Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕнусон цард чи дӕтты, уыцы хабар

Ӕнусон цард чи дӕтты, уыцы хабар

«Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (ИОАННЫ 17:3).

АДӔЙМАГМӔ зонындзинӕдтӕ куы уа, уӕд ын, чи зоны, йӕ цард дӕр бахъахъхъӕной. Зӕгъӕм, Нигеры иу сылгоймагӕн йӕ дӕсмӕйдзыд лӕппу фӕрынчын. Уыцы сылгоймаг уыд медицинон кусӕг ӕмӕ зыдта, ахӕм уавӕры цы кӕнгӕ у, уый. Сӕкӕр ӕмӕ цӕхх доны сызмӕста ӕмӕ йӕ лӕппуйӕн бадардта. Уый фӕдыл ЮНИСЕФ-ы кусджытӕ загътой, зӕгъгӕ, «уыцы сылгоймаг медицинӕмӕ куы ницы бар дардтаид ӕмӕ ӕвӕстиатӕй куы нӕ архайдтаид, уӕд йӕ сывӕллон афтӕ тагъд нӕ адзӕбӕх уыдаид».

Библийы цы зонындзинӕдтӕ ис, уыдонӕн дӕр сӕ бон у адӕймаджы цард фервӕзын кӕнын. Библийы фысджытӕй фыццаг, Моисей, загъта: «Уыдон сымахӕн афтид ныхӕстӕ не сты – уыдонӕй кӕнгӕ у уӕ цард, ӕмӕ уыцы ныхӕсты фӕрцы бирӕ фӕцӕрдзыстут» (Дыккаг закъон 32:47). Цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у? Куыд ӕмбарын хъӕуы, уымӕй кӕнгӕ у уӕ цард, зӕгъгӕ?

Фыццаг фондз статьяйӕ базыдтам, Библи иннӕ чингуытӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый: цыдӕриддӕр дзы фыст ӕрцыд, уыдон ӕнӕмӕнгӕй сӕххӕст вӕййынц; цы фыст дзы ис, уый раст у историйы ӕмӕ наукӕйы цӕстӕй акӕсгӕйӕ; иу хъуыды дӕр дзы иннӕйы ныхмӕ нӕу; цы уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон абон дӕр стыр пайда сты. Уӕдӕ кӕд ацы чиныджы афтӕ фыст ис, ӕмӕ нӕ бон у бирӕ цӕрын, ома ӕнустӕм, уӕд, цымӕ, уый аккаг нӕу, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базонай?

Дӕ хорзӕхӕй, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый базон, цӕмӕй удӕнцой ссарай ӕмӕ амондджын уай ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр. Библи базонынӕн дын зӕрдиагӕй баххуыс кӕндзысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Рамкӕ/Ныв 9 фарсыл]

Библи ма иннӕ чингуытӕй уымӕй хицӕн кӕны, ӕмӕ дзуапп дӕтты ахӕм фарстатӕн:

• Адӕймаг цӕмӕн цӕры?

• Уыйбӕрц фыддзинад цӕмӕн ис?

• Чи нын амард, уыдон ма цӕрдзысты?

Ацы фарстатӕн Библи цы дзуапп дӕтты, уый базонӕн ис ацы чиныгӕй, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.