Исчи нын хъусы нӕ куывдтытӕ?
«Хуыцау кӕй ис, ууыл кӕд дызӕрдыг кодтон, уӕддӕр-иу иуӕй-иу хатт куывтон. Исчи мӕ хъусы ӕви нӕ, уый нӕ зыдтон, фӕлӕ мӕ уӕддӕр уырныдта, чидӕр мӕ кӕй хъусы. Мӕ цардӕй райгонд нӕ уыдтӕн, уӕвгӕ, цӕмӕн цардтӕн, уый дӕр не ’мбӕрстон. Хуыцау кӕй ис, ууыл хъуыды кӕнын дӕр не ’ууӕндыдтӕн, уымӕн ӕмӕ мӕм афтӕ каст, ӕмӕ, йӕ бон кӕмӕн ницы у, ӕрмӕстдӕр ыл уыдон ӕууӕндынц» (ПАТРИШӔ *, ИРЛАНДИ).
ДӔУМӔ дӕр искуы ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны? Чи зоны, Хуыцауыл не ’ууӕндыс, фӕлӕ йӕм уӕддӕр фӕкувыс. Кӕд афтӕ у, уӕд ӕй зон, ахӕм адӕм бирӕ кӕй ис. Ӕркӕсӕм-ма, дӕлдӕр цы бӕрӕггӕнӕнтӕ ис, уыдонмӕ.
▪ Бритайнӕгтӕй 2 200 адӕймаджы куы бафарстой, Хуыцауыл ӕууӕндынц ӕви нӕ, уӕд рабӕрӕг, ӕрмӕстдӕр дзы 22 проценты кӕй ӕууӕндынц, Сфӕлдисӕг Хуыцау кӕй ис ӕмӕ сын сӕ куывдтытӕ кӕй хъусы, ууыл. Фӕлӕ дзы 55 проценты искуы иу хатт уӕддӕр скувынц Хуыцаумӕ.
▪ Алыхуызон бӕстӕтӕй 10 000 адӕймаджы куы бафарстой, уӕд рабӕрӕг, йӕхи атеист чи хоны, уыдонӕй Хуыцаумӕ фӕкувы, ӕппынкъаддӕр, 30 проценты бӕрц.
Хуыцауыл цӕуылнӕ ӕууӕндынц?
Английы чи цӕры, иу ахӕм нӕлгоймаг, Аллан, зӕгъгӕ, загъта: «Хуыцауыл никуы ’ууӕндыдтӕн, уымӕн ӕмӕ мӕм афтӕ каст, ӕмӕ дин ӕрхъуыды кодтой адӕмы сайынӕн ӕмӕ ӕхца кусынӕн. Стӕй хъуыды кодтон, кӕд Хуыцау ис, уӕд уыйбӕрц ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ цӕмӕн цӕуы? Фӕлӕ-иу уӕддӕр иуӕй-иу хатт хибар ран сбадтӕн ӕмӕ-иу „кӕимӕдӕр“ ныхас кодтон. Мӕхимӕ-иу арӕх радтон ахӕм фарста, цӕмӕн цӕрын, зӕгъгӕ?»
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймагӕн йӕ куывдтытӕ исчи хъусы, ууыл кӕй фӕдызӕрдыг кӕны, уымӕн вӕййы цавӕрдӕр аххосӕгтӕ. Арӕх афтӕ уымӕн вӕййы, ӕмӕ адӕймаг дзуапп нӕ фӕзоны ахӕм фарстатӕн:
▪ Хуыцау ис?
▪ Дины аххосӕй уыйбӕрц фыдхъуыддӕгтӕ цӕмӕн цӕуы?
▪ Хуыцау хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?
Ацы фарстатӕн дзуапп куы зонис, уӕд дӕ тынгдӕр нӕ уырнид, Хуыцау дын дӕ куывдтытӕ кӕй хъусы?
[Фиппаинаг]
^ 2 абз. Ацы статьяты иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.