Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цавӕр хъуымӕцтӕ ӕмӕ ахорӕнтӕ уыд раджы заманты?

Цавӕр хъуымӕцтӕ ӕмӕ ахорӕнтӕ уыд раджы заманты?

БИБЛИЙЫ бирӕ рӕтты ис фыст, раджы заманты адӕм цавӕр дзаумӕттӕ дардтой, цавӕр ахорӕнтӕй ахуырстой ӕмӕ сӕ цавӕр хъуымацӕй хуыдтой, уый тыххӕй.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библи модӕты чиныг нӕу. Фӕлӕ адӕм цы дзаумӕттӕ дардтой, уыдӕтты тыххӕй кӕсгӕйӕ уыцы рӕстӕджы хабӕрттӕ ирддӕрӕй ауайынц нӕ цӕстытыл.

Зӕгъӕм, фыст дзы ис, Адам ӕмӕ Евӕ легъуибӕласы сыфтӕ кӕрӕдзийыл кӕй бахуыдтой ӕмӕ сӕ сӕ астӕутыл кӕй ӕрбабастой, цӕмӕй бӕгънӕг ма уыдаиккой. Фӕлӕ сын уыцы рӕстӕгмӕйы дзаумӕтты бӕсты Хуыцау «цӕрмттӕй скодта даргъ дзаумӕттӕ» (Райдиан 3:7, 21).

Рацыды 28 ӕмӕ 39 сӕрты фыст ис, Израилы хистӕр сауджыныл-иу цавӕр уӕлӕдарӕс хъуамӕ дардтаиккой, уый тыххӕй: мидӕггӕгтӕ гӕнӕй конд хъуымацӕй, урс хӕдон, уӕфт рон, ӕрвхуыз цъӕх ӕнӕдыс къаба, нывӕфтыд ефод ӕмӕ риуылдарӕн, стӕй сарыхъ ӕрттиваг сызгъӕрин гӕбазимӕ. Уыцы уӕлӕдарӕс бахуыйынӕн цы зынаргъ хъуымӕцтӕ хъуыд, уыдоны тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ цӕстытыл ауайы, куыд рӕсугъд уыд, уый (Рацыд 39:1–5, 22–29).

Пехуымпар Илийа йӕ уӕлӕдарӕсӕй иннӕтӕй афтӕ тынг хицӕн кодта, ӕмӕ-иу исчи афтӕ куы загъта, «йӕ уӕлӕ уыди цармӕй дарӕс, йӕ астӕуыл та баст уыд сӕрак рон», зӕгъгӕ, уӕд-иу ӕй уайтагъд базыдтой (2 Паддзӕхты 1:8; Матфейы 3:4; Иоанны 1:21). Сӕдӕ азтӕ фӕстӕдӕр иуӕй-иутӕ Аргъауӕг Иоанны фенхъӕлдтой Илийа, ӕвӕццӕгӕн, йӕ уӕлӕдарӕс Илийайы уӕлӕдарӕсы хуызӕн кӕй уыд, уый тыххӕй (2 Паддзӕхты 1:8; Матфейы 3:4; Иоанны 1:21).

Хъуымӕцтӕ ӕмӕ ахорӕнтӕ. Библийы бирӕ рӕтты фыст ис, дзаумӕттӕ цавӕр хъуымацӕй хуыдтой ӕмӕ сӕ цавӕр ахорӕнтӕй ахуырстой. Бакӕсӕн ма дзы ис, куыд ӕлвыстой, куыд уӕфтой ӕмӕ куыд хуыдтой, уый тыххӕй дӕр *. Арӕхдӕр дзы ис къуымбил ӕмӕ гӕнӕй конд хъуымӕцты кой. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Авел уыд «фысгӕс» (Райдиан 4:2). Фӕлӕ фыстӕ къуымбилы тыххӕй дардта, уый тыххӕй дзы ницы ис фыст. Библи цы ’взагыл фыст ӕрцыд, уым гӕнӕй конд хъуымацы кой фыццаг хатт ӕмбӕлы Райдианы 41:42. Уым фыст ис, зӕгъгӕ, фараон Иосифыл скодта «ӕппӕты хуыздӕр хъуымацӕй» хуыд дзаумӕттӕ. Раджы заманты зыдтой бӕмбӕг хъуымац дӕр. Дзуттӕгтӕ ахӕм хъуымацӕй дзаумӕттӕ хуыдтой ӕви нӕ, уый тыххӕй Библийы никуы ис фыст. Фӕлӕ Астӕуккаг Скӕсӕны уыцы хъуымацӕй пайда кӕнынц рагӕй фӕстӕмӕ дӕр.

Къуымбилӕй ӕмӕ гӕнӕй кодтой алыхуызон стӕвдӕн ӕндӕхтӕ. Уый фӕстӕ уыцы ӕндӕхтӕй уӕфтой хъуымӕцтӕ. Ӕндӕхтӕ ӕмӕ хъуымӕцтӕ ахуырстой алыхуызон ахорӕнтӕй. Стӕй-иу хъуымац афтӕ алыг кодтой, цӕмӕй-иу адӕймагӕн дзаума бахуыйыны фаг уыдаид. Цӕттӕ дзаумӕттӕ-иу срӕсугъд кодтой нывӕфтыдтӕй кӕнӕ-иу ын йе ’ндӕхты ӕхсӕн аластой хъулон-мулон ӕндӕхтӕ. Афтӕмӕй-иу дзаума сси ноджы рӕсугъддӕр ӕмӕ зынаргъдӕр (Тӕрхонгӕнджыты 5:30).

Библийы арӕх ӕмбӕлы ӕрвхуыз цъӕх ӕмӕ тарсырх хъуымӕцты кой. Израилӕгтӕн Хуыцау загъта, цӕмӕй-иу сӕ уӕлӕдарӕсы «хауты сӕрмӕ... ауагътаиккой ӕрвхуыз бӕттӕн». Уый сын хъуамӕ сӕ зӕрдыл лӕууын кодтаид, йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты, уый (Нымӕцтӕ 15:38–40). Дзуттаг дзырд тэхе́лет у ӕрвхуыз цъӕх ахорӕн, а́ргама́н та арӕхдӕр тӕлмац кӕнынц дзырдӕй «тарсырх». Адӕймаг-иу ацы дзырдтӕ куы фехъуыста, уӕд-иу йӕ цӕстытыл ауадысты хистӕр сауджыны дзаумӕттӕ, стӕй цатыры ӕмӕ кувӕндоны цы аивгӕнӕнтӕ уыд, уыдон.

Цатыр ӕмӕ кувӕндон. Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд-иу Йегъовӕйӕн бакувынмӕ цыдысты цатырмӕ, фӕстӕдӕр та цыдысты, Иерусалимы цы кувӕндон уыд, уырдӕм. Уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, Библийы цатыр ӕмӕ Соломоны кувӕндон аразыныл дзырд кӕм цӕуы, уым алцыдӕр лыстӕг хабӕртты онг фыст кӕй у. Ӕрмӕст уый кой дзы нӕй, цатыры ӕмӕ кувӕндоны ӕмбӕрзӕнтӕ цӕмӕй конд уыдысты ӕмӕ цавӕр ахорӕнтӕй ахуырст уыдысты, фӕлӕ ма дзы лыстӕггай фыст ис, хъуымӕцтӕ куыд уӕфтой, куыд сӕ ахуырстой, куыд сӕ хуыдтой ӕмӕ сыл нывӕфтыдтӕ куыд кодтой, уый дӕр.

Къухӕй дӕсны чи уыд, уыцы дыууӕ нӕлгоймаджы, Веселеил ӕмӕ Оголиав, стӕй ма ноджы ӕндӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ Хуыцауы ӕххуысӕй ӕмӕ разамындӕй алцыдӕр сарӕзтой, куыддӕриддӕр сын загъд уыд, афтӕ. Аразгӕ та кодтой ӕмбырды цатыр – Йегъовӕйӕн бакувынӕн аккаг бынат (Рацыд 35:30–35). Рацыды 26 сӕры, цатыр куыд ӕмӕ цӕмӕй арӕзт уыд, уыдӕттӕ иууылдӕр лыстӕг хабӕртты онг фыст ӕрцыдысты. Зӕгъӕм, йе стыр рӕсугъд хъулон ӕмбӕрзӕнтӕ уыдысты «гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй, ӕрвхуыз цъӕх ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй ӕмӕ сырх-сырхид ӕндахӕй». Уыцы хъуымӕцтӕн сӕ фылдӕр, ӕвӕццӕгӕн, рахастой, Египетӕй куы рацыдысты, уӕд. Кусджытӕ уӕлдай тынгдӕр бафыдӕбон кодтой, ӕндӕхтӕй херувимты нывтӕ конд кӕуыл уыд ӕмӕ, Сыгъдӕг бынат Ӕппӕты сыгъдӕг бынатӕй чи хицӕн кодта, уыцы бӕзджын хъулон ӕмбӕрзӕн куы хуыдтой, уӕд (Рацыд 26:1, 31–33). Ахӕм куыст бакодтой, паддзах Соломон Иерусалимы кувӕндон куы арӕзта, уӕд уым хъуымӕцтимӕ чи архайдта, уыдон дӕр (2 Азфыстыты 2:1, 7).

Библийы цы лыстӕг хабӕрттӕ фыст ис, уыдонӕй нӕ бон у базонын, раджы заманты дзуттӕгтӕ тынг ӕрхъуыдыджын кӕй уыдысты ӕмӕ арӕхстджынӕй кӕй архайдтой, сӕ рӕстӕджы цы хъуымӕцтӕ уыди, уыдонимӕ. Стӕй бӕрӕг у, афтӕ кӕй нӕ хъуыды кодтой, мӕ уӕлӕ исты дзаума уӕд, ӕндӕр йӕ хуыд дӕр, стӕй йӕ хъуымац дӕр цавӕрфӕнды дӕр уӕд. Сӕ дзаумӕттӕн сӕ хуыд дӕр ӕмӕ сӕ хъуымӕцты хуызтӕ дӕр уыдысты алыхуызӕттӕ, уыдис сын бӕрӕгбоны уӕлӕдарӕс ӕмӕ, алы бон кӕй дардтой, ахӕм уӕлӕдарӕс. Уымӕй уӕлдай сӕ дзаумайы конд уыд афӕдзы афонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ, йӕ къух кӕмӕн куыд амыдта, уымӕ гӕсгӕ.

Библийы кӕсӕм, Хуыцау израилӕгтӕн цӕрынӕн кӕй радта хорз зӕхх, «ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы», ахӕм зӕхх (Рацыд 3:8; Дыккаг закъон 26:9, 15). Йегъовӕйы закъӕттӕ-иу куы ӕххӕст кодтой, уӕд-иу йӕ хорздзинӕдтӕй хайджын уыдысты. Израилӕгтӕ уыдысты амондджын ӕмӕ ницӕмӕй хъаст кодтой. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис: «Цалынмӕ [паддзах] Соломон ӕгас уыд, уӕдмӕ Иудӕ ӕмӕ Израилы адӕм, Данӕй суанг Вирсавийы онг, цардысты ӕдасӕй, алчидӕр – йӕхи сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕхи легъуибӕласы бын» (1 Паддзӕхты 4:25).

[Фиппаинаг]

^ 7 абз. Ацы хабӕртты тыххӕй бӕстондӕр фыст ис, статьяйы цы рамкӕтӕ ис, уыдоны.

[Рамкӕ/Нывтӕ 26, 27 фӕрстыл]

Къуымбил ӕмӕ гӕн

Раджы заманты фыстӕ дардтой сӕйраджыдӕр ӕхсыр ӕмӕ къуымбилы тыххӕй. Цалдӕр фысы къуымбил дӕр бинонтӕн дзаумайы фаг уыд. Бирӕ фыстӕ-иу кӕмӕ уыд, уый-иу къуымбилы уӕлдай ауӕй кодта хъуымацуафджытӕн. Иуӕй-иу горӕтты ӕмӕ хъӕуты уыд хъуымац уафӕн куыстуӕттӕ дӕр. Раджы замантӕй фӕстӕмӕ фыстӕ ӕлвыныны куыст уыд, адӕм-иу афӕдзы дӕргъы цы куыстытӕ кодтой, уыдонӕй иу (Райдиан 31:19; 38:13; 1 Самуилы 25:4, 11).

Адӕм ма дзаумӕттӕ хуыдтой гӕны хъисӕй конд хъуымацӕй (Рацыд 9:31). Гӕн-иу ӕркарстой, сцӕттӕ кӕнынмӕ-иу ӕй бирӕ куы нал хъуыд, уӕд. Йӕ хъӕдтӕ-иу ын хус кӕнынмӕ хурмӕ ныууагътой, стӕй та-иу сӕ баудӕстой, цӕмӕй-иу ӕрфӕлмӕн уыдаиккой. Куы-иу бахус сты, уӕд-иу сӕ фӕхостой, цӕмӕй сӕ хъистӕ фӕхицӕн уыдаиккой. Уый фӕстӕ та-иу уыцы хъистӕй скодтой ӕндӕхтӕ, цӕмӕй-иу дзы стӕй хъуымац бауӕфтаиккой. Гӕнӕй конд хъуымӕцтӕй хуыд дзаума уарзтой дарын паддзӕхтӕ ӕмӕ стыр хицӕуттӕ.

[Ныв]

Хус гӕн баудайыны размӕ

[Рамкӕ/Ныв 27 фарсыл]

Ӕлвисын

Гӕны иугай хъистӕ ӕмӕ къуымбилы кӕнӕ сӕгъы хъуыны иугай хӕлттӕ уыдысты ӕгӕр лыстӕг ӕмӕ цыбыр. Уымӕ гӕсгӕ-иу сӕ балвыстой, ома-иу сӕ кӕрӕдзийыл стыхтой, цӕмӕй-иу дзы рауадаид, цӕй дӕргъӕн ӕмӕ сӕ цавӕр стӕвдӕн ӕндӕхтӕ хъуыд, ахӕмтӕ. «Хорз усы» тыххӕй Библийы фыст ис: «Йӕ къухтӕ сӕхи ивазынц ӕлвисӕнмӕ, йӕ къухмӕ райсы ӕлхуый» (Ӕмбисӕндтӕ 31:10, 19). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, ӕлвисыны куыст куыд кодтой, уый. Ӕлвисгӕ та кодтой ӕлвисӕн ӕмӕ ӕлхуыйы фӕрцы, ома дыууӕ хъилы фӕрцы.

Сылгоймаг-иу йӕ иу къухӕй хӕцыд ӕлвисӕныл, йӕ уӕлӕ пырд къуымбил тыхт, афтӕмӕй. Иннӕ къухӕй та-иу сылгоймаг къуымбилӕй цалдӕр халы раивӕзта, аздыхста-иу сӕ ӕмӕ-иу дзы цы ӕндах рауад, уый-иу афидар кодта, ӕлхуыйы кӕрон цы къахыр уыд, ууыл. Цӕмӕй ӕлхуый хуыздӕр зылдаид, уый тыххӕй-иу ыл бакодта уӕдӕртт. Сылгоймаг-иу ӕлхуыйыл уырдыгмӕ хӕцыд ӕмӕ-иу ӕй аздыхта, ӕмӕ-иу афтӕмӕй къуымбилӕй балвыста алыхуызон стӕвдӕн ӕндӕхтӕ. Ӕлвыст ӕндах-иу атыхта ӕлхуыйыл, ӕмӕ афтӕ кодта, цалынмӕ-иу, ӕлвисӕныл цы къуымбил уыд, уый нӕ фӕци ӕмӕ-иу дзы иу даргъ ӕндах нӕ рауад, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ-иу цӕттӕ ӕндӕхтӕ сахуырстой кӕнӕ-иу дзы хъуымац бауӕфтой.

[Рамкӕ/Нывтӕ 28, 29 фӕрстыл]

Ахорыны куыст

Къуымбил ӕмӕ-иу гӕны хъистӕ куы балвыстой ӕмӕ-иу сӕ куы ныссыгъдӕг кодтой, кӕнӕ-иу хъуымац куы бауӕфтой, уӕд та-иу сӕ алыхуызон ахорӕнтӕй ахуырстой. Цӕмӕй-иу хуыздӕр ахуырст ӕрцыдаиккой, уый тыххӕй-иу сӕ цалдӕр хатты ахорӕны баудӕстой. Хъуымац-иу ахуырст куы ’рцыд, уӕд-иу ӕй боцкъайӕ систой ӕмӕ-иу ӕй ныллӕмӕрстой, цӕмӕй ма дзы уый фӕстӕ дӕр спайда кӕнӕн уыдаид, уымӕн ӕмӕ ахорӕнтӕ зынаргъ уыдысты. Стӕй-иу ӕндӕхтӕ кӕнӕ хъуымац бахус кодтой.

Раджы заманты синтетикон ахорӕнтӕ нӕ уыд. Фӕлӕ адӕм алыхуызон ахорӕнтӕ арӕзтой цавӕрдӕр лыстӕг цӕрӕгойтӕй ӕмӕ зайӕгойтӕй. Зӕгъӕм, бур ахорӕн кодтой миндалбӕласы сыфтӕй [Prunus dulcis] ӕмӕ гранаты цъарӕй, сау та – гранатбӕласы цъарӕй [Punica granatum]. Сырх ахорӕн арӕзтой, маренӕ [Rubia tinctorum], зӕгъгӕ, кӕй хонынц, уыцы кӕрдӕджы мыггаджы уидӕгтӕй кӕнӕ, иуӕй-иу бӕстӕты тулдзбӕласыл цы лыстӕг сырх зулчъытӕ [Coccus ilicis] цӕры, уыдонӕй. Ӕрвхуыз ахорӕн арӕзтой кӕрдӕджы мыггагӕй, индигоферӕ [Indigofera tinctoria], зӕгъгӕ. Алыхуызон денджызон сӕтӕлджытӕй [Murex trunculus, Murex brandaris, Stramonita haemastoma] та-иу иумӕ рауад тынг бирӕ алыхуызон ахорӕнтӕ – тарсырхӕй райдай ӕмӕ ӕрвхуыз цъӕх ӕмӕ сырх-сырхидӕй фӕу.

Цымӕ иу дзаума сахорынӕн цал сӕтӕлӕджы хъуыд? Иу сӕтӕлӕгӕй бирӕ ахорӕн нӕ уад. Куыд банымадтой, афтӕмӕй, цӕмӕй иу пӕлӕз кӕнӕ даргъ дзаума тарсырх хуызӕй сахуырстаиккой, уый тыххӕй хъуыд 10 000 сӕтӕлӕджы бӕрц – гъе уый дын ӕцӕг паддзахы дзаума! Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Вавилоны паддзах Набониды рӕстӕджы тарсырх къуымбил ӕндӕр ахорӕнӕй ахуырст къуымбилӕй уыд 40 хатты зынаргъдӕр. Рагон Тир хъуыстгонд уыд, уыцы зынаргъ ахорӕн дзы кӕй арӕзтой, уымӕй, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ хонын райдыдтой тираг тарсырх ахорӕн.

[Нывтӕ]

Денджызон сӕтӕлӕджы хъузг

Хъуымац тарсырх ахорӕнӕй кӕм ахуырстой, ахӕм дзыхъхъ (Тель-Дор, Израил, н. э. размӕ 3–2 ӕнус)

[Барлӕвӕрдӕй]

The Tel Dor Project

[Рамкӕ/Ныв 29 фарсыл]

Уафын

Дзаума кӕнӕ-иу ӕндӕр исты куы хуыдтой, уӕд-иу хъуымац бауӕфтой тынуафӕныл. Тынуафӕныл-иу дӕргъырдӕм ӕндӕхтӕ бакодтой ӕмӕ-иу сын стӕй се ’хсӕнты цӕхгӕрмӕ ӕндӕхтӕ аластой. Иу ӕндах-иу иннӕмӕн йӕ бынты аластой, иннӕтӕ та – йӕ сӕрты.

Раджы заманты тынуафӕнтӕ уыдысты дыууӕ хуызы – пъолыл ӕвӕрд чи уыд ӕмӕ-иу лӕугӕйӕ кӕуыл куыстой, ахӕмтӕ. Лӕугӕйӕ кӕуыл уӕфтой, уыцы тынуафӕнтыл-иу цӕхгӕрмӕ ауыгъд ӕндӕхты кӕрӕттыл ӕрцауыгътой уӕзгӕнӕнтӕ. Ахӕм уӕзгӕнӕнтӕ Израилы бирӕ рӕтты ссардтой.

Арӕхдӕр-иу алы бинонтӕ хъуымац сӕхӕдӕг уӕфтой, фӕлӕ иуӕй-иу рӕтты уыцы куыст кодтой хъӕуы цӕрджытӕ иууылдӕр. Зӕгъӕм, 1 Азфыстыты 4:21 ис, «зынаргъ хъуымӕцтӕ чи уӕфта, уыцы ӕрмгуыстгӕнджыты хӕдзарвӕндӕгты» кой, ӕмӕ уый та, ӕвӕццӕгӕн, амоны, бирӕ адӕм иумӕ кӕй кодтой хъуымац уафыны куыст.

[Ныв 26, 27 фӕрстыл]

«Ӕрвхуыз ӕндах, тарсырх къуымбил ӕндах» (рацыд 26:1)