Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Апостол Павелы кӕдӕм бакодтой, уыцы «тӕрхоны бынат» цы уыд?

Хъуыддӕгты 18:12, 13 стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй, Коринфы цы дзуттӕгтӕ цард, уыдон Павелы аххосджын кодтой, зӕгъгӕ йын закъонмӕ гӕсгӕ бар нӕй, афтӕмӕй адӕмӕн йӕ дины тыххӕй дзырдта. Уымӕ гӕсгӕ йӕ акодтой «тӕрхоны бынатмӕ», кӕнӕ, грекъагау бе́мӕ кӕй хуыдтой, уырдӕм (ацы дзырд нысан кӕны «къӕпхӕн»). Рагон Коринфы, агорӕйы астӕу, ома базары фӕзы астӕу, уыди бӕрзонд лӕууӕн бынат. Уырдыгӕй дзуттаг ӕмбырдгӕнӕнмӕ цалдӕр къахдзӕфы йеддӕмӕ нӕ уыд. Уыцы бынат бӕрзонд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу уырдыгӕй адӕмимӕ ныхас кодтой. Конд уыди ӕрвхуыз ӕмӕ урс мраморӕй рӕсугъд нывӕфтыдтимӕ. Йӕ фарсмӕ ма уыди, адӕм-иу кӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты, ахӕм дыууӕ агъуысты мраморӕй конд бандӕттимӕ ӕмӕ алыхуызон гыццыл дуртӕй конд пъолимӕ.

Апостол Павелӕн куы тӕрхон кодтой ӕмӕ йӕ Ахайы хицау Галлионы размӕ куы ракодтой, уӕд ӕй, ӕвӕццӕгӕн, ӕрлӕууын кодтой ахӕм бӕрзонд бынаты. Ахӕм ран-иу, бартӕ кӕй къухы уыдысты, уыдон адӕймагӕн йӕ хъуыддаг равзӕрстой ӕмӕ-иу ын цы тӕрхон рахастой, уый-иу уырдыгӕй фехъусын кодтой.

Уӕдӕ диссаг нӕу, грекъаг горӕтты-иу адӕм, алыхуызон хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрст кӕм цыдысты, уыцы бе́мӕ-ты раз кӕй ӕрӕмбырд сты, уый. Чырыстийӕн куы тӕрхон кодтой, уӕд, Матфейы 27:19 ӕмӕ Иоанны 19:13 стихты (грекъаг текстмӕ гӕсгӕ) куыд фыст ис, афтӕмӕй Понтий Пилат адӕмимӕ ныхас кодта бе́мӕ-йӕ, ома йӕ тӕрхоны бынатӕй. (Абар ма Хъуыддӕгтӕ 12:21.)

Чырысти цавӕр мӕлӕтӕй амард, уый дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕн цӕлхдур цӕмӕн уыд?

Апостол Павел загъта: «Мах... хъусын кӕнӕм, хъӕдыл кӕй байтыгътой, уыцы Чырыстийы тыххӕй. Уыцы хабар дзуттӕгтӕн у цӕлхдур, иннӕ адӕмтӕн та – ӕнӕзонддзинад» (1 Коринфӕгтӕм 1:23). Цымӕ, Чырысти цавӕр мӕлӕтӕй амард, уый иуӕй-иутӕн цӕлхдур цӕмӕн уыд?

Чырыстийы куыд амардтой, уый тыххӕй ӕмӕ, фыццаг ӕнусы Ӕввахс Скӕсӕны цы ’гъдӕуттӕ уыд, уый тыххӕй иу библииртасӕг, Бен Уидерингтон III, зӕгъы: «Уыцы заманты ахӕм мӕлӕтӕй ӕгаддӕр ницы уыд. Ахӕм мардӕй-иу чи амард, уый-иу, ӕнаххосӕй чи фӕхъизӕмар кодта, ахӕм адӕймагыл нӕ нымадтой». Уидерингтон ма зӕгъы: «Уӕды заманты адӕм хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, адӕймаг цавӕр уыд, уый базонӕн ис, цавӕр мӕлӕтӕй амард, уымӕй. Ӕмӕ уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ Чырысти уыди мӕнгард, йӕ бӕстӕйыл гадзрахатӕй чи рацыд, ахӕм адӕймаг, стӕй-иу, хицӕутты ныхмӕ чи цыд, уыцы цагъарты-иу цы мардӕй амардтой, ахӕм мӕлӕты аккаг адӕймаг». Ацы хабӕрттӕ зонгӕйӕ, куыд ис зӕгъӕн, ӕмӕ фыццаг чырыстӕттӕ Чырыстийы мӕлӕты ӕмӕ райгасдзинады хабар сӕхӕдӕг ӕрхъуыды кодтой?