Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Авраам – сӕрныллӕг адӕймаг

Авраам – сӕрныллӕг адӕймаг

Иу тӕвд бон Авраам йӕ цатыры сатӕджы бадт. Уалынмӕ дардмӕ ауыдта ӕртӕ лӕджы *. Авраам фӕгӕпп кодта, сӕ размӕ азгъордта ӕмӕ сын ныллӕгъстӕ кодта, зӕгъгӕ мӕм фысым бакӕнут ӕмӕ иу гыццыл уӕ фӕллад суадзут. Куы сӕ ӕрбакодта, уӕд уал сын «къӕбӕр» радавта, стӕй сын сӕ разы ӕрӕвӕрдта ног конд дзул, царв, ӕхсыр ӕмӕ хӕрзхаст роды дзидза. Авраам йӕ уазджытӕн куы лӕггад кодта, уӕд бӕрӕг уыд, ӕрмӕст диссаджы уазӕгуарзон адӕймаг кӕй нӕу, фӕлӕ ма ӕцӕг сӕрныллӕг адӕймаг дӕр кӕй у (Райдиан 18:1–8).

ЦЫ У СӔРНЫЛЛӔГДЗИНАД? Сӕрныллӕг адӕймаг хъал ӕмӕ сӕрбӕрзонд никуы вӕййы. Сӕрныллӕг адӕймаг иннӕты йӕхицӕй хуыздӕрыл фӕнымайы (Филиппӕгтӕм 2:3). Иннӕты хъуыдымӕ кӕнӕ уынаффӕтӕм байхъусы ӕмӕ сын зӕрдиагӕй фӕлӕггад кӕны.

АВРААМЫ СӔРНЫЛЛӔГДЗИНАД ЦӔМӔЙ УЫД БӔРӔГ? Авраам зӕрдиагӕй лӕггад кодта иннӕтӕн. Статьяйы райдианы куыд загътам, афтӕмӕй Авраам йӕхимӕ цы ӕртӕ уазӕджы ӕрбакодта, уыдонӕн уайтагъд лӕггад кӕнынмӕ фӕци. Йӕ бинойнаг Саррӕ февнӕлдта хӕринаг аразынмӕ. Фӕлӕ фылдӕр змӕлыд Авраам: йӕхӕдӕг уыцы лӕгты размӕ азгъордта, йӕхӕдӕг сын къӕбӕр рахаста, йӕ фосмӕ ауад ӕмӕ кусӕрттаг равзӕрста ӕмӕ сын йӕхӕдӕг фынг ӕрӕвӕрдта. Уыцы сӕрныллӕг адӕймаг йӕ уазджыты йӕ лӕггадгӕнджыты бар нӕ бакодта, фӕлӕ сын йӕхӕдӕг лӕггад кодта. Иннӕтӕн лӕггад кӕнын йӕхицӕн ӕгадыл нӕ нымадта.

Авраам хъуыста, йӕ дӕлбар чи уыди, уыдонмӕ. Авраам ӕмӕ-иу Саррӕ куыд ныхас кодтой, уый тыххӕй Библийы уыйбӕрц ницы ис фыст. Фӕлӕ дзы дыууӕ хатты кӕсӕм, Авраам Саррӕйы хъуыдымӕ кӕй байхъуыста ӕмӕ йын куыд загъта, афтӕ кӕй бакодта (Райдиан 16:2; 21:8–14). Фӕлӕ иухатт Саррӕ цы загъта, уый «Авраамӕн тынг хъыг уыди». Уӕд ын Йегъовӕ загъта, зӕгъгӕ дын хорз цыдӕр зӕгъы, ӕмӕ уӕд йӕ усмӕ сӕрныллӕгӕй байхъуыста.

ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ? Ӕцӕг сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд иннӕтӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕндзыстӕм. Ӕхсызгон-иу нын уыдзӕн искӕмӕн исты хорздзинад ракӕнын.

Нӕ сӕрныллӕгдзинад ма бӕрӕг уыдзӕн, иннӕты хъуыдымӕ куы хъусӕм, уӕд. Иннӕты хъуыдыйыл-иу нӕ къух нӕ ауигъдзыстӕм, зӕгъгӕ, уыцы хъуыды мӕнмӕ нӕ сӕвзӕрд, фӕлӕ-иу иннӕты ныхасыл зӕрдиагӕй сразы уыдзыстӕм (Ӕмбисӕндтӕ 15:22). Афтӕ кӕнын уӕлдай тынгдӕр хъӕуы, бартӕ кӕй къухы сты, уыдонӕн, ӕмӕ сын уый стыр пайда ӕрхӕсдзӕн. «Хорз хицау фӕархайы, цӕмӕй йӕ кусджытӕ сӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй дзурой,– загъта иу фӕлтӕрдджын хицау, Джон.– Хъӕуы сӕрныллӕгдзинад, цӕмӕй дӕхицӕн басӕттай, дӕ дӕлбар чи ис, уыдон цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ дӕуӕй хуыздӕр кӕй кӕнынц. Стӕй ма мӕ фӕнды зӕгъын, никӕй бон у афтӕ зӕгъын, суанг хицӕуттӕн дӕр, зӕгъгӕ, хорз хъуыдытӕ ӕрмӕстдӕр мӕнмӕ фӕзыны».

Авраамы куы фӕзмӕм, иннӕты хъуыдымӕ куы хъусӕм ӕмӕ сын куы лӕггад кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы хорзӕх ссардзыстӕм, «уымӕн ӕмӕ Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй» (1 Петры 5:5).

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Авраам фыццаг нӕ базыдта, уыцы лӕгтӕ Хуыцауы ӕрвыст зӕдтӕ кӕй уыдысты, уый (Дзуттӕгтӕм 13:2).