Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырысти политикӕмӕ цы цӕстӕй каст?

Чырысти политикӕмӕ цы цӕстӕй каст?

ЕВАНГЕЛИТЫ цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдонӕй базонӕн ис, Чырысти политикӕмӕ цы цӕстӕй каст, уый. Йесо донаргъуыд райста, 30 азы бӕрц ыл куы цыд, уӕд. Уыцы хабары фӕстӕ йын Хӕйрӕг загъта, дунейы хицауы бартӕ йын кӕй ратдзӕн. Фӕстӕдӕр та, Йесо лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд адӕмы бафӕндыд, цӕмӕй сӕ паддзах суыдаид. Ӕндӕр хатт та йӕм чидӕртӕ радтой, политикӕимӕ баст чи уыд, ахӕм фарста. Цымӕ уыцы ӕртӕ уавӕры Чырысти куыд бакодта?

Дунейы хицау. Библийы фыст ис, Хӕйрӕг Чырыстийӕн афтӕ кӕй загъта, «дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ» дын ратдзынӕн, зӕгъгӕ. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Чырысти дунейы хицау куы уыдаид, уӕд мӕгуыр адӕмӕн цас хорздзинӕдтӕ скодтаид ӕмӕ сын сӕ цард куыд фенцондӕр кодтаид! Адӕмыл чи тыхсы ӕмӕ афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ сын политикӕйы руаджы баххуыс кӕнӕн ис, ахӕм адӕймагӕн дунейы хицауы бартӕ исчи куы дӕттид, уӕд ӕнӕмӕнгӕй сразы уаид. Фӕлӕ Чырысти не сразы (Матфейы 4:8–11).

Паддзах. Чырыстийы заман бирӕты фӕндыд, цӕмӕй сын сабыр ӕмӕ ӕнӕмӕт цард чи радтаид, ахӕм хицау уыдаид. Адӕм уыдтой, Чырыстийӕн йӕ бон бирӕ кӕй уыд, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ бафӕндыд, цӕмӕй политикӕйы хъуыддӕгты архайдтаид. Фӕлӕ Чырысти йӕхӕдӕг цы хъуыды кодта? Апостол Иоанн ныффыста: «Йесо... зыдта, адӕм ӕрбацӕуынмӕ кӕй хъавынц, цӕмӕй йӕ ӕрцахсой ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрой, ӕмӕ фӕстӕмӕ иунӕгӕй хохмӕ ацыд» (Иоанны 6:10–15). Куыд зыны, афтӕмӕй Чырысти политикӕйӕ йӕхи хызта.

Политикӕйы архайӕг. Ӕркӕсӕм-ма, Чырыстийы мӕлӕтмӕ ма цалдӕр боны куы хъуыд, уӕд цы ’рцыд, уымӕ. Фарисейты ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ, Ироды фарс чи уыд, уыдон Чырыстимӕ бацыдысты ӕмӕ йӕм радтой, политикӕимӕ баст чи уыд, ахӕм фарста. Фыццӕгты тынг фӕндыд, цӕмӕй дзуттӕгтӕ Ромы хицауады дӕлбар мауал уыдаиккой, дыккӕгтӕ та уыдысты Ромы хицауады фарс. Уыцы адӕм Чырыстийы бафарстой, дзуттӕгты Ромы хицауадӕн хъалон фидын хъӕуы ӕви нӕ, уымӕй.

Марчы чиныджы фыст ис, Чырысти сын цы загъта, уый: «„Цы мӕ къахут? Равдисут-ма мӕм динар“. Уыдон ӕм ӕрбахастой иу динар. Уӕд сӕ бафарста: „Кӕй ныв ӕмӕ кӕй ном ис ацы ӕхцайыл?“ Уыдон ын дзуапп радтой: „Паддзахы“. Ӕмӕ сын уӕд Йесо дӕр загъта: „Уӕдӕ, паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн“» (Марчы 12:13–17). Чырысти сын цы дзуапп радта, уый фӕдыл иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, Чырысти политикӕйы хъуыддӕгты архайын нӕ бакуымдта. Цы сын загъта, уымӕй бӕрӕг уыд, паддзахадӕн йӕхи закъӕттӕ кӕй ис ӕмӕ сӕ кӕй хъӕуы ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ Хуыцауӕн дӕр кӕй ис йӕхи закъӕттӕ ӕмӕ уыдон дӕр кӕй хъӕуы ӕххӕст кӕнын (Church and State—The Story of Two Kingdoms).

Чырысти мӕгуырдзинадмӕ, мӕнгард хъуыддӕгтӕм ӕмӕ адӕмы зындзинӕдтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ каст. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй, адӕм кӕуинаг уавӕры кӕй уыдысты, уый тыххӕй сын Йесо тынг тӕригъӕд кодта (Марчы 6:33, 34). Кӕд иуӕй-иуты фӕндыд, цӕмӕй Чырысти цавӕрдӕр политикон хъуыддӕгты архайдтаид, уӕддӕр Чырысти, йӕ рӕстӕджы цы ӕвзӕрдзинад уыд, уый фесафынмӕ нӕ бавнӕлдта.

Уӕдӕ, куыд федтам, афтӕмӕй Чырысти политикӕйӕ дард лӕууыд. Фӕлӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Политикӕмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой?