Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕмӕн цы пайда хӕссы, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ сӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц, уый?

Адӕмӕн цы пайда хӕссы, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ сӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц, уый?

АЙРАЗМӔЙЫ статьяйы ныхас цыди, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн политикӕимӕ иумӕйагӕй кӕй ницы ис, ууыл. Фӕлӕ цӕмӕй бӕрӕг у, уыдон адӕмы цард хуыздӕрырдӕм фӕивыныл кӕй архайынц, уый? Иу хъуыддаг уый, ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц Чырыстийы фӕдзӕхст: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл, ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын» (Матфейы 28:19, 20).

Чырыстийы фӕдзӕхст, «цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ, сымах стут зӕххы цӕхх ӕмӕ дунейы рухс, зӕгъгӕ, кӕрӕдзиимӕ ӕнгом баст сты (Матфейы 5:13, 14). Куыд? Стӕй, цымӕ, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый адӕмӕн цы пайда хӕссы?

Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ цы хабар хъусын кӕнынц, уый адӕмы хъахъхъӕнгӕ дӕр кӕны ӕмӕ сын рухс дӕр дӕтты

Цӕхх хойраг ӕмбийын кӕнӕ сӕфын куыд нӕ уадзы, афтӕ Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ ӕппӕт адӕмтӕн дӕр цы хорз хабар хъуыстгонд цӕуы, уый адӕмы ӕвзӕрдзинадӕй хъахъхъӕны. Чырыстийы амындтӕм гӕсгӕ йӕ цард чи аразы, уыдон ацы хӕлд дунейы се ’гъдау сафын, кӕнӕ чъизи кӕнын, нӕ уадзынц. Уыдон сӕхи хизынц, се ’нӕниздзинадыл сын ӕвзӕрырдӕм чи фӕзыны, ахӕм хъуыддӕгтӕй, зӕгъӕм, тамако дымынӕй. Уымӕй уӕлдай сӕм фӕзыны уарзондзинад ӕмӕ ӕндӕр хорз миниуджытӕ: свӕййынц фарнуарзаг, хиуылхӕцгӕ, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ хӕрзӕгъдау (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Ахӕм миниуджыты фӕрцы иннӕтӕн семӕ ӕнцондӕр у цӕрын. Уӕдӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ адӕмӕн Хуыцауы ныхас кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй сын стыр пайда хӕссынц.

Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты рухсимӕ кӕй абарста, уый тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Мӕй хуры рухсӕй куыд рухс кӕны, афтӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ та «рухс кӕнынц» Йегъовӕйы «рухсӕй». Уыдон адӕмӕн рухсы хуызӕн уымӕн сты, ӕмӕ сын хорз хабар хъусын кӕнынц, стӕй сын хорздзинад аразынц (1 Петры 2:12).

Чырысти бамбарын кодта, адӕймаг рухсы хуызӕн уа ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинаг уа, уыцы дыууӕ хъуыддаджы ӕмхуызон цӕмӕй сты: «Цырагъ куы ссудзынц, уӕд ӕй барӕн къусы бын нӕ бавӕрынц, фӕлӕ йӕ сӕвӕрынц цырагъдарӕныл, ӕмӕ йӕ рухс фӕкӕлы хӕдзары алкӕмӕ дӕр. Афтӕ уӕ рухс дӕр кӕлӕд адӕммӕ». Цырагъ цырагъдарӕныл куы вӕййы, уӕд ӕй, йӕ алыварс чи ис, уыдон се ’ппӕт дӕр фӕуынынц. Афтӕ чырыстӕттӕ дӕр хорз хабар кӕй хъусын кӕнынц ӕмӕ хорздзинад кӕй аразынц, уый дӕр хъуамӕ иууылдӕр уыной. Цӕмӕн? Чырысти загъта, зӕгъгӕ йын йӕ фӕдылдзӕуджыты хорз хъуыддӕгтӕ чи уына, уыдон сын сӕхицӕн нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн кад кӕндзысты (Матфейы 5:14–16).

Иумӕйаг хӕс

Чырысти афтӕ куы загъта, «сымах стут ацы дунейӕн рухс» ӕмӕ «уӕ рухс... кӕлӕд», зӕгъгӕ, уӕд йе ’ппӕт фӕдылдзӕуджыты кой дӕр кодта. Чырыстийы фӕдзӕхст цалдӕр адӕймагӕн, уымӕй дӕр алыхуызон динтыл хӕст чи у, уыдонӕн, сӕ бон сӕххӕст кӕнын нӕу. Дунейӕн «рухс» хъуамӕ уой, Хуыцауыл чи ’ууӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ абон сты авд милуанӕй фылдӕр ӕмӕ цӕрынц 235 бӕстӕйӕ фылдӕры, ӕмӕ уыдон сӕ иумӕйаг хӕсыл нымайынц, Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн кӕй бафӕдзӕхста, уыцы хабар хъусын кӕнын.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕй тыххӕй дзурынц, уымӕн йӕ сӕйраг хъуыды цы у? Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн куы бахӕс кодта, хорз хабар хъусын кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд сын афтӕ нӕ загъта, цӕмӕй адӕмӕн дзурой, цард ӕмӕ политикӕйы уавӕр фӕивын кӕй хъӕуы, дин ӕмӕ хицауад ӕмвӕндӕй кӕй хъуамӕ архайой, стӕй сын ӕндӕр ахӕм хабӕртты кой кӕнын дӕр нӕ бахӕс кодта. Чырысти загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой» (Матфейы 24:14). Чырыстийӕн йӕ фӕдылдзӕуджытӕ йӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый скӕндзӕн кӕрон Хӕйрӕджы фыддунейӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый ӕрӕвӕрдзӕн зӕххыл ног цард.

Библи кӕсгӕйӕ базонӕн ис, Чырыстийы лӕггад цавӕр дыууӕ хъуыддагӕй хицӕн кодта, уый. Абон йӕ фӕдылдзӕуджытӕ цы куыст кӕнынц, уый дӕр бӕрӕг дары уыцы хъуыддӕгтӕй. Ныхас сыл цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Хицӕнгонд текст 8 фарсыл]

Хорз хабар цӕххимӕ цӕмӕн ис абарӕн?

[Хицӕнгонд текст 9 фарсыл]

Хорз хабар, талынг ран чи ис, ахӕм рухсимӕ цӕмӕн ис абарӕн?