Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Уымӕн гӕнӕн нӕй!» Уый куыд ӕмбаргӕ у?

«Уымӕн гӕнӕн нӕй!» Уый куыд ӕмбаргӕ у?

«ТИТАНИКӔЙ» стырдӕр, хуыздӕр ӕмӕ рӕсугъддӕр нау йӕ рӕстӕджы нӕ уыд. Куыд конд уыди, уымӕй суанг ахуыргӕндты дӕр дисы ӕфтыдта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуыды кодтой, никуы фӕдӕлдон уыдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ хабар куыд рауад, уый не ’ппӕт дӕр зонӕм. Йӕ фыццаг балцы рӕстӕг Атлантикон океаны йӕхи скъуырдта стыр айсбергыл ӕмӕ фӕдӕлдон. Фӕмард дзы 1 500 адӕймаджы бӕрц. Афтӕ кӕмӕй хъуыды кодтой, ацы науӕн тӕссаг ницӕмӕй у, уый цалдӕр сахатмӕ фӕдӕлдон.

Цавӕрдӕр хъуыддаг нӕ бон саразын куы нӕ вӕййы кӕнӕ цыдӕр куы нӕ фембарӕм, уӕд фӕзӕгъӕм, уымӕн гӕнӕн нӕй, зӕгъгӕ. Кӕддӕр афтӕ дзырдтой, абон ахуыргӕндтӕн сӕ къухы цы диссӕгтӕ бафтыд, уыдонӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг уыдӕттӕ куыд кӕнгӕ сты, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодтой, ӕмӕ, уӕвгӕ, ахӕм цӕуылдӕрты, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды дӕр никуы акодтаиккой. Зӕгъӕм, 50 азы размӕ никӕй бауырныдтаид, адӕймаг Мӕймӕ кӕй атӕхдзӕн, Марсмӕ аппарат кӕй арвитдзысты, кусын та йӕ Зӕххӕй кӕй кӕндзысты, ахуыргӕндтӕ адӕймаджы кълеткӕты «фыст» информаци кӕй базондзысты ӕмӕ нӕ бон кӕй уыдзӕн, ӕнӕхъӕн дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ хӕдзары бадгӕйӕ кӕсын. Америкӕйы раздӕры президент Рональд Рейган дӕр ахуыргӕндтимӕ ныхас кӕнгӕйӕ афтӕ дзӕгъӕлы нӕ загъта: «Наукӕ размӕ сымах фӕрцы цӕуы. Ӕмӕ ма знон дӕр гӕнӕн цӕмӕн нӕ уыд, уый абон сымах фӕрцы бафтыд нӕ къухы».

Ахуыргӕндтӕ цы диссӕгтӕ раиртасынц, уый фӕдыл физиологийы профессор Джон Бробек загъта: «Абон ахуыргӕндтӕн иу хъуыддагӕй дӕр сӕ бон фидарӕй зӕгъын нал у, уымӕн гӕнӕн нӕй, зӕгъгӕ. Сӕ бон у ӕрмӕстдӕр зӕгъын: „Уымӕн зынтӕй ис гӕнӕн“. Кӕнӕ та сӕ бон у зӕгъын, зӕгъгӕ, абоны онг цы базыдтам, уый фаг нӕу, цӕмӕй йӕ бамбарын кӕнӕм». Афтӕ цӕмӕй фӕзӕгъынц, уымӕн гӕнӕн нӕй, зӕгъгӕ, уый тыххӕй ма профессор Бробек загъта: «Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, кӕй ис, биологийӕн ӕмӕ физиологийӕн сӕ бон бамбарын кӕнын кӕй нӕу, ахӕм тых. Уыцы тых Библи хоны Хуыцауы тых».

Хуыцауӕн йӕ бон алцыдӕр у

Зӕххыл чи цард, уыдонӕй ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг, Йесо Чырысти, ацы профессорӕй бирӕ раздӕр загъта: «Адӕмӕн сӕ бон цы нӕу, уый Хуыцауӕн у йӕ бон» (Лукайы 18:27). Дун-дунейы Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй стырдӕр тых нӕй, ӕмӕ уыцы тых иу приборӕй дӕр нӕй сбарӕн. Уымӕ гӕсгӕ, нӕхи бон цы нӕу, уый нӕ бон суыдзӕн сыгъдӕг тыхы фӕрцы.

Арӕх адӕймаг ахӕм уавӕры бахауы, ӕмӕ фӕзӕгъы, мӕ бон нал у, зӕгъгӕ. Зӕгъӕм, зиан ныл ӕрцыд кӕнӕ нӕ цардӕмбалимӕ нӕ кӕрӕдзи не ’мбарӕм, ӕмӕ фӕзӕгъӕм, дарддӕр афтӕ цӕрӕн нал ис. Йе та ахӕм цард кӕнӕм, ӕмӕ нӕхи зӕххӕй сисыны аккагыл дӕр нал фӕнымайӕм, нӕ сӕрӕн ницыуал фӕзонӕм. Ахӕм уавӕрты адӕймагмӕ йӕ цард ницыуал фӕкӕсы ӕмӕ йӕхимӕ ныхъхъусы. Кӕд мах дӕр нӕхи афтӕ хатӕм, уӕд, цымӕ, нӕ бон цы у бакӕнын?

Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, адӕймаг Хуыцауыл куы ’ууӕнда ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг тых куы кура, стӕй, йӕ бон цы у, уый куы араза, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕна, уӕд ын Хуыцау цыфӕнды зын уавӕры дӕр баххуыс кӕндзӕн. Ахъуыды-ма кӕнӕм Чырыстийы ныхӕстыл: «Ӕцӕг уын зӕгъын: мӕнӕ ацы хохӕн афтӕ чи зӕгъа, сыст ӕмӕ денджызы дӕхи баппар, зӕгъгӕ, ӕмӕ дызӕрдыг куы нӕ кӕна, фӕлӕ, йӕ ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, уый йӕ куы уырна, уӕд, куыддӕриддӕр загъта, афтӕ уыдзӕн» (Марчы 11:23). Уӕдӕ Хуыцауы Ныхасы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм ӕмӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд адӕймагмӕ йӕ уавӕр цыфӕнды зын ма кӕса, уӕддӕр ӕй сфӕраздзӕн.

Ӕркӕсӕм иу нӕлгоймаджы хабармӕ. Йӕ усимӕ 38 азы фӕцард ӕмӕ йын стӕй ракӕй амард. Лӕгыл йӕ дуне баталынг, йӕ цард ӕм ницыуал каст. Иуӕй-иу хатт-иу мӕлӕтмӕ дӕр бӕллыд, ныр ма мӕ цард цы у, зӕгъгӕ. Афтӕ йӕм каст, цыма «саудалынг комы» цыди, йӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕйуал калд (Псалом 23:4). Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ йӕ бамбӕрста, сфӕразын ӕнхъӕл кӕмӕн нӕ уыд, уыцы зындзинад цӕй фӕрцы сфӕрӕзта, уый. Йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй йын баххуыс кодта, Хуыцаумӕ цӕссыгкалгӕйӕ кӕй куывта, зӕрдиагӕй йын йӕ сыгъдӕг тыхы разамынд кӕй агуырдта ӕмӕ алы бон дӕр Библи кӕй каст, уый.

Иу бинонтӕн сӕ цард нал цыд. Лӕг уыд тынг мӕстыгӕр, стӕй йӕм ӕндӕр ӕвзӕр миниуджытӕ дӕр бирӕ уыд. Йӕ бинойнаг афтӕ сфӕлмӕцыд, ӕмӕ йӕхи марынвӕнд скодта. Фӕлӕ уӕдмӕ йӕ лӕг райдыдта Библи ахуыр кӕнын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ. Библи ахуыр кӕнгӕйӕ цы базыдта, уый руаджы йе ’взӕр миниуджытӕ ныууагъта ӕмӕ фӕфӕлмӕндӕр ис. Йӕ усы дисӕн кӕрон нал уыд – адӕймаг афтӕ фӕива, уымӕн гӕнӕн куыд ис, зӕгъгӕ.

Иу нӕлгоймаг та уыд наркоман ӕмӕ кодта ӕнӕгъдау цард. Йӕхи ныхӕстӕм гӕсгӕ, цыма арф дзыхъхъы ныххауд ӕмӕ дзы уӕлӕмӕ никуыуал схиздзӕн, афтӕ йӕм каст. Уыцы нӕлгоймаг загъта: «Мӕхи бынтон ницӕйагыл нымадтон». Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй куывта: «Хуыцау, зонын ӕй, кӕй дӕ, уый. Баххуыс-ма мын кӕн, дӕ хорзӕхӕй!» Хуыцау ын йӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Уый руаджы йӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Уыцы нӕлгоймаг загъта: «Мӕ раздӕры цӕрдтытӕ куы ’рымысын, уӕд мӕм худинаг ӕркӕсы, ӕмӕ уый тыххӕй иуӕй-иу хатт мӕхимӕ ныхъхъусын. Фӕлӕ мын Хуыцауы Ныхас ӕххуыс кӕны уыцы хъуыдытимӕ тох кӕнынӕн. Мӕ хуыссӕг-иу куы фӕлыгъд, уӕд-иу мӕхинымӕр дзырдтон, Библийӕ цы стихтӕ сахуыр кодтон, уыдон. Уый мын тынг баххуыс кодта, цӕмӕй мӕхимӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтаин». Абон ацы нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ бинойнаг сты амондджын. Сӕ дыууӕ дӕр сӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕнынц, цӕмӕй адӕмӕн ӕмбарын кӕной, Хуыцауы Ныхасӕн цы стыр тых ис, уый. Йӕ цардӕй чи стыхст, уыцы нӕлгоймаг хъуыды дӕр никуы акодтаид, йӕ цард афтӕ кӕй аивдзӕн, ууыл.

Ацы хабӕрттӕй бӕрӕг у, Хуыцауы Ныхасӕн стыр тых кӕй ис ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ бон кӕй у саразын, «гӕнӕн кӕмӕн нӕй», ахӕм хъуыддӕгтӕ дӕр. Фӕлӕ, чи зоны, зӕгъдзынӕ: «Уый тыххӕй уырнындзинад хъӕуы». Ӕмӕ уый раст у. Библийы фыст ис: «Ӕнӕ уырнындзинадӕй... Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй» (Дзуттӕгтӕм 11:6). Зӕгъӕм, де ’мбал у банчы хицау кӕнӕ кӕмдӕр стыр бынаты кусы, ӕмӕ дын зӕгъы: «Ӕппындӕр ма мацӕуыл тыхс. Исты дӕ куы хъӕуа, уӕд-иу мӕнӕн зӕгъ». Ахӕм ныхӕсты фӕстӕ куыннӕ фӕныфсджындӕр уыдзынӕ. Фӕлӕ нӕ адӕм, хъыгагӕн, арӕх фыдӕнхъӕл фӕкӕнынц. Чи зоны не ’мбалӕн йӕ уавӕртӕ фӕивой, ӕмӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый йӕ бон сӕххӕст кӕнын мауал уа, кӕд ӕй тынг фӕндыд, уӕддӕр. Зӕгъӕм, ӕнӕнхъӕлӕджы куы амӕла, уӕд йӕ хорз фӕндтӕй дӕр ницыуал рауайдзӕн ӕмӕ нын йӕ бон баххуыс кӕнын дӕр нал бауыдзӕн. Фӕлӕ адӕмӕй уӕлдай Хуыцауы ницы бакъуылымпы кӕндзӕн. Библийы фыст ис: «Хуыцауӕн ӕппӕт дӕр Йӕ бон у» (Лукайы 1:37, «Ног Фӕдзӕхст», 2004).

«Уырны дӕ уый?»

Библийы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдон бӕлвырд кӕнынц, Хуыцауӕн алцыдӕр йӕ бон кӕй у, уый. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.

90-аздзыд сылгоймаг Саррӕйӕн куы загътой, лӕппу дын райгуырдзӕн, зӕгъгӕ, уӕд бахудти. Фӕлӕ абон дзуттаг адӕмыхатт кӕй ис, уымӕй бӕрӕг у, хабар ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй рауад. Иу нӕлгоймаджы та, Ионӕйы, аныхъуырдта стыр кӕсаг ӕмӕ йӕ хуылфы ӕртӕ боны фӕци. Фӕлӕ удӕгасӕй баззад ӕмӕ йыл цы ’рцыд, уый йӕхӕдӕг ныффыста. Лука та ныффыста, ӕрыгон лӕппу Евтих хӕдзары уӕллаг уаты рудзынгӕй кӕй рахауд ӕмӕ кӕй амард, ӕмӕ йӕ стӕй апостол Павел кӕй райгас кодта. Лука уыд дохтыр ӕмӕ йӕ бон уыд равзарын, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ бахъарм ӕви мӕлгӕ акодта, уый. Ацы хабӕрттӕ аргъӕуттӕ не сты, ӕмӕ дзы алкӕцыдӕр лӕмбынӕг куы раиртасай, уӕд, ӕцӕг кӕй уыдысты, ууыл дызӕрдыг нал кӕндзынӕ (Райдиан 18:10–14; 21:1, 2; Ионӕ 1:17; 2:1, 10; Хъуыддӕгтӕ 20:9–12).

Иухатт Чырысти Марфӕйӕн диссаджы ныхӕстӕ загъта: «Удӕгас чи у ӕмӕ мӕныл чи ’ууӕнды, уый... никуы амӕлдзӕн». Чи зоны исчи зӕгъа, уымӕн гӕнӕн нӕй, зӕгъгӕ. Чырысти стӕй Марфӕмӕ ахӕм фарста дзӕгъӕлы нӕ радта: «Уырны дӕ уый?» Ацы фарстайыл мах дӕр хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын (Иоанны 11:26).

Ӕнусон цард – уымӕн гӕнӕн нӕй?

Иу наукон статьяйы фыст уыди: «Адӕм фылдӕр кӕнӕ та суанг ӕнустӕм дӕр цӕрын кӕд райдайдзысты, уыцы рӕстӕгмӕ бирӕ нал хъӕуы». Иу энциклопеди куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй адӕймаг зӕронд кӕнын кӕй райдайы, йӕ буары кълеткӕтӕ кӕй амӕлынц, кӕнӕ йӕ буары ӕндӕр ивддзинӕдтӕ кӕй фӕцӕуы, уый тыххӕй нӕ амӕлы, фӕлӕ йӕ организмы цӕмӕдӕр гӕсгӕ цавӕрдӕр процесстӕ кӕй нал фӕкусынц кӕнӕ кӕй ӕрлӕууынц, уый тыххӕй *. Дарддӕр уыцы энциклопедийы фыст ис: «Ӕвӕццӕгӕн адӕймаг уый тыххӕй базӕронд вӕййы, ӕмӕ йӕ организм цы механизмты фӕрцы кусы, уыдон фехӕлынц кӕнӕ ӕрлӕууынц» (The New Encyclopædia Britannica).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы ацы хабӕрттӕ цымыдисаг сты. Фӕлӕ, адӕймагӕн йӕ бон ӕнустӕм цӕрын кӕй у, уый фӕдыл наукӕ цы дзуры, уыимӕ абаргӕйӕ Библийы бӕлвырдгӕнӕнтӕ фидардӕр сты. Не Сфӕлдисӕг, царддӕттӕг Хуыцау Йегъовӕ нын зӕрдӕ ’вӕры кӕй «фесафдзӕн мӕлӕт ӕнустӕм» (Псалом 36:9; Исай 25:8). Уый дӕ уырны? Уымӕй ныфс ӕвӕры Йегъовӕ, йӕ бон сайын кӕмӕн нӕу, уыцы Хуыцау (Титмӕ 1:2).

[Фиппаинаг]

^ 18 абз. Адӕймаг цӕмӕн зӕронд кӕны ӕмӕ йӕ бон цӕрын цас у, уый тыххӕй кӕс 2006 азы майы «Пробудитесь!», 3–9 фӕрстӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Хицӕнгонд текст 27 фарсыл]

«Знон дӕр гӕнӕн цӕмӕн нӕ уыд, уый абон... бафтыд нӕ къухы» (РОНАЛЬД РЕЙГАН)

[Хицӕнгонд текст 28 фарсыл]

Мӕ бон цӕрын нал у, зӕгъгӕ, куы фӕзӕгъыс, уӕд ӕххуыс кӕмӕй фӕагурыс?

[Ныв барлӕвӕрдӕй 27 фарсыл]

NASA photo