Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныхас цавӕрдӕр фарстайыл. Чырысти Хуыцау у?

Ныхас цавӕрдӕр фарстайыл. Чырысти Хуыцау у?

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ уарзынц адӕмимӕ Библийы тыххӕй ныхас кӕнын. Мыййаг дӕм Библийы фӕдыл исты фарста ис? Кӕнӕ дӕ фӕнды Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фылдӕр базонын, зӕгъӕм, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй? Кӕд о, уӕд ӕфсӕрмы ма кӕн, ӕмӕ сыл ӕндӕр хатт куы амбӕлай, уӕд-иу сӕ бафӕрс. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын дӕ фарстатӕн ӕхсызгонӕй дзуапп ратдзысты.

Дӕлдӕр бакӕсӕн ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ арӕхдӕр куыд фӕныхас кӕнынц, уый. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Каринӕ, ӕрбацыд иу сылгоймагмӕ, йӕ ном Светӕ, ӕмӕ ныхас кӕнынц.

Чырыстийыл кӕй не ’ууӕндут, уый ӕцӕг у?

Светӕ: Аргъуаны нын афтӕ загътой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, дам, Чырыстийыл не ’ууӕндынц. Уый ӕцӕг у?

Каринӕ: Цӕмӕн?! Мах ыл ӕууӕндӕм. Мах уырны, цӕмӕй адӕймаг фервӕза, уый тыххӕй Чырыстийыл кӕй хъуамӕ ӕууӕнда.

Светӕ: Ӕз дӕр афтӕ хъуыды кӕнын.

Каринӕ: Уӕдӕ ацы хъуыддаджы кӕрӕдзиимӕ разы стӕм. Хӕдӕгай, мӕ ном Каринӕ. Дӕуӕн та?

Светӕ: Мӕнӕн та Светӕ.

Каринӕ: Светӕ, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодтай, зӕгъгӕ, кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Чырыстийыл ӕууӕндынц, уӕд адӕм афтӕ цӕмӕн дзурынц, нӕ йыл ӕууӕндынц, зӕгъгӕ.

Светӕ: О, ӕз дӕр уый зӕгъынмӕ хъавыдтӕн.

Каринӕ: Светӕ, иу ныхасӕй йӕ куы зӕгъӕм, уӕд мах Чырыстийыл ӕууӕндӕм. Фӕлӕ Чырыстийы тыххӕй адӕм цы хъуыды кӕнынц, уыдӕттӕй алцӕуыл дӕр не ’ууӕндӕм.

Светӕ: Зӕгъӕм, цӕуыл не ’ууӕндут?

Каринӕ: Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, Йесо кӕй уыд хорз адӕймаг, ӕмӕ иннӕтӕй кӕй ницӕмӕй хицӕн кодта. Фӕлӕ мах афтӕ нӕ хъуыды кӕнӕм.

Светӕ: Ӕз дӕр.

Каринӕ: Уӕдӕ та ам дӕр кӕрӕдзиимӕ разы стӕм. Дыккаг хъуыддаг: мах ӕууӕндӕм, Йесо ӕмӕ йӕ Фыды тыххӕй Библийы цы фыст ис, ӕрмӕстдӕр ууыл.

Светӕ: Ома?

Каринӕ: Бирӕ динтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Чырысти у Хуыцау. Ӕвӕццӕгӕн уӕ аргъуаны дӕр афтӕ фӕдзурынц?

Светӕ: О, сауджын афтӕ фӕзӕгъы, Чырысти ӕмӕ, дам, Хуыцау иу сты.

Каринӕ: Ӕмӕ куыд хъуыды кӕныс, растдӕр нӕ уаид, Чырысти йӕхӕдӕг йӕхи тыххӕй цы загъта, уый базонын?

Светӕ: Куыннӕ уаид.

Чырысти йӕхӕдӕг цы загъта?

Каринӕ: Уӕдӕ ӕркӕсӕм Библийӕ иу стихмӕ. Дӕ хорзӕхӕй, дӕ хъус-ма ӕрдар, Чырысти цы загъта, уымӕ. Йӕ ныхӕстӕ фыст сты Иоанны 6:38 стихы: «Ӕз уӕларвӕй уый тыххӕй не ’рцыдтӕн, цӕмӕй, мӕхи цы фӕнды, уый кӕнон, фӕлӕ мӕ рарвитӕджы цы фӕнды, уый». Кӕд Чырысти Хуыцау у, уӕд ацы ныхӕстӕ куыд бамбарӕн ис?

Светӕ: Ӕмӕ-гъа, нӕ зонын.

Каринӕ: Чырысти загъта, уӕлӕрвтӕй уый тыххӕй кӕй не ’рцыд, цӕмӕй йӕхи цы фӕнды, уый кӕна.

Светӕ: О, Чырысти загъта, чи йӕ рарвыста, уый фӕнд ӕххӕст кӕнынмӕ кӕй ӕрцыд.

Каринӕ: Ӕмӕ кӕд Чырысти Хуыцау у, уӕд ӕй уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ чи рарвыста? Стӕй Чырысти, чи йӕ рарвыста, уый фӕндон цӕмӕн ӕххӕст кодта?

Светӕ: Ӕмбарын, цы зӕгъынмӕ хъавыс, уый. Фӕлӕ мӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ацы иу стихмӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн нӕй, Чырысти Хуыцау кӕй нӕу.

Каринӕ: Ӕркӕсӕм-ма, Чырысти ӕндӕр хатт цы загъта, уымӕ. Чырысти Хуыцау кӕй нӕу, уый ма бӕрӕг у Иоанны 7:16 стихӕй. Бакӕс-ма йӕ, дӕ хорзӕхӕй.

Светӕ: «Йесо сын дзуапп радта: „Ӕз цӕуыл ахуыр кӕнын, уый мӕхицӕй нӕу, фӕлӕ мӕ чи рарвыста, уымӕй“».

Каринӕ: Ацы стихмӕ гӕсгӕ цы ис зӕгъӕн? Чырысти адӕмӕн йӕхи хъуыдытӕ дзырдта?

Светӕ: Нӕ. Уый загъта, ӕз, дам, цӕуыл ахуыр кӕнын, уый у, чи мӕ рарвыста, уымӕй.

Каринӕ: Раст зӕгъыс. Фӕлӕ чи рарвыста Чырыстийы? Стӕй цӕуыл ахуыр кодта, уый йын чи бацамыдта? Уый Чырыстийӕ уӕлдӕр хъуамӕ мӕ уыдаид? Стӕй чи вӕййы уӕлдӕр – чи арвиты ӕви кӕй арвитынц, уый?

Светӕ: Диссаг. Ацы стих никуы бакастӕн.

Каринӕ: Ноджы ма бакӕсӕм, Чырысти цы загъта, уый. Йӕ ныхӕстӕ фыст сты Иоанны 14:28. «Сымах мын фехъуыстат мӕ ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, ӕз цӕуын ӕмӕ уӕм фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзынӕн. Куы мӕ уарзиккат, уӕд цин кӕниккат, мӕ Фыдмӕ кӕй цӕуын, ууыл, уымӕн ӕмӕ мӕ Фыд мӕнӕй уӕлдӕр у». Куыд хъуыды кӕныс, Чырысти йӕхи йӕ Фыды ӕмсӕр хуыдта?

Светӕ: Чырысти загъта, йӕ Фыд дзы уӕлдӕр кӕй у.

Каринӕ: Раст зӕгъыс. Ӕркӕсӕм-ма, Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы загъта, уымӕ. Бакӕсӕм Матфейы 28:18 стих: «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр». Цымӕ Чырысти афтӕ загъта, ӕмӕ ӕппӕт бартӕ алкӕддӕр уыдысты йӕ къухы?

Светӕ: Нӕ, Чырысти загъта, ӕппӕт бартӕ йын лӕвӕрд кӕй сты.

Каринӕ: Уӕдӕ кӕд Чырысти Хуыцау у, уӕд ын фылдӕр бартӕ лӕвӕрд куыд ӕрцыд? Стӕй йын сӕ чи радта?

Светӕ: Ӕмӕ-гъа, ууыл ахъуыды кӕнын хъӕуы.

Чырысти кӕмӕ куывта?

Каринӕ: Кӕд Чырысти Хуыцау у, уӕд ма ноджы иу хабар зын бамбарӕн у.

Светӕ: Цавӕр?

Каринӕ: Лукайы 3:21, 22 стихтӕ-ма бакӕс, дӕ хорзӕхӕй.

Светӕ: «Адӕм иууылдӕр донаргъуыд куы истой, уӕд донаргъуыд райста Йесо дӕр, ӕмӕ, куыд куывта, афтӕ арв фегом ӕмӕ йыл Хуыцауы сыгъдӕг тых бӕлоны хуызы ’рцыд, ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: „Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт“».

Каринӕ: Чырысти донаргъуыд куы райста, уый фӕстӕ цы сарӕзта?

Светӕ: Скуывта.

Каринӕ: О, раст зӕгъыс. Ӕмӕ, цымӕ кӕмӕ куывта?

Светӕ: Уый хорз фарста у. Аргъуанмӕ куы ацӕуон, уӕд хъуамӕ сауджыны бафӕрсон.

Каринӕ: Ахъуыды-ма кӕн ӕндӕр хъуыддагыл дӕр: Чырысти донӕй куы рахызт, уӕд йемӕ чидӕр уӕларвӕй дзырдта. Уӕларвӕй чи дзырдта, уый цы загъта, уымӕ дӕ хъус ӕрдардтай?

Светӕ: Уый загъта, Чырысти йӕ Фырт кӕй у ӕмӕ йӕ кӕй уарзы.

Каринӕ: Уӕдӕ, кӕд Чырысти Хуыцау у, уӕд уӕларвӕй чи дзырдта?

Светӕ: Никуы йыл ахъуыды кодтон.

Библи Хуыцауы «Фыд» цӕмӕн хоны, Чырыстийы та – «Фырт»?

Каринӕ: Светӕ, мах бакастыстӕм, Чырысти Хуыцауы кӕй хуыдта йӕ уӕларвон Фыд. Ӕмӕ донаргъуыд куы иста, уӕд та уӕларвӕй цы хъӕлӕс райхъуыст, уый загъта, Чырысти йӕ Фырт кӕй у. Стӕй Чырысти дӕр йӕхӕдӕг йӕхи Хуыцауы Фырт хуыдта. Дыууӕ адӕймагӕн ӕмхуызон бартӕ кӕй ис, уый дӕ искӕмӕн бамбарын кӕнын куы фӕндид, уӕд сӕ бинонтӕй кӕимӕ абарис?

Светӕ: Чи зоны, дыууӕ ӕфсымӕримӕ.

Каринӕ: О, кӕнӕ та фаззӕттимӕ. Фӕлӕ Чырысти Хуыцауы хуыдта Фыд, йӕхи та – Фырт. Ӕмӕ куыд хъуыды кӕныс, Чырыстийы уымӕй цы зӕгъын фӕндыд?

Светӕ: Ӕмбарын ӕй, цы зӕгъынмӕ хъавыс, уый. Чырысти уый кой кодта, Фыд Фыртӕй хистӕр кӕй у ӕмӕ йӕм фылдӕр бартӕ кӕй ис.

Каринӕ: Светӕ, уӕдӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдтӕ, ӕмӕ ӕмхуызон бартӕ кӕмӕн ис, уый хорз кӕй ӕвдисы дыууӕ ’фсымӕры кӕнӕ фаззӕтты цӕвиттон. Уӕдӕ Чырысти ӕцӕгдӕр Хуыцау куы уаид, уӕд йӕхӕдӕг ахӕм абарст кӕнӕ та ноджы хуыздӕр абарст не скодтаид?

Светӕ: Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы.

Каринӕ: Фӕлӕ, Хуыцауимӕ абаргӕйӕ цы бынат ахста, уый равдисынӕн Чырысти йӕхи схуыдта «Фырт», Хуыцауы та – «Фыд».

Светӕ: Диссаг...

Чырыстийы фыццаг фӕдылдзӕуджытӕ цы дзырдтой?

Каринӕ: Кӕд ма дын цалдӕр минуты ис, уӕд ма мӕ фӕнды иу хъуыды зӕгъын ацы фарстайы фӕдыл.

Светӕ: Ис ма мын рӕстӕг.

Каринӕ: Чырысти кӕд ӕцӕгдӕр Хуыцау у, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджытӕ уый тыххӕй бӕлвырдӕй ницы загътаиккой?

Светӕ: Куыннӕ.

Каринӕ: Фӕлӕ Библийы ӕппындӕр ницы ис фыст, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ууыл кӕй ахуыр кодтой, уый тыххӕй. Ӕркӕсӕм-ма Филиппӕгтӕм 2:9 стихмӕ. Уым, Чырыстийы фыццаг фӕдылдзӕуджытӕй иу, апостол Павел, фыссы, Чырысти куы амард ӕмӕ уый фӕстӕ куы райгас, уӕд Хуыцау цы сарӕзта, уый тыххӕй: «Хуыцау [ӕй] ноджы уӕлдӕр сӕвӕрдта ӕмӕ йын нӕ бавгъау кодта, ӕппӕт иннӕ нӕмттӕй уӕлдӕр чи у, ахӕм ном». Светӕ, ацы стихмӕ гӕсгӕ Хуыцау цы сарӕзта?

Светӕ: Хуыцау Чырыстийы ноджы уӕлдӕр сӕвӕрдта.

Каринӕ: Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ Хуыцауы ӕмсӕр куы уыдаид ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ Хуыцау ноджы уӕлдӕр куы сӕвӕрдтаид, уӕд афтӕ нӕ уайы, ӕмӕ йӕ йӕхицӕй уӕлдӕр сӕвӕрдта? Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ис, цӕмӕй исчи Хуыцауӕй уӕлдӕр уа?

Светӕ: Нӕй.

Каринӕ: Уӕдӕ, цӕуыл аныхас кодтам, уый фӕдыл цавӕр хъуыдымӕ ӕрцыдтӕ? Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ Чырысти Хуыцау у?

Светӕ: Нӕй. Библийы фыст ис, Чырысти Хуыцауы Фырт кӕй у.

Каринӕ: Раст зӕгъыс. Светӕ, бауырнӕд дӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Чырыстийӕн тынг аргъ кӕнынц. Мах ӕууӕндӕм, Чырысти кӕй у Хуыцауӕй ӕрвыст, ӕмӕ йӕ мӕлӕты фӕрцы коммӕгӕс адӕмӕн кӕй фӕзынд фадат, цӕмӕй фервӕзой.

Светӕ: Ууыл ӕз дӕр ӕууӕндын.

Каринӕ: Уӕдӕ уӕд, чи зоны, искуы хъуыды кодтай, Чырысти мах тыххӕй йӕ цард кӕй радта, уымӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын *.

Светӕ: Кодтон.

Каринӕ: Мӕ бон у, ӕмӕ ма дӕм ӕндӕр хатт дӕр ӕрбацӕуон ӕмӕ уӕд, ацы фарстайы фӕдыл Библийы цы фыст ис, ууыл аныхас кӕндзыстӕм. Иннӕ къуыри ацафон хӕдзары уыдзынӕ?

Светӕ: Уыдзынӕн, ӕрбацу-иу.

Каринӕ: Тынг хорз. Цӕй, уӕдӕ уал дзӕбӕх у.

[Фиппаинаг]

^ 76 абз. Ацы фарстайы фӕдыл фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 5 сӕр.