Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрут»

«Мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрут»

«Кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат, уӕд ӕцӕгдӕр мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут, ӕмӕ базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн» (ИОАННЫ 8:31, 32).

Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Ам Чырысти цы «ныхасы» кой кӕны, уый амоны, адӕмы Хуыцауы номӕй цӕуыл ахуыр кодта, уымӕ. Йесо загъта: «Мӕ рарвитӕг Фыд йӕхӕдӕг бафӕдзӕхста, куыд ӕмӕ цы зӕгъон, уый» (Иоанны 12:49). Йӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ загъта: «Дӕ ныхас у рӕстдзинад». Цы дзырдта, уыдон йӕхи ныхӕстӕ кӕй нӕ уыдысты, уый равдисынӕн-иу Чырысти арӕх раздӕхта адӕмы ’ргом Хуыцауы Ныхасмӕ (Иоанны 17:17; Матфейы 4:4, 7, 10). Уӕдӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ цӕрой Чырыстийы ныхасмӕ гӕсгӕ, ома Хуыцауы Ныхас, Библи, нымайой «рӕстдзинадыл», ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндынц ӕмӕ сӕхи куыд дарынц, уый дӕр хъуамӕ уа Библимӕ гӕсгӕ.

Фыццаг чырыстӕттӕ. Йесо Чырыстийау апостол Павел дӕр стыр аргъ кодта Хуыцауы Ныхасӕн. Павел ныффыста: «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда у» (2 Тимофеймӕ 3:16). Иннӕты чи ахуыр кодта, уыцы нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ «фидар хӕцыдаиккой, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, уыцы ныхасыл», ома Хуыцауы ныхасыл (Титмӕ 1:7, 9). Апостол Павел фыццаг чырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхи хъахъхъӕдтаиккой «зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй». Ӕмӕ сын бамбарын кодта: «Уыдӕттӕ Чырыстийы ахуырадыл не ’нцайынц, фӕлӕ адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл ӕмӕ ацы дунейы уагӕвӕрдтыл» (Колоссӕгтӕм 2:8).

Абон сӕ чи фӕзмы? Католикон дины фӕдыл алыхуызон фарстатӕ ӕвзӕрст кӕм цӕуынц, уыцы брошюрӕйы фыст ис: «Хуыцау цы раргом кӕны, ууыл аргъуан уый тыххӕй не ’ууӕнды, ӕмӕ уыдӕттӕ ӕрмӕст Сыгъдӕг Фыстадмӕ гӕсгӕ ис сбӕлвырд кӕнӕн. Уӕдӕ Фыстадӕн куыд аргъ кӕнын хъӕуы, афтӕ аргъ кӕнын хъӕуы нӕ фыдӕлты табуйаг ӕгъдӕуттӕн дӕр» (Catechism of the Catholic Church). Журнал «Маклинз»-ы ныффыстой Канадӕйы сӕйраг горӕт Торонтойы цӕрӕг дины куысджытӕй иуы ныхӕстӕ: «Дыууӕ мин азы размӕ чи райхъуыст, уыцы хъӕлӕс нӕ абон йӕ фӕдыл цӕмӕн хъуамӕ кӕна? Нӕхимӕ диссаджы хорз хъуыдытӕ вӕййы, фӕлӕ Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, стӕй, Фыстад цы зӕгъы, уымӕ гӕсгӕ раст сты ӕви нӕ, ууыл хъуыды кӕнын куы райдайӕм, уӕд сӕ тых асӕтты».

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй «Ног Католикон энциклопедийы» фыст ис: «Цы дзурынц, уый дзурынц Библийӕ, стӕй сын уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй дӕр закъон у Библи» (New Catholic Encyclopedia). Ӕрӕджы Канадӕйы иу сылгоймаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, иу нӕлгоймагӕн зӕгъынмӕ хъавыд, чи у, уый, фӕлӕ йӕ нӕлгоймаг кӕронмӕ дзурын дӕр нӕ бауагъта ӕмӕ йын йӕ Библимӕ ацамонгӕйӕ загъта: «Амӕ гӕсгӕ йӕ базыдтон, чи дӕ, уый».