Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Адӕймаджы иу бакастӕй дӕр базонӕн ис». Афтӕ хъуыды кӕнын раст у?

«Адӕймаджы иу бакастӕй дӕр базонӕн ис». Афтӕ хъуыды кӕнын раст у?

ИРЛАНДИЙЫ иу дохтыр йӕ хӕдзары телевизормӕ касти – ӕвдыстой дзы иу министры. Йӕ цӕсгоммӕ йын лӕмбынӕг куы бакаст, уӕд бамбӕрста, рак ӕм кӕй ис, уый. Фӕстӕдӕр уыцы министрӕн бауынаффӕ кодта, цӕмӕй йӕхи ӕвӕстиатӕй дохтыртӕн фенын кодтаид.

Министрмӕ ӕцӕгдӕр рак ссардтой. Уыцы дохтырӕн йӕ бон уыд иу бакастӕй дӕр адӕймагӕн йӕ низыхатт сбӕрӕг кӕнын. Иуӕй-иутӕм дӕр афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ адӕймагмӕ ӕрмӕст иу каст куы бакӕной, уӕд дӕр сӕ бон кӕй у базонын, цавӕр удыхъӕды хицау у, стӕй йыл ӕууӕндӕн ис ӕви нӕ.

Ӕнусты дӕргъы ахуыргӕндтӕ архайдтой, адӕймагӕн йӕ удыхъӕд йе ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ куыд базонӕн ис, уый раиртасыныл. Афтӕ фӕзынд физиогномикӕ. Иу энциклопеди ӕмбарын кӕны, зӕгъгӕ, физиогномикӕ у, «адӕймагӕн йӕ удыхъӕд ӕмӕ йӕ миниуджытӕ йӕ цӕсгом ӕмӕ гуырыкондмӕ гӕсгӕ чи бӕрӕг кӕны, уыцы наукӕ» (Российский энциклопедический словарь). Уый фӕдыл 19 ӕнусы иуӕй-иу антропологтӕм, зӕгъӕм, Чарлз Дарвинӕн йӕ фыды хойы лӕппу Фрэнсис Гальтонмӕ ӕмӕ криминологтӕм, зӕгъӕм, Чезаре Ломброзомӕ Италийӕ, бирӕ алыхуызон хъуыдытӕ уыди, фӕлӕ уыдонӕн сӕ фылдӕр абон ферох сты.

Фӕлӕ уӕддӕр бирӕты уырны, адӕймаг цавӕр у, уый йе ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ базонӕн кӕй ис. Цымӕ афтӕ хъуыды кӕнын раст у?

Ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ адӕймаджы базонӕн ис?

Адӕймаг цавӕр у, уый фыццаг бакастӕй базонӕн ис ӕви нӕ, уый хорз ӕвдыст у Библийы, Фыццаг Самуилы чиныджы. Йегъовӕ йӕ пехуымпар Самуилы арвыста Йессейы хӕдзармӕ, цӕмӕй йын йӕ фырттӕй иуы сойӕ байсӕрстаид, Израилы паддзахӕй йӕ кӕй равзӕрста, уый номыл. Библийы фыст ис: «[Йессейы фырттӕ] куы ’рбацыдысты ӕмӕ Самуил Елиавы куы федта, уӕд загъта: „Ӕнӕмӕнг, ай у Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕг“. Фӕлӕ Йегъовӕ Самуилӕн загъта: „Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс, уый нӕ равзӕрстон. Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы. Адӕймаг кӕсы, цӕст цы уыны, уымӕ, Йегъовӕ та кӕсы зӕрдӕмӕ“». Афтӕ уыд хабар Йессейы иннӕ ӕхсӕз фыртимӕ дӕр. Фӕлӕ Хуыцау фидӕны паддзахӕй равзӕрста, пехуымпар Самуил ӕмӕ Йессей ӕнхъӕл кӕмӕй нӕ уыдысты ӕмӕ дзургӕ дӕр кӕмӕ нӕ фӕкодтой, уыцы ӕрыгон лӕппуйы – Йессейы ӕстӕм фырт Давиды (1 Самуилы 16:6–12).

Уӕдӕй абонмӕ уавӕр нӕ фӕивта. Цалдӕр азы размӕ Германийы иу профессор-криминолог скодта эскперимент. Юристтыл чи ахуыр кодта, 500 ахӕм студенты размӕ ӕрбакодтой 12 адӕймаджы. Уыдон уыдысты: пъӕлицӕйы хицау, прокурор, университеты бухгалтер, ӕхсӕнадимӕ бастдзинады хайады кусӕг, цалдӕр адвокаты ӕмӕ тӕрхондоны кусӕджы, стӕй ахӕстоны чи бадт, ӕртӕ ахӕм фыдгӕнӕджы. Студенттӕ ӕрмӕстдӕр се ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ сӕ йӕ рӕстӕг чи куыд ӕрвитын уарзта, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ базыдтаиккой, чи сӕ цы куыст кодта ӕмӕ сӕ ахӕстоны чи цӕй тыххӕй бадт, уый.

Эксперимент цы равдыста? Студенттӕн сӕ 75 проценты базыдтой, ӕртӕ фыдгӕнӕджы кӕцытӕ уыдысты, уый. Фӕлӕ уыцы иу рӕстӕг студенттӕн сӕ 60 проценты фыдгӕнджытӕ схуыдтой иннӕ фарасты дӕр. Алы авд студентӕй дӕр иу прокуроры схуыдта наркотиктӕ уӕйгӕнӕг, алы ӕртӕйӕ та иу пъӕлицӕйы хицауы схуыдта давӕг! Уӕдӕ бӕрӕг у, фыццаг бакастӕй зын базонӕн кӕй у, адӕймаг цавӕр у, уый. Цӕмӕн?

Ӕддаг бакастыл ӕууӕнк нӕй

Искӕуыл фыццаг хатт куы фембӕлӕм, уӕд, цавӕр адӕймаг у, уый фӕдыл нӕм, чи зоны, уайтагъд цыдӕр хъуыдытӕ фӕзыны. Цы дзы ахъуыды кӕнӕм, уый ӕрмӕст йӕ конд ӕмӕ йӕ уындыл баст нӕ вӕййы, фӕлӕ ма цы адӕмыхаттӕй у, цы диныл хӕст у, стӕй цы бынаты кусы, ууыл дӕр.

Адӕймагӕй фыццаг цы ахъуыды кӕнӕм, уый раст куы разыны, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр бауырны, адӕймаджы иу бакастӕй дӕр нӕ бон базонын кӕй у. Фӕлӕ куы бамбарӕм, рӕдигӕ кӕй кодтам, уӕд, цымӕ, куыд бакӕнӕм? Кӕд ӕнӕзӕрдӕхудт стӕм, уӕд хъуамӕ басӕттӕм, раст кӕй нӕ уыдыстӕм, ууыл ӕмӕ, адӕймагӕн йӕ ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ цӕуыл дзурӕг сты, ууыл бӕстондӕр ахъуыды кӕнӕм. Афтӕ куы нӕ бакӕнӕм, уӕд та тӕссаг у, иннӕтӕн исты знаггад куы ракӕнӕм, уымӕй. Ӕмӕ цӕй тыххӕй? Сӕрбӕрзонд кӕй стӕм ӕмӕ нӕм афтӕ кӕй кӕсы, никуы фӕрӕдийӕм, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй.

Афтӕ чи фӕхъуыды кӕны, ӕмӕ адӕймаджы йе ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ уайтагъд базоны, уый ӕрмӕст уыцы адӕймагӕн нӕ хӕссы зиан, фӕлӕ йӕхицӕн дӕр. Зӕгъӕм, фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕй бирӕтӕ ууыл хъуыды дӕр нӕ акодтой, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ Йесо зӕрдӕвӕрд Мессийӕ у. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ сӕ цӕсты Чырысти хуымӕтӕг хъӕддӕсныйы фырт йеддӕмӕ ницы уыд. Ӕмӕ кӕд, цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, ууыл тынг дис кодтой, уӕддӕр сӕ хъуыды нӕ аивтой ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Чырысти хорз хабар хъусын кӕнынмӕ ацыд ӕндӕр рӕттӕм. Йесо загъта: «Пехуымпарӕн алы ран дӕр вӕййы кад, йӕ райгуырӕн бӕстӕйы ӕмӕ йӕхи хӕдзары йеддӕмӕ» (Матфейы 13:54–58).

Уыцы дзуттӕгтӕ дӕр Израилы иннӕ адӕмау бирӕ ӕнусты дӕргъы ӕнхъӕлмӕ кастысты Мессийӕмӕ. Фӕлӕ Чырысти зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд ыл нӕ баууӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ дзы фыццаг цы ахъуыды кодтой, уый раст кӕй нӕ уыд, ууыл нӕ басастысты, ӕмӕ сӕ Хуыцау уый тыххӕй йӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕкодта (Матфейы 23:37–39). Ахӕм цӕстӕй кастысты Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕм дӕр. Бирӕтӕ хъуыды кодтой, ахуыргонд адӕм ӕмӕ дины разамонджытӕ сӕ сӕрмӕ кӕй нӕ хастой, уыцы хуымӕтӕг кӕсагахсджытӕ уадиссагӕй исты зӕгъдзысты, уый. Уыдонӕн уыд фадат, цӕмӕй Хуыцауы Фырты фӕдылдзӕуджытӕ суыдаиккой. Фӕлӕ сӕ хъуыды кӕй нӕ аивтой, уый тыххӕй сӕхи уыцы диссаджы фадатӕй ӕнӕхай фӕкодтой (Иоанны 1:10–12).

Иуӕй-иутӕ сӕ хъуыды аивтой

Чырыстийы рӕстӕг уыд, йӕ хъуыддӕгтӕм кӕсгӕйӕ йӕ хъуыды чи аивта, ахӕм сӕрныллӕг адӕм дӕр (Иоанны 7:45–52). Се ’хсӕн уыд йӕ бинонтӕй дӕр чидӕртӕ. Уыдоны раздӕр уырнгӕ дӕр нӕ кодта, сӕ бинонтӕй исчи Мессийӕ разындзӕн, уый (Иоанны 7:5). Фӕлӕ фӕстӕдӕр сӕ хъуыды аивтой ӕмӕ йыл баууӕндыдысты (Хъуыддӕгтӕ 1:14; 1 Коринфӕгтӕм 9:5; Галатӕгтӕм 1:19). Фӕстӕдӕр Ромы цӕрӕг дзуттӕгтӕй дӕр чидӕртӕ чырыстӕтты знӕгтӕм нӕ байхъуыстой, фӕлӕ сразы сты Павелӕн йӕхимӕ байхъусыныл. Йемӕ куы аныхас кодтой, уӕд ын иуӕй-иутӕ йӕ ныхӕстыл баууӕндыдысты (Хъуыддӕгтӕ 28:22–24).

Абон дӕр бирӕтӕ хорз цӕстӕй нӕ кӕсынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм. Цӕуылнӕ? Мыййаг уый тыххӕй, ӕмӕ сбӕлвырд кодтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы дзурынц ӕмӕ цы аразынц, уый Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу? Нӕ. Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ сӕ нӕ уырны, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ рӕстдзинад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм уа. Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй фыццаг ӕнусы бирӕтӕ ахӕм цӕстӕй кастысты Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕм дӕр.

Диссаг нӕм нӕ кӕсы, Чырыстийы къахвӕдтыл цӕуын кӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ фыдкой кӕй кӕнынц ӕмӕ сын сӕ номыл цъыф кӕй калынц, уый. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Мӕ номы тыххӕй [уӕ] ӕппӕт адӕм дӕр се сӕфт уындзысты. Фӕлӕ кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн» (Матфейы 10:22).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕххӕст кӕнынц Чырыстийы фӕдзӕхст ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй ӕнӕхъӕн дунейы дӕр фехъусын кӕной хорз хабар Хуыцауы Паддзахады тыххӕй (Матфейы 28:19, 20). Цы дзурынц, уымӕ чи нӕ хъусы, уыдонӕн тӕссаг у, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл куы не ’рлӕууой, уымӕй (Иоанны 17:3). Ды та куыд бакӕндзынӕ? Дӕ зӕрдӕ дӕм фыццаг цы сдзырдта, уыцы хъуыдыйыл фидар хӕцдзынӕ, ӕви хабар ӕцӕг куыд у, уый базоныныл бацархайдзынӕ? Рох дӕ ма уӕд: ӕддаг бакастыл ӕууӕнк нӕй ӕмӕ, адӕймагӕй фыццаг цы ахъуыды кӕнӕм, уый арӕх раст нӕ разыны, фӕлӕ алцыдӕр лӕмбынӕг куы базонай, уӕд, чи зоны, дӕ хъуыды фӕивай (Хъуыддӕгтӕ 17:10–12).

[Ныв 11 фарсыл]

Дзуттӕгтӕй бирӕтӕ Чырыстийы хуымӕтӕг хъӕддӕсныйы фырт кӕй хуыдтой, уымӕ гӕсгӕ, Мессийӕ кӕй уыд, уый сӕ нӕ бауырныдта

[Ныв 12 фарсыл]

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи сты, уый ӕцӕгдӕр хорз зоныс?