Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕумӕ гӕсгӕ Чырысти чи у?

Дӕумӕ гӕсгӕ Чырысти чи у?

Чырыстийыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕ цӕстытыл чи ауайы – ноггуырд сывӕллон, хъизӕмаргӕнӕг адӕймаг ӕви кадджын Паддзах?

Библийӕ базонӕн ис, Чырысти хъомысджын Паддзах кӕй у. Фӕлӕ, Чырысти Паддзах кӕй у, уый дӕуӕн исты пайда у?

Бирӕты уырны, Чырысти адӕмы тыххӕй йӕ цард кӕй радта. Фӕлӕ, 2000 азы размӕ чи цард, уыцы адӕймаджы мӕлӕт абон махӕн цы пайда хъуамӕ ӕрхӕсса?

Зӕрдиагӕй дӕ хонӕм, цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп Библийӕ базонай. Уыцы фарстатыл дзырд цӕудзӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Чырыстийы мӕлӕт сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕныны тыххӕй куы ӕрӕмбырд уой, уӕд. Ацы аз уыцы ахсджиаг фембӕлд уыдзӕн 5 апрелы, цыппӕрӕмы, хурныгуылды фӕстӕ.

Уыцы фембӕлд бӕлвырдӕй кӕд ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый тыххӕй бафӕрс Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты.

Чырыстийы мӕлӕт ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ къуыри Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты уыдзӕн раныхас, «Кӕрон, куыд хъуыды кӕныс, уымӕй тагъддӕр уыдзӕн», зӕгъгӕ. Уыцы раныхас ӕнӕхъӕн дунейы кӕй уыдзӕн, уый фӕрцы йӕм сӕ бон байхъусын уыдзӕн, рӕстдзинад чи уарзы ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Дӕу дӕр хонӕм.