Библи хуымӕтӕг чиныг у?
«Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда у... цӕмӕй Хуыцауы адӕймаг алцыдӕр хорз зона ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уа» (2 ТИМОФЕЙМӔ 3:16, 17).
АЦЫ ныхӕстимӕ алчи не сразы уыдзӕн. Ды та цы хъуыды кӕныс? Дӕумӕ гӕсгӕ Библи цавӕр чиныг у?
• Адӕм кӕй ныффыстой, ахӕм чиныг?
• Иннӕ динты табуйаг чингуыты хуызӕн чиныг?
• Уаг ӕмӕ ӕгъдауыл чи ахуыр кӕны, ахӕм таурӕгъты чиныг?
• Хуыцауы Ныхас?
Цымӕ, Библи цавӕр чиныгыл нымайыс, уый исты уӕлдай у? Ӕркӕсӕм-ма, ацы чиныг йӕхӕдӕг йӕхи тыххӕй цы дзуры, уымӕ: «Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый та фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс» (Ромӕгтӕм 15:4). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Библи уый тыххӕй фыст кӕй ӕрцыд, цӕмӕй нын амона зонд ӕмӕ нын дӕтта удӕнцой ӕмӕ ныфс.
Кӕд Библи, адӕм кӕй ныффыстой, ахӕм хорз чиныг у кӕнӕ иннӕ динты чингуытӕй ницӕмӕй хицӕн кӕны, уӕд дзы, цымӕ, дӕхицӕн ӕмӕ дӕ бинонтӕн уынаффӕтӕ агурдзынӕ, уӕлдайдӕр та кӕд йӕ уынаффӕтӕ, ды цы хъуыды кӕныс, уымӕй хицӕн кӕнынц, уӕд? Ӕмӕ кӕд таурӕгъты чиныг у, уӕд та дын, цымӕ, удӕнцой ӕмӕ ныфс дӕтдзӕн?
Фӕлӕ милуангай адӕм Библи ахуыр кӕнгӕйӕ бамбӕрстой, уыцы чиныг Хуыцауы Ныхас кӕй у. Цӕмӕн ӕрцыдысты ахӕм хъуыдымӕ? Библи хуымӕтӕг чиныгыл нымайӕн цӕуылнӕ ис? Ӕркӕсӕм, ацы чиныг иннӕ чингуытӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, фондз ахӕм хабармӕ. Дзырд сыл цӕуы иннӕ статьяты.