Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...

«Стъалы» кӕй фӕндӕй фӕзынд?

«Стъалы» кӕй фӕндӕй фӕзынд?

▪ Ды дӕр куыннӕ федтаис ахӕм ныв кӕнӕ равдыст: ноггуырд Йесо кӕвдӕсы хуыссы ӕмӕ йӕм ӕртӕ паддзахы кӕнӕ ӕртӕ куырыхон лӕджы ӕрбацыдысты. Бирӕтӕ куыд хъуыды кӕнынц, афтӕмӕй сын Хуыцау стъалыйы руаджы Вифлееммӕ фӕндаг бацамыдта. Иуӕй-иу бӕстӕты сывӕллӕтты куы бафӕрсай, уӕд уыцы ӕртӕ паддзахы нӕмттӕ зӕгъгӕ дӕр кӕндзысты – Мельхиор, Гаспар ӕмӕ Бальтазар. Фӕлӕ Библийы та уый тыххӕй цы фыст ис? Хабар ӕцӕгдӕр афтӕ уыд? Нӕ уыд. Ӕмӕ уымӕн ис цалдӕр бӕлвырдгӕнӕны.

Фыццаг: Йесойы фенынмӕ чи ӕрбацыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕ чи уыдысты? Библийы грекъаг ӕвзагыл, ома ацы хабӕрттӕ фыццаг цы ӕвзагыл фыст ӕрцыдысты, ууыл, уыцы нӕлгоймӕгты тыххӕй афтӕ загъд нӕй, паддзӕхтӕ кӕнӕ куырыхон лӕгтӕ уыдысты, зӕгъгӕ, фӕлӕ дзы фыст ис, кӕй уыдысты стъалыдӕснытӕ, ома астрологтӕ. Уыдон, мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг адӕмы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, дӕсны фарстой стъалытӕм кӕсгӕйӕ. Библийы нӕдӕр сӕ нӕмтты кой ис, нӕдӕр, цалӕй уыдысты, уый кой.

Дыккаг: уыцы нӕлгоймӕгтӕ Йесойы фенынмӕ кӕд ӕрбацыдысты? Ноггуырд куы уыд ӕмӕ ма кӕвдӕсы куы хуыссыд, уӕд нӕ, фӕлӕ фӕстӕдӕр. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Чырыстийы царды хабӕрттӕ чи ныффыста, уыдонӕй иу, Матфей, загъта: «Хӕдзармӕ мидӕмӕ куы бацыдысты, уӕд дзы федтой сывӕллоны йӕ мад Марийӕимӕ» (Матфейы 2:11). Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, Йесо кӕвдӕсы нӕ, фӕлӕ хӕдзары йӕ ныййарджытимӕ кӕй уыд. Уымӕй уӕлдай, цӕмӕй стъалыдӕснытӕ сӕ бӕстӕйӕ Вифлееммӕ бахӕццӕ уыдаиккой, уый тыххӕй сӕ иу-цалдӕр мӕйы хъуыд цӕуын, ӕмӕ уӕдмӕ Йесо ноггуырд нал уыд.

Ӕртыккаг: стъалыдӕснытӕ цы «стъалыйы» фӕдыл цыдысты, уый арвыл кӕй фӕндӕй фӕзынд? Дины разамонджытӕн сӕ фылдӕр зӕгъынц, зӕгъгӕ, Хуыцауы фӕндӕй. Фӕлӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у? Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, уыцы «стъалы» стъалыдӕсныты комкоммӕ Вифлееммӕ кӕй не ’рбакодта, фӕлӕ уал сӕ кӕй акодта паддзах Иродмӕ, Иерусалиммӕ. Стъалыдӕснытӕ Иродӕн куы загътой, дзуттӕгты паддзах чи хъуамӕ суыдаид, уый кӕй райгуырд, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы кадмондаг паддзах ӕмӕ ӕгъатыр лӕгмарӕн йӕ зӕрдӕ фырмӕстӕй ссыгъд (Матфейы 2:2). Мӕнгард Ирод стъалыдӕснытӕн загъта, уый дӕр сывӕллонӕн скад кӕнын кӕй фӕнды, ӕмӕ сын бабар кодта, цӕмӕй, сывӕллон кӕм ис, уый бӕлвырд базыдтаиккой ӕмӕ йын ӕй загътаиккой. Уый фӕстӕ «стъалы» стъалыдӕсныты ӕрбакодта Иосиф ӕмӕ Марийӕмӕ. Уӕдӕ стъалыдӕснытӕ фыццаг Иродмӕ кӕй бацыдысты, уымӕй гыццыл Йесойы цард тӕссаг уавӕры баппӕрстой. Фӕлӕ йӕ Хуыцау бахъахъхъӕдта. Стъалыдӕснытӕ Иродмӕ хабар радзурынмӕ кӕй нал ӕрбаздӕхтысты, уый тыххӕй Ирод афтӕ тынг смӕсты, ӕмӕ Вифлеемы ӕмӕ йӕ алыварс цы хъӕутӕ уыд, уым, дыууӕ азы ӕмӕ уымӕй къаддӕр кӕуыл цыд, уыцы лӕппуты се ’ппӕты дӕр амарын кодта (Матфейы 2:16).

Бирӕ азтӕ фӕстӕдӕр Йегъовӕ Чырыстийӕ загъта, «мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт», зӕгъгӕ (Матфейы 3:17). Ахъуыды-ма кӕнӕм: йӕ фырты афтӕ тынг чи уарзта ӕмӕ фау ӕрхӕссӕн кӕмӕ нӕй, уыцы Фыд йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн стъалыдӕсныты куыд хъуамӕ равзӕрстаид – йӕ закъонмӕ гӕсгӕ стыр тӕригъӕдыл нымад цы у, уыдӕттӕ, ома хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст хъуыддӕгтӕ, чи кӕны, уыдоны? (Дыккаг закъон 18:10). Ау, куыд бакодтаид афтӕ, цӕмӕй сӕ стъалы уыцы бӕстӕйы ӕппӕты ӕгъатырдӕр адӕймагмӕ ӕмӕ лӕгмармӕ ӕрбакодтаид, ӕмӕ йын ахӕм хабар радзырдтаиккой, цӕмӕй фырмӕстӕй йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс ссыдаид? Уӕдӕ уый гӕнӕн куыд уыд, ӕмӕ Хуыцау уыцы стъалыйӕ ӕмӕ стъалыдӕснытӕй спайда кодта, цӕмӕй йе ’нахъом фырт кӕм ис, уый раргом кодтаид?

Цӕмӕй ацы хабар хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй ӕрхӕссӕм ахӕм дӕнцӕг: ӕфсады хицау йӕ хуыздӕр ӕфсӕддоны ахсджиаг хӕсимӕ знӕгты ’хсӕнмӕ арвыста, кӕд уый тӕссаг уыд, уӕддӕр. Цымӕ уыцы хицау знӕгтӕн фӕхабар кӕндзӕн, ӕфсӕддон кӕм ис, уый? Ай-гъай дӕр, нӕ! Йегъовӕ дӕр йӕ Фырты рарвыста, йӕ цардӕн тӕссаг кӕм уыд, ахӕм дунемӕ. Уӕдӕ, цымӕ, Хуыцау фыдзӕрдӕ паддзах Иродӕн загътаид, йе ’нахъом фырт кӕм ис, уый? Хуыцау афтӕ никуы бакодтаид!

Уӕдӕ «стъалы» кӕй фӕндӕй фӕзынд? Гыццыл Йесойы мӕлӕтмӕ ӕппӕты тынгдӕр чи бӕллыд? Кӕй фӕндыд, цӕмӕй ма сыстыр уыдаид ӕмӕ зӕххыл йӕ хӕс ма сӕххӕст кодтаид? Адӕмӕн сӕ сӕрызонд чи хӕццӕ кӕны ӕмӕ сӕ сайынмӕ, фыдмитӕ кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ кӕрӕдзи марынмӕ чи ардауы? Уый у Хӕйрӕг. Чырысти йӕ схуыдта «мӕнгдзурӕг ӕмӕ мӕнгдзинады фыд», стӕй дзы загъта, зӕгъгӕ, «уый йӕхи фӕндагыл куы слӕууыд, уӕд дӕр уыди лӕгмар» (Иоанны 8:44).