Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕсны фӕрсын ӕвзӕр цӕмӕй у?

Дӕсны фӕрсын ӕвзӕр цӕмӕй у?

Барбӕрӕйӕн * йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ йӕ цӕстытыл цыдӕртӕ уад ӕмӕ цавӕрдӕр хъӕлӕстӕ хъуыста. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ уыдон йӕ мард хӕстӕджытӕ уыдысты. Барбӕрӕ ӕмӕ йӕ лӕг Иоаким кастысты дӕсныфӕрсӕн чингуытӕ ӕмӕ къамӕй фарстой. Уый фӕрцы сӕм ӕфтыд бирӕ ӕхца. Иухатт къамтӕ ӕркалдтой, ӕмӕ федтой, цавӕрдӕр адӕм сӕм кӕй ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ сӕ сӕхи бахъахъхъӕнын кӕй хъӕуы.

ЧИ ЗОНЫ, исчи зӕгъа, абон ма дӕсны чи фӕрсы, зӕгъгӕ, фӕлӕ уӕддӕр ахӕм хабӕрттӕ бирӕты цымыдис кӕнынц. Ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл дӕр адӕм дарынц амулеттӕ, дӕсны фӕрсынц ӕмӕ, мӕрдтимӕ чи фӕныхас кӕны, уыдонмӕ цӕуынц, цӕмӕй сӕ фидӕн базоной ӕмӕ сӕхи бӕллӕхтӕй бахизой. Немыцаг журнал «Фокус»-ы, статьяйы, «Компьютер ӕмӕ Хӕйрӕг», зӕгъгӕ, фыст уыд: «Интернеты фӕрцы адӕм ногӕй се ’ргом аздӕхтой, сау тыхтимӕ баст цы у, уыдӕттӕм».

Зоныс ӕй, Библийы дӕсны фӕрсын ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй фыст кӕй ис, уый? Ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый куы базонай, уӕд, чи зоны, тынг бадис кӕнай.

Дӕсны фӕрсын ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй Библи цы зӕгъы?

Хуыцау рагон Израилы адӕмӕн радта ахӕм закъон: «Уе ’хсӕн хъуамӕ ма уа ахӕм адӕймаг... дӕсны чи фӕрсы, кӕлӕнтӕ чи кӕны, нысӕнттӕ чи халы, хинтӕ чи кӕны ӕмӕ, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, уыдонмӕ чи цӕуы, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ чи дзуры кӕнӕ мӕрдты чи фӕрсы. Ахӕм митӕ чидӕриддӕр кӕны, уый ӕлгъаг у Йегъовӕйы цӕсты» (Дыккаг закъон 18:10–12). Цымӕ Хуыцауы цӕсты уыцы хъуыддӕгтӕ ӕлгъаг цӕмӕн сты?

Статьяйы райдианы цы хабары кой ис, уымӕй бӕрӕг у, бирӕты кӕй уырны, удӕгӕстӕн сӕ бон мӕрдтимӕ ныхас кӕнын кӕй у ӕмӕ дӕсны фӕрсгӕйӕ цы базонынц, уыдӕттӕ сын мӕрдтӕ кӕй раргом кӕнынц. Афтӕ уымӕн хъуыды кӕнынц, ӕмӕ бирӕ динтӕ амонынц, адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ уд кӕмдӕр кӕй фӕцӕры. Фӕлӕ Библийы бӕлвырд фыст ис: «Мӕрдтӕ... ӕппындӕр ницы зонынц» (Екклесиаст 9:5). Библи ӕмбарын кӕны, мард, тарффынӕй чи кӕны, ахӕм адӕймагӕй уӕлдай кӕй нӕу ӕмӕ, йӕ алыварс цытӕ цӕуы, уый кӕй не ’мбары * (Матфейы 9:18, 24; Иоанны 11:11–14). Фӕлӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнай, кӕд афтӕ у, уӕд иуӕй-иутӕ цӕмӕн фӕзӕгъынц, мӕрдтимӕ фӕныхас кӕнӕм, зӕгъгӕ? Кӕд мӕрдтӕ ницы ’мбарынц, уӕд уыцы адӕмимӕ чи фӕныхас кӕны?

Уынгӕ кӕй нӕ кӕнӕм, уыдон

Библийы фыст ис, Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд ӕнӕуынгӕ кӕимӕдӕр кӕй ныхас кодта. Марчы 1:23, 24 стихты кӕсӕм, «дӕлимон» Йесойӕн кӕй загъта: «Ӕз ӕй зонын, чи дӕ». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕлимонтӕ дӕу дӕр зонынц. Фӕлӕ ды зоныс, уыдон чи сты, уый?

Хуыцау адӕмы сфӕлдисыны размӕ сфӕлдыста тынг бирӕ зӕдтӕ (Иов 38:4–7). Зӕдтӕ адӕмӕй бирӕ уӕлдӕр лӕууынц (Дзуттӕгтӕм 2:6, 7). Уыдон сты тынг тыхджын ӕмӕ зондджын. Хуыцау сӕ сфӕлдыста, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кодтаиккой. Псаломтӕ фысджытӕй иу загъта: «Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, йӕ зӕдтӕ, хъомысджынтӕ, йӕ ныхас ын чи ӕххӕст кӕны... уыдон» (Псалом 103:20).

Библийӕ нӕ бон у базонын, иуафон зӕдтӕй иуӕй-иутӕ Хуыцауы ӕвастӕй адӕмимӕ ныхас кӕнын кӕй райдыдтой. Цӕмӕн? Фыццаг афтӕ чи бакодта, уый Адам ӕмӕ Евӕйы фӕсайдта, цӕмӕй се Сфӕлдисӕг Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызтаиккой. Афтӕмӕй уыцы зӕд сси Сайтан Хӕйрӕг, ома фыдгойгӕнӕг ӕмӕ ныхмӕлӕууӕг (Райдиан 3:1–6).

Фӕстӕдӕр ма ӕндӕр зӕдтӕ дӕр ныууагътой уӕлӕрвтӕ, ома сын цӕрын кӕм ӕмбӕлд, уыцы бынат, сӕхицӕн адӕймаджы буӕрттӕ райстой ӕмӕ зӕххыл рӕсугъд сылгоймӕгтимӕ бацардысты (Иудӕйы 6; Райдиан 6:1, 2). Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕдтӕ ӕмӕ сын зӕххон сылгоймӕгтӕй цы цот рацыд, уыдон тынг ӕгъатыр уыдысты, ӕмӕ зӕхх «фыдмитӕй байдзаг». Ӕвӕццӕгӕн Библийӕ зоныс, Хуыцау фыдгӕнджытӕн ӕмӕ уыцы фыдмитӕн Доны хъаймӕты кӕрон кӕй скодта (Райдиан 6:3, 4, 11–13).

Доны хъаймӕт куы райдыдта, уӕд уыцы фыдгӕнӕг зӕдтӕн ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ сӕ зӕххон буӕрттӕ ныууагътой ӕмӕ фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм ссыдысты. Фӕлӕ сӕ Хуыцау сӕ фыццаг «цӕрӕнбынатмӕ» нал бауагъта. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ сты «саудалынджы», ома ӕгады уавӕры (2 Петры 2:4, 5). Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕдты Библи хоны «дӕлимонтӕ» (Иаковы 2:19). Уыцы фыдгӕнӕг зӕдтӕ дӕттынц тых, дӕсны чи фӕрсы ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕ чи кӕны, уыдонӕн.

Дӕлимонтӕн сӕ нысан цы у?

Фыдгӕнӕг зӕдтӕн сӕ сӕйраг фӕнд у, цӕмӕй адӕм ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн ма лӕггад кӕной. Дӕсны чи фӕрсы, хинтӕ-кӕлӕнтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон кӕд афтӕ зӕгъынц, ӕмӕ сӕм цавӕрдӕр курдиат кӕнӕ тых ис, уӕддӕр адӕмы къуылымпы цы кӕнынц, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад ма базоной ӕмӕ йын йӕ хорздзинӕдтӕй ӕнӕхай фӕуой, ӕндӕр ницы.

Дӕлимонты ма ноджыдӕр цы фӕнды, уый базонӕн ис, сӕ хицау, Хӕйрӕг, Чырыстийы куыд фӕлвӕрдта, уымӕй. Хӕйрӕг Чырыстийӕн загъта, кӕй йын ратдзӕн «дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ ӕмӕ сӕ кад». Ӕмӕ йӕ Чырыстийӕ та цы хъуыд? Хӕйрӕг ын загъта: «Дӕ зонгуытыл... ӕрхау ӕмӕ мын... бакув». Фӕлӕ Чырысти не сразы, ӕмӕ Хуыцауыл ӕмӕ раст диныл йӕ къух нӕ систа (Матфейы 4:8–10).

Фыдгӕнӕг тыхтӕ абон арӕхдӕр афтӕ ӕргом нӕ фӕархайынц, фӕлӕ архайынц хинӕй. Къӕрцхъус чи нӕ вӕййы, уыдоны сӕ къӕппӕгмӕ басайынц: бафтауынц сӕ, бирӕтӕ ӕвзӕрӕй кӕм ницы уынынц, ахӕм хъуыддӕгтыл, зӕгъӕм, къофийӕ ӕмӕ къамӕй фӕрсыныл, гороскоптыл ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтыл. Фӕлӕ сайын ма баком! Афтӕ дӕм ма кӕсӕд, ӕмӕ уыдӕттӕ баст сты ӕрдзы сусӕг тыхтимӕ ӕмӕ уый руаджы цыдӕр цымыдисаг хабӕрттӕ базондзынӕ. Фыдгӕнӕг тыхтӕ архайынц, цӕмӕй уыцы хъуыддӕгтӕ адӕмы зӕрдӕмӕ цӕуой. Ахӕм хабӕрттӕй уый тыххӕй пайда кӕнынц, цӕмӕй адӕмы сайой, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ма райдайой. Фӕлӕ сӕ къӕппӕджы чи бахауы, уыдоны рӕстдзинады фӕндагыл слӕууын куы бафӕнды, уӕд сӕ тыхсын кӕнын ӕмӕ хъыгдарын райдайынц. Кӕд ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ, уӕд сӕ куыд фервӕздзынӕ?

Адӕймаджы цы хъӕуы бакӕнын, цӕмӕй йыл дӕлимонты бар мауал цӕуа?

Зон ӕй, адӕмимӕ чи фӕныхас кӕны, уыцы ӕнӕуынгӕ тыхтӕ Хуыцауы знӕгтӕ кӕй сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау кӕй фесафдзӕн (Иудӕйы 6). Уыдон сты мӕнгард ӕмӕ, адӕмимӕ мӕрдты ’фсон чи фӕдзуры, уыцы цӕстфӕлдахджытӕ. Куыд дӕм фӕкӕсид, куы йӕ базонис, ӕмӕ йӕхи де ’мбал чи хоны, уый цӕстфӕлдахӕг кӕй у, ӕмӕ йӕ дӕ хорздзинад кӕй нӕ фӕнды? Кӕнӕ куыд бакӕнис, куы рабӕрӕг уаид, Интернеты кӕимӕ фӕныхас кӕныс, уый ӕнӕгъдау, хӕлд адӕймаг кӕй у, уый? Уӕдӕ дын дӕлимонтимӕ иумӕйагӕй исты уа, уый та ноджы тӕссагдӕр у. Уымӕ гӕсгӕ дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый бакӕн, цӕмӕй дыл дӕлимонты бар мауал цӕуа. Ӕмӕ цы ис бакӕнӕн?

Зӕгъӕм, рагон Ефесы цӕрджытӕ куы базыдтой, Фыстады дӕсны фӕрсыны тыххӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй цы фыст ис, уый, уӕд иуӕй-иутӕ бамбӕрстой, сӕ дӕсныфӕрсӕн чингуытӕ сӕ фесафын кӕй хъуыд, кӕд тынг зынаргъ уыдысты, уӕддӕр. Ӕмӕ сӕ уӕд уыдон дӕр «се ’ппӕты раз басыгътой» (Хъуыддӕгтӕ 19:19, 20). Абон дӕсны фӕрсынимӕ баст хъуыддӕгтӕм ӕрмӕст чингуытӕ, амулеттӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм цыдӕртӕ нӕ хауынц, фӕлӕ ма телевизоры ӕмӕ Интернеты фенӕн цы ис, уыдӕттӕ дӕр. Уӕдӕ дӕлимонтӕ цӕмӕдӕриддӕр бар дарынц, уыдӕттӕй дӕхи хиз.

Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, статьяйы райдианы кӕй кой кодтам, уыцы лӕг ӕмӕ усы. Иухатт къамӕй фӕрсгӕйӕ ахӕм хатдзӕгмӕ ӕрцыдысты, дыууӕ адӕймаджы сӕм кӕй ӕрбацӕудзӕн, фӕлӕ сӕм хъуамӕ хъусгӕ ма бакодтаиккой ӕмӕ сӕ исгӕ дӕр мацы ракодтаиккой. Чи сӕм ӕрбацыд, уыдон уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, Конни ӕмӕ Гудрун. Уыдон Иоаким ӕмӕ Барбӕрӕйӕн куы загътой, Хуыцауы тыххӕй сын хорз хабар радзурынмӕ кӕй ӕрбацыдысты, уӕд сӕм байхъуыстой. Дӕсны фӕрсыны тыххӕй сӕм ныхас куы рауад, уӕд сын равдыстой, Библийы уый тыххӕй цы фыст ис, уый. Афтӕмӕй Иоаким ӕмӕ Барбӕрӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой.

Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Иоаким ӕмӕ Барбӕрӕ сӕхицӕн загътой, дӕлимонтимӕ сӕ цыдӕриддӕр бӕтты, уыдӕттӕй сӕхи кӕй ссӕрибар кӕндзысты. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сын загътой, уый дӕлимонты зӕрдӕмӕ кӕй нӕ фӕцӕудзӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр дӕлимонтӕ Иоакимы ӕмӕ Барбӕрӕйы тухӕнӕй марын райдыдтой. Тӕрсгӕ-ризгӕйӕ-иу сыл сбон ис, фӕлӕ ӕндӕр хӕдзармӕ куы алыгъдысты, уӕд сын гыццыл фенцондӕр. Уыцы фӕлварӕнты рӕстӕг Иоаким ӕмӕ Барбӕрӕйӕн ныфс лӕвӕрдтой Филиппӕгтӕм 4:13 стихы фыст ныхӕстӕ: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы». Йегъовӕ сын сӕ фидардзинады тыххӕй раарфӕ кодта, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг дӕлимонтӕ нал хъыгдардтой. Абон Иоаким ӕмӕ Барбӕрӕ ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц ӕмӕ сты амондджын.

Хуыцауы хорзӕх ссарын кӕй фӕнды, уыдонӕн Библи дзуры: «Уӕхи Хуыцауы бар бакӕнут, Хӕйрӕгӕн та йӕ ныхмӕ слӕуут, ӕмӕ уӕ алидздзӕн. Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:7, 8). Кӕд уӕ фӕнды, цӕмӕй дӕлимонты уацарӕй ссӕрибар уат, уӕд уын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн. Дӕлимонтӕй куыд фервӕзтысты, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ Иоаким ӕмӕ Барбӕрӕйы зӕрдыл ӕрлӕууы 121-ӕм псалом 2-аг стих: «Ӕххуысгӕнӕг мын у Йегъовӕ».

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Нӕмттӕ ивд сты.

^ 7 абз. Мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 6 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Хицӕнгонд текст 21 фарсыл]

Дӕсны чи фӕрсы ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтыл хӕст чи у, уый йӕхи Хуыцауы хорздзинӕдтӕй ӕнӕхай кӕны

[Хицӕнгонд текст 22 фарсыл]

«Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (ИАКОВЫ 4:8)