Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Уӕ кӕрӕдзийы... уарзут»

«Уӕ кӕрӕдзийы... уарзут»

«Ӕз уын дӕттын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы. Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (ИОАННЫ 13:34, 35).

Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ кӕрӕдзийы уарзой, уый сӕ куыд уарзы, афтӕ. Ӕмӕ сӕ куыд уарзта? Чырысти никӕй хъулон кодта, кӕд йӕ рӕстӕджы ӕндӕр адӕмыхӕттытӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты, стӕй сылгоймӕгтӕн нӕ аргъ кодтой, уӕддӕр (Иоанны 4:7–10). Йӕхи уды дзӕбӕхӕн никуы цард ӕмӕ адӕмӕн баххуыс кӕнынӕн йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ никуы ’вгъау кодта (Марчы 6:30–34). Уымӕй уӕлдай ма Чырысти равдыста ӕппӕты стырдӕр уарзондзинад. «Ӕз дӕн хорз фыййау,– загъта Йесо.– Ӕмӕ хорз фыййау йӕ уд дӕтты фысты сӕрвӕлтау» (Иоанны 10:11).

Фыццаг чырыстӕттӕ. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ кӕрӕдзи хуыдтой «ӕфсымӕр» ӕмӕ «хо» (Филимонмӕ 1, 2). Чырыстон ӕмбырдмӕ-иу чи ’рбацыд, уыдоныл-иу се ’ппӕтыл дӕр тынг бацин кодтой, цавӕрфӕнды адӕмыхаттӕй ма уыдаиккой, уӕддӕр, уымӕн ӕмӕ хорз ӕмбӕрстой, кӕй «ницы уӕлдай у, дзуттаг уай ӕви грекъаг, уымӕн ӕмӕ [се] ’ппӕт дӕр иу Хицауы бын сты» (Ромӕгтӕм 10:11, 12). Н. э. 33 азы, Фӕндзайӕм бон кӕй хуыдтой, уыцы бӕрӕгбоны фӕстӕ, Иерусалимы чи уыд, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ «сӕ мулк ӕмӕ сӕ фӕллӕйттӕ уӕй кодтой ӕмӕ уыцы ӕхцайӕ алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кодтой, чи цы хъуаг ӕййӕфта, уымӕ гӕсгӕ». Цымӕ цӕмӕн? Цӕмӕй, ӕрӕджы донаргъуыд чи райста, уыдон Иерусалимы баззадаиккой ӕмӕ дарддӕр дӕр, «апостолтӕ цы амыдтой, уымӕ зӕрдиагӕй хъуыстаиккой» (Хъуыддӕгтӕ 2:41–45). Цӕмӕн сӕ бафӕндыд сӕ ног хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын? Апостолты мӕлӕтӕй иу-200 азы фӕстӕ Тертуллиан ныффыста, адӕм чырыстӕтты тыххӕй цы дзырдтой, уый: «Куыд тынг уарзынц кӕрӕдзи... суанг сӕ кӕрӕдзийы тыххӕй цӕттӕ сты сӕ удтӕ раттынмӕ дӕр».

Абон сӕ чи фӕзмы? Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, ӕнусты дӕргъы, сӕхи чырыстӕттӕ чи хуыдта, уыдон «сӕ кӕрӕдзийӕн цы фыдмитӕ фӕкодтой, уый сын [ӕнӕуырнджытӕй] ничи бакодта» (The History of the Decline and Fall of the Roman Empire. 1837). Ӕрӕджы Америкӕйы куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, цавӕрдӕр диныл хӕст чи у, уыцы адӕм – сӕйраджыдӕр чырыстӕттӕ – ӕндӕр буары хуыз кӕмӕн ис, уыдоны нӕ уарзынц. Сӕ дин иу кӕмӕн у, фӕлӕ алы бӕстӕты чи цӕры, уыцы чырыстӕттӕ кӕрӕдзимӕ ӕппындӕр ницы бар дарынц, ӕмӕ бахъуаджы рӕстӕг кӕрӕдзийӕн сӕ бон кӕнӕ баххуыс кӕнын нӕ вӕййы, кӕнӕ та сӕ фӕндгӕ нӕ фӕкӕны.

2004 азы Флоридӕйы (АИШ) дыууӕ мӕйы дӕргъы ӕрцыд цыппар тыхдымгӕйы. Флоридӕйы штаты Ӕнӕнхъӕлӕджы бӕллӕхты комитеты сӕрдар сфӕнд кодта сбӕрӕг кӕнын, цы фӕрӕзтӕ рахицӕн кодтой, уыдон, куыд ӕмбӕлы, афтӕ хардз кӕнынц ӕви нӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы хъуыддаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй хуыздӕр ничи спълан кодта, ӕмӕ сын загъта, сӕ бон кӕй у райсын, сӕ адӕмӕн сӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый. Уымӕй размӕ та, 1997 азы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иу къорд ацыд Конгомӕ, цӕмӕй сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн сӕ тыхст рӕстӕджы сӕ фарсмӕ балӕууыдаиккой. Семӕ аластой хостӕ, хойраг ӕмӕ дзаумӕттӕ. Европӕйы цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сын цы ӕххуыс арвыстой, уый уыд иу милуан доллӕры аргъ.