Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи ивы адӕймаджы цард

Библи ивы адӕймаджы цард

ИУ СЫЛГОЙМАГӔН Филиппинтӕй цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ нозт ныууагътаид ӕмӕ йӕ бинонты цард фӕхуыздӕр уыдаид? Раздӕр каратист чи уыд, иу ахӕм нӕлгоймаг Австралийӕ хорз хабар хъусын кӕнын куыд райдыдта? Дӕлдӕр фыст ис, сӕхӕдӕг цы дзурынц, уый.

«Мӕ цард фӕивынӕн мӕ бирӕ рӕстӕг бахъуыд» (КАРМЕН АЛЕГРИ).

РАЙГУЫРД: 1949 АЗ

БӔСТӔ: ФИЛИППИНТӔ

РАЗДӔР: ФЫДНОЗТ КОДТА

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД. Ӕз райгуырдтӕн горӕт Сан-Фернандойы, провинци Камаринес Суры. Фӕлӕ мӕ цардӕн йӕ фылдӕр хай фӕцардтӕн горӕт Антиполойы, Провинци Рисалы. Ардӕм куы ’рцыдтӕн, уӕд Антиполо уыд гыццыл сабыр горӕт. Йӕ алыварс уыд хӕхтӕ ӕмӕ хъӕдтӕ. Куы-иу ӕрталынг, уӕд-иу уынджы цӕуӕг нӕ федтаис. Фӕлӕ ныр Антиполо у стыр горӕт ӕмӕ дзы цӕры бирӕ адӕм.

Антиполойы базонгӕ дӕн Бенджаминимӕ, ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ нӕ цард баиу кодтам. Бинонты цард, куыд ӕнхъӕл уыдтӕн, уымӕй бирӕ зындӕр разынд. Ӕз тынг тыхстӕн, цы кодтаин, уый нӕ зыдтон, ӕмӕ нозтыл бафтыдтӕн. Мӕ лӕг ӕмӕ-иу мӕ сывӕллӕтты масты хай бакодтон. Мӕхиуыл хӕцын нал зыдтон ӕмӕ мӕ бон семӕ сабырӕй ныхас кӕнын нӕ уыд. Мӕ лӕджы дӕр ӕппындӕр нӕ нымадтон. Иу ныхасӕй, мӕ цардӕй райгонд нӕ уыдтӕн.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Мӕ ходыгъд, Эдитӕ, у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Иухатт нын Бенджаминимӕ загъта, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаиккам. Мах сразы стӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ ныфс уыд, уый фӕрцы нӕ цард хуыздӕр кӕй ацӕудзӕн.

Библи ахуыр кӕнгӕйӕ мах базыдтам бирӕ диссаджы хабӕрттӕ. Уӕлдай тынгдӕр мын мӕ зӕрдӕ бацагайдтой Раргомад 21:4 стихы фыст ныхӕстӕ. Ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыцы адӕмы тыххӕй ацы стихы фыст ис: «Ӕмӕ сын [Хуыцау] ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта». Мӕн дӕр бафӕндыд, цӕмӕй ӕз дӕр уыцы адӕмы ’хсӕн уыдаин.

Бамбӕрстон ӕй, бирӕ ӕвзӕр миниуджытӕ мӕм кӕй уыди ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕй хъӕуы. Мӕ цард фӕивынӕн мӕ бирӕ рӕстӕг бахъуыд, фӕлӕ уӕддӕр ӕппынфӕстаг мӕ нозт ныууагътон. Уымӕй уӕлдай мӕ удыхъӕд дӕр фӕивта, фӕфӕлмӕндӕр дӕн ӕмӕ мӕхиуыл хӕцын сахуыр дӕн. Стӕй мӕ лӕгӕн кад кӕнын райдыдтон, ӕмӕ-иу исты уынаффӕ куы рахаста, уӕд-иу ын йӕ ныхасыл дыууӕ нал загътон.

Бенджаминимӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын куы райдыдтам, уӕд дзы цы федтам, уый нӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты сты фӕзминаг, зӕгъӕм, ӕхцайыл нӕ хъазынц, фыднозт нӕ кӕнынц, стӕй никӕй хъулон кӕнынц ӕмӕ алкӕмӕн дӕр аргъ кӕнынц. Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, раст дин кӕй ссардтам, ууыл (Иоанны 13:34, 35).

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Нӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Мӕ цардӕмбалимӕ абон амондджын стӕм. Стыр циндзинад нын хӕссы, иннӕтӕн Хуыцауы Ныхас кӕй амонӕм, уый. Нӕ дыууӕ фырты дӕр сӕ устытимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Ныфс нӕ ис, уыдон дӕр тагъд рӕстӕджы махимӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй райдайдзысты. Мӕ бон у фидарӕй зӕгъын, царды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр кӕй ницы ис!

«Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мыл ничи фӕтых уыдзӕн» (МАЙКЛ БЛЕНДСДЕН).

РАЙГУЫРД: 1967 АЗ

БӔСТӔ: АВСТРАЛИ

РАЗДӔР: УЫД КАРАТИСТ

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД. Ӕз схъомыл дӕн Албуруйы, рӕсугъд ӕмӕ, алцыдӕр парахатӕй кӕм уыд, ахӕм горӕты Ног Хуссар Уэльсы. Бирӕ горӕттау, ацы горӕты дӕр фыдракӕндтӕ куыннӕ цыд, фӕлӕ уӕддӕр нымад уыд сабыр горӕтыл.

Мӕ сабибонтӕй мӕ бон рахъаст кӕнын нӕу. Авд азы мыл куы цыд, уӕд мӕ ныййарджытӕ ахицӕн сты, фӕлӕ уӕддӕр архайдтой, цӕмӕй ӕз, ме ’фсымӕр ӕмӕ мӕ дыууӕ хойы мацы цух уыдаиккам. Ӕз фӕдӕн, нӕ горӕты ӕппӕты хуыздӕрыл нымад чи уыд, уыцы скъола. Мӕ фыды фӕндыд, цӕмӕй скъолайы фӕстӕ исты ӕхцаджын куыстыл ныххӕцыдаин. Фӕлӕ мӕнӕн мӕ зӕрдӕ тынгдӕр спортмӕ ӕхсайдта, уӕлдай стырдӕр ӕнтыстдзинӕдтӕ мын уыд велоспорты ӕмӕ каратэйы. Ӕмӕ мын цӕмӕй спортӕн фылдӕр рӕстӕг уыдаид, уый тыххӕй кусынмӕ бацыдтӕн машинӕтӕ ремонтгӕнӕн цехмӕ.

Мӕ хъаруйӕ тынг сӕрыстыр уыдтӕн. Иуӕй-иу хатт мӕм-иу афтӕ дӕр каст, ӕмӕ мыл ничи фӕтых уыдзӕн. Мӕхицӕй афтӕ хъал уыдтӕн, ӕмӕ мӕ ныфс кӕмӕфӕнды дӕр бахастаин. Мӕ тренер зыдта, мӕхи бауромын мын зын кӕй вӕййы, ӕмӕ-иу мын дзырдта, цӕмӕй ахуыр кӕнон мӕхиуыл хӕцын ӕмӕ мӕхи, куыд ӕмбӕлы, афтӕ дарын. Арӕх-иу нын дзырдта, каратэйы цы ’гъдӕуттӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын тынг ахсджиаг кӕй у, уый тыххӕй.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд базыдтон, Йегъовӕ фыддзинадӕй йе сӕфт кӕй уыны (Псалом 11:5). Фыццаг хъуыды кодтон, каратэйӕн фыддзинадимӕ иумӕйагӕй кӕй ницы ис. Афтӕ мӕм каст, адӕймаджы бахъуаджы сахат йӕхи бахъахъхъӕныныл чи ахуыр кӕны, ӕрмӕстдӕр ахӕм спорт кӕй у. Каратэ ахуыр кӕны хорз миниуджытыл ӕмӕ хӕрзӕгъдаудзинадыл. Уымӕ гӕсгӕ ма афтӕ дӕр хъуыды кодтон: кӕд Библи дӕр ууыл ахуыр кӕны, уӕд сын, ӕвӕццӕгӕн, иумӕйагӕй бирӕ цыдӕртӕ ис. Библи мемӕ цы лӕг ӕмӕ ус ахуыр кодтой, уыдон уыдысты тынг фӕлмӕн адӕм. Библи мын лӕмбынӕг ӕмбарын кодтой, фӕлӕ мын афтӕ никуы загътой, каратэ дӕ ныууадзын хъӕуы, зӕгъгӕ.

Библийы цы фыст ис, уый ӕмӕ Йегъовӕйы хуыздӕр куы базыдтон, уӕд алцӕмӕдӕр ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтон. Мӕ зӕрдӕйы арф фӕд ныууагъта, Йесо Чырыстийы тыххӕй цы базыдтон, уый дӕр. Кӕд Йесо стыр хъаруйы хицау уыд, уӕддӕр никуы никӕй бафхӕрдта. Чырысти цы ныхӕстӕ загъта, уыдон мӕ зӕрдӕйыл сӕмбӕлдысты, фыст сты Матфейы 26:52 стихы: «Чидӕриддӕр йӕ къухмӕ хъама райса, уый йӕ мӕлӕт хъамайӕ ссардзӕн».

Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ Йегъовӕйы хуыздӕр базыдтон, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ тынгдӕр уарзын ӕмӕ йын тынгдӕр аргъ кӕнын райдыдтон. Не Сфӕлдисӕг, ӕгӕрон зонд ӕмӕ хъаруйы хицау, сӕрмагондӕй мӕныл кӕй тыхсы, ууыл хъуыды кӕнын мын ӕхсызгон уыд. Ноджы ма мӕм иу хъуыддаг фӕкаст тынг диссаг. Ӕз базыдтон, кӕд-иу Йегъовӕйы истӕмӕй фӕхъыг кодтон кӕнӕ-иу мӕм афтӕ кӕй каст, ӕмӕ мӕ зондахаст аивын мӕ бон никуы бауыдзӕн, уӕддӕр мыл йӕ къух кӕй никуы сисдзӕн, цалынмӕ йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрыныл архайон, уӕдмӕ. Тынг мӕ фидар кодтой ацы ныхӕстӕ: «Ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл, ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, ӕмӕ дын дзурын: „Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн“» (Исай 41:13). Куы йӕ базыдтон, Йегъовӕ мӕ афтӕ тынг кӕй уарзы, уӕд мӕ бауырныдта, алцыдӕр мӕ бон кӕй бауыдзӕн.

Зыдтон ӕй, ӕппӕты зындӕр мын кӕй уыдзӕн каратэ ныууадзын. Фӕлӕ ма уый дӕр зыдтон, ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй барухс кӕндзынӕн. Стӕй йӕ ’мбӕрстон, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын стыр кад кӕй у, ӕмӕ уый тыххӕй адӕймаг цыфӕнды ма ныууадза, уӕддӕр никуы фӕфӕсмон кӕндзӕн. Фӕлӕ хъуыддаг кӕронмӕ аскъуыддзаг кодтон, Матфейы 6:24 стихы Чырыстийы ныхӕстӕ куы бакастӕн, уӕд: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа». Бамбӕрстон ӕй, уый гӕнӕн кӕй нӕй, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнон ӕмӕ ма каратэмӕ дӕр цӕуон. Мӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай каратэйыл кӕй хардз кодтон, уымӕ гӕсгӕ та тӕссаг уыд, Йегъовӕйы куы ныууагътаин, уымӕй. Афон уыд, цӕмӕй равзӕрстаин, мӕ хицау чи у, уый.

Каратэ ныууадзын мын ӕнцон нӕ уыд. Мӕ мидӕг цы тох цыд, уый ныхӕстӕй зын зӕгъӕн у. Иуӕй цин кодтон, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй барухс кӕндзынӕн, иннӕмӕй та мӕм афтӕ каст, цыма мӕ тренерыл гадзрахатӕй рацыдтӕн. Уыцы хъуыддаг каратисттӕ нымайынц, ныххатыр кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм тӕригъӕдыл. Иуӕй-иутӕ цӕттӕ вӕййынц сӕхи амарынмӕ дӕр, цӕйнӕфӕлтау ахӕм ӕгад ми сӕ сӕрмӕ ’рхӕссой.

Каратэ цӕмӕн уадзын, уый мӕ тренерӕн зӕгъынмӕ мӕ ныфс нӕ бахастон, фӕлӕ тренировкӕтӕм нал цыдтӕн, ӕмӕ мӕ тренерӕй ӕмӕ иннӕ каратисттӕй мӕхи хызтон. Ӕмбӕрстон ӕй, каратэ кӕй ныууагътон, уымӕй раст кӕй бакодтон. Фӕлӕ мын мӕ уырнындзинады тыххӕй радзурыны фадат кӕй уыд ӕмӕ дзы кӕй не спайда кодтон, уый тыххӕй мӕхи ӕфхӕрдтон. Афтӕ мӕм каст, цыма Йегъовӕйы фӕхъыг кодтон, лӕггад кӕнын дӕр ын нӕма райдыдтон, афтӕмӕй. Ӕппӕт уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ-иу мӕ зӕрдӕ срыст. Бирӕ хӕттыты-иу афӕлвӕрдтон Йегъовӕмӕ скувын, фӕлӕ-иу мӕхи нал баурӕдтон, мӕ цӕссыг-иу фемӕхст.

Ӕвӕццӕгӕн мын Йегъовӕ мӕ зӕрдӕ уыдта, ӕмӕ уый тыххӕй разӕнгард кодта ӕмбырды хоты ӕмӕ ’фсымӕрты, цӕмӕй мӕ фарсмӕ балӕууыдаиккой. Куыд мӕ фидар кодтой, стӕй мӕм цы уарзондзинад ӕмӕ цы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыстой, уый диссагӕн дзуринаг у. Стыр удӕнцой ма мын ӕрхаста, Библийы Давид ӕмӕ Вирсавийы тыххӕй цы хабар фыст ис, уый дӕр. Кӕд Давид стыр тӕригъӕдтӕ ракодта, уӕддӕр ын Йегъовӕ ныххатыр кодта, ӕппӕт зӕрдӕйӕ сыл куы ’рфӕсмон кодта, уӕд. Ацы хабары фӕрцы мӕ рӕдыдтытӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтон.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Цалынмӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ райдыдтон, уӕдмӕ мӕхи йеддӕмӕ никӕй мӕт кодтон. Фӕлӕ Йегъовӕйы ӕмӕ мӕ цардӕмбалы ’ххуысӕй (иумӕ цӕрӕм авд азы) иннӕты рыст хуыздӕр ӕмбарын райдыдтон. Хуыцау нын ахӕм арфӕ ракодта, ӕмӕ мӕ бинойнагимӕ цалдӕр адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнӕм. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕ царды стыр зындзинӕдтӕ бавзӕрстой. Каратэйӕ-иу фыццаг бынат куы бацахстон, уӕд-иу, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг цин кодтон. Фӕлӕ Йегъовӕйы уарзондзинады фӕрцы адӕмы цард куыд фӕивы, уый уынын цы стыр циндзинад хӕссы, уый ницӕимӕ ис абарӕн.

[Хицӕнгонд текст 14 фарсыл]

«Не Сфӕлдисӕг, ӕгӕрон зонд ӕмӕ хъаруйы хицау, сӕрмагондӕй мӕныл кӕй тыхсы, ууыл хъуыды кӕнын мын ӕхсызгон уыд»

[Рамкӕ/Ныв 15 фарсыл]

«Стыр бузныг уын ацы диссаджы рубрикӕйы тыххӕй!»

Рубрикӕйы, «Библи ивы адӕймаджы цард», зӕгъгӕ, цы биографитӕ ис, уыдон дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты? Ам дзы ис ӕрмӕстдӕр дыууӕ. Фӕлӕ 2008 азы августӕй фӕстӕмӕ ацы рубрикӕйы мыхуыргонд ӕрцыд 50 биографийӕ фылдӕр. Рубрикӕ «Библи ивы адӕймаджы цард» нӕ кӕсджыты зӕрдӕмӕ уӕлдай тынгдӕр цӕуы. Цӕмӕн?

Ацы статьяты алыхуызон адӕмы кой цыди. Кӕд дзы иуӕй-иутӕн, цалынмӕ Йегъовӕйы нӕ базыдтой, уӕдмӕ царды бирӕ цыдӕртӕ бантыст, уӕддӕр сӕ зӕрдӕ ницӕмӕй рад. Иннӕты та бахъуыд бирӕ тыхтӕ ӕрӕвӕрын, цӕмӕй се ’взӕр миниуджытӕй фервӕзтаиккой, зӕгъӕм, чи дзы мӕстыгӕр уыд, чи фыднозт кодта, чи та наркоман уыд. Иуӕй-иутӕ та Йегъовӕйы зыдтой, фӕлӕ иу рӕстӕг рӕстдзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл сты. Ацы статьяты кӕй кой цӕуы, уыцы адӕмы царды хабӕрттӕй бӕрӕг у, адӕймаджы Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын куы фӕнда, уӕд йӕ бон аивын кӕй бауыдзӕн. Ӕмӕ афтӕ чи бакӕны, уый фӕсмойнаг никуы фӕвӕййы. Цымӕ нӕ кӕсджытӕ та уыцы биографиты тыххӕй цы дзурынц?

Нӕ кӕсджытӕй иу радзырдта, 2009 азы апрель-июны журналы ацы рубрикӕйы цы биографи ныммыхуыр кодтой, уый сылгоймӕгты ахӕстоны кӕмӕндӕрты кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй.

▪ «Ахӕстоны чи бадт, уыдонӕй бирӕтӕн хорз зонгӕ уыдысты, кӕй биографитӕ дзы уыди, уыдоны ӕнкъарӕнтӕ. Адӕймаг рӕстдзинад базоныны размӕ цавӕр уыд ӕмӕ уый фӕстӕ куыд аивта, уыцы къамтӕ, стӕй сӕ раздӕры царды хабӕрттӕ дӕр сӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдысты. Уыдонӕй дӕр бирӕтӕ раздӕр кодтой ахӕм цард. Дыууӕйӕ дзы Библи ахуыр кӕнын дӕр райдыдтой».

Ацы рубрикӕйы биографитӕ уӕлдай тынгдӕр бацагайдтой иуӕй-иуты зӕрдӕтӕ. Зӕгъӕм, 2011 азы 1 апрелы журналы ныммыхуыр кодтой Гвадалупе Вильярреалы биографи. Ацы нӕлгоймаг раздӕр уыд гомосексуалист, фӕлӕ цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтаид, уый тыххӕй уыцы царды уаг ныууагъта. Йӕ биографийы фӕдыл бирӕ писмотӕ райстам, фӕлӕ дзы мыхуыр кӕнӕм ӕрмӕстдӕр дыууӕ.

▪ «Гвадалупейы хабар мӕм тынг цымыдисаг фӕкаст. Йегъовӕйы уарзондзинад ӕмӕ йӕ Ныхас адӕймаджы куыд тынг ивынц, уый стыр диссаг у!».

▪ «Раздӕр-иу мӕ дины тыххӕй алкӕимӕ дӕр ныхас кодтон, суанг гомосексуалисттимӕ дӕр. Фӕлӕ фӕстаг рӕстӕг уыцы адӕмӕй никӕимӕуал сныхас кодтон, мӕхи ма сӕ дард ласын дӕр райдыдтон. Ацы биографи мыхуыргонд ӕрцыд йӕ тӕккӕ афоныл. Баххуыс мын кодта, цӕмӕй ахӕм адӕммӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын райдыдтаин, ома афтӕ ма хъуыды кодтаин, ӕмӕ уыдон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ никуы суыдзысты».

Кӕсджыты зӕрдӕмӕ ма тынг фӕцыд Викторийӕ Тонгы царды хабар, мыхуыргонд уыд 2011 азы 1 августы журналы. Викторийӕ радзырдта, гыццылӕй йӕ куыд тынг ӕфхӕрдтой, уый тыххӕй. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд дӕр ма йӕм бирӕ азты дӕргъы афтӕ каст, цыма йӕ Йегъовӕ нӕ уарзы. Викторийӕ ма радзырдта, цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ бауырныдтаид, афтӕ кӕй нӕу, уый. Мӕнӕ цы фыссынц нӕ кӕсджытӕ.

▪ «Викторийӕйы хабар мӕ зӕрдӕйы арф фӕд ныууагъта. Ӕз дӕр мӕ царды бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстон. Кӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын раджы райдыдтон, уӕддӕр ныронг дӕр ахӕм хъуыдытимӕ тох кӕнын. Фӕлӕ Викторийӕйы биографи куы бакастӕн, уӕд мӕ бафӕндыд ноджы тынгдӕр архайын, цӕмӕй мӕхимӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсон».

▪ «Ӕрыгонӕй порнографимӕ кӕсыныл фӕцахуыр дӕн, ӕмӕ тох кодтон, цӕмӕй уыцы ахуырӕй фервӕзтаин. Фӕлӕ та ӕрӕджы мӕхиуыл нӕ фӕхӕцыдтӕн, ӕмӕ порнографимӕ бакастӕн. Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацыдтӕн, ӕмӕ мын уыдон тынг баххуыс кодтой. Загътой мын, Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ мӕ кӕй уарзы. Фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иу хатт мӕхимӕ бынтон ницӕйаг фӕкӕсын. Афтӕ мӕм фӕкӕсы, цыма уымӕн гӕнӕн нӕй, ӕмӕ мӕ Йегъовӕ уарза. Викторийӕйы хабар мын тынг баххуыс кодта. Ныр ӕй бамбӕрстон, афтӕ-иу куы хъуыды кодтон, ӕмӕ мын Хуыцау никуы ныххатыр кӕндзӕн, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ-иу афтӕ дзырдтон, йӕ Фырты нывондӕн уыйас тых нӕй, цӕмӕй мӕ мӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕна, зӕгъгӕ. Уыцы биографи журналӕй ралыг кодтон, цӕмӕй-иу мӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ Хуыцауы уарзты аккаг нӕ дӕн, уӕд-иу ӕй ногӕй бакӕсон ӕмӕ-иу ыл ахъуыды кӕнон. Бузныг уын ацы диссаджы рубрикӕйы тыххӕй!».