Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн»

«Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн»

«Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (МАТФЕЙЫ 24:14).

Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Чырыстийы царды хабӕрттӕ чи ныффыста, уыдонӕй иу, Лука, загъта: «Йесо араст ӕмӕ горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл зылди ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта» (Лукайы 8:1). Чырысти йӕхӕдӕг дӕр загъта: «Иннӕ горӕтты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лукайы 4:43). Йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр-иу арвыста горӕттӕм ӕмӕ хъӕутӕм хорз хабар хъусын кӕнынмӕ, фӕстӕдӕр та сын бафӕдзӕхста: «Уыдзыстут [мын] ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 1:8; Лукайы 10:1).

Фыццаг чырыстӕттӕ. Йесо Чырыстийӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кодтой, цы сын бахӕс кодта, уый. «Алы бон дӕр кувӕндоны ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕппынӕдзух амыдтой ӕмӕ хъусын кодтой Чырыстийы тыххӕй, Йесойы тыххӕй хорз хабар» (Хъуыддӕгтӕ 5:42). Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй ӕрмӕст иуӕй-иутӕ хъуамӕ ма хъусын кодтаиккой хорз хабар, фӕлӕ се ’ппӕт дӕр. Историк Август Неандер куыд загъта, афтӕмӕй «Цельс, чырыстӕтты ныхмӕ фыццаг чи фыста, уый, худти, къуымбилы куыстгӕнджытӕ, дзабырхуыйджытӕ, нымӕтуӕрдджытӕ, кӕм цы ӕнӕхсӕст адӕм уыд, уыдон хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодтой, ууыл». Жан Бернарди та йӕ чиныджы ныффыста: «[Чырыстӕттӕ] хъуамӕ иу ран ма бадтаиккой, фӕлӕ цыдаиккой ӕмӕ алы ран дӕр ӕмӕ алкӕимӕ дӕр дзырдтаиккой – стыр фӕндӕгтыл ӕмӕ горӕтты, горӕты фӕзты ӕмӕ хӕдзӕртты, зӕрдиагӕй сӕм хъуыстаиккой ӕви нӕ, уӕддӕр... зӕххы кӕрӕтты онг» (The Early Centuries of the Church).

Абон сӕ чи фӕзмы? Англиканон сауджын Дэвид Ватсон ныффыста: «Чырыстон динтӕ хорз хабар кӕй нӕ хъусын кӕнынц ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнынмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй кӕсынц, бирӕты сӕйраджыдӕр уый тыххӕй нӕ фӕнды Хуыцауӕн лӕггад кӕнын». Диниртасӕг Хосе Луис Перес Гуадалупе йӕ чиныджы фыста, евангелисттӕ, адвентисттӕ ӕмӕ, ӕндӕр чырыстон динтыл хӕст чи у, уыдон цы куыст кӕнынц, уый тыххӕй ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, «уыдон хӕдзарӕй-хӕдзармӕ нӕ цӕуынц». Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй та загъта: «Уыдон ӕдзух цӕуынц хӕдзарӕй-хӕдзармӕ» (Why Are the Catholics Leaving?).

Иу америкаг журналы фыст сты, профессор Джонатан Тюрлей цы цымыдисаг ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кой куы фехъусӕм, уӕд нӕ фылдӕрӕн сӕ цӕстытыл ауайынц, ӕппындӕр нӕ куы нӕ февдӕлы, уыд нын нӕ дуар чи ӕрбахойы, уыдон, ома Хуыцауы ныхас хъусынгӕнджытӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕрмӕст уымӕн нӕ цӕуынц, цӕмӕй, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй иннӕтӕн радзурой, фӕлӕ уый сӕхи уырнындзинадӕн дӕр ахсджиаг кӕй у, уый тыххӕй дӕр» (Cato Supreme Court Review, 2001-2002).

[Рамкӕ 9 фарсыл]

Ӕцӕг чырыстӕттӕ чи сты, уый дӕ бон базонын у?

Ацы цалдӕр статьяйы Библимӕ гӕсгӕ аныхас кодтам, ӕцӕг чырыстӕтты цӕмӕй базонӕн ис, ууыл. Ӕмӕ дӕумӕ гӕсгӕ та абон ӕцӕг чырыстӕттӕ чи сты? Йӕхи чырыстон чи хоны, уыцы динтӕ ӕмӕ къордтӕ кӕд дӕсгай минтӕ сты, уӕддӕр дӕ рох ма уӕд Чырыстийы ныхӕстӕ: «Мӕнмӕ „Хицау! Хицау!“ чи дзуры, уыдонӕй алчи нӕ бацӕудзӕн уӕларвон паддзахадмӕ, фӕлӕ йӕм бацӕудзӕн, мӕ уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый» (Матфейы 7:21). Уӕдӕ ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ сты, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыдон. Дӕхицӕн ӕй куы сбӕлвырд кӕнай, уыцы адӕм чи сты ӕмӕ сӕм куы ӕрбаиу уай, уӕд хайджын уыдзынӕ, Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн цы ӕнусон хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдонӕй. Кӕд дӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ йӕ хорздзинӕдты тыххӕй фылдӕр базонын фӕнды, уӕд зӕгъ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн, ацы журнал дын чи ӕрбахаста, уыдонӕн (Лукайы 4:43).