Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи ивы адӕймаджы цард

Библи ивы адӕймаджы цард

ТАМАКОЙЫ куыст чи кодта, уыцы нӕлгоймаг йӕ куыст цӕмӕн ныууагъта ӕмӕ йӕ дин цӕмӕн аивта? Нуазгӕ чи кодта, уыцы сылгоймагмӕ уыйбӕрц хъару кӕцӕй разынд, цӕмӕй йӕ цард аивтаид? Ӕркӕсӕм, сӕхӕдӕг цы дзурынц, уымӕ.

«Мӕхи амондджын хонын, ахӕм стыр бинонтӕ мын кӕй ис» (ДЕНО АЛИ).

РАЙГУЫРД 1949 АЗЫ

ЦӔРЫ АВСТРАЛИЙЫ

РАЗДӔР КОДТА ТАМАКОЙЫ КУЫСТ

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД. 1939 азы мӕ ныййарджытӕ Албанийӕ Австралимӕ алыгъдысты, ӕмӕ ӕрцардысты иу гыццыл горӕт Марибӕйы, Квинсленды. Уым цард алыхуызон адӕм – босниӕгтӕ, грекъӕгтӕ, италиӕгтӕ ӕмӕ сербӕгтӕ. Алчидӕр сӕ хӕст уыд йӕхи дин ӕмӕ ӕгъдӕуттыл. Марибӕйы сӕйраджыдӕр кодтой тамакойы куыст, ӕмӕ мӕ ныййарджытӕ дӕр уыцы куыст кӕнын райдыдтой.

Австралимӕ куы ’рцыдысты, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр райгуырд мӕ хо, уый фӕстӕ мӕ дыууӕ ’фсымӕры ӕмӕ ӕз. Иу аз мыл куы цыд, уӕд мӕ фыд йӕ зӕрдӕйӕ амард. Мӕ мад фӕстӕдӕр ногӕй смой кодта, ӕмӕ йын райгуырд цыппар лӕппуйы. Йӕ лӕг дӕр кодта тамакойы куыст, ӕмӕ иууылдӕр цардыстӕм иумӕ, йӕ хӕдзары.

Куы фестырдӕр дӕн, уӕд хӕдзарӕй ацыдтӕн. 20 азы бӕрц мыл куы цыд, уӕд ракуырдтон иу дзӕбӕх чызджы, Сейми, зӕгъгӕ. Мӕ хӕстӕджытӕ иууылдӕр, стӕй мӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ Сейми дӕр пысылмон диныл хӕст кӕй уыдыстӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ цард баиу кодтам мӕзджыты. Ӕз кастӕн Хъуыран ӕмӕ чингуытӕ пехуымпар Мухаммеды тыххӕй. Уыцы рӕстӕг ма кастӕн, цы гыццыл Библи мӕм уыд, уый дӕр. Хъуыран цы пехуымпарты кой кӕны, уыдоны тыххӕй фыст ис Библийы дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы базыдтон, чи сӕ кӕд цард, уый.

Арӕх-иу нӕм ӕрбацыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ-иу нын журналтӕ ӕмӕ чингуытӕ ныууагътой. Сеймиимӕ сӕ тынг уарзтам кӕсын. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ-иу алыхуызон цымыдисаг фарстатыл ныхас кодтам, ӕмӕ-иу мын мӕ алы фарстайӕн дӕр дзуапп радтой Библийӕ. Уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ-иу мын дзырдтой, цӕмӕй семӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаин, стӕй-иу мӕ ӕмбырдтӕм дӕр хуыдтой, фӕлӕ сын никуы сразы дӕн. Уыцы рӕстӕг ме стырдӕр бӕллиц уыд, цӕмӕй мын уыдаид фермӕ ӕмӕ стыр бинонтӕ. Фермӕйы фаг никуы бакуыстон, фӕлӕ мын замманай фондз сывӕллоны ис.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ фараст азы уыдтӕн зонгӕ, фӕлӕ мӕм мӕ дин ныууадзыны хъуыды нӕ уыд. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр сын сӕ литературӕ истон ӕмӕ-иу сӕ Сеймиимӕ алы хуыцаубон дӕр кастыстӕм. Уыцы рӕстӕг нын цы журналтӕ фӕлӕвӕрдтой, уыдон мын иууылдӕр ӕфснайд уыдысты, ӕмӕ мӕ фӕстӕдӕр мӕ ног дины сӕрыл дзурын куы бахъуыд, уӕд мын стыр ӕххуыс фесты.

Зӕгъӕм, иу евангелисты тынг фӕндыд, цӕмӕй сын сӕ дин райстаин, ӕмӕ мӕ нал ӕмӕ нал уагъта, Чырысти дӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй у, ууыл баууӕнд, зӕгъгӕ. Мӕнӕй йын ницы рауад, фӕлӕ Сеймийы кӕстӕр ӕфсымӕры ӕмӕ ме ’фсымӕртӕй иуы йӕ фӕдыл акодта. Стӕй та мӕ зонгӕтӕ, цыма иууылдӕр ныхас бакодтой, уыйау мын дзырдтой, дӕ дин ныууадз ӕмӕ махмӕ рацу, зӕгъгӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ фыст кӕм уыд, ахӕм литературӕ дӕр ма мын радтой. Куы сӕ бафарстон, сымах цы дзурут, уый та Библийы кӕм фыст ис, зӕгъгӕ, уӕд-иу мын сӕ бон дзуапп раттын не сси.

Мӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уый фӕрцы лӕмбынӕгдӕр хъуыды кӕнын райдыдтон, Библийы цы кастӕн, ууыл. Уыцы хъуыддаджы мын стыр ӕххуыс фесты, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мын цы журналтӕ фӕлӕвӕрдтой, уыдон. Ӕппынфӕстаг ӕй бамбӕрстон, цы базыдтон, уымӕ гӕсгӕ мӕ мӕ цард аивын кӕй хъӕуы.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи нӕ ахуыр кодтон, фӕлӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтон. Фыццаг мын ӕмбырдты зын уыд, уымӕн ӕмӕ тыхстӕн ӕмӕ ӕфсӕрмы кодтон, фӕлӕ-иу мыл ӕмбырды тынг бацин кодтой, стӕй-иу дзы цы фехъуыстон, уый-иу мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ мӕ тынгӕй-тынгдӕр фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суыдаин, ӕмӕ 1981 азы Йегъовӕйӕн дзырд радтон, йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕндзынӕн, ӕмӕ донаргъуыд райстон.

Мӕ бинойнаг мӕ ныхмӕ ницы дзырдта, фӕлӕ уӕддӕр дызӕрдыг кодта, раст фӕндаг равзӕрстон ӕви нӕ, ууыл. Фӕлӕ донаргъуыд куыд истон, уый фенынмӕ ӕрбацыд. Сеймийӕн-иу раздӕрау дзырдтон, цы-иу базыдтон, уый. Донаргъуыд куы райстон, уымӕй иу азы фӕстӕ иумӕ отпусчы уыдыстӕм. Хӕдзармӕ машинӕйыл куы цыдыстӕм, уӕд мын Сейми загъта, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суа. Фырцинӕй ма цы акодтаин, уый нал зыдтон! Сейми донаргъуыд райста 1982 азы.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ цард аивын нын ӕнцон нӕ уыд. Тамакойы куыст ныууагътон, уымӕн ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ уый раст нӕу (2 Коринфӕгтӕм 7:1; Иаковы 2:8). Нӕхи фӕдарыны фаг мызд кӕм истаиккам, ахӕм куыст уайтагъд не ссардтам. Уымӕй уӕлдай нӕм бирӕ азты дӕргъы нӕ хиуӕттӕй ничиуал цыд. Фӕлӕ нӕ Библи кӕрӕдзи уарзын кӕй фӕдзӕхсы, уымӕ гӕсгӕ сыл мах уӕддӕр нӕ зӕрдӕ нӕ сивтам. Фӕстагмӕ уыдонӕн дӕр сӕ зӕрдӕтӕ ӕрфӕлмӕн сты ӕмӕ нӕ ныр сӕхи дард нал ласынц.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Мӕ царды мын бирӕ фӕлварӕнтӕ уыд: уыдтӕн тынг ӕфсӕрмыгӕнаг, ӕхцайӕ-иу тыхст уыдтӕн ӕмӕ мӕ хиуӕттӕ мӕ ныхмӕ цыдысты. Уыцы фӕлварӕнты фӕрцы базыдтон, Йегъовӕ фӕразон Хуыцау кӕй у ӕмӕ мын алкӕддӕр баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у. Абон лӕггад кӕнын хистӕр нӕлгоймагӕй, ӕмӕ мӕ ӕмбырды арӕх фӕхъӕуы ныхасы рацӕуын. Уый мын ныронг дӕр тынг зын у, уымӕн ӕмӕ куы фӕтыхсын, уӕд къӕзӕнӕг фӕдзурын. Фӕлӕ ӕдзух Йегъовӕмӕ кӕй фӕкувын ӕмӕ мын кӕй ӕххуыс кӕны, уый фӕрцы мӕ бон у уыцы кадджын хӕс ӕххӕст кӕнын.

Мӕ цардӕмбалимӕ ноджы ӕнгомдӕр систӕм, ӕмӕ уый та цыфӕнды хӕзнайӕ дӕр бирӕ зынаргъдӕр у. Цот хъомыл кӕнгӕйӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рӕдигӕ дӕр кодтам, фӕлӕ, нӕ бон цы уыд, уымӕй архайдтам, цӕмӕй, нӕхӕдӕг Библийӕ цы базыдтам, уый сын сӕ зӕрдӕты ӕвӕрдтаиккам (Дыккаг закъон 6:6–9). Ӕмӕ абон мӕ хистӕр фырт ӕмӕ йӕ бинойнаг миссионертӕй лӕггад кӕнынц.

Ӕнӕхъӕн бинонтӕй ӕмбырдмӕ цӕуын куы райдыдтам, уӕд иухатт мӕ машинӕ Паддзахады залы фарсмӕ ’вӕргӕйӕ фӕкомкоммӕ дӕн, адӕм мидӕмӕ куыд цыдысты, уымӕ, ӕмӕ мӕ бинонтӕн афтӕ бакодтон: «Акӕсут-ма, ай диссаг нӕу?» Мидӕгӕй уыд алыхуызон адӕм – алыхуызон уавӕрты чи схъомыл, алыхуызон ӕгъдӕуттыл хӕст чи уыд ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзырдта, ахӕмтӕ. Уыди дзы австралиӕгтӕ, албайнӕгтӕ, хорватӕгтӕ ӕмӕ аборигентӕ, фӕлӕ иууылдӕр кӕрӕдзийыл тынг цин кодтой. Мӕхи амондджын хонын, ахӕм стыр бинонтӕ мын кӕй ис – дуне хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, ӕмӕ ӕрмӕст Австралийы нӕ, фӕлӕ ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл дӕр (1 Петры 5:9).

«Мӕ хо мыл йӕ къух нӕ ауыгъта» (ЕЛЕНӔ СЁМИНА).

РАЙГУЫРД 1952 АЗЫ

ЦӔРЫ УӔРӔСЕЙЫ

РАЗДӔР ФЫДНОЗТ КОДТА ӔМӔ ЙӔХИ МАРЫНМӔ ХЪАВЫД

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД. Ӕз райгуырдтӕн Красногорскы, гыццыл ӕмӕ сабыр горӕты Мӕскуымӕ ’ввахс. Мӕ ныййарджытӕ уыдысты ахуыргӕнджытӕ. Скъола фӕдӕн хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ, уымӕй уӕлдай ма фӕдӕн музыкалон скъола дӕр. Фидӕнӕй мӕ стыр ныфс уыдис.

Куы смой кодтон, уӕд мӕ цардӕмбалимӕ цӕрынмӕ ӕндӕр ранмӕ ацыдыстӕм. Ӕвзӕр дзыхӕй дзурын, фыднозт кӕнын ӕмӕ тамако дымын уым диссаг никӕмӕ каст. Уӕд ӕй не ’мбӕрстон, фӕлӕ ахӕм адӕмы ’хсӕн кӕй цардтӕн, уый мыл ӕвзӕрырдӕм фӕзынд. Исты бадт-иу куы уыди, уӕд-иу уырдӕм ацыдтӕн, цӕмӕй-иу азарыдаин ӕмӕ гитарӕйыл ацагътаин. Фӕлӕ куыдфӕстагмӕ тамако дӕр дымын райдыдтон ӕмӕ-иу нуазгӕ дӕр акодтон. Афтӕмӕй гыццылгай нуӕзтыл бафтыдтӕн.

Нуазын кӕй райдыдтон, уый аххосӕй мӕ цард фехӕлд. Нозт мӕ тынг ӕдзӕллаг уавӕрмӕ ӕртардта, афтӕ сдӕн, ӕмӕ мӕ бон хӕрын дӕр нал уыд. Цӕрын мӕм нал цыд ӕмӕ мӕхи марынмӕ дӕр хъавыдтӕн, фӕлӕ мын нӕ рауад. Ныр цин кӕнын, удӕгасӕй кӕй баззадтӕн, ууыл.

Кӕд ахӕм уавӕры уыдтӕн, уӕддӕр-иу мӕ мӕ хо арӕх абӕрӕг кодта. Мӕ хо у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй бамбӕрстаин, мӕ бон кӕй у Библийы фӕрцы мӕ цард фӕивын. Библийы тыххӕй мын-иу куы дзырдта, уӕд-иу ныхас иннӕрдӕм аздӕхтон, ӕмӕ мӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй-иу мӕм цыдаид. Фӕлӕ мыл мӕ хо йӕ къух нӕ ауыгъта. Йӕ фӕразондзинад ӕмӕ мын йӕ уарзондзинад мӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кодтой, ӕмӕ ӕппынфӕстаг Библи ахуыр кӕныныл сразы дӕн.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд мӕхицӕн фидарӕй загътон, мӕ дзыхмӕ нозт кӕй нал схӕсдзынӕн. Фӕлӕ мыл уыцы рӕстӕг ӕрцыд иу бӕллӕх. Нӕ сыхӕгты лӕг мӕ расыгӕй сау над фӕкодта ӕмӕ рынчындонмӕ бахаудтӕн. Мӕ фӕрсчытӕй цыппар уыдысты саст, стӕй мӕ цӕст дӕр цыдӕр кодта. Фӕлӕ рынчындоны цасдӕр рӕстӕг кӕй фӕхуыссыдтӕн, уый мын баххуыс кодта мӕ нозт ныууадзынӕн.

Уыцы рӕстӕг ӕдзух кодтон кувгӕ. Стыр ӕххуыс мын фесты Библийы, Йеремийы хъарӕджы 3:55, 56 стихты цы фыст ис уый: «Арф дзыхъхъӕй дӕм дӕ номӕй сидтӕн, о Йегъовӕ. Ды мын фехъусдзынӕ мӕ хъӕлӕс. Ӕнцойдзинад дӕ куы курон, ӕххуысмӕ дӕм куы сидон, уӕд-иу дӕ хъус ма сӕхгӕн».

Ӕз ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын, Йегъовӕ мын мӕ куывдтытӕ кӕй фехъуыста, ууыл. Тыхтӕ мын радта, цӕмӕй мӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ ныууагътаин. Афтӕ дӕр-иу уыди, ӕмӕ-иу, гыццыл ма бахъӕуа, ногӕй нуазын райдыдтаин. Фӕлӕ-иу мӕм алы хатт дӕр уый фаг тых разынд, цӕмӕй-иу ма банызтаин.

Библи ахуыр кӕнгӕйӕ базыдтон, мӕ цардӕмбалы бинонты хистӕрыл кӕй хъуамӕ нымайон ӕмӕ йын кӕй хъуамӕ ӕххуыс кӕнон (1 Петры 3:1, 2). Раст зӕгъгӕйӕ мын уый ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ лӕг нӕ хӕдзары ӕз уыдтӕн. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ куывтон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иу бонмӕ нӕ фӕивтон, фӕлӕ рӕстӕг куыд цыд, афтӕ мӕ лӕджы коммӕ кӕсын сахуыр дӕн.

Хуыздӕрырдӕм ивын куы райдыдтон, уӕд мӕ цардӕмбалы дисӕн кӕрон нал уыд. Уӕдмӕ йӕм Библи нымады дӕр нӕ уыд, фӕлӕ мӕ мӕ тамако ныууадзын кӕй фӕнды, уый йын куы загътон, уӕд мын афтӕ бакодта: «Дӕ тамако куы ныууадзай, уӕд Библи ахуыр кӕнын райдайдзынӕн». Ӕз цы бон нал бадымдтон тамако, уый дӕр ӕй уыцы бон ныууагъта.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Мӕ цардӕмбал йӕ ныхас сӕххӕст кодта ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Ныр ӕй алы бон дӕр иумӕ фӕкӕсӕм, цы бакӕсӕм, ууыл лӕмбынӕг фӕхъуыды кӕнӕм ӕмӕ дзы нӕ царды мидӕг пайда кӕныныл архайӕм.

Нӕ бинонты цард куыд аивта, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй, мӕхи кой та кӕнгӕ дӕр нал кӕнын. Йегъовӕйӕ стыр бузныг дӕн, йӕхи мын кӕй базонын кодта, уый тыххӕй (Иоанны 6:44). Стӕй мӕ хойӕ дӕр бузныг дӕн, йӕ къух мыл кӕй нӕ ауыгъта ӕмӕ мын кӕй баххуыс кодта. Ӕз ӕй мӕхицӕй зонын, Библи адӕймаджы цард ӕцӕгдӕр кӕй ивы, уый.

[Хицӕнгонд текст 11 фарсыл]

Бамбӕрстон, мӕ цард аивын мӕ кӕй хъӕуы.

[Хицӕнгонд текст 13 фарсыл]

Мӕ хойы фӕразондзинад ӕмӕ уарзондзинады фӕрцы Библи ахуыр кӕныныл сразы дӕн.