӕ фӕивта, ӕмӕ зӕхх фесафын нӕ бауадздзӕн. Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕтты тыххӕй загъта: «Цалынмӕ нӕ сӕххӕст уа, уӕдмӕ мӕм фӕстӕмӕ не ’рбаздӕхдзӕн, фӕлӕ сараздзӕн, цы мӕ фӕнды, уый, ӕмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, кӕй тыххӕй йӕ арвыстон, уыцы хъуыддаг» (Исай 55:11).

Фӕлӕ Йегъовӕ, «зӕхх чи сафы, уыдоны... фесафдзӕн» (Раргомад 11:18). Йӕ Ныхасы зӕрдӕ ӕвӕры: «Зӕххыл цӕрдзысты рӕстзӕрдӕ адӕм, баззайдзысты йыл, ӕнӕфау чи у, уыдон. Фыдгӕнджытӕ та зӕххӕй фесӕфдзысты, мӕнгард адӕмӕй йыл иу дӕр нал баззайдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22).

Уый кӕд уыдзӕн? Адӕмӕй йӕ ничи зоны. Йесо Чырысти загъта: «Уыцы бон кӕнӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд» (Марчы 13:32). Хуыцау фыдгӕнджыты кӕд фесафдзӕн, уый банымайыныл нӕ архайынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Уыдон зонынц, ацы дунейы кӕрон цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, уый ӕмӕ «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, ууыл фидарӕй ӕууӕндынц. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ зонынц, «кӕрон» бӕлвырдӕй кӕд ӕрцӕудзӕн, уый (Марчы 13:4–8, 33; 2 Тимофеймӕ 3:1). Уыдон ӕмбарынц, алцыдӕр сӕ уӕларвон Фыды ӕмӕ йӕ Фырты къухы кӕй ис.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн дзурынц, Хуыцауы Паддзахад, ома уӕларвон хицауад, бартӕ иууылдӕр йӕ къухмӕ куы райса, уӕд Зӕххӕй дзӕнӕт сараздзӕн ӕмӕ «рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29).

[Ныв барлӕвӕрдӕй 10 фарсыл]

Image Science and Analysis Laboratory, NASA-Johnson Space Center