Сӕ уырнындзинад у фӕзминаг
Ӕмбаргӕ, хъӕбатыр ӕмӕ удуӕлдай сылгоймаг
ЕСФИР паддзахбадӕнмӕ куыд ӕввахсдӕр кодта, афтӕ йӕ зӕрдӕ тынгӕй-тынгдӕр гуыпп-гуыпп кодта. Сузӕйы Персы паддзахы галуаны стыр уаты ӕвиппайды бӕстӕ ныссабыр. Есфир хъуыста йӕхи къӕхты уынӕр ӕмӕ йӕ дарӕсы сыр-сыр. Фӕлӕ йӕхиуыл хӕцыд ӕмӕ нӕ ракӕс-бакӕс кодта паддзахы стыр кӕртмӕ, рӕсугъд цӕджындзтӕм ӕмӕ Ливанӕй ласт кедртӕй нывӕфтыд цармӕ. Йӕ каст уыд, паддзахбадӕныл чи бадт, уымӕ. Уыцы адӕймаджы къухы уыд йӕ цард.
Паддзах ӕм ӕдзынӕг каст ӕмӕ йӕм йӕ сызгъӕрин лӕдзӕг бадардта. Афтӕ кӕй бакодта, уымӕй Есфиры цард бахъахъхъӕдта, уымӕн ӕмӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йын паддзах ныххатыр кодта, ӕнӕ хонгӕйӕ йӕм кӕй ӕрбацыд, уый. Есфир паддзахбадӕнмӕ куы ӕрбаввахс, уӕд лӕдзӕгӕн йӕ тигъыл андзӕвыд ӕмӕ уымӕй равдыста, бузныг дзы кӕй у * (Есфир 5:1, 2).
Галуаны алцыдӕр ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ паддзах Ахашверош уыд ӕмбисонды хъӕздыг ӕмӕ стыр тыхы хицау. Историктӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Персы паддзӕхты дарӕс уыд цалдӕр сӕдӕ милуан доллӕры аргъ. Фӕлӕ Есфир каст йӕ сӕрыхицауы фӕлмӕн цӕстӕнгасмӕ. Йӕ сӕрыхицау ӕй бирӕ уарзта. Паддзах загъта: «Исты хабар у, паддзахы ус Есфир? Цы дӕ хъӕуы? Паддзахады ӕмбис мӕ куы ракурай, уӕд дӕр дын ӕй ратдзынӕн!» (Есфир 5:3).
Есфир уыд фидар уырнындзинады хицау ӕмӕ хъӕбатыр сылгоймаг. Паддзахмӕ бацыд, цӕмӕй йӕ адӕмы сӕрыл сдзырдтаид ӕмӕ сӕ цӕгъдын ма бауагътаид. Нырма уал ӕй ницы бакъуылымпы кодта, фӕлӕ йӕм разӕй стыр фӕлварӕн ӕнхъӕлмӕ каст. Хъуамӕ сӕрбӕрзонд паддзахы баууӕндын кодтаид, паддзах тынг кӕуыл ӕууӕндыд, уыцы уынаффӕгӕнӕг ыл хинӕй кӕй цыд ӕмӕ Есфиры адӕмӕн мӕлӕты тӕрхон кӕй рахӕссын кодта. Есфир паддзахимӕ куыд ныхас кодта ӕмӕ йӕм цы уырнындзинад уыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
Ӕмбӕрста, дзурын кӕд хъӕуы, уый
Цымӕ Есфир паддзахимӕ йӕ лӕггадгӕнджыты раз ныхас кодта? Афтӕ куы бакодтаид, уӕд ӕй сӕ цӕсты бафтыдтаид ӕмӕ йӕ уынаффӕгӕнӕг Аманӕн дӕр фадат уыдаид, цӕмӕй йӕхи сраст кодтаид. Уӕдӕ куыд бакодта Есфир? Цалдӕр ӕнусы размӕ паддзах Соломон Хуыцауы фӕндӕй ныффыста: «Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон... рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн» (Екклесиаст 3:1, 7). Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм Есфиры хъомылгӕнӕг Мардохейы. Уый йын йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕ амыдта. Ӕмӕ Есфир ӕмбӕрста, паддзахимӕ аныхас кӕнынӕн кӕй хъуыди ӕндӕр рӕстӕг равзарын.
Есфир 5:4). Паддзах сразы ӕмӕ Аманы дӕр фӕхуыдта. Дӕ хъус ӕрдардтай, Есфир куыд уӕздан ныхас кодта, уымӕ? Йӕ сӕрыхицауӕн аргъ кодта ӕмӕ архайдта, цӕмӕй йӕ ныхас хуыздӕр рӕстӕг загътаид.
Есфир загъта: «Кӕд паддзах разы у, уӕд ын цы куывд скодтон, уырдӕм абон Аманимӕ ӕрбацӕуӕд» (Есфир куывдмӕ алцыдӕр хорз бацӕттӕ кодта, йӕ сӕрыхицау куыд уарзта, афтӕ. Фынгыл ын ӕрӕвӕрдта ӕппӕты хуыздӕр сӕн, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ бахъӕлдзӕг уыдаид (Псалом 104:15). Ахашверош тынг райгонд уыд ӕмӕ Есфирӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ курдиат загътаид. Цымӕ уӕд дзурыны рӕстӕг уыд?
Есфиры хъуыдымӕ гӕсгӕ, нӕ. Ӕмӕ та паддзах ӕмӕ Аманы дыккаг бон дӕр куывдмӕ фӕхуыдта (Есфир 5:7, 8). Афтӕ цӕмӕн бакодта? Уымӕн ӕмӕ паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ йӕ адӕммӕ мӕлӕт ӕнхъӕлмӕ каст ӕмӕ хъуамӕ йемӕ аныхас кодтаид, хуыздӕр кӕд уыдаид, уӕд. Есфир ӕнхъӕлмӕ каст, фӕндыд ӕй йӕ сӕрыхицауӕн равдисын, куыд тынг ын аргъ кодта, уый.
Фӕразондзинад хорз миниуӕг у, фӕлӕ бирӕтӕм нӕй. Кӕд Есфир йӕхимидӕг тыхст ӕмӕ йӕ фӕндыд, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый радзурын, уӕддӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, хуыздӕр рӕстӕг кӕд уыдзӕн, уымӕ. Бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм Есфирӕй. Не ’ппӕт дӕр фӕуынӕм, сраст кӕнын кӕй хъӕуы, ахӕм ӕвзӕр ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ. Ӕмӕ нӕ куы фӕнда искӕцы хицауимӕ ууыл аныхас кӕнын, уӕд хъуамӕ Есфиры бафӕзмӕм ӕмӕ фӕразон уӕм. Ӕмбисӕндты 25:15 фыст ис: «Фӕразондзинад ӕрфӕлмӕн кӕны хицауы зӕрдӕ дӕр, ӕмӕ фӕлмӕн ӕвзаг стӕг дӕр асӕтты». Фӕразонӕй куы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм хуыздӕр рӕстӕгмӕ ӕмӕ карзӕй нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонимӕ Есфирау уӕзданӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд фидар стӕг дӕр асӕтдзыстӕм. Есфирӕн Йегъовӕ ӕххуыс кодта, фӕразон ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй уыд, уый тыххӕй.
Фӕразондзинад рӕстдзинадмӕ кӕны
Есфиры фӕразондзинад ӕркодта диссаджы хабӕрттӕм. Аман фыццаг бон куывдӕй рацыд «зӕрдӕрухсӕй ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй», уымӕн ӕмӕ йӕм паддзах ӕмӕ йӕм йӕ ус хорз цӕстӕй ракастысты. Фӕлӕ Аман паддзахы галуаны кулдуары уылты куы фӕцӕйцыд, уӕд ауыдта дзуттаг лӕг Мардохейы ӕмӕ та ацы хатт дӕр йӕ разы йӕ зонгуытыл не ’рхауд. Мардохей Аманӕн фыдӕнӕн митӕ нӕ кодта, фӕлӕ Йегъовӕ Хуыцауы ныхасмӕ кӕй хъуыста, уымӕ гӕсгӕ йӕ разы йӕ зонгуытыл не ’рхауд. Уый тыххӕй Аман «мӕстӕй рафыхт» (Есфир 5:9).
Аман йӕ бинойнаг ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн куы радзырдта, Мардохей йын кӕй нӕ кад кӕны, уый тыххӕй, уӕд ын уыдон бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй, йӕ дӕргъ 22 метры кӕнӕм уа, ахӕм цӕджындз ӕрцӕттӕ кӕна ӕмӕ паддзахӕй бар ракура, цӕмӕй йыл Мардохейы ӕрцауындза. Уыцы хъуыды Аманы зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕнынмӕ ӕвӕстиатӕй бавнӕлдта (Уыцы ӕхсӕв «паддзахӕн йӕ хуыссӕг фӕлыгъд», фыст ис Библийы, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм фӕдзырдта, цӕмӕй йын паддзахады азфыстыты чиныг хъӕрӕй бакастаиккой. Уыцы чиныджы фыст уыд, Ахашверошы марынвӕнд кӕй кодтой, уыцы хабары тыххӕй дӕр. Ӕмӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, йӕ марджыты йын кӕй ӕрцахстой ӕмӕ сӕ кӕй амардтой. Уыцы фыдвӕнд чи раргом кодта, уыцы адӕймаг Мардохей та цы баци? Ӕвиппайды паддзах афарста, Мардохейӕн цавӕр хорздзинад ракодтой, уымӕй. Цы йын загътой? Йӕ лӕггадгӕнджытӕ йын дзуапп радтой, ӕппындӕр ницы, зӕгъгӕ (Есфир 6:1–3).
Паддзах стыхст ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕм фӕдзырдта, цӕмӕй уыцы хъуыддаг сраст кодтаиккой. Уый уыд райсомӕй раджы. Уыцы рӕстӕг Аман ӕрбацыд паддзахы кӕртмӕ, цӕмӕй Мардохейы ӕрцауындзын кӕныны тыххӕй бар ракуырдтаид. Аман йӕ курдиаты тыххӕй ницыма загъта, афтӕ йӕ паддзах афарста, йӕ хорзӕх ын чи ссардта, уымӕн куыд хуыздӕр скад кӕна, уымӕй. Аман афтӕ фенхъӕлдта, ӕмӕ йын паддзах йӕхи кой кӕны. Ӕмӕ йӕ хин ӕвзаг ауагъта: уыцы адӕймагыл скӕнӕнт паддзахы уӕлӕдарӕс, паддзахы бӕхыл ӕй сбадын кӕнӕнт ӕмӕ йӕ кадджындӕр кънйӕзтӕй иу Сузӕйы фӕзыл ӕрзилын кӕнӕд, иннӕтӕ та йӕ разӕй цӕуӕнт ӕмӕ йӕ хъӕрӕй кадджын кӕнӕнт. Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн, Аман цыхуызӕн фӕци, куы фехъуыста, уыцы кад Мардохейӕн кӕй кӕндзысты, уый. Цымӕ кӕмӕн бахӕс кодта паддзах Мардохейы хъӕрӕй кадджын кӕнын? Аманӕн! (Есфир 6:4–10).
Аман ӕвӕндонӕй сӕххӕст кодта уыцы хӕс ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ атагъд кодта. Йӕ бинойнаг ӕмӕ йын йе ’мбӕлттӕ загътой, уыцы хабӕрттӕ йӕ сӕфтмӕ кӕй ӕркӕндзысты ӕмӕ дзуттаг лӕг Мардохейыл кӕй нӕ фӕуӕлахиз уыдзӕн (Есфир 6:12, 13).
Есфир фӕразон кӕй уыд ӕмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, паддзахӕн йӕ курдиаты тыххӕй кӕд зӕгъдзӕн, уымӕ, уый тыххӕй Аманӕн рӕстӕг уыд, цӕмӕй йӕхицӕн арфдӕр дзыхъхъ скъахтаид. Чи зоны, Йегъовӕ Хуыцау бакодта афтӕ, цӕмӕй паддзахӕн йӕ хуыссӕг фӕлыгъдаид (Ӕмбисӕндтӕ 21:1). Уый тыххӕй нын дзуры Хуыцауы Ныхас, цӕмӕй «ӕнхъӕлмӕ кӕсын» зонӕм (Михей 7:7). Хуыцаумӕ куы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, мах куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, уымӕй хуыздӕр нын кӕй аскъуыддзаг кӕндзӕн нӕ хъуыддаг.
Хъӕбатырӕй дзырдта
Есфир паддзахы фӕразондзинад нал фӕлвӕрдта ӕмӕ йын дыккаг бон куывды алцыдӕр радзырдта. Куыд? Паддзах та йӕ ногӕй бафарста, дӕ курдиат цы у, зӕгъгӕ (Есфир 7:2). Есфирӕн дзурыны рӕстӕг ӕрцыд.
Ӕвӕццӕгӕн, Есфир йӕхимидӕг Хуыцаумӕ скуывта ӕмӕ уый фӕстӕ загъта: «Кӕд дын дӕ хорзӕх ссардтон, паддзах, ӕмӕ дӕ кӕд фӕнды, уӕд дӕ курӕг дӕн, мӕ цард мын бахъахъхъӕн, ӕмӕ дын лӕгъстӕ кӕнын, мӕ адӕмы мын сафын ма бауадз» (Есфир 7:3). Есфир равдыста, паддзахӕн кӕй кад кӕны ӕмӕ йын йӕ ныхасӕн кӕй аргъ кӕны. Куыд тынг хицӕн кодта Есфир паддзахы фыццаг ус Ваштийӕ, уый йӕ сӕрыхицауы иннӕты цӕсты бафтыдта (Есфир 1:10–12). Есфир ын нӕ бауайдзӕф кодта, Аманыл тынг кӕй ӕууӕндыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ паддзахӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ мӕлӕтӕй бахызтаид.
Есфиры ныхӕстӕ паддзахы дисы бафтыдтой. Чи бауӕндыд паддзахы усмӕ? Есфир ма загъта: «Ӕз дӕр ӕмӕ мӕ адӕм дӕр уӕйгонд ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй нӕ амарой, ныццӕгъдой нӕ ӕмӕ нӕ фесафой. Цагъартӕ нӕ куы скодтаиккой, уӕд ницы загътаин, фӕлӕ ацы бӕллӕхӕн нӕй ӕруадзӕн, уымӕн ӕмӕ уый паддзахӕн дӕр зиан ӕрхӕсдзӕн» (Есфир 7:4). Паддзахӕн хабар ӕргом бамбарын кодта ӕмӕ йын загъта, цагъар куы уыдаид, уӕд кӕй ницы дзырдтаид. Фӕлӕ йын йӕ адӕмы куы ныццӕгъдой, уӕд уый паддзахӕн йӕхицӕн дӕр хорзӕй кӕй ницы ӕрхӕсдзӕн.
Есфиры хабар нӕ ахуыр кӕны, адӕймаджы зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарӕн куыд ис, ууыл. Цыдӕр ахсджиаг хъуыддагыл дзурын нӕ куы хъӕуа нӕ хиуонимӕ кӕнӕ исты хицауимӕ, уӕд стыр ӕххуыс уыдзӕн, Есфирау фӕразон куы уӕм, куы сын кад кӕнӕм ӕмӕ ӕргом куы дзурӕм, уӕд (Ӕмбисӕндтӕ 16:21, 23).
Ахашверош мӕстыйӕ бафарста: «Чи у, афтӕ бакӕнын йӕ ныфс чи бахаста, уый?» Есфир ын къухӕй ацамыдта ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ ацы фыдзӕрдӕ Аман у знаг ӕмӕ фыдгул». Аман дзурын ницыуал сфӕрӕзта ӕмӕ фыртӕссӕй барызт. Паддзахы цӕсгом фырмӕстӕй асырх, куы бамбӕрста, йе ’ууӕнкджын уынаффӕгӕнӕг ыл хинӕй кӕй рацыд ӕмӕ йын йӕ уарзон бинойнаджы сафынвӕнд кӕй скодта! Паддзах мӕстӕй судзгӕйӕ фестад ӕмӕ галуаны дыргъдонмӕ ахызт, цӕмӕй йӕ маст ӕрсабыр уыдаид (Есфир 7:5–7).
Аманӕн йӕ хинвӕнд раргом ӕмӕ тынг фӕтарст. Есфиры къӕхты раз ӕрхауд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнынмӕ фӕци. Паддзах фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхт ӕмӕ куы федта, Аман, Есфир цы тъахтиныл бадти, ууыл ныддӕлгом, уӕд афтӕ фенхъӕлдта, ӕмӕ йын тыхми кӕнынмӕ хъавы. Аманы сӕрмӕ сау мигътӕ амбырд сты. Йӕ цӕсгом ын ӕрӕмбӕрзтой ӕмӕ йӕ уырдыгӕй акодтой. Уӕд паддзахы фӕсдзӕуинтӕй сӕ иу загъта, Аман Мардохейӕн стыр хъӕд кӕй ӕрцӕттӕ кодта. Уӕд Ахашверош бардзырд радта, цӕмӕй йӕ уыцы хъӕдыл ӕрцауыгътаиккой (Есфир 7:8–10).
Ацы хӕрам дунейы рӕстдзинад ссарын зын у. Дӕумӕ дӕр афтӕ кӕсы? Есфирӕн йӕ ныфс никуы асаст, ӕдзӕсгом дӕр не сси ӕмӕ йӕ уырнындзинад дӕр не ’рлӕмӕгъ. Рӕстӕг куы ӕрцыд, уӕд хъӕбатырӕй дзырдта, раст цы уыд, уый тыххӕй ӕмӕ алцыдӕр Йегъовӕйы бар бакодта. Мах дӕр афтӕ кӕнын хъӕуы. Йегъовӕ нӕ аивта. Йӕ Псалом 7:11–16).
бон у фыдгӕнджыты сӕхи къӕппӕджы ӕрцахсын, Аманӕн куыд бакодта, афтӕ (Удуӕлдайӕ архайдта Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ адӕмы тыххӕй
Фӕстӕдӕр паддзах базыдта, Мардохей чи уыд, уый – ӕрмӕст йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг нӕ уыд, фӕлӕ ма уыди Есфиры фыдыфсымӕр дӕр. Ахашверош Аманы бӕсты Мардохейы сӕвӕрдта сӕйраг министрӕй. Аманы хӕдзар ӕмӕ йе стыр фӕллӕйттӕ паддзах радта Есфирӕн ӕмӕ сӕ уый Мардохейы бар бакодта (Есфир 8:1, 2).
Ныр Есфир ӕмӕ Мардохейӕн тӕссаг ницӕмӕй уал уыд. Фӕлӕ цымӕ Есфир ӕнцад бадт? Ӕрмӕст йӕхиуыл куы хъуыды кодтаид, уӕд афтӕ бакодтаид. Аман дзуттӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй цы бардзырд радтын кодта, уый нырма йӕ тыхы уыд. Аман сӕппӕрста хӕлдтӕ, ома пур (ӕвӕццӕгӕн, афтӕ фарста дӕсны), цӕмӕй сбӕрӕг кодтаид, дзуттӕгты ныццӕгъдӕн кӕд ис, уый (Есфир 9:24–26). Уыцы бонмӕ нырма цалдӕр мӕйы хъуыд, фӕлӕ уӕддӕр рӕстӕг бирӕ нӕ уыд. Цымӕ сӕ уыцы фыдбылызӕй фервӕзӕн кӕнӕн уыди?
Есфир та йӕ цард тӕссаг уавӕры баппӕрста, паддзахмӕ та ӕнӕ хонгӕйӕ кӕй бацыд, уый тыххӕй. Йӕ адӕмы тыххӕй цӕссыг калгӕйӕ паддзахӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ бардзырд аивтаид. Фӕлӕ Персы закъонмӕ гӕсгӕ, паддзах кӕй ӕрфидар кодта, уыцы Данел 6:12, 15). Есфир ӕмӕ Мардохейӕн паддзах бахӕс кодта, цӕмӕй ног закъӕттӕ ныффыстаиккой. Ӕмӕ уӕд арвыстой фыстӕг, дзуттӕгтӕн бар кӕй ис, цӕмӕй сӕ цард бахъахъхъӕной. Постхӕссӕг бӕхтыл фыстӕджытӕ арвыстӕй алы горӕттӕм ӕмӕ дзуттӕгтӕн хорз хабар фехъусын кодтой, ӕмӕ та сӕ ныфс бацыд (Есфир 8:3–16). Уыцы стыр паддзахады дзуттӕгтӕ сӕхи тохмӕ цӕттӕ кӕнын райдыдтой, уыцы фадат сын фӕзынд ног бадзырды фӕрцы. Цымӕ «ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ» йӕ адӕмы бахъахъхъӕндзӕн? (1 Самуилы 17:45).
закъонӕн аивӕн нал уыд (Уыцы бон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцауы адӕм цӕттӕ уыдысты. Дзуттаг лӕг Мардохей сӕйраг министр кӕй сси, уый куы фехъуыстой паддзахы дӕлбар хицӕуттӕ, уӕд сӕ фарс рахӕцыдысты. Йегъовӕйы фӕрцы йӕ адӕм фӕуӕлахиз сты. Хуыцау йӕ хъус дардта, цӕмӕй се знӕгты ныппырх кодтаиккой, ӕмӕ сын тӕссаг мауал уыдаид * (Есфир 9:1–6).
Цалынмӕ Аманы дӕс фырты удӕгас уыдысты, уӕдмӕ Мардохейӕн тӕссаг уыд. Ӕмӕ уыдоны дӕр амардтой (Есфир 9:7–10). Хуыцау раджы кӕй загъта, уыцы пехуымпарад сӕххӕст – йӕ адӕмы знӕгтӕ амаликӕгтӕ бынтондӕр куынӕггонд ӕрцыдысты (Дыккаг закъон 25:17–19). Аманы фырттӕ уыдысты, уыцы адӕмӕй ма чи аззад, уыдонӕй.
Есфиры уӕхсджытыл ӕруӕз кодта уӕззау уаргъ – ахӕм бардзырдтӕм хаудысты хӕст ӕмӕ марыны тӕрхон дӕр. Ӕнцон ын нӕ уыд. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй йӕ адӕмыл мацы ӕрцыдаид, Израилы адӕмӕй хъуамӕ рацыдаид зӕрдӕвӕрд Мессийӕ, ӕппӕт адӕмӕн дӕр сӕ ныфс! (Райдиан 22:18). Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ зонынц, Мессийӕ, Йесо Чырысти, зӕхмӕ куы ӕрцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бар нӕ дӕтты, цӕмӕй хӕсты архайой (Матфейы 26:52).
Фӕлӕ чырыстӕттӕ архайынц ӕндӕр хӕсты – тох кӕнынц Хӕйрӕгимӕ. Хӕйрӕг тынг архайы, цӕмӕй Йегъовӕ Хуыцауыл мауал ӕууӕндӕм (2 Коринфӕгтӕм 10:3, 4). Есфир нын фӕзминаг у! Махӕн дӕр нӕ уырнындзинад бӕрӕг уыдзӕн, ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕразонӕй нӕ хъуыды куы дзурӕм, хъӕбатыр куы уӕм ӕмӕ Хуыцауы адӕмы тыххӕй удуӕлдайӕ куы архайӕм, уӕд.
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 4 абз. Айразмӕ цы статья уыд, уым радзырдтам, сидзӕр чызг Есфиры йӕ фыдыфсымӕр Мардохей кӕй схъомыл кодта ӕмӕ стӕй Персы паддзах Ахашверошы бинойнаг кӕй сси, уый тыххӕй. Паддзахы уынаффӕгӕнӕг Аман сфӕнд кодта, Мардохей цы адӕмӕй уыд, уыцы адӕмы, дзуттӕгты, скуынӕг кӕнын. Мардохей Есфирӕн загъта, цӕмӕй паддзахмӕ бацыдаид ӕмӕ йӕ адӕмы сӕрыл сдзырдтаид. Кӕс рубрикӕ «Сӕ уырнындзинадӕй сты фӕзминаг», статья «Хуыцауы адӕмы сӕрыл сдзырдта», 2011 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг».
^ 32 абз. Паддзах дзуттӕгтӕн бар радта, цӕмӕй дыккаг бон дӕр се знӕгтыл кӕронмӕ фӕуӕлахиз уыдаиккой (Есфир 9:12–14). Абон дӕр уыцы уӕлахиз дзуттӕгтӕ бӕрӕг кӕнынц алы аз дӕр адары мӕйы. Нырыккон къӕлиндармӕ гӕсгӕ адар райдайы февралы дыккаг хайы ӕмӕ фӕвӕййы мартъийы фыццаг хайы. Уыцы бӕрӕгбон хуыйны Пурим. Афтӕ йӕ уымӕн схуыдтой, ӕмӕ Аман хӕлттӕ сӕппӕрста, цӕмӕй базыдтаид, Израил ныццӕгъдӕн кӕд уыдзӕн, уый.
[Рамкӕ 28 фарсыл]
Есфиры тыххӕй фарстатӕ
Мардохей Есфиры цӕмӕн бауагъта ӕндӕр хуыцауӕн кувӕг адӕймагмӕ смой кӕнын?
Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ дзурынц, Мардохей цыдӕр пайдайы ӕмӕ уӕлдай кады тыххӕй кӕй сразы, цӕмӕй Есфир паддзахмӕ смой кодтаид. Фӕлӕ уый афтӕ нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Мардохей Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг уыд, ӕмӕ ахӕм хъуыддагӕн бар нӕ радтаид (Дыккаг закъон 7:3). Рагон дзуттаг истори куыд зӕгъы, афтӕмӕй Мардохей архайдта, цӕмӕй уыцы хъуыддаг ма ӕрцыдаид. Диссаг дӕр куыннӕ у, йӕхи хуыцауы бынаты чи ӕвӕрдта, уыцы карз паддзахӕн равзарыны фадӕттӕ бирӕ кӕй уыд. Мардохей ӕмӕ Есфир та уыцы бӕстӕйы ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдысты ӕмӕ паддзахы ныхмӕ сӕ бон ницы уыд. Фӕлӕ рӕстӕг рацыд ӕмӕ сбӕрӕг, Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй Есфир паддзахмӕ смой кодтаид – уый фӕрцы йӕ адӕмы бахъахъхъӕдта (Есфир 4:14).
Есфиры чиныджы Хуыцауы ном Йегъовӕ фыст цӕуылнӕ ис?
Ӕвӕццӕгӕн, ацы чиныг Мардохей ныффыста. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, фыццаг ӕвӕрд уыд персайнаг паддзахы документтимӕ ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ Иерусалиммӕ ахастой. Йегъовӕйы ном дзы куы ныффыстаид, уӕд, гӕнӕн уыд, ӕмӕ персайнаг хуыцӕуттӕн кувджытӕ уыцы чиныг фесӕфтаиккой. Куыд фӕнды ма уа, уӕддӕр ацы чиныджы ис Йегъовӕйы ном. Есфиры чиныг дзуттаг ӕвзагыл цыппар раны фыст у акростихӕй, ӕмӕ сӕм куы ӕркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, сӕ фыццаг дамгъӕтӕй Хуыцауы ном кӕй уайы (Есфир 1:20).
Есфиры чиныг историмӕ гӕсгӕ раст у?
Библийы ныхмӕ чи у, уыцы ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, ацы чиныг раст нӕу. Фӕлӕ ӕндӕр ахуыргӕндтӕ та зӕгъынц, чиныджы фыссӕг тынг хорз кӕй зыдта Персы паддзахы хабӕрттӕ, йӕ галуан куыд арӕзт уыд, уый ӕмӕ се ’гъдӕуттӕ. Раст у, уыцы замантӕй ма цы документтӕ баззад, уыдоны паддзах Есфиры кой никуы ис. Фӕлӕ фыццаг хатт афтӕ нӕу, цӕмӕй паддзахы бинонтӕй кӕйдӕр кой ма скӕной. Рагон документты ӕмбӕлы ном Мардука, Мардохейы ном персайнагау, ӕмӕ дзы фыст ис, Сузӕйы паддзахы галуаны цавӕрдӕр бынат кӕй ахста, Есфиры чиныг цы рӕстӕджы кой кӕны, уыцы рӕстӕг.
[Рамкӕ 29 фарсыл]
Пехуымпарад сӕххӕст
Есфир ӕмӕ Мардохей Хуыцауы адӕмы сӕрыл куы тох кодтой, уӕд ма сӕххӕст кодтой ӕндӕр пехуымпарад дӕр. Иу-1200 азы размӕ Йегъовӕ Иаковӕн йӕ фырттӕй иуы тыххӕй загъта: «Вениамин йӕ амӕттаджы скъуыдтӕ кӕндзӕн бирӕгъау. Райсомӕй хӕрдзӕн, цы ’рцахса, уый, ӕмӕ-иу изӕрӕй адих кӕндзӕн, йӕ къухы цы бафта, уый» (Райдиан 49:27). «Райсомӕй» амыдта израилӕгты паддзӕхты историйы райдианмӕ. Вениамины байзӕддӕгтӕм хаудысты паддзах Саул дӕр ӕмӕ ма Йегъовӕйы адӕмӕй ӕндӕр хъӕбатыр хӕстонтӕ дӕр. «Изӕрӕй» та амыдта, израилӕгты паддзӕхты кӕрон куы ӕрцыд, уымӕ. Есфир ӕмӕ Мардохей уыдысты Вениамины хӕдзарвӕндагӕй, ӕмӕ ӕнтыстджынӕй тох кодтой Йегъовӕйы знӕгтимӕ. Зӕгъӕн ис, уыдон адих кодтой Аманы стыр бынтӕ.
[Ныв 25 фарсыл]
Есфир бузныг уыд паддзахы фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй
[Ныв 26, 27 фӕрстыл]
Есфир хъӕбатырӕй радзырдта Аманы хиндзинады тыххӕй
[Ныв 28, 29 фӕрстыл]
Есфир ӕмӕ Мардохей Персы цӕрӕг дзуттӕгтӕм фыстӕджытӕ арвыстой