Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕмы цард раджы заманты. Зӕхкусӕджы фыдӕбон

Адӕмы цард раджы заманты. Зӕхкусӕджы фыдӕбон

«[Чырысти] йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: „Кӕрдинаг бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита“» (МАТФЕЙЫ 9:37, 38).

АХСДЖИАГ хъуыддӕгтӕ ӕмбарын кӕнгӕйӕ-иу Чырысти арӕх ракодта зӕххы куыст ӕмӕ кусӕнгӕрзты кой (Матфейы 11:28–30; Марчы 4:3–9; Лукайы 13:6–9). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, цы адӕмы ’хсӕн цард, уыдонӕй бирӕтӕ кодтой зӕххы куыст, ӕмӕ цы мадзӕлттӕй пайда кодтой, уыдон бирӕ ӕнусты дӕргъы нӕ аивтой. Йесо цы фӕсномыг ныхӕстӕ хаста, уыдон адӕм хорз ӕмбӕрстой, уымӕн ӕмӕ ист уыдысты сӕ цардӕй. Чырысти хорз зыдта уыцы адӕмы, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ хъардтой (Матфейы 7:28).

Чырыстийы фӕсномыг ныхӕстӕ ӕмӕ ма Библийы цы ӕндӕр хабӕрттӕ фыст ис, уыдон хуыздӕр бамбардзыстӕм, фыццаг ӕнусы зӕхкусджыты фыдӕбоны тыххӕй фылдӕр куы базонӕм, уӕд: цы сагътой, цавӕр кусӕнгӕрзтӕй пайда кодтой ӕмӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты.

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, зӕхкусӕг йӕ куыстытӕ куыд кӕны, уый. Ацы статьяйы цы стихтӕ ис, уыдон бакӕс ӕмӕ, цы базонай, ууыл-иу ахъуыды кӕн.

Рӕстӕг садзынӕн

Зӕхкусӕг хуры фыццаг тынтӕй йӕ цӕстытӕ ’мбӕхсы, афтӕмӕй йӕ хӕдзары къӕсӕрыл лӕууы ӕмӕ райсомы уымӕл уӕлдӕф улӕфы. Къӕвдатӕ хурсыгъд зӕхх донӕй бафсӕстой. Ӕрхӕццӕ хуым кӕныны рӕстӕг. Зӕхкусӕг рог хъӕдын гутон йе уӕхскыл авӕрдта ӕмӕ йӕ зӕххы хаймӕ араст.

Уым йӕ галты сивтыгъта ӕмӕ сӕ размӕ тӕры. Гутоны ӕфсӕйнаг бырынкъ зӕххы фӕныхст. Гутон зӕхх нӕ фӕлдахы, фӕлӕ йӕ фӕлмӕн кӕны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, йӕ фӕстӕ цы фӕд уадзы, уый арф нӕу (1). Зӕхкусӕг дурджын зӕххыл йӕ къӕхтӕ къуыргӕ цӕуы, фӕлӕ уӕддӕр архайы, цӕмӕй йӕ хахх зылын ма ацӕуа – фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс нӕ кӕны, уымӕн ӕмӕ уӕд йӕ гутон дыууӕрдӕм кӕндзӕн (Лукайы 9:62). Йӕ гыццыл зӕххы гӕппӕлы арӕнтӕй хъуамӕ ма ахиза ӕмӕ йӕ хорз бакуса.

Зӕхх хуымгонд ӕрцыд ӕмӕ ныр цӕттӕ у садзынмӕ. Зӕхкусӕг иу къухӕй хъӕбӕрхоры голлагыл хӕцы, иннӕ къухӕй та нӕмгуытӕ дыууӕрдӕм пырх кӕны (2). Йӕ хуымы ис над къахвӕндӕгтӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕмгуытӕ афтӕ пырх кӕны, цӕмӕй «хорз зӕхмӕ» хауой (Лукайы 8:5, 8).

Уый фӕстӕ та зӕххыл фӕхъӕуы похци аласын. Зӕхкусӕг галты фӕстӕ хихджын къалиутӕ бабаста, ӕмӕ сӕ галтӕ хуымыл ралас-балас кӕнынц. Сӕ алыварс та мӕргътӕ, сӕ хъӕрӕй бӕстӕ сӕ сӕрыл систой, афтӕмӕй ратӕх-батӕх кӕнынц ӕмӕ, зӕххы бын чи нӕма фӕци, уыцы нӕмгуытӕ уидзынц. Фӕстӕдӕр зӕхкусӕг къӕпийӕ (3) зӕхх сфӕлмӕн кӕндзӕн ӕмӕ, ӕвзартӕ сырӕзын чи нӕ фӕуадзы, уыцы хӕмпӕлгӕрдӕг барувдзӕн (Матфейы 13:7).

Тыллӕг ӕфснайыны рӕстӕг

Цалдӕр мӕйы рацыд. Къӕвдаты рӕстӕг фӕци. Хъӕбӕрхор сцӕттӕ, ӕфсиртӕ хурмӕ урс-урсидӕй зынынц ӕмӕ сӕ рог дымгӕ денджызы уылӕнтау фӕйлауы (Иоанны 4:35).

Хуымгӕрдӕн афон зӕхкусӕгӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн бирӕ куыст вӕййы. Хуымгӕрдӕг ӕфсиртыл галиу къухӕй ныххӕцы, рахизӕй та сӕ ӕхсырфӕй (4) ралыг кӕны. Иннӕтӕ та ’фсиртӕ ӕмбырд кӕнынц ӕмӕ дзы куыристӕ бӕттынц (5), стӕй сӕ хӕрджытыл кӕнӕ уӕрдӕттыл сӕвӕрынц (6), цӕмӕй сӕ уый фӕстӕ хъӕумӕ найгӕнӕн мусмӕ аласой.

Арвыл иу мигъы къӕм дӕр нӕй. Хур цӕхӕртӕ калы. Хуымгӕрдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ иу гыццыл сӕ фӕллад суадзынмӕ легъуибӕласы аууон ӕрбадтысты. Хъуысы сӕ худын ӕмӕ сӕ хъӕлдзӕг ныхас. Сӕ разы ис дзул, цӕкуытӕ, оливӕтӕ, хус легъуитӕ ӕмӕ чисмис. Бинонтӕ бахордтой, суадоны донӕй бынызтой ӕмӕ та ногӕй сӕ куыстмӕ бавнӕлдтой (Дыккаг закъон 8:7).

Сӕ фарсмӕ цы хуым ис, уым та, хуымгӕрдджыты фӕстӕ ма цы ’фсиртӕ баззад, уыдон адӕм ӕмбырд кӕнынц (7). Иуӕй-иутӕ дзы сты тынг мӕгуыр ӕмӕ сӕхицӕн зӕххытӕ нӕй (Дыккаг закъон 24:19–21).

Фӕстӕдӕр найгӕнӕн мусы, ома лӕгъзгонд хъӕбӕр зӕххыл, зӕхкусӕг куыристӕ акалы. Галтӕ найгӕнӕн дзоныгъ ӕфсиртыл ралас-балас кӕнынц (8) (Дыккаг закъон 25:4). Дзоныгъыл бынӕй ис цыргъ дуртӕ ӕмӕ ӕфсӕйнаг къуызыртӕ, ӕмӕ йӕ быны цы ӕфсиртӕ фӕвӕййы, уыдонӕн сӕ нӕмгуытӕ фӕхицӕн вӕййынц.

Зӕхкусӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсы изӕры рог дымгӕмӕ (Руф 3:2). Изӕрдалынгты хъӕдын сагойӕ кӕнӕ «дымгӕмӕдарӕн фыййагӕй» (9) найгонд ӕфсиртӕ хӕрдмӕ ӕппарын райдыдта (Матфейы 3:12). Зыгуым дымгӕ ахӕссы, хоры нӕмгуытӕ та бынмӕ хауынц. Рӕстӕг цӕуы. Мӕнӕ ма фӕстаг ӕфсиртӕ дымгӕмӕ сӕппӕрста. Ныр ис баулӕфӕн дӕр.

Хур куыддӕр скаст, афтӕ зӕхкусӕгӕн йӕ ус ӕмӕ йӕ чызджытӕ райдыдтой хор луарын (10). Сыхырна байдзаг кӕнынц, нырма бырӕттимӕ чи вӕййы, уыцы хорӕй, ӕмӕ йӕ тилын райдайынц. Луӕрст хор згъӕлы чыргъӕдтӕм, бырон та зайы сыхырнайы. Хор ацы аз хорз ӕрзад. Кусджытӕ хорӕн йӕ иу хай кӕнынц дурынты (11). Цы ма дзы баззайа, уый та бафснайдзысты хордӕтты.

Зӕхкусӕг мусмӕ бацыд, йӕ фӕллад уӕнгтӕ аивӕзта ӕмӕ йӕ цӕст ахаста, хъӕуы алыварс цы хуымтӕ ис, уыдоныл. Ӕхсызгон ын у, дардӕй алыхуызон гӕппӕлтӕй хуыд хъӕццулы хуызӕн чи зыны ӕмӕ ма ӕрмӕст карст хоры хъӕдтӕ кӕм баззад, уыцы быдыртӕм кӕсын. Фӕлӕ дзы цас бафыдӕбон кӕнын хъуыд! Кӕсы, адӕм куыд зилынц сӕ сӕнӕфсирдӕттӕм, оливӕбӕлӕстӕм, гранаттӕм ӕмӕ легъуибӕлӕстӕм. Уӕртӕ йӕ сыхаг дӕр йӕ гыццыл цӕхӕрадоны цыдӕртӕ кусы ӕмӕ йӕм йӕ къух тилы. Тагъд сцӕттӕ уыдзысты джитъритӕ, хъӕдур ӕмӕ хъӕдындз. Зӕхкусӕг арвмӕ скаст ӕмӕ Хуыцауӕн йӕ рӕдау лӕвӕртты тыххӕй зӕрдӕбын бузныг загъта.

[Нывтӕ 28–30 фӕрстыл]

(Кӕс публикацимӕ)