Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ!»

«Хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ!»

«Хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ!»

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты облӕстон конгресс

МАЙРӔМБОН

«Йегъовӕ... кӕсы зӕрдӕмӕ» (1 САМУИЛЫ 16:7).

САБАТ

«Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йедзаг цӕмӕй вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны» (МАТФЕЙЫ 12:34).

ХУЫЦАУБОН

«Дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ уӕд» (1 АЗФЫСТЫТЫ 28:9).

Библийы дзырд «зӕрдӕ» ӕмбӕлы иу мин хатты бӕрц, фӕлӕ уыцы ныхас арӕхдӕр ӕнӕуи зӕрдӕмӕ нӕ фӕамоны, фӕлӕ адӕймагӕн йӕ хъуыдытӕм, йе ’нкъарӕнтӕм ӕмӕ йӕ фӕндтӕм.

Цымӕ нӕ нӕ «зӕрдӕ» хъахъхъӕнын цӕмӕн хъӕуы? Паддзах Соломон Хуыцауы фӕндӕй ныффыста: «Хъахъхъӕнинаг цы у, уыдӕттӕй ӕппӕтӕй тынгдӕр хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ уым гуырынц царды суадӕттӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 4:23). Нӕ «зӕрдӕ» цавӕр у, уымӕй кӕнгӕ у, абон нӕ цардӕй райгонд уыдзыстӕм ӕви нӕ, стӕй нӕ фидӕны цард дӕр. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕм кӕсы (1 Самуилы 16:7). Хуыцау нӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый баст у, «нӕ зӕрдӕйы цы ис», ууыл (1 Петры 3:4).

Нӕ бон куыд у нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын? Ацы фарстайыл бӕстон ныхас цӕудзӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты облӕстон конгрессты. Уыцы конгресстӕ цӕудзысты бирӕ бӕстӕты ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл дӕр ӕмӕ райдайдзысты майы райдианы. Алы конгресс дӕр цӕудзӕн ӕртӕ боны, ӕмӕ дӕу дӕр зӕрдиагӕй хонӕм *. Уым цы базонай, уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнай (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

[Фиппаинаг]

^ 11 абз. Конгресс хӕстӕгдӕр ран кӕм уыдзӕн, уый дӕ бон базонын у веб-сайты www.pr418.com. Йе та бафӕрс Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕй кӕнӕ та ныффысс, ацы журнал мыхуыры чи уадзы, уыдонмӕ.

[Ныв 32 фарсыл]

Photo on right: Aus dem Fundus der MÜNCHNER OLYMPIAPARK GMBH, München