Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ацы дунейӕ не сты»

«Ацы дунейӕ не сты»

«Дуне [сӕ] йе сӕфт федта, уымӕн ӕмӕ... ацы дунейӕ не сты» (ИОАННЫ 17:14).

Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Чырыстийӕн дунеимӕ иумӕйагӕй ницы уыди – йӕхи хызта политикӕйӕ ӕмӕ, йӕ рӕстӕджы цы алыхуызон змӕстытӕ уыд, уыдонӕй. Йесо бамбарын кодта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд мӕ лӕггадгӕнджытӕ тох кодтаиккой, цӕмӕй дзуттӕгты къухтӕм лӕвӕрд ма ’рцыдаин. Фӕлӕ мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоанны 18:36). Уымӕй уӕлдай йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, цӕмӕй сӕхи хызтаиккой, Хуыцауы Ныхас цы зондахаст, ныхасыуаг ӕмӕ хъуыддӕгты ныхмӕ у, уыдонӕй (Матфейы 20:25–27).

Фыццаг чырыстӕттӕ. Фыссӕг Джонатан Даймонд загъта, зӕгъгӕ, фыццаг чырыстӕттӕ «[хӕстмӕ] нӕ цыдысты; уый бӕсты цӕттӕ уыдысты алцӕмӕ дӕр – ӕфхӕрдмӕ, ахӕстоны сбадынмӕ ӕмӕ мӕлӕтмӕ». Цӕйнӕфӕлтау ацы дунейы хъуыддӕгты архайдтаиккой, фӕлтау сӕхи хъизӕмӕртты хай бакодтаиккой. Се ’гъдауӕй дӕр тынг хицӕн кодтой иннӕтӕй. Библийы дӕр фыст ис: «Семӕ ӕнӕгъдау миты цъымарайы уӕхи кӕй нал тъыссут, уый тыххӕй уыл дис кӕнынц ӕмӕ уӕ алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ дзурынц» (1 Петры 4:4). Историк Уилл Дюрант ныффыста: «Чырыстӕттӕ ӕгъдауджын ӕмӕ ӕфсармджын кӕй уыдысты, уый тыххӕй сӕм хиирхӕфсӕнтӕ уарзаг ӕнӕхуыцау адӕм мӕстӕй фыхтысты».

Абон сӕ чи фӕзмы? Кӕд чырыстӕттӕ хъуамӕ ацы дунейы хъуыддӕгтӕй дард лӕууой, уӕддӕр «Ног католикон энциклопедийы» фыст ис: «Йӕ дины тыххӕй йӕ къухмӕ хӕцӕнгарз чи нӕ исы, уыцы адӕм тынг рӕдийынц» (New Catholic Encyclopedia). Иу газет ныффыста, зӕгъгӕ, адӕмы бартӕ хъахъхъӕнӕг организаци, «Африкӕйӕгты бартӕ», куыд сбӕрӕг кодта, афтӕмӕй 1994 азы Руандӕйы дыууӕ адӕмыхатты кӕрӕдзи куы цагътой, уӕд уыцы хӕсты кӕй архайдтой ӕппӕт чырыстон динтӕ дӕр «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй фӕстӕмӕ» (Reformierte Presse).

Фашисттӕ Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг дзуттӕгты куыд цагътой, ууыл ныхас кӕнгӕйӕ иу скъолайы ахуыргӕнӕг ӕнкъардӕй загъта: «Иу организаци дӕр не сдзырдта, уыцы рӕстӕг дуне цы мӕнг ныхӕстӕй байдзаг, стӕй дзы цы ӕгъатыр ӕмӕ ӕвирхъау хабӕрттӕ цыди, уыдоны ныхмӕ». Фӕлӕ Америкӕйы Иугонд Штатты музей «Холокост»-ы кусджытимӕ куы аныхас кодта ӕмӕ хабӕрттӕ бӕлвырддӕр куы базыдта, уӕд загъта: «Ныр мӕ фарстайӕн дзуапп ссардтон». Куыд базыдта, афтӕмӕй, кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн алы фыдмитӕ кодтой ӕмӕ сӕ хъизӕмарӕй мардтой, уӕддӕр, цӕуыл ӕууӕндыдысты, ууыл фидар хӕцыдысты.

Се ’гъдауы тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Иу журналы фыст уыди: «Католикон диныл хӕст ӕрыгӕттӕн сӕ фылдӕр разы не сты, сӕ дины закъӕттӕм гӕсгӕ, лӕг ӕмӕ ус чи не сты, уыдонӕн иумӕ цӕрыны бар кӕй нӕй, уыимӕ». Уыцы журналы фыст сты иу диакъоны ныхӕстӕ: «Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ, – мӕнмӕ гӕсгӕ, се ’мбисӕй фылдӕр, – нырма сӕ къухтӕ не ’рфыссынц, афтӕмӕй иумӕ бацӕрынц» (U.S. Catholic). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй та иу энциклопедийы фыст ис, зӕгъгӕ, уыдонӕн «хӕрзӕгъдау цард кӕнын у тынг ахсджиаг» (The New Encyclopædia Britannica).