Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

«Уый Йегъовӕйыл ӕнувыд уыд»

«Уый Йегъовӕйыл ӕнувыд уыд»

ИСКӔУЫЛ ӕнувыд уай, уый куыд ӕмбаргӕ у, уый зоныс?~ * Зӕгъӕм, ныййарджытӕ ӕнувыд вӕййынц сӕ сывӕллӕттыл. Уый афтӕ ӕмбарын хъӕуы, бирӕ сӕ кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ кӕй никуы ныууадздзысты. Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, Библи афтӕ кӕмӕй зӕгъы, «Йегъовӕйыл ӕнувыд уыд», зӕгъгӕ, уыцы адӕймаджы тыххӕй. Уый уыд Езеки. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Езекийӕ нӕ бон цӕуыл ахуыр кӕнын у, уымӕ.

Езекийӕн йӕ сабийы бонтӕ хъӕлдзӕг нӕ уыдысты. Йӕ фыд, Ахаз, Иудӕйы паддзах Йегъовӕйӕн лӕггад кодта, фӕлӕ Езеки нырма гыццыл куы уыд, уӕд райдыдта мӕнг хуыцӕуттӕн кувын ӕмӕ ма иннӕты дӕр йӕ зондыл акодта. Уымӕй уӕлдай ма Ахаз йӕ фырттӕй, ӕппынкъаддӕр, иуы нывондӕн ӕрхаста, цы хуыцауӕн куывта, уымӕн.

Фӕлӕ кӕд Ахаз ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзта, уӕддӕр Езеки Йегъовӕйы коммӕ каст. Куыд хъуыды кӕныс, уый йын ӕнцон уыд?~ Кӕцӕй! Фӕлӕ Езеки уӕддӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсыныл архайдта. Цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕнувыд уыдаид, уый тыххӕй йын цы баххуыс кодта, ӕмӕ махӕн дӕр уыцы хъуыддаджы цы баххуыс кӕндзӕн?

Езеки ахуыр кодта, Йегъовӕйыл ӕнувыд чи уыд, уыдонӕй, зӕгъӕм, Давидӕй. Ӕмӕ кӕд Давид Езекийӕ цалдӕр сӕдӕ азы раздӕр цард, уӕддӕр ын, ӕвӕццӕгӕн, йӕ хабӕрттӕ Фыстадӕй касти. Давид загъта: «Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мӕ мад куы ныууагътаиккой, уӕддӕр мӕ Йегъовӕ райстаид».

Зоныс ӕй, Давидӕн цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕнувыд уыдаид?~ Йӕ уырнындзинад. Давид зыдта, Йегъовӕйы коммӕ куы кӕса, уӕд ын Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Ууыл Давид ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта! Езеки Давиды хабӕрттыл кӕй хъуыды кодта, уый йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕнувыд уыдаид ӕмӕ йӕ коммӕ кастаид. Уӕдӕ ды дӕр Йегъовӕйыл ӕнувыд куы уай ӕмӕ йӕ коммӕ куы кӕсай, уӕд дын ӕххуыс кӕндзӕн.

Фӕлӕ, зӕгъӕм, дӕ фыд кӕнӕ дӕ мад Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕны?~ Хуыцау зӕгъы, цӕмӕй сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсой. Уӕдӕ сӕм ды дӕр хъуамӕ хъусай. Фӕлӕ дын, зӕгъӕм, дӕ ныййарджытӕ загътой, цӕмӕй саразай, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддаг. Уӕд сын бамбарын кӕн, афтӕ бакӕнын дӕ бон цӕуылнӕ у, уый. Чифӕнды дын ма зӕгъа, цӕмӕй асайай, адавай кӕнӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ӕндӕр ахӕм ӕвзӕр хъуыддаг саразай, уӕддӕр-иу ма баком. Хуыцаумӕ куы хъусай, уӕд нӕ фӕрӕдидзынӕ!

Кӕй бафӕзмӕм, ахӕм адӕм бирӕ ис. Езекийӕн ӕрмӕст Давид нӕ уыд фӕзминаг, фӕлӕ ма йӕ фыды фыд Иофам дӕр. Ӕмӕ, кӕд Иофам Езекийы райгуырды размӕ амард, уӕддӕр ын Езеки йӕ хабӕрттӕ иннӕтӕй базыдта, махӕн сӕ нӕ бон Библийӕ базонын куыд у, афтӕ. Нӕ бон ма бафӕзмын кӕй у, ахӕм адӕмы зоныс?~

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библийы фыст ис, Езеки, Давид, Иофам ӕмӕ ӕндӕр ӕнӕххӕст адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй. Фӕлӕ уыцы адӕм Йегъовӕйы уарзтой, сӕ рӕдыдтытыл-иу басастысты ӕмӕ архайдтой, раст цы у, уый аразыныл. Рох дӕ ма уӕд: зӕххыл ӕрмӕстдӕр иу ӕххӕст адӕймаг кӕй уыд – Йесо Чырысти. Цӕй ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй фылдӕр кӕсӕм, йӕ хъуыддӕгтыл ын арф хъуыды кӕнӕм ӕмӕ йӕ фӕзмӕм.

Дӕ Библийы бакӕс

2 Паддзӕхты 18:6; 2 Азфыстыты 28:1–3

Псалом 27:10; Ефесӕгтӕм 6:1; Колоссӕгтӕм 3:20

2 Азфыстыты 27:1, 2; 1 Петры 2:21

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Сывӕллонимӕ йӕ куы кӕсай, уӕд ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон йӕ хъуыды зӕгъа.