Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон

Библийы фидӕны тыххӕй фыст ис?

Библийы фидӕны тыххӕй фыст ис?

Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц, ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр кӕуыл хъуыды кодтай, ахӕм фарстатӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты, уыцы фарстатӕй алкӕцыйӕн дӕр Библи цы дзуапп дӕтты, ууыл.

1. Библийы пехуымпарӕдты бӕлвырд хабӕртты кой цӕуы?

Фидӕны цы уыдзӕн, уый лыстӕг хабӕртты онг зоны ӕрмӕстдӕр Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау (Амос 3:7). Зӕгъӕм, Хуыцау раджы заманты загъта, кӕй фӕзындзӕн Мессийӕ, ома Чырысти. Чырысти хъуамӕ уыдаид Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг Авраамы байзӕддаг, стӕй хъуамӕ суыдаид паддзах. Уыцы паддзах зӕххӕй ногӕй скӕндзӕн дзӕнӕт ӕмӕ дзы коммӕгӕс адӕм ӕнустӕм ӕнӕнизӕй цӕрдзысты (Райдиан 22:18; Исай 53:4, 5). Зӕрдӕвӕрд паддзах хъуамӕ райгуырдаид Вифлеемы. (Бакӕс Михей 5:2.)

Мессийӕ разынд Йесо. Авд ӕнусы раздӕр Библийы фыст ӕрцыд, Мессийӕ кӕй райгуырдзӕн, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи никуы ӕрцыд, ахӕм ӕрыгон сылгоймагӕй, стӕй йӕ адӕм ницӕйагыл кӕй нымайдзысты. Уымӕй уӕлдай ма йӕ цард хъуамӕ радтаид тӕригъӕдджын адӕмы тыххӕй ӕмӕ йӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ хъуамӕ бавӕрдтаиккой хъӕздгуытимӕ (Исай 7:14; 53:3, 9, 12). Иерусалиммӕ къӕлӕуыл кӕй бацӕудзӕн, ӕмӕ йӕ 30 ӕвзист ӕхцайыл кӕй ауӕй кӕндзысты, уый та фыст ӕрцыд фондз ӕнусы раздӕр. Ацы хабӕрттӕ иууылдӕр сӕххӕст сты. (Бакӕс Захари 9:9; 11:12.)

2. Цымӕ Хуыцау рагацау фӕзоны, цавӕрдӕр ахсджиаг хабӕрттӕ кӕд хъуамӕ ӕрцӕуой, уый?

Библийы фондз ӕнусы раздӕр фыст ӕрцыд, Мессийӕ кӕцы аз фӕзындзӕн, уый. Уыцы азмӕ рӕстӕг нымайын хъӕуы «къуыритӕй». Уыцы къуыритӕй алкӕцы дӕр уыд авд азы. Библийы фыст ис 7 къуырийы ӕмӕ 62 къуырийы тыххӕй. Кӕрӕдзимӕ сӕ куы бафтауӕм, уӕд уыдзысты 69 къуырийы, уый та у 483 азы. Фӕлӕ уыцы 483 азы кӕцы азӕй нымайгӕ сты? Библимӕ гӕсгӕ, Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Нееми Иерусалиммӕ куы ’рцыд ӕмӕ горӕт ногӕй аразын куы райдыдта, уыцы азӕй. Историон документтӕ бӕлвырд кӕнынц, уый кӕй уыд н. э. размӕ 455 азы (Нееми 2:1–5). Йесо донаргъуыд райста ӕмӕ Мессийӕ сси 483 азы фӕстӕдӕр, н. э. 29 азы – пехуымпарад куыд амоны, афтӕ (Бакӕс Данел 9:25.)

3. Библийы пехуымпарӕдтӕ абон ӕххӕст кӕнынц?

Йесо Чырысти йӕ пехуымпарады ранымадта, нӕ рӕстӕджы зӕххыл цы ахсджиаг хабӕрттӕ цӕудзӕн, уыдон. Стӕй Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабары кой дӕр ракодта. Уыцы Паддзахад ацы фыддунейӕн кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ, Хуыцауы чи уарзы, уыцы адӕмы сӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзын кӕндзӕн. (Бакӕс Матфейы 24:14, 21, 22.)

Библийы пехуымпарӕдты лыстӕггай фыст ӕрцыд, ацы фыддунейы кӕрон цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уый тыххӕй. Наукӕ размӕ кӕй ацыд, уый тыххӕй, чи зоны, бирӕтӕ хуыздӕр цӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, фӕлӕ Библийы фыст ис, нӕ рӕстӕджы адӕм зӕхх кӕй сафдзысты. Фыст ма дзы ис, хӕстыты, ӕххормагдзинад, зӕххӕнкъуыстыты ӕмӕ низты аххосӕй адӕм ноджы тынгдӕр кӕй хъизӕмар кӕндзысты (Лукайы 21:11; Раргомад 11:18). Бирӕтӕм уаг ӕмӕ ӕгъдау нымады дӕр нал уыдзысты. Абоны уӕззау рӕстӕджы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ ӕппӕт адӕмтӕн дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕндзысты. (Бакӕс Матфейы 24:3, 7, 8; 2 Тимофеймӕ 3:1–5.)

4. Адӕммӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Хуыцау бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, йӕ фӕндон ын чи ӕххӕст кӕны, уыдоны. Чырысти ӕмӕ, уӕларвон цардмӕ ’взӕрст чи ӕрцыд, уыдон иу мин азы дӕргъы уӕлӕрвтӕй зӕххӕн разамынд дӕтдзысты. Чи амард, уыдон райгас уыдзысты ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕнустӕм цӕрыны фадат. Уымӕй уӕлдай, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи уыдзӕн, уыдон нал рынчын кӕндзысты, стӕй мӕлгӕ дӕр ничиуал кӕндзӕн. (Бакӕс Раргомад 5:10; 20:6, 12; 21:4, 5.)

Фылдӕр базонӕн ис ацы чиныгӕй, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», кӕс 23–25 ӕмӕ 197–201 фӕрстӕ.