Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сӕ уырнындзинад у фӕзминаг

«Ды кӕдӕм ацӕуай, ӕз дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн»

«Ды кӕдӕм ацӕуай, ӕз дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн»

РУФ ӕмӕ Ноемин фӕрсӕй фӕрстӕм цыдысты Моавы быдырты. Уӕрӕх быдыры дымгӕ ниудта. Дыууӕ къӕсхуыр сылгоймаджы дзы зындысты дыууӕ кӕрдӕджы халы хуызӕн. Хур акъул, тагъд талынг кӕнын райдайдзӕн. Руф йе ’фсинмӕ фӕрсӕгау бакаст: цымӕ бахсӕвиуат кӕнынӕн бынат агурын афон нӕма у? Руф йе ’фсины тыххӕй алцыдӕр сарӕзтаид, уымӕн ӕмӕ йӕ бирӕ уарзта.

Дыууӕ сылгоймагӕн дӕр сӕ зӕрдӕты уыд стыр маст. Ноемины лӕджы мӕлӕтыл рацыд цасдӕр рӕстӕг, ӕрӕджы та амардысты йӕ дыууӕ фырты, Хилеон ӕмӕ Махлон. Уӕдӕ Руф дӕр йӕ цардӕмбал Махлоны мӕлӕтыл куыннӕ маст кодтаид. Руф ӕмӕ Ноемин кӕд иу ранмӕ цыдысты, израилаг горӕт Вифлееммӕ, уӕддӕр сӕ уавӕр ӕмхуызон нӕ уыд. Ноемин йӕ хӕдзармӕ цыди, Руф та йӕ хӕдзар уадзгӕ ныккодта. Руф ныууагъта йӕ цӕгат ӕмӕ йӕ бӕстӕ, йӕ къух систа йӕ фыдӕлты диныл ӕмӕ йӕ адӕмы ӕгъдӕуттыл, ӕмӕ йӕм разӕй цы ’нхъӕлмӕ каст, уый зонгӕ дӕр нӕ кодта (Руф 1:3–6).

Цымӕ уыцы ӕрыгон сылгоймаг йӕ цард афтӕ цӕхгӕр цӕмӕн фӕивта? Кӕм хъуамӕ ссардтаид уыйбӕрц тыхтӕ, цӕмӕй ног цард кӕнын райдыдтаид ӕмӕ йе ’фсинмӕ кастаид? Ацы фарстатӕн дзуапп куы базонӕм, уӕд фендзыстӕм, моаваг Руф нын бирӕ цӕмӕйдӕрты кӕй у фӕзминаг. Фӕлӕ уал фыццаг базонӕм, уыцы дыууӕ сылгоймаджы ахӕм дард ранмӕ цӕмӕн ацыдысты, уый.

Бинонтыл стыр бӕллӕх ӕрцыд

Руф схъомыл Моавы, Мард денджызы скӕсӕнырдыгӕй цы гыццыл хӕхбӕстӕ уыд, уым. Моавы уыд арф кӕмттӕ, фӕлӕ дзы хъӕдтӕ бирӕ нӕ уыд. «Моавы зӕхх» хорз тыллӕг лӕвӕрдта, ӕмӕ-иу суанг Израилы ӕххормаг заман куы скодта, уӕд дӕр-иу уым бирӕ хор ӕрзад. Ацы хабар нын ӕмбарын кӕны, Руф Махлонимӕ ӕмӕ йӕ бинонтимӕ куыд базонгӕ ис, уый (Руф 1:1).

Израилы ӕххормаг рӕстӕг кӕй скодта, уый тыххӕй Елимелех йӕ бинойнаг Ноеминимӕ ӕмӕ йӕ дыууӕ фыртимӕ ацыд Моавмӕ. Уый тыххӕй, ӕвӕццӕгӕн, бинонтӕй алкӕмӕн дӕр йӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцыд, уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕн сӕ хӕс уыд, цӕмӕй-иу афӕдз цалдӕр хатты Хуыцауӕн бакувынмӕ ӕрбацыдаиккой, Йегъовӕ цы бынат равзӕрста, уырдӕм (Дыккаг закъон 16:16, 17). Кӕд Ноемин йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕнын нӕ бауагъта, уӕддӕр ӕй лӕг куы амард, уӕд ууыл тынг маст кодта (Руф 1:2, 3).

Ноемин куыннӕ маст кодтаид, фӕстӕдӕр йӕ фырттӕ моаваг устытӕ кӕй ракуырдтой, ууыл дӕр (Руф 1:4). Ноемин хорз зыдта, израилӕгты рагфыдӕл Авраам кӕй батыхст, цӕмӕй йӕ фырт Исахъӕн ус ракуырдтаид Йегъовӕйӕн кувӕг адӕмӕй (Райдиан 24:3, 4). Фӕстӕдӕр та Хуыцау израилӕгтӕн Моисейы уылты цы закъон радта, уым сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй сӕ лӕппутӕн чызг ма куырдтаиккой ӕмӕ сын сӕ чызджыты ма лӕвӕрдтаиккой, уымӕн ӕмӕ сын тӕссаг уыд, мӕнгхуыцӕуттӕн кувын куы райдыдтаиккой, уымӕй * (Дыккаг закъон 7:3, 4).

Фӕлӕ уӕддӕр Махлон ӕмӕ Хилеон моаваг чызджыты ракуырдтой. Кӕд уый Ноеминӕн ӕхсызгон нӕ уыд, уӕддӕр йӕ чындзытӕн, Руф ӕмӕ Орфӕйӕн, хорз уыд. Ӕвӕццӕгӕн ӕй ныфс уыд, уыдон дӕр искуы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй райдайдзысты. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Руф ӕмӕ Орфӕ дӕр се ’фсины тынг уарзтой. Кӕрӕдзийыл ӕнувыд кӕй уыдысты, уый фӕрцы, цы бӕллӕх сыл ӕрцыд, уый сфӕрӕзтой. Сӕ дыууӕ дӕр идӕдзтӕй баззадысты, цот сын нӕма рацыд, афтӕмӕй (Руф 1:5).

Цымӕ Руфӕн йӕ дин ӕмӕ йе ’гъдӕуттӕ уыцы зын рӕстӕг исты ӕххуыс фесты? Ӕвӕццӕгӕн, нӕ. Моавӕгтӕ куывтой бирӕ хуыцӕуттӕн, сӕ сӕйраг хуыцау та уыди Хамос (Нымӕцтӕ 21:29). Ӕвӕццӕгӕн уыцы заман динты уыд ӕгъатыр ӕмӕ-иу адӕймаджы зӕрдӕ кӕмӕй барызт, бирӕ ахӕм ӕгъдӕуттӕ, зӕгъӕм, сӕ сывӕллӕтты нывондӕн хастой. Ӕмӕ моавӕгты дины дӕр ахӕм ӕгъдӕуттӕ уыд. Руф йӕ лӕг Махлонӕй кӕнӕ Ноеминӕй базыдта, Израилы Хуыцау Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у. Стӕй базыдта, адӕмы тынг кӕй уарзы, ӕмӕ уымӕй тынг кӕй хицӕн кӕны, моавӕгтӕ кӕмӕ куывтой, уыцы хуыцӕуттӕй. Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ уый тыххӕй нӕ куывтой, ӕмӕ дзы тӕрсгӕ кодтой, фӕлӕ йӕ кӕй уарзтой, уый тыххӕй (Дыккаг закъон 6:5). Уыцы бӕллӕхы фӕстӕ Руф ноджы ӕнгомдӕр сси Ноеминимӕ. Руф-иу зӕрдиагӕй хъуыста, йе ’фсин-иу ын Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы тыххӕй цы дзырдта, уымӕ, зӕгъӕм, цы диссӕгтӕ сарӕзта, стӕй куыд фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау у ӕмӕ йӕ адӕмы куыд тынг уарзы.

Ноемин-иу тынг бӕллыд, йӕ бӕстӕйӕ исты хабар фехъусынмӕ. Иухатт, ӕвӕццӕгӕн, иу базаргӕнӕгӕй базыдта, Израилы ӕххормаг рӕстӕг кӕй фӕци. Йегъовӕ йӕ адӕммӕ ӕркаст ӕмӕ сын арфӕ кӕнын райдыдта. Вифлеемыл та ногӕй йӕ ном сфидыдта, ома «хойраджы хӕдзар». Ӕмӕ уӕд Ноемин сфӕнд кодта фӕстӕмӕ йӕ бӕстӕмӕ аздӕхын (Руф 1:6).

Цымӕ Руф ӕмӕ Орфӕ та куыд бакодтой? (Руф 1:7) Цы бӕллӕх сыл ӕрцыд, уый фӕрцы дыууӕ чындзы се ’фсинимӕ фенгомдӕр сты. Фӕлӕ ма Руф йе ’фсины уарзта йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ уырнындзинады тыххӕй дӕр. Ӕмӕ ныр ӕртӕйӕ дӕр сфӕнд кодтой Иудӕйы зӕхмӕ ацӕуын.

Руфы хабарӕй бӕрӕг у, бӕллӕх ӕрмӕст ӕвзӕртыл кӕй не ’рцӕуы, фӕлӕ хорз адӕмыл дӕр (Екклесиаст 9:2, 11). Стӕй ма бӕрӕг у, зын уавӕрты раст кӕй у иннӕтӕй ӕххуыс курын, уӕлдайдӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй, Ноемин цы Хуыцауӕн лӕггад кодта, уый лӕггадгӕнджытӕй (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).

Руфы ӕнувыд уарзт

Ӕртӕ идӕдз сылгоймаджы Моавы зӕххӕй цас дарддӕр цыдысты, уыйас Ноемины иу хъуыддаг тынгдӕр тыхсын кодта. Ноемин хъуыды кодта йӕ дыууӕ ӕрыгон чындзыл ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фыртты куыд уарзтой, ууыл. Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ цард ноджы уӕззаудӕр фӕуыдаид. Йӕ чындзытӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕ куы ныууадзой ӕмӕ йемӕ Вифлееммӕ куы ацӕуой, уӕд сын цы кӕндзӕн?

Ноемин сын загъта: «Ацӕут, уӕ дыууӕ дӕр уӕ мадӕлты хӕдзармӕ аздӕхут. Йегъовӕ уӕ йе ’нувыд уарзтӕй барӕвдауӕд, сымах уӕхӕдӕг дӕр, чи амард, уыдоны, стӕй мӕн дӕр уе ’нувыд уарзтӕй куыд рӕвдыдтат, афтӕ». Стӕй сын загъта, Йегъовӕ сын кӕй раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ ногӕй кӕй смой кӕндзысты ӕмӕ сӕ цард хорз кӕй ацӕудзӕн. Дарддӕр цы уыд, уый тыххӕй кӕсӕм: «Уый фӕстӕ сын апъа кодта, ӕмӕ уыдон тынг ныккуыдтой». Уӕдӕ бӕрӕг у, Руф ӕмӕ Орфӕ уыцы фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ удуӕлдай сылгоймаджы афтӕ тынг цӕмӕн уарзтой, уый. Дыууӕйӕ дӕр ын дзырдтой: «Нӕ! Мах дӕр демӕ цӕуӕм дӕ адӕммӕ» (Руф 1:8–10).

Фӕлӕ Ноемин нӕ разы кодта. Бамбарын сын кодта, Израилы сын йӕ бон баххуыс кӕнын кӕй ницӕмӕй уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йын лӕг нӕй, ӕмӕ йӕ чи дардзӕн; нӕй йын, чи сӕ ракура, ахӕм фырттӕ, стӕй ма мой скӕндзӕн ӕмӕ йын цот рацӕудзӕн, уый дӕр бӕрӕг нӕ уыд. Загъта сын, йӕ бон сӕ фӕдарын кӕй нӕу, ӕмӕ уый тыххӕй тынг кӕй маст кӕны (Руф 1:11–13).

Ноемины ныхӕсты фӕстӕ Орфӕ фӕстӕмӕ аздӕхт. Моавы йӕм йӕ хӕдзары ӕнхъӕлмӕ кастысты йӕ мад ӕмӕ йӕ бинонтӕ. Ӕвӕццӕгӕн куы ахъуыды кодта, уӕд ӕм Моавы баззайын растдӕр фӕкаст. Йӕ зӕрдӕ скъуыдтӕ кодта, афтӕмӕй Ноеминӕн апъа кодта ӕмӕ ацыд (Руф 1:14).

Руф та куыд бакодта? Ноемины ныхӕстӕ Руфмӕ дӕр хаудысты. Фӕлӕ Библийы кӕсӕм: «Руф та йемӕ баззад». Ноемин дарддӕр йӕ фӕндагыл араст, фӕлӕ йӕ фембӕрста, Руф йӕ фӕдыл кӕй цӕуы. Ӕмӕ йын уӕд Ноемин загъта: «Уыныс, дӕ идӕдз файнуст аздӕхт йӕ адӕммӕ ӕмӕ йӕ хуыцӕуттӕм. Ацу, ды дӕр йемӕ аздӕх» (Руф 1:15). Ноемины ныхӕстӕ нын дзурӕг сты иу ахсджиаг хабарыл: Орфӕ ӕрмӕст йӕ адӕммӕ нӕ аздӕхт, фӕлӕ «йӕ хуыцӕуттӕм» дӕр. Ӕвзӕр ӕм нӕ каст Хамосӕн ӕмӕ иннӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувын. Руфӕй та цы зӕгъӕн ис?

Уыцы ӕдзӕрӕг ран Руф йе ’фсины раз лӕууыд ӕмӕ йын комкоммӕ йӕ цӕстытӕм каст. Раст кӕй кодта, уый фидарӕй зыдта. Руф Ноемины ӕмӕ йын йӕ Хуыцауы афтӕ тынг уарзта, ӕмӕ уыцы уарзондзинад йӕ риуы цӕугӕ дӕр нӕ кодта. Руф Ноеминӕн фидарӕй загъта: «Ма мын дзур, цӕмӕй дӕ ныууадзон ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхон. Ды кӕдӕм ацӕуай, ӕз дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн, ӕмӕ ӕхсӕв ды кӕм ӕрлӕууай, уым ӕрлӕудзынӕн ӕз дӕр. Дӕ адӕм уыдзысты мӕ адӕм дӕр, ӕмӕ дӕ Хуыцау уыдзӕн мӕ Хуыцау дӕр. Ды кӕм амӕлай, уым амӕлдзынӕн ӕз дӕр, ӕмӕ мӕ уым баныгӕндзысты. Йегъовӕйы фыдӕх мӕ баййафӕд, мӕн дӕуӕй мӕлӕт йеддӕмӕ исты куы фӕхицӕн кӕна, уӕд» (Руф 1:16, 17).

Кӕд уыцы хабарӕй 3 000 азӕй фылдӕр рацыд, уӕддӕр Руфы ныхӕстӕ абон дӕр рох не сты. Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Руфмӕ кӕй уыд иу хорз миниуӕг – ӕнувыд уарзт. Руф Ноемины ахӕм фидар ӕмӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзта, ӕмӕ йемӕ кӕдӕмфӕнды дӕр ацыдаид. Мӕлӕт йеддӕмӕ сӕ ницы фӕхицӕн кодтаид. Руф загъта, Ноемины адӕм кӕй суыдзысты йӕ адӕм, ӕмӕ цӕттӕ кӕй уыд, ӕрмӕст Моавы цы цард кодта, уый ферох кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ ма йӕ хуыцӕутты дӕр. Орфӕйӕ уӕлдай Руфӕн йӕ бон уыд ӕппӕт зӕрдӕйӕ зӕгъын, кӕй йӕ фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕ, Ноемины Хуыцау, йӕ Хуыцау суыдаид *.

Дыууӕ сылгоймаджы дарддӕр сӕ фӕндагыл Вифлееммӕ араст сты. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ Руф ӕмӕ Номемин фӕцыдысты иу къуыри. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы зын рӕстӕг кӕрӕдзийӕн стыр ныфсы хос уыдысты.

Абон дӕр бирӕтӕ зындзинӕдтӕ цух не сты. Мах цӕрӕм, Библи «тынг уӕззау рӕстӕг» кӕй хоны, уыцы рӕстӕджы, ӕмӕ алыхуызон зындзинӕдтӕ ’взарӕм, хызт не стӕм хиуӕтты мӕлӕтӕй дӕр (2 Тимофеймӕ 3:1). Уымӕ гӕсгӕ, Руфмӕ цы ахсджиаг миниуӕг уыд – ӕнувыд уарзт, уый нӕ абон куыд тынг хъӕуы, афтӕ никуы. Ӕнувыд уарзт ахӕм уарзт у, ӕмӕ адӕймаг искӕй ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы уарза ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ куы никуы сива. Уыцы уарзтӕн ахӕм тых ис, ӕмӕ йӕ ацы фыддунейы уавӕртӕ дӕр нӕ фӕтасын кӕндзысты. Ахӕм уарзондзинад ӕнӕмӕнг у бинонты ӕмӕ ӕмбӕлтты ’хсӕн, стӕй чырыстон ӕмбырды дӕр. Мах дӕр куы архайӕм, цӕмӕй нӕм ацы миниуӕг уа, уӕд Руфы фӕзмдзыстӕм.

Руф ӕмӕ Ноемин Вифлеемы

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнувыд уарзты тыххӕй дзурын ӕмӕ уыцы уарзт хъуыддагӕй ӕвдисын иу не сты. Руфӕн уыди фадат, цӕмӕй йе ’нувыд уарзт равдыстаид ӕрмӕст Ноеминмӕ нӕ, фӕлӕ ма Йегъовӕмӕ дӕр, йӕ Хуыцау кӕй схуыдта, уымӕ.

Ӕппынфӕстаг Руф ӕмӕ Ноемин бахӕццӕ сты Вифлееммӕ, Иерусалимӕй хуссарырдӕм 10 километры дарддӕр цы гыццыл горӕт уыд, уырдӕм. Ноемин кӕй ӕрӕздӕхт, уыцы хабар ӕнӕхъӕн горӕтыл уайтагъд айхъуыст, уымӕн ӕмӕ йын йӕ бинонты иууылдӕр хорз зыдтой. Сылгоймӕгтӕ-иу ӕм ӕдзынӕг ныккастысты ӕмӕ дзырдтой: «Ай ӕцӕгдӕр Ноемин у?» Ӕвӕццӕгӕн Моавы цы зындзинӕдтӕ бавзӕрста, уыдон ыл тынг фӕзындысты – фӕзӕронд ис (Руф 1:19).

Ноемин йӕ хиуӕттӕн ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕн радзырдта, цы бӕллӕхтӕ йыл ӕрцыд, уый. Афтӕ дӕр ма сын загъта, зӕгъгӕ мӕ ма хонут Ноемин (нысан кӕны «зӕрдӕмӕдзӕугӕ»), фӕлӕ мӕ хонут Марӕ (нысан кӕны «маст»). Мӕгуыр Ноемин! Уыцы замантӕй бирӕ раздӕр чи цард, уыцы Иовау Ноеминмӕ дӕр афтӕ каст, ӕмӕ йын уыцы тухитӕ Йегъовӕ кӕй ӕвзарын кодта (Руф 1:20, 21; Иов 2:10; 13:24–26).

Руф ӕмӕ Ноемин Вифлеемы куы ӕрцардысты, уӕд Руф хъуыдытӕ кӕнын райдыдта, дарддӕр куыд цӕрдзыстӕм, зӕгъгӕ. Руф базыдта, Йегъовӕйы Закъонмӕ гӕсгӕ израилӕгтӕн сӕ хӕс кӕй уыд мӕгуыртыл тыхсын. Мӕгуыртӕн уыд бар, цӕмӕй-иу хуымгӕрдӕн афон быдырты цы ӕфсиртӕ баззад, уыдон ӕмбырд кодтаиккой, ӕмӕ-иу хуымгӕрдджытӕ хуымты кӕрӕтты ӕнӕ карстӕй кӕй ныууагътой, уыцы хор сӕхицӕн ӕркарстаиккой * (Левит 19:9, 10; Дыккаг закъон 24:19–21).

Уыцы рӕстӕг Израилы уыди хъӕбӕрхор кӕрдыны афон, нырыккон нымадмӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, апрелы мӕй. Руф ацыд быдырмӕ, зӕгъгӕ мӕ кӕд исчи бауадзид йӕ хуымы ӕфсиртӕ ӕмбырд кӕнын. Афтӕ рауад, ӕмӕ Руф ӕфсиртӕ ӕмбырд кӕнынмӕ бацыд иу хъӕздыг лӕджы хуыммӕ. Уыцы лӕг разынд Вооз, Ноемины лӕг Елимелехы хӕстӕг. Кӕд Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ уыцы куыст кӕнынӕн бар курын нӕ хъуыд, уӕддӕр Руф хуымгӕрдджыты хистӕры бафарста. Уый йын бар радта, ӕмӕ Руф дӕр кусын райдыдта (Руф 1:22–2:3, 7).

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: хуымгӕрдджытӕ ӕхсырфытӕй хъӕбӕрхор кӕрдынц, Руф та сӕ фӕстӕ цӕуы ӕмӕ, чи ахауд кӕнӕ кӕй ныууагътой, уыцы ӕфсиртӕ ӕмбырд кӕны, стӕй сӕ куыристӕ бабӕтты ӕмӕ сӕ ахӕссы, фӕстӕдӕр сӕ кӕм ныххойдзӕн ӕмӕ нӕмгуытӕ ӕфсиртӕй кӕм фӕхицӕн кӕндзӕн, уыцы бынатмӕ. Куыст-иу цыд сабыргай, адӕймаг дзы тынг фӕллад, уӕлдайдӕр та-иу хур куы ӕрӕндӕвта, уӕд. Руф ӕнӕхъӕн бон иу ран не ’рбадт, ӕрлӕууыд-иу ӕрмӕст йӕ хид асӕрфынмӕ ӕмӕ, хуымы кӕрон кусджытӕн цы халагъуд уыд, уым къӕбӕр ахӕрынмӕ.

Руф, ӕвӕццӕгӕн, ӕнхъӕл дӕр нӕ уыд, исчи йӕ кӕй бафиппайдзӕн, уый. Фӕлӕ йӕм Вооз фӕкомкоммӕ ӕмӕ хуымгӕрдджыты хистӕры бафарста, ацы сылгоймаг чи у, зӕгъгӕ. Воозӕн йӕ хуымы чи куыста, уыдонӕй иуӕй-иутӕ, чи зоны, уыдысты, ӕрмӕстдӕр иу бонмӕ кӕй баххуырстой, ахӕмтӕ кӕнӕ ӕндӕрбӕстӕгтӕ. Вооз, Хуыцауӕн кувӕг адӕймаг, йӕ кусджытӕн салам радта: «Йегъовӕ уемӕ уӕд!» Уыдон дӕр ын дзуапп радтой: «Йегъовӕ дын раарфӕ кӕнӕд». Вооз Руфмӕ хъӕбулы цӕстӕй ракаст, уымӕн ӕмӕ дзы бирӕ хистӕр уыд (Руф 2:4–7).

Вооз Руфы, мӕ чызг, зӕгъгӕ, схуыдта ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй-иу йӕ хуымтӕм ӕрбацыдаид ӕмӕ-иу йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕм хӕстӕг ӕмбырд кодтаид, цӕмӕй йӕ мачи хъыгдардтаид. Кусджытӕ хӕрынмӕ куы ’рбадтысты уӕд та йӕм фӕдзырдта, цӕмӕй семӕ бахордтаид. Вооз дзы раппӕлыд ӕмӕ дзы ныфс бауагъта. Цымӕ куыд? (Руф 2:8, 9, 14)

Руф Воозы куы бафарста, ӕз ӕндӕрбӕстаг куы дӕн, уӕд дын дӕ хорзӕх цӕмӕй ссардтон, зӕгъгӕ, уӕд ын дзуапп радта, де ’фсинӕн цы хӕрзты бацыдтӕ, уый кӕй фехъуыстон, уый тыххӕй. Ӕвӕццӕгӕн-иу Ноемин Вифлеемы сылгоймӕгтӕн йӕ чындзӕй ӕппӕлыд, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ Воозмӕ дӕр фӕхӕццӕ сты. Вооз ма фехъуыста, Руф Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй райдыдта, уый дӕр. Уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Йегъовӕ дын раарфӕ кӕнӕд, афтӕ кӕй бакодтай, уый тыххӕй. Ӕмӕ, дӕхи кӕй базыры бын бакӕнынмӕ ӕрцыдтӕ, уыцы Хуыцау, Израилы Хуыцау Йегъовӕ дын дӕ хорздзинад ӕххӕстӕй бафидӕд» (Руф 2:12).

Куыд ӕхсызгон уыдаиккой уыцы ныхӕстӕ Руфӕн! Руфы ӕцӕгдӕр фӕндыд йӕхи Йегъовӕйы базыры бын бакӕнын, лӕппын цъиу йӕхи йӕ мады базырты бын куыд бамбӕхсы, афтӕ. Руф Воозӕн йӕ фӕлмӕн ныхӕсты тыххӕй раарфӕ кодта ӕмӕ суанг изӕрмӕ йӕ хуымы фӕкуыста (Руф 2:13, 17).

Руф йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй куыд равдыста, уымӕй фӕзминаг у, ацы уӕззау рӕстӕджыты цардамӕлттӕ кӕнын зын кӕмӕн у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Руф афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ дзы иннӕтӕ хӕсджын уыдысты, уымӕ гӕсгӕ-иу ын гыццыл истӕмӕй дӕр чи баххуыс кодта, уыдонӕй-иу бузныг уыд. Зынаргъ ын чи уыд, уыцы адӕймаджы тыххӕй уӕззау ӕмӕ хуымӕтӕг куыст дӕр йӕ сӕрмӕ хаста. Кӕм ӕмӕ йын хуыздӕр кӕимӕ уыдзӕн кусын, уый фӕдыл ын Вооз уынаффӕ куы радта, уӕд дзы фӕбузныг ӕмӕ йын куыд загъта, афтӕ бакодта. Уымӕй уӕлдай никуы рох кодта, ӕцӕгдӕр ӕй йӕ бон бахъахъхъӕнын кӕмӕн у, уый – йӕ хъомысджын Фыды, Хуыцау Йегъовӕйы.

Мах дӕр Руфау не ’нувыд уарзт хъуыддагӕй куы ’вдисӕм, сӕрныллӕг куы уӕм, ӕнӕзивӕгӕй куы фыдӕбон кӕнӕм ӕмӕ, Йегъовӕйы кӕй базыдтам, уый тыххӕй бузныг куы уӕм, уӕд, чи зоны, мах дӕр иннӕтӕн фӕзминаг уыдзыстӕм. Цымӕ Йегъовӕ Руф ӕмӕ Ноеминыл куыд батыхст? Ацы фарстайыл ныхас цӕудзӕн ӕндӕр хатт.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 22 абз. Иннӕ ӕндӕрбӕстӕгтӕй уӕлдай Руф ӕрмӕст «Хуыцау» нӕ дзырдта, фӕлӕ Хуыцауы хуыдта йӕ номӕй, Йегъовӕ, зӕгъгӕ. Иу чиныджы фыст ис: «Ацы чиныг чи ныффыста, уый афтӕмӕй равдыста, уыцы ӕндӕрбӕстаг сылгоймаг ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй райдыдта» (The Interpreter’s Bible).

^ 29 абз. Руфӕн йӕ райгуырӕн бӕстӕйы ахӕм закъон уӕвгӕ дӕр нӕ уыд, ӕмӕ йӕм диссаг куыннӕ фӕкастаид. Раджы заманты Ӕввахс Скӕсӕны идӕдзтӕ ӕмӕ мӕгуыртӕ никӕй хъуыдысты. Иу чиныджы фыст ис: «Сылгоймагӕн-иу йӕ лӕг куы амард, уӕд-иу ӕй хъуамӕ йӕ фырттӕ дардтаиккой. Фырт ын куы нӕ уыдаид, уӕд та-иу хъуамӕ искӕмӕ цагъарӕй бацыдаид кӕнӕ-иу хъуамӕ хӕтыдаид, ӕмӕ афтӕмӕй йӕхи дардтаид. Кӕд нӕ, уӕд та мӕлӕт – йӕ хуыздӕр хос».

[Рамкӕ 26 фарсыл]

Гыццыл, фӕлӕ хӕзнайау зынаргъ чиныг

Руфы чиныг кӕд гыццыл чиныг у, уӕддӕр ӕй нымайынц стыр хӕзнайыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Руфы чиныг, йӕ разӕй цы Тӕрхонгӕнджыты чиныг ис, уыимӕ абарӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ Тӕрхонгӕнджыты чиныг бирӕ стырдӕр у ӕмӕ дзы фылдӕр хабӕртты кой цӕуы, ӕмӕ уый фӕрцы уыцы замантӕ адӕймагӕн йӕ цӕстытыл ӕнцондӕрӕй ауайынц (Руф 1:1). Ӕвӕццӕгӕн дыууӕ чиныджы дӕр ныффыста пехуымпар Самуил. Руфы чиныг кӕсгӕйӕ бамбарӕм, Хуыцауы фӕндӕй фыст чиныгыл нымад цӕмӕн у, уый. Тӕрхонгӕнджыты чиныджы бирӕ фыст ис хӕстыты тыххӕй, Руфы чиныг та нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, зындзинӕдтӕ ’взаргӕйӕ иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл чи архайы, уыдоны Йегъовӕ кӕй никуы ферох кӕны. Руфы чиныджы цы бинонты кой цӕуы, уыдонӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм, зӕгъӕм, уарзондзинад, уырнындзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй, стӕй нын ӕххуыс кӕны хионы мӕлӕт сфӕразынӕн дӕр.

[Ныв 24 фарсыл]

Руф раст бакодта, зын рӕстӕджы Ноеминимӕ ноджы ӕнгомдӕр кӕй сси, уымӕй

[Ныв 24, 25 фӕрстыл]

«Дӕ адӕм уыдзысты мӕ адӕм дӕр, ӕмӕ дӕ Хуыцау уыдзӕн мӕ Хуыцау дӕр»

[Ныв 27 фарсыл]

Руф йӕхи ӕмӕ Ноемины фӕдарыны тыххӕй уӕззау ӕмӕ хуымӕтӕг куыст йӕ сӕрмӕ хаста