Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

«Ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл, ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ»

«Ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл, ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ»

«ДӔ КЪУХ ӕри»,– дзуры фыд йӕ гыццыл лӕппумӕ фӕндаджы сӕрты хизгӕйӕ. Ныр лӕппу ӕппындӕр ницӕмӕйуал тӕрсы, уымӕн ӕмӕ йын йӕ фыд йӕ къухыл фидар хӕцы. Чи зоны зын уавӕры дӕу дӕр фӕндыд, цӕмӕй дӕм исчи йе ’ххуысы къух балӕвӕрдтаид. Стыр ныфсы хос нын фӕуыдзысты, Исай кӕй ныффыста, уыцы ныхӕстӕ. (Бакӕс Исайы 41:10, 13.)

Ацы ныхӕстӕ загъд уыдысты Израилы адӕмӕн. Израилы адӕм кӕд Хуыцауӕн «уӕлдай зынаргъ» уыдысты, уӕддӕр сӕ алыварс цардысты се знӕгтӕ (Рацыд 19:5). Ӕмӕ, цымӕ, уый тыххӕй хъуамӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ цардаиккой? Йегъовӕ йӕ пехуымпар Исайы уылты йӕ адӕмы ныфсыл ныфс бафтыдта, ӕмӕ сын цы загъта, уый Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм абон дӕр хауы (Ромӕгтӕм 15:4).

Йегъовӕ йӕ адӕмӕн, Израилӕн, загъта: «Ма тӕрс» (10-ӕм стих). Ӕмӕ сын афтӕ дзӕгъӕлы нӕ загъта. Йегъовӕ сын бамбарын кодта, тӕрсын сӕ цӕуылнӕ хъӕуы: «Уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн». Хуыцау йӕ адӕмӕй дард нӕу, ӕмӕ сӕм ӕххуысмӕ ӕрмӕст бахъуаджы рӕстӕг нӕ фӕзыны. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ зоной, семӕ алы хатт дӕр кӕй вӕййы ӕмӕ сын алы хатт дӕр цӕттӕ кӕй у баххуыс кӕнынмӕ. Ацы ныхӕстӕ дӕ ныфс нӕ уадзынц?

Уыцы стихы ма фыст ис: «Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн» (10-ӕм стих). «Ракӕс-бакӕс»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый амоны, фыдбылыз ӕрцӕуынӕй чи тӕрсы ӕмӕ уый тыххӕй алырдӕмты чи фӕкӕсы, ахӕм адӕймагмӕ. Йегъовӕ бамбарын кодта, йӕ адӕмы фӕстӕмӕ акӕс-акӕс кӕнын цӕуылнӕ хъуыд, уый: «Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн». Ацы ныхӕстӕй тынгдӕр ма нӕ цы хъуамӕ бафидар кӕна! Йегъовӕ у «Ӕппӕтхъомысджын» ӕмӕ «Иунӕг Стыр Хуыцау» (Псалом 91:1). Ахӕм тых кӕмӕ ис, уыцы Хуыцауимӕ ма цӕмӕй хъуамӕ тарстаиккой?

Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ ’вӕры: «Ӕз дыл фидар хӕцдзынӕн мӕ рахиз къухӕй, рӕстдзинады къухӕй» (10-ӕм стих). Стӕй ма зӕгъы: «Ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл» (13-ӕм стих). Ацы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ адӕймаг цӕуыл ахъуыды кӕны? Уый фӕдыл иу чиныджы фыст ис: «Ацы стихтӕ кӕсгӕйӕ адӕймаджы цӕстытыл ауайынц фыд ӕмӕ фырт... [Фыд] йӕ хъӕбулмӕ дардӕй нӕ кӕсы, цӕмӕй йӕм бахъуаджы сахат ӕххуысмӕ фӕзына, фӕлӕ йын йӕ къухыл фидар хӕцы, ницы хуызы йӕ суадздзӕн». Ахъуыды-ма кӕн: Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты никуы ныууадздзӕн, цыфӕнды зын ӕмӕ тӕссаг уавӕры куы бахауой, уӕддӕр (Дзуттӕгтӕм 13:5, 6).

Исайы чиныджы цы ныхӕстӕ ис, уыдон абон дӕр стыр ныфс уадзынц Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты. Абоны «уӕззау рӕстӕджы» цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдон нын хатт нӕ хъару асӕттынц (2 Тимофеймӕ 3:1). Фӕлӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнгӕйӕ иунӕг не стӕм. Йегъовӕ нӕм йе ’ххуысы къух бадӕттынмӕ цӕттӕ у. Уӕдӕ, йӕ фыдыл йӕ зӕрдӕ чи дары, ахӕм сывӕллонау мах дӕр Хуыцауы фидар къухыл хӕцӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, раст фӕндагыл нӕ кӕй кӕндзӕн ӕмӕ нӕ зын рӕстӕг фӕцудын кӕй нӕ бауадздзӕн (Псалом 63:7, 8).

Январы Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Исай 24–42