Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у
Дӕ цардӕмбал дыл нал ӕууӕнды. Цы ис бакӕнӕн?
Стив *: «Никуы мӕ бауырныдтаид, Джоди мыл искуы гадзрахатӕй рацӕудзӕн, уый. Ӕппындӕр ыл нал ӕууӕндыдтӕн. Йӕ рӕдыд ныххатыр кӕнын мын ахӕм зын уыд, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй».
Джоди: «Ӕмбарын ӕй, Стив мыл цӕуылнӕуал ӕууӕндыд, уый. Бирӕ азтӕ рацыд, цалынмӕ йӕ нӕ бауырныдта, мӕ рӕдыдыл ӕцӕгдӕр кӕй фӕсмон кӕнын».
ЙӔ ЦАРДӔМБАЛ гадзрахатӕй кӕуыл рацыд, уымӕн йӕхи бар у, йӕ цардӕмбалӕй ахицӕн уыдзӕн ӕви йемӕ цӕргӕйӕ баззайдзӕн, уый * (Матфейы 19:9). Уӕлдӕр цы Стивы ныхӕстӕ фыст сты, уый йӕ усӕй нӕ ахицӕн. Йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ усы дӕр нӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ бинонты цард фехӕлдаид. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕмӕй бамбӕрстой, уый тыххӕй ӕрмӕст иумӕ цӕрын фаг кӕй нӕу. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Джоди йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй, йӕ лӕгыл гадзрахатӕй кӕй рацыд, уый аххосӕй йыл йӕ лӕг нал ӕууӕндыд. Бинонты амондӕн та ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй ус ӕмӕ лӕг кӕрӕдзийыл ӕууӕндой. Уӕдӕ Стив ӕмӕ Джодийы ууыл тынг бацархайын хъуыд.
Кӕд сымахӕй дӕр иу иннӕйыл гадзрахатӕй рацыд, фӕлӕ уӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ бинонты цард фехӕла, уӕд уын ӕнцон нӕ уыдзӕн. Хабар куы раргом вӕййы, уӕд уый фӕстӕ фыццаг цалдӕр мӕйы лӕг ӕмӕ усӕн вӕййы уӕлдай зындӕр. Фӕлӕ уӕ ныфс ма асӕттӕд! Цы ис бакӕнӕн, цӕмӕй та кӕрӕдзийыл ӕууӕндын райдайат? Библийы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон уын баххуыс кӕндзысты. Ӕркӕсӕм дзы цыппармӕ.
1 Ӕргом ныхас кӕнут.
«Сымах ныууагътат мӕнг ныхас, ӕмӕ уӕ ныр алчидӕр иннӕмӕн дзурӕд, ӕцӕг цы у, уый»,– загъта апостол Павел (Ефесӕгтӕм 4:25). Адӕймаг куы сайа кӕнӕ, хабар ӕцӕгдӕр куыд у, уый кӕронмӕ куы нӕ дзура, йе та ӕппындӕр куы ницы дзура, уӕд ыл ӕууӕндын зын у. Уӕдӕ кӕрӕдзиимӕ ӕргом ныхас кӕнут.
Цы ’рцыд, ууыл дзурын уын, чи зоны, фыццаг зын уыдзӕн. Фӕлӕ уӕ уӕддӕр уыцы хабарыл искуы ӕргом аныхас кӕнын бахъӕудзӕн. Алцӕуыл дӕр уӕ лыстӕггай дзурын, ӕвӕццӕгӕн, нӕ бафӕнддзӕн, фӕлӕ цыма ӕппындӕр ницы ӕрцыд, уӕхи афтӕ дарат, уый дӕр раст нӕ уыдзӕн. Уӕлдӕр цы Джодийы кой кодтам, уый загъта: «Фыццаг мын уыцы хабары тыххӕй дзурын тынг зын уыд, йӕ кой кӕнын дӕр мӕ нӕ фӕндыд. Цы ’рцыд, ууыл тынг фӕсмон кодтон, ӕмӕ мӕ тагъддӕр куыд ферох уыдаид, уый йеддӕмӕ мӕ ницы хъуыд». Фӕлӕ Стивимӕ кӕй нӕ аныхас кодтой, уый тыххӕй сӕ кӕрӕдзи бынтондӕр нал ӕмбӕрстой. Цӕмӕн? Стив дзуры: «Джоди кӕй ницы дзырдта, уый тыххӕй йыл ӕнӕууӕнк кодтон». Джоди зӕгъы: «Мӕ лӕгимӕ мӕ уыцы хабарыл ныхас кӕнын кӕй нӕ фӕндыд, уый нӕ тынг хъыгдардта, цӕмӕй та раздӕрау кӕрӕдзийыл ӕнувыд уыдаиккам».
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм хабарыл дзурын тынг зын вӕййы. Деббийыл дӕр йӕ лӕг, Пол, йӕ куыстӕй иу сылгоймагимӕ гадзрахатӕй рацыд. Дебби дзуры: «Мӕ сӕры зилдух кодтой алыхуызон фарстатӕ. Куыд? Цӕмӕн? Цымӕ-иу цӕуыл ныхас кодтой? Мӕ хъуыдытӕ ӕдзух ууыл уыдысты, стӕй, цас фылдӕр рӕстӕг цыд, уыйас мӕм фылдӕр фарстатӕ ӕвзӕрд, ӕмӕ уый тыххӕй ӕппындӕр нал фӕрӕзтон мӕхиуыл хӕцын». Пол зӕгъы: «Нӕ ныхас-иу хылмӕ дӕр асайдта. Фӕлӕ-иу уый фӕстӕ алыхатт дӕр кӕрӕдзийӕ хатыртӕ ракуырдтам. Ӕргом ныхас кӕй кодтам, уый фӕрцы кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кодтам».
Цы ис бакӕнӕн, цӕмӕй-иу уыцы хабарыл дзургӕйӕ уӕ ныхас хылмӕ ма асайа? Уӕ зӕрдыл-иу дарут, уӕ сӕйраг нысан уӕ цардӕмбалы бафхӕрын кӕй нӕу, фӕлӕ цы ’рцыд, уымӕй зондӕн исты райсын ӕмӕ, кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр куыд суат, ууыл бацархайын. Зӕгъӕм, Чул Су йӕ бинойнаг Ми Янгыл гадзрахатӕй куы рацыд, уӕд, куыд цардысты, ууыл ногӕй ахъуыды кодтой. Чул Су зӕгъы: «Ӕз ӕй бамбӕрстон, мӕхи хъуыддӕгтыл ӕгӕр кӕй хъуыды кодтон. Стӕй мын сӕйрагдӕр уыд иннӕты зӕрдӕтӕ ссарын. Мӕ рӕстӕг фылдӕр цыд иннӕтӕн баххуыс кӕныныл, ӕмӕ-иу мын уый тыххӕй мӕ усӕн фаг рӕстӕг нал баззад». Ацы лӕг ӕмӕ ус сӕ цардыл лӕмбынӕг кӕй ахъуыды кодтой, уый сын тынг баххуыс кодта, ӕмӕ, рӕстӕг куы рацыд, уӕд та сын сӕ бинонты цард циндзинад хӕссын райдыдта.
УЫНАФФӔ. Кӕд ды рацыдтӕ гадзрахатӕй дӕ цардӕмбалыл, уӕд дӕхи ма рӕстытӕ кӕн, стӕй дӕ цардӕмбалы ма аххосджын кӕн. Дӕ рӕдыды тыххӕй ӕмӕ, дӕ цардӕмбалӕн йӕ зӕрдӕ кӕй фӕриссын кодтай, уый тыххӕй дзуапп раттынмӕ цӕттӕ у. Кӕд дыл дӕ цардӕмбал рацыд гадзрахатӕй, уӕд та дӕхиуыл хӕцын зон: ма-иу ыл хъӕртӕ кӕн, стӕй-иу ын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ дӕр ма кӕн. Ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайат, уӕд уын кӕрӕдзиимӕ ӕргом ныхас кӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн (Ефесӕгтӕм 4:32).
2 Ӕмвӕндӕй архайут.
Библийы фыст ис: «Дыууӕ адӕймагӕн, иунӕгӕй чи у, уымӕй хуыздӕр у». Цӕмӕн? «Уымӕн ӕмӕ сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕу. Сӕ иу куы ахауа, уӕд иннӕ схӕцдзӕн йе ’мбалыл» (Екклесиаст 4:9, 10). Ацы уынаффӕ уын уӕлдайдӕр уӕд баххуыс кӕндзӕн, уӕ хъарутыл куы нӕ ауӕрдат ӕмӕ куы архайат, цӕмӕй та раздӕрау кӕрӕдзийыл ӕууӕндын райдайат.
Цӕмӕй уый уӕ къухы бафта, уый тыххӕй хъӕуы уӕ дыууӕйы фыдӕбон дӕр. Уӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ архайат, цӕмӕй уӕ бинонты цард ма фехӕла. Алчидӕр уӕ хицӕнӕй куы архайа, уӕд уӕ уавӕр фыддӕр йеддӕмӕ хуыздӕр нӕ фӕуыдзӕн. Уӕ дыууӕйӕн дӕр уӕ нысан иу у, ӕмӕ архайгӕ дӕ хъуамӕ кӕнат иумӕ.
Афтӕ кӕй у, уый Стив ӕмӕ Джоди дӕр сӕхицӕй зонынц. Джоди загъта: «Кӕд нӕ нысан нӕ къухы уайтагъд нӕ бафтыд, уӕддӕр ӕмвӕндӕй архайдтам, цӕмӕй нӕ бинонты цард ма фехӕлдаид. Мӕхицӕн фидарӕй загътон, йӕ зӕрдӕ йын кӕй никуыуал фӕриссын кӕндзынӕн. Ӕмӕ кӕд Стивӕн ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр ӕй нӕ фӕндыд, цӕмӕй ахицӕн уыдаиккам. Ӕдзухдӕр хъуыды кодтон, абон та Стивӕн куыд равдисон, иузӕрдион ыл кӕй дӕн, уый. Стив та мын йӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдыста, кӕй мӕ уарзы, уый, ӕмӕ дзы уый тыххӕй цӕрӕнбонты бузныг уыдзынӕн».
УЫНАФФӔ. Ӕмвӕндӕй архайут, цӕмӕй та уӕ кӕрӕдзийыл ӕууӕндын райдайат.
3 Уӕ зондахаст аивут ӕмӕ уӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ ныууадзут.
Иухатт Чырысти Матфейы 5:27–29). Кӕд ды рацыдтӕ гадзрахатӕй дӕ цардӕмбалыл, уӕд ахъуыды кӕн: цӕмӕй дӕ бинонты цард ма фехӕла, уый тыххӕй дӕ, мыййаг, дӕ зондахаст аивын ӕмӕ дӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ ныууадзын нӕ хъӕуы?
адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд сӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй хӕтындзинадӕй сӕхи хызтаиккой, ӕмӕ сын стӕй радта ахӕм уынаффӕ: «Уӕдӕ дӕ кӕд дӕ рахиз цӕст рӕдийын кӕны, уӕд ӕй скъах ӕмӕ йӕ аппар» (Адӕймаг йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй кӕимӕ рацыд, уыимӕ хъуамӕ мауал ӕмбӕла * (Ӕмбисӕндтӕ 6:32; 1 Коринфӕгтӕм 15:33). Уӕлдӕр цы Полы кой кодтам, уый йӕ телефоны номыр аивта, стӕй фӕивта йӕ куысты рӕстӕг дӕр, цӕмӕй уыцы сылгоймагимӕ мауал ӕмбӕлдаид. Фӕлӕ рӕстӕг равдыста, уый фаг кӕй нӕ уыд. Полы нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕм йӕ усы зӕрдӕ ӕхсайдтаид, ӕмӕ йӕ куыстӕй ацыд. Уымӕй уӕлдай йӕхи телефонӕй нал пайда кодта, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр йӕ усы телефонӕй. Цымӕ дзӕгъӕлы бакодта афтӕ? Йӕ ус Дебби дзуры: «Ӕхсӕз азы рацыд, фӕлӕ ма уӕддӕр иуӕй-иу хатт фӕтӕрсын, уыцы сылгоймаг та ногӕй Полимӕ фембӕлыныл куы архайа. Фӕлӕ Полмӕ мӕ зӕрдӕ нал ӕхсайы».
Уымӕй уӕлдай ма дӕ, чи зоны, ноджыдӕр исты аивын бахъӕуа. Зӕгъӕм, искӕимӕ дӕхи афтӕ фӕдарыс, цӕмӕй йӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуай, кӕнӕ та дӕ хъуыдыты дӕ цардӕмбалимӕ нӕ вӕййыс, фӕлӕ ӕндӕр кӕимӕдӕр. Кӕд афтӕ у, уӕд дӕ «зӕронд удыхъӕд йӕ митимӕ ныууадз». Раздӕр цы митӕ кодтай, уыдон мауал кӕн, ӕмӕ дӕхи афтӕ дар, цӕмӕй дӕм дӕ цардӕмбалы зӕрдӕ ма ’хсайа (Колоссӕгтӕм 3:9, 10). Чи зоны, ахӕм бинонты ’хсӕн схъомыл дӕ, ӕмӕ дын ныр дӕ цардӕмбалмӕ дӕ уарзондзинад ӕргом ӕвдисын зын у. Ӕмӕ дын фыццаг хорз куы нӕ уайа, уӕд дӕр-иу ын дзур, кӕй йӕ уарзыс, уый. Стив загъта: «Джоди-иу мын арӕх загъта, уарзын дӕ, зӕгъгӕ».
Хорз уаид, фыццаг рӕстӕджы дӕ цардӕмбалӕн, боны дӕргъы кӕм уыдтӕ ӕмӕ цы куыстай, уыдӕттӕ иууылдӕр куы дзурис. Уӕлдӕр цы Ми Янгы кой кодтам, уый радзырдта: «Цӕмӕй афтӕ ма хъуыды кодтаин, ӕмӕ мӕ Чул Су исты ’мбӕхсы, уый тыххӕй-иу мын алы бон дӕр дзырдта, цы-иу ыл ’рцыд, уыдӕттӕ, суанг афтӕ ахсджиаг чи нӕ уыд, уыцы хабӕрттӕ дӕр».
УЫНАФФӔ. Иумӕ аныхас кӕнут, цы уӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй та кӕрӕдзийыл ӕууӕндын райдайат. Уыцы хъуыддӕгтӕ ныффыссут ӕмӕ сӕ стӕй аразгӕ дӕр кӕнут. Алы бон дӕр цы кусдзыстут, уымӕй уӕлдай ма спълан кӕнут, иумӕ кӕй араздзыстут, уыцы хъуыддӕгтӕ дӕр.
4 Тагъд ма кӕнут.
Чи зоны, сымах цас ӕнхъӕл стут, уымӕй уӕ фылдӕр рӕстӕг бахъӕуа, цӕмӕй та, раздӕр куыд цардыстут, афтӕ цӕрат. Ӕмбисӕндты 21:5 стихы фыст ис: «Тагъд чи кӕны, уымӕн... йӕ фӕстаг цӕуы мӕгуырмӕ». Хатт азтӕ дӕр рацӕуы, цалынмӕ лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл раздӕрау ӕууӕндын райдайынц, уӕдмӕ.
Кӕд дыл дӕ цардӕмбал гадзрахатӕй рацыд, уӕд дӕ бахъӕудзӕн рӕстӕг, цӕмӕй йын зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнай. Ми Янг загъта: «Раздӕр-иу дис кодтон, зӕгъын, ус йӕ лӕгӕн йӕ рӕдыд куыннӕ хъуамӕ ныххатыр кӕна. Уыйбӕрц рӕстӕг куыд ис мӕсты кӕнӕн, уый не ’мбӕрстон. Фӕлӕ уый мӕхи сӕр куы баййӕфта, уӕд ӕй бамбӕрстон, ныххатыр кӕнын ӕнцон цӕуылнӕ у, уый». Цӕмӕй та ус ӕмӕ лӕг кӕрӕдзийыл ӕууӕндын райдайой, уымӕн рӕстӕг куыд хъӕуы, афтӕ рӕстӕг хъӕуы ныххатыр кӕнынӕн дӕр.
Фӕлӕ Екклесиасты 3:1–3 стихты куыд фыст ис, афтӕмӕй ис рӕстӕг «дзӕбӕх кӕнынӕн». Райдианы дӕм, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ дӕ цардӕмбалӕн дӕ хъуыдытӕ ӕргом куы нӕ дзурай, уӕд хуыздӕр уыдзӕн. Фӕлӕ афтӕмӕй кӕрӕдзийыл ӕнувыд куыд суыдзыстут? Цӕмӕй амондджынӕй цӕрат, уый тыххӕй дӕ хъӕуы дӕ цардӕмбалӕн ныххатыр кӕнын. Ӕмӕ йын ӕцӕгдӕр кӕй ныххатыр кодтай, уый та бӕрӕг уыдзӕн, йемӕ ӕргом куы ныхас кӕнай, уӕд. Стӕй дӕ цардӕмбалы дӕр разӕнгард кӕн, цӕмӕй дӕ уый дӕр ма сусӕг кӕна, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый.
Дӕ зӕрдӕ дын ноджы тынгдӕр чи фӕриссын кӕндзӕн, ахӕм хъуыдытӕ дӕхимӕ ӕмгӕрон дӕр ма уадз. Тох кӕн семӕ (Ефесӕгтӕм 4:32). Библийы Хуыцауы тыххӕй цы фыст ис, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын йӕ рӕдыд ныххатыр кӕнай. Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ тынг фӕрыст, йӕ рагон лӕггадгӕнджытӕ йӕм сӕ чъылдым куы раздӕхтой, уӕд. Йӕхи ма суанг, йӕ бинойнаг гадзрахатӕй кӕуыл рацыд, ахӕм лӕгимӕ дӕр абарста (Йереми 3:8, 9; 9:2). Фӕлӕ Йегъовӕ «ӕнустӕм нӕ мӕсты кодта» (Йереми 3:12). Йӕ адӕм сӕ митыл зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кодтой, уӕд сын ныххатыр кодта.
Ӕппынфӕстаг, уӕ дыууӕ дӕр, уӕ бон цы уыд, уый куы бакӕнат, цӕмӕй та раздӕрау кӕрӕдзийыл ӕнувыд уат, уӕд удӕнцой ссардзыстут. Стӕй, уӕ бинонты цард куыд ма фехӕла, ӕрмӕст ууыл нал хъуыды кӕндзыстут, фӕлӕ уӕ разы ӕндӕр нысӕнттӕ дӕр ӕвӕрын райдайдзыстут. Фӕлӕ-иу уӕддӕр рӕстӕг ссарут, цӕмӕй уын цы бантыст, ууыл-иу аныхас кӕнат. Уӕ къухы цы бафтыд, уый фагыл ма нымайут. Цы гыццыл цӕлхдуртыл ӕмбӕлат, уыдоны сӕрты-иу хизут ӕмӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд кӕй стут, уый ӕвдисут (Галатӕгтӕм 6:9).
УЫНАФФӔ. Раздӕр куыд цардыстут, уымӕ бӕллыны бӕсты архайут, цӕмӕй кӕрӕдзийыл ноджы ӕнувыддӕр суат.
Уӕ нысан уӕ къухы бафтдзӕн
Афтӕ уӕм куы кӕса, ӕмӕ уын ницы рауайдзӕн, уӕд уӕ ма рох кӕнӕд, бинонты царды бындурӕвӕрӕг Хуыцау кӕй у (Матфейы 19:4–6). Уымӕ гӕсгӕ уын Хуыцау баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕ бинонты цардӕй уӕ зӕрдӕ райа. Ацы статьяйы ныхас цы бинонтыл цыд, уыдон спайда кодтой Библийы уынаффӕтӕй, ӕмӕ абон дӕр иумӕ амондджынӕй цӕрынц.
Стив ӕмӕ Джодийы цардӕн фехӕлынӕй тӕссаг куы уыд, уӕдӕй нырмӕ рацыд 20 азы. Цы сын баххуыс кодта, уый тыххӕй Стив загъта: «Нӕ цард зынгӕ фӕхуыздӕр, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтам, уӕд. Уыцы уӕззау рӕстӕг нын уый куыд тынг баххуыс кодта, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй». Джоди та загъта: «Нӕ зындзинӕдты сӕрты нӕ бон ахизын кӕй баци, ууыл тынг цин кӕнын. Иумӕ Библи кӕй ахуыр кодтам ӕмӕ нӕ дыууӕ дӕр тынг кӕй архайдтам, цӕмӕй нӕ бинонты цард ма фехӕлдаид, уый фӕрцы абон стӕм амондджын».
^ 3 абз. Нӕмттӕ ивд сты.
^ 5 абз. Ацы фарстайы фӕдыл хорз уынаффӕтӕ ссарӕн ис ӕндӕр журналты дӕр, зӕгъӕм, кӕс 1999 азы 22 апрелы «Пробудитесь!», 6 фарс ӕмӕ 1995 азы 8 августы «Пробудитесь», 10, 11 фӕрстӕ.
^ 17 абз. Кӕд ма дӕ уыцы адӕймагимӕ фембӕлын бахъӕуа (зӕгъӕм, куысты фӕдыл), уӕд хъуамӕ ныхас кӕнат, цы хъуыддаджы тыххӕй фембӕлдыстут, ӕрмӕстдӕр ууыл. Ныхас та хъуамӕ хибарӕй ма кӕнат, фӕлӕ иннӕты раз, стӕй дӕ цардӕмбал дӕр хъуамӕ зона, кӕй фембӕлдыстут, уый.
АХЪУЫДЫ КӔН...
-
Кӕд мӕныл дӕр мӕ цардӕмбалимӕ ахӕм хабар ӕрцыд, уӕддӕр мӕ цӕмӕн бафӕндыд, цӕмӕй иумӕ цӕргӕйӕ баззадаиккам?
-
Цавӕр хорз миниуджытӕ ис мӕ цардӕмбалмӕ?
-
Мӕ цардӕмбалимӕ ма уарзӕттӕ куы уыдыстӕм, уӕд ӕм мӕ уарзондзинад цавӕр гыццыл хъуыддӕгтӕй ӕвдыстон ӕмӕ йӕм ӕй ныр та куыд ӕвдисон?