Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Куы фӕкувут, уӕд-иу дзурут: „Нӕ Фыд“»

«Куы фӕкувут, уӕд-иу дзурут: „Нӕ Фыд“»

«Фыд». Ацы ныхас куы фехъусыс, уӕд цавӕр адӕймаг ауайы дӕ цӕстытыл? Йӕ бинонты чи уарзы ӕмӕ сыл чи тыхсы, ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕ нӕлгоймаг, ӕви йӕ бинонтӕ нымады дӕр кӕмӕ не сты, суанг ма ӕгъатыр схонӕн дӕр кӕй ис, ахӕм нӕлгоймаг? Ацы фарстайӕн цавӕр дзуапп ратдзынӕ, уый сӕйраджыдӕр кӕнгӕ у, дӕхи фыд цавӕр адӕймаг уыд, уымӕй.

ЧЫРЫСТИ-ИУ Хуыцаумӕ куы куывта кӕнӕ-иу йӕ кой куы кодта, уӕд-иу ӕй арӕх схуыдта «Фыд» *. Йӕ фӕдылдзӕуджыты кувын куы ахуыр кодта, уӕд сын загъта: «Куы фӕкувут, уӕд-иу дзурут: „Нӕ Фыд“» (Лукайы 11:2). Фӕлӕ цымӕ цавӕр фыд у Йегъовӕ? Ацы фарстайӕн дзуапп базонын тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕ цавӕр фыд у, уый цас хуыздӕр базонӕм, уыйас йемӕ ӕнгомдӕр уыдзыстӕм ӕмӕ йӕ фылдӕр уарздзыстӕм.

Нӕ уӕларвон Фыды тыххӕй нын Йесо Чырыстийӕ хуыздӕр ничи радзурдзӕн. Чырысти ӕмӕ йӕ Фыд тынг ӕнгом уыдысты. Чырысти загъта: «Фырты алцӕмӕй дӕр Фыд куыд зоны, афтӕ йӕ ничи зоны, стӕй Фыды дӕр ничи зоны Фырты хуызӕн ӕмӕ, Фырты кӕмӕн фӕнды Фыды раргом кӕнын, уый хуызӕн» (Матфейы 11:27). Уӕдӕ Фыды ӕппӕты хуыздӕр базонӕн ис Фырты уылты.

Нӕ уӕларвон Фыды тыххӕй Чырыстийӕ нӕ бон цы у базонын? Ӕркӕсӕм-ма, Чырысти цы загъта, уымӕ: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, нӕ уӕларвон Фыды сӕйраг миниуӕг уарзондзинад кӕй у (1 Иоанны 4:8). Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый бирӕ цӕмӕйдӕрты бӕрӕг у, зӕгъӕм, райгонд нӕ у, тӕригъӕд нын кӕны, хъахъхъӕны нӕ, зонд нын амоны ӕмӕ, цы хъуаг стӕм, уый нын дӕтты.

Чырысти нын зӕгъы, нӕ Фыд нӕ райгонд кӕй у

Сывӕллӕттӕ ныфсджындӕр вӕййынц, куы йӕ фембарынц, сӕ ныййарджытӕ сӕ райгонд кӕй сты, уый. Ахъуыды-ма кӕн, Чырысти куыд фӕныфсджын уыдаид йӕ Фыды ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Матфейы 3:17). Чырысти та махӕн дзуры, нӕ уӕларвон Фыд нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нӕ райгонд кӕй у. «Мӕн чи уарзы, уый та мӕ Фыд дӕр уарздзӕн»,– загъта Йесо (Иоанны 14:21). Цы стыр циндзинад нын хӕссынц ацы ныхӕстӕ! Фӕлӕ нын уыцы циндзинад кӕйдӕр цӕст нӕ уарзы.

Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ уӕларвон Фыд нӕ райгонд кӕй у, ууыл. Нӕ зонды нын ахӕм хъуыды ныффидар кӕныныл архайы, уый аккаг кӕй не стӕм, цӕмӕй нӕ Хуыцау уарза. Адӕймагмӕ арӕхдӕр бахъавы, тох кӕнынӕн ӕм хъару куы нӕ вӕййы, уыцы рӕстӕг, зӕгъӕм, рынчын кӕнӕ лӕмӕгъ куы вӕййы, куы фӕзӕронд вӕййы, куы фӕрӕдийы, йе та фыдӕнхъӕл куы фӕвӕййы, ӕмӕ йӕ тых куы асӕтты, уӕд. Ӕркӕсӕм, Хуыцау дзы райгонд уа, уый аккагыл йӕхи чи нӕ нымадта, иу ахӕм нӕлгоймаджы хабармӕ, йӕ ном Лукӕс. Лукӕс радзырдта, йӕ ныййарджытӕ кӕддӕр фидар уаг ӕмӕ ӕгъдауыл хӕст кӕй уыдысты ӕмӕ ахӕм зондыл сӕ фырты дӕр кӕй арӕзтой. Фӕлӕ йын цы амыдтой, уыдӕттыл фӕстӕдӕр сӕхӕдӕг сӕ къух систой. Лукӕсӕн, ӕвӕццӕгӕн, уый аххосӕй уыд зын йӕ уӕларвон Фыдмӕ хорз ӕмбалы цӕстӕй кӕсын. Уымӕй уӕлдай ма уыд мӕстыгӕр, ӕмӕ йӕ уыцы миниуӕг хъыгдардта, цӕмӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цардаид. Фӕлӕ йӕ бинойнаг (Лукӕс ӕй нымайы Хуыцауы лӕварыл) тынг фӕразон кӕй уыд ӕмӕ йын ӕдзух ныфсытӕ кӕй ӕвӕрдта, уый фӕрцы сахуыр йӕхиуыл хӕцын. Лукӕс бамбӕрста, «Йесо Чырысти дунемӕ [кӕй] ӕрцыд тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ» (1 Тимофеймӕ 1:15). Лукӕс загъта, Хуыцау ӕй кӕй уарзы ӕмӕ дзы райгонд кӕй у, ууыл кӕй хъуыды кодта, уый руаджы йӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй райдыдта ӕмӕ йӕхимӕ ӕгуыдзӕг кӕй нал каст.

Кӕд ды дӕр иуӕй-иу хатт фӕдызӕрдыг кӕныс, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы ӕмӕ дӕ райгонд кӕй у, ууыл, уӕд дын, чи зоны, баххуыс кӕндзӕн, Ромӕгтӕм 8:31–39 стихты цы фыст ис, ууыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнай, уый. Ацы стихты нын апостол Павел ӕмбарын кӕны, кӕй ницы нӕ «фӕхицӕн кӕндзӕн, Хуыцау нӕм нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы цы уарзондзинад равдыста, уымӕй» *.

Тӕригъӕдгӕнаг Фыд

Нӕ уӕларвон Фыдӕн тынг зын у нӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсын. Йегъовӕ у «тынг тӕригъӕдгӕнаг» Хуыцау (Лукайы 1:78). Чырысти дӕр йӕ Фыдау тӕригъӕд кодта ӕнӕххӕст адӕмӕн (Марчы 1:40–42; 6:30–34). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ дӕр архайынц, цӕмӕй сӕ уӕларвон Фыдау фӕлмӕнзӕрдӕ уой. Уыдон хъусынц Библийы фӕдзӕхстмӕ, «кӕрӕдзимӕ ут хӕларзӕрдӕ, уӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарут», зӕгъгӕ (Ефесӕгтӕм 4:32).

Ахъуыды-ма кӕнӕм, иу нӕлгоймагыл, Филиппыл, цы хабар ӕрцыд, ууыл. Иухатт куыстмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд ын цыма йӕ фӕсонты исчи кард фӕтъыста, афтӕ дзы ӕвиппайды цыдӕр срыст. Филиппы рынчындонмӕ аластой. Дохтыртӕ йӕ аст сахаты фӕрасгар-басгар кодтой ӕмӕ йын стӕй загътой, йӕ зӕрдӕйы тугдадзины мидӕггаг цъар кӕй аскъуыд, ӕмӕ операцийӕ пайда кӕй нал ис, уымӕн ӕмӕ 25 минуты йеддӕмӕ нал фӕцӕрдзӕн, зӕгъгӕ.

Филиппӕн йемӕ йе ’мбырдӕй чидӕртӕ уыд, ӕмӕ йӕ уыдон уайтагъд ӕндӕр рынчындонмӕ аластой. Уым ын цалынмӕ операци кодтой, уӕдмӕ рынчындонӕй нӕ ацыдысты. Филипп фервӕзт ӕмӕ абон тынг бузныг у, йӕ зыны сахат йӕ уӕлхъус чи уыд ӕмӕ йын чи баххуыс кодта, уыдонӕй. Фӕлӕ йӕ фидарӕй зоны, уыдон ын уыцы ’ххуыс Йегъовӕйы фӕндонӕй кӕй бакодтой. Филипп дзуры: «Афтӕ мӕм каст, цыма Хуыцау хорз фыдау мӕ фарсмӕ лӕууыд ӕмӕ мӕ фидар кодта». Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйӕн йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад рабӕрӕг вӕййы, йӕ лӕггадгӕнджытӕ уыцы миниуӕг кӕй равдисынц, уымӕй.

Нӕ уӕларвон Фыд нӕ хъахъхъӕны

Гыццыл сывӕллон истӕмӕй куы фӕтӕрсы, уӕд йӕ фыдмӕ азгъоры. Йӕ фыды хъӕбысы куы вӕййы, уӕд ницӕмӕй фӕтӕрсы. Чырысти дӕр ӕдзух йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта (Матфейы 26:53; Иоанны 17:15). Махӕн дӕр нӕ бон у нӕ ныфс дарын, нӕ уӕларвон Фыд нӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн, ууыл. Йегъовӕ нын абон сӕйраджыдӕр нӕ уырнындзинад хъахъхъӕны, ома нын алцыдӕр дӕтты, цӕмӕй нын ма ’рлӕмӕгъ уа ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ ма сивӕм. Уыцы мадзӕлттӕм хауынц, Библийы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон. Ахӕм уынаффӕ нын куы раттынц, уӕд цыма Йегъовӕ нӕ фӕстӕ фӕлӕууы ӕмӕ нын афтӕ фӕдзуры: «Мӕнӕ фӕндаг. Цӕут ацы фӕндагыл» (Исай 30:21).

Ӕркӕсӕм-ма, рок-н-ролл чи цагъта, ӕртӕ ахӕм ӕфсымӕры хабармӕ. Тиагу, Фернандо ӕмӕ Рафаель куы базыдтой, Сан-Паулойы (Бразили) зындгонддӕр залмӕ сӕ концерт раттынмӕ кӕй равзӕрстой, уӕд сӕ цинӕн кӕрон нал уыд. Афтӕ сӕм каст, ӕмӕ сӕ ном дардыл айхъуысдзӕн. Фӕлӕ, иу диныл хӕст кӕимӕ уыдысты, уыдонӕй сын иу нӕлгоймаг загъта, Хуыцауы закъӕттӕ чи ницӕмӕ дары, уыцы адӕмимӕ лымӕн кӕнын тӕссаг кӕй у (Ӕмбисӕндтӕ 13:20). Уый фӕдыл Библийы цы фыст ис, уый сын бакаст ӕмӕ сын йӕ хистӕр ӕфсымӕры хабар радзырдта. Уый дӕр, се ’гъдауӕй фӕзминаг чи нӕ уыд, ахӕмтимӕ балымӕн, ӕмӕ ӕвзӕр митыл бафтыд. Тиагу ӕмӕ йӕм йе ’фсымӕртӕ байхъуыстой, ӕмӕ рок-н-ролл ныууагътой. Абон ӕртӕйӕ дӕр адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй дзурынӕн сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕнынц. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй сын Библийӕ цы уынаффӕ радтой, уымӕ кӕй байхъуыстой, уый сӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай нӕ фесты.

Нӕ уӕларвон Фыд нын зонд амоны

Йӕ сывӕллӕтты чи уарзы, ахӕм фыд сын зонд фӕамоны, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ хорз адӕймӕгтӕ рауайа (Ефесӕгтӕм 6:4). Кӕд сын зонд иуӕй-иу хатт фидарӕй фӕамоны, уӕддӕр тъӕпп ӕмӕ рӕхуыстӕй нӕ. Нӕ уӕларвон Фыды дӕр иуӕй-иу хатт бахъӕуы махӕн зонд бацамонын. Фӕлӕ нын зонд фӕамоны фӕлмӕнӕй, тызмӕгӕй нӕ, фӕлӕ. Чырысти дӕр уыд йӕ Фыды хуызӕн фӕлмӕн. Иу хъуыддагмӕ-иу сын се ’ргом кӕд цалдӕр хатты раздӕхта, суанг-иу уӕд дӕр семӕ тызмӕгӕй никуы ныхас кодта (Матфейы 20:20–28; Лукайы 22:24–30).

Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм Рикардойы хабармӕ. Рикардо тынг бузныг у Йегъовӕйӕ, фӕлмӕнӕй йын зонд кӕй бацамыдта, уый тыххӕй. Рикардо авдмӕйдзыд сывӕллон уыд, йӕ фыд йӕ бинонты куы ныууагъта ӕмӕ хӕдзарӕй куы ацыд, уӕд. Сывӕллон куы бахъомыл, уӕд ыл тынг фӕзынд, фыд ын кӕй нӕ уыд, уый. Рикардо ӕвзӕр митыл бафтыд, фӕлӕ йын йе ’фсарм ӕнцой нал лӕвӕрдта. Ӕмбӕрста йӕ, цы цард кодта, уый Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ раст кӕй нӕу, ӕмӕ йе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс бацагуырдта. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йемӕ фидарӕй, фӕлӕ фӕлмӕнӕй аныхас кодтой ӕмӕ йын Библийӕ уынаффӕ радтой. Кӕд сын Рикардо сӕ уынаффӕмӕ байхъуыста ӕмӕ йӕ цард аивта, уӕддӕр йӕ раздӕры миты тыххӕй йӕхицӕн ӕнцой нӕ ардта – йӕхимӕ ныхъхъуыста, хуыссӕг ыл нал хӕцыд ӕмӕ-иу арӕх куыдта. Фӕлӕ фӕстагмӕ бамбӕрста, зонд ын кӕй бацамыдтой, уый ууыл дзурӕг кӕй у, ӕмӕ йыл Йегъовӕ йӕ зӕрдӕ кӕй нӕ сивта, нырма дӕр ӕй кӕй уарзы. Рикардойы зӕрдыл ӕрлӕууыдысты, Дзуттӕгтӕм 12:6 фыст ныхӕстӕ: «Йегъовӕ, кӕй уарзы, зонд дӕр уымӕн амоны».

Хъуамӕ нӕ рох ма уа, зонд амонын ӕрмӕст бауайдзӕф кӕнын кӕнӕ бафхӕрын кӕй нӕу. Библийы зонд амонын баст у ахуыр кӕнынимӕ. Уымӕ гӕсгӕ нын нӕ уӕларвон Фыд зонд, чи зоны, афтӕ дӕр бацамона, ӕмӕ нӕ ма фервӕзын кӕна, нӕ тӕригъӕдты тыххӕй цы зындзинӕдтӕ бавзарӕм, уыдонӕй. Фӕлӕ Библийӕ бӕрӕг у, зонд нын кӕй амоны, уый фӕрцы нӕ кӕй ахуыр кӕны ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны раст фӕндагыл цӕуынӕн (Дзуттӕгтӕм 12:7, 11). Нӕ уӕларвон Фыды фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм ӕмӕ нын зонд кӕй амоны, уый дӕр нӕхи пайдайӕн у.

Нӕ уӕларвон Фыд нын дӕтты, цы хъуаг стӕм, уый

Йӕ бинонты чи уарзы, ахӕм фыд фӕархайы, цӕмӕй йӕ бинонтӕ мацы хъуаг ӕййафой. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр ахӕм Фыд у. Чырысти загъта: «Уӕ уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц» (Матфейы 6:25–34). Йегъовӕ нын йӕхӕдӕг дӕр зӕрдӕ ’вӕры: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн» (Дзуттӕгтӕм 13:5).

Ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый иу сылгоймаг, Ниси, зӕгъгӕ, бамбӕрста, йӕ лӕг ӕнӕ куыстӕй куы баззад, уӕд. Йӕхӕдӕг уымӕй гыццыл раздӕр йӕ хорз куыст ныууагъта, цӕмӕй йӕ дыууӕ чызгимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвыстаид ӕмӕ Хуыцауӕн дӕр фылдӕр лӕггад кодтаид. Фӕлӕ ныр цӕмӕй хъуамӕ цардаиккой? Ниси Йегъовӕмӕ скуывта. Дыккаг бон йӕ лӕг куыстмӕ ацыд, цӕмӕй йӕ дзаумӕттӕ рахастаид. Стыр диссаг ӕм куыннӕ фӕкаст, йӕ хицау ын куы загъта, ӕндӕр куыст дзы кӕй фӕзынд ӕмӕ цӕмӕй куыстмӕ рацыдаид! Уӕдӕ Нисийы лӕг иу бон ӕнӕ куыстӕй баззад, иннӕ бон та ног куыст ссардта. Ниси ӕмӕ йӕ лӕг Йегъовӕйӕ тынг фӕбузныг сты, сӕ хъуыддаг афтӕ хорз кӕй рауад, уый тыххӕй. Сӕ хабар нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кӕй никуы ферох кӕны.

Нӕ уӕларвон Фыд нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй дзы бузныг стӕм

Ӕцӕгдӕр, нӕ уӕларвон Фыд нӕ куыд тынг уарзы, уый радзурынӕн мах фаг ныхӕстӕ аргӕ дӕр не скӕндзыстӕм! Йегъовӕ нӕ райгонд кӕй у, куыд нын тӕригъӕд кӕны, куыд нӕ хъахъхъӕны, зонд нын куыд амоны ӕмӕ, цы хъуаг стӕм, уый нын куыд дӕтты, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй бамбарӕм, уымӕй хуыздӕр Фыд кӕй нӕй!

Нӕ уӕларвон Фыды уарзондзинадӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? Нӕ бон у архайын, цӕмӕй йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фӕндтӕ дӕр хуыздӕр базонӕм (Иоанны 17:3). Нӕ цард йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ аразӕм (1 Иоанны 5:3). Йегъовӕ нӕ куыд уарзы, афтӕ мах дӕр иннӕты уарзӕм (1 Иоанны 4:11). Ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕй ӕвдисдзыстӕм, Йегъовӕйы нӕ Фыдыл кӕй нымайӕм ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ кӕй стӕм, уый нын стыр кад кӕй у.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 3 абз. Йегъовӕ нӕ фыд кӕй у, уый тыххӕй Библийы бирӕ рӕтты ис фыст. Зӕгъӕм, Матфей, Марк ӕмӕ Лукайы Евангелиты Йесо 65 хатты бӕрц схуыдта Хуыцауы «Фыд», Иоанны Евангелийы та йӕ афтӕ схуыдта 100 хаттӕй фылдӕр. Павел дӕр йӕ фыстӕджыты Хуыцауы тыххӕй, «Фыд», зӕгъгӕ, загъта 40 хаттӕй фылдӕр. Йегъовӕйы нӕ Фыд схонӕн уымӕн ис, ӕмӕ нын цард уый радта.

^ 9 абз. Кӕс чиныг «Баввахс у Иегъовӕмӕ», 24 сӕр, «Ницы „нӕ ахицӕн кӕндзӕн Хуыцауы уарзондзинадӕй“». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Хицӕнгонд текст 19 фарсыл]

Йегъовӕ цавӕр фыд у, уый цас хуыздӕр базонӕм уыйас йемӕ ӕнгомдӕр уыдзыстӕм ӕмӕ йӕ фылдӕр уарздзыстӕм

[Хицӕнгонд текст 22 фарсыл]

Нӕ бон у ӕвдисын, Йегъовӕйы нӕ Фыдыл кӕй нымайӕм ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ кӕй стӕм, уый нын стыр кад кӕй у

[Рамкӕ/Нывтӕ 21 фарсыл]

НӔ УӔЛАРВОН ФЫД ЙЕГЪОВӔ НӔ КӔЙ УАРЗЫ, УЫЙ БИРӔ ЦӔМӔЙДӔРТЫ БӔРӔГ У

РАЙГОНД НӔ У

ТӔРИГЪӔД НЫН КӔНЫ

ХЪАХЪХЪӔНЫ НӔ

ЗОНД НЫН АМОНЫ

ЦЫ ХЪУАГ СТӔМ, УЫЙ НЫН ДӔТТЫ