Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ куывдтытӕ нын чи хъусы?

Нӕ куывдтытӕ нын чи хъусы?

КӔД нын нӕ куывдтытӕ чидӕр хъусы, уӕд уый не Сфӕлдисӕг йеддӕмӕ чи хъуамӕ уа? Адӕймагӕн сӕры магъз чи радта, уый йеддӕмӕ йын йӕ хъуыдытӕ зонын кӕй бон у? Уый йеддӕмӕ адӕмӕн сӕ зындзинӕдты чи ’ххуыс кӕны? Фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс, цымӕ Сфӕлдисӕгыл ӕууӕндын ӕнӕзонд ми нӕу, зӕгъгӕ?

Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, Хуыцауыл чи ’ууӕнды, уыдон, наукӕ цы дзуры, ууыл не ’ууӕндынц. Фӕлӕ, Хуыцауыл ӕууӕндын ӕмӕ наукӕ кӕрӕдзимӕ ницы бар дарынц, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъын раст нӕ уаид. Ахъуыды-ма кӕнӕм, дӕлдӕр цы бӕрӕггӕнӕнтӕ ис, уыдоныл.

▪ Ӕрӕджы куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Америкӕйы Иугонд Штатты 21 кадджын университеты цы 1 646 профессоры кусы, уыдонӕн ӕрмӕстдӕр се ’ртыккаг хай загътой, Хуыцауыл не ’ууӕндын, зӕгъгӕ.

Уӕдӕ бӕрӕг у, ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ кӕй ӕууӕндынц, Хуыцау кӕй ис, ууыл.

Сфӕлдисӕг кӕй ис, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

Куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау кӕй ис, ууыл баууӕндынӕн ницы бӕлвырдгӕнӕнтӕ хъӕуы? Куыннӕ! Афтӕ дзурын, кӕд истӕуыл ӕууӕндыс, уӕд уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, раст нӕу. Библимӕ гӕсгӕ уырнындзинад у, адӕймаг «бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты» (Дзуттӕгтӕм 11:1). Зӕгъӕм, дымгӕ цӕстӕй нӕ уынӕм, фӕлӕ кӕй ис, уый базонӕн вӕййы, бӕлӕсты сыфтӕ кӕй фезмӕлын кӕны, уымӕй. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ уырны, дымгӕ кӕй ис, уый. Уӕдӕ, куывдтытӕ чи хъусы, уый дӕр кӕд нӕ бон фенын нӕу, уӕддӕр нӕ бон у иуӕй-иу бӕлвырдгӕнӕнӕтӕм ӕркӕсын, цӕмӕй нӕ бауырна, кӕй ис, уый.

Цымӕ Хуыцау кӕй ис, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис? Куыннӕ, ӕмӕ сӕ бирӕ агурын дӕр нӕ хъӕуы. Уый тыххӕй нӕ алыварс акӕсын дӕр фаг у. Библийы кӕсӕм: «Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы хӕдзар дӕр чидӕр саразы, ӕмӕ ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау» (Дзуттӕгтӕм 3:4). Ацы хъуыдыимӕ разы дӕ? Чи зоны фӕхъуыды кӕныс, Дун-дуне куыд конд у, цард куыд фӕзынд ӕмӕ куыд диссаг у, ууыл кӕнӕ та адӕймаджы зондыл. Цымӕ уӕд ахӕм хъуыдымӕ не ’рцӕуыс, ӕмӕ, адӕймагӕй зондджындӕр чи у, ахӕм чидӕр кӕй хъуамӕ уа *?

Уӕдӕ Хуыцау кӕй ис, уый базонӕн ис ӕрдзмӕ кӕсгӕйӕ. Фӕлӕ уӕддӕр уый фӕрцы Хуыцауы тыххӕй алцыдӕр базонӕн нӕй. Уый абарӕн ис, адӕймаг ӕхгӕд дуары фӕстӕ куыд лӕууа ӕмӕ кӕйдӕр къахдзӕфты уынӕр куыд хъуса, уыимӕ. Зоныс ӕй, дуары фӕстӕ чидӕр кӕй ис, фӕлӕ чи у, уый бӕрӕг нӕу. Цӕмӕй йӕ базонай, уый тыххӕй дӕ хъӕуы дуар байгом кӕнын. Уӕдӕ алцыдӕр чи сфӕлдыста, уый базоныны тыххӕй дӕр «дуар» байгом кӕнын хъӕуы.

Уыцы «дуар» у Библи. Библийы ис, лыстӕг хабӕртты онг фыст пехуымпарӕдтӕ, ӕмӕ дзы базонӕн ис, куыд сӕххӕст сты, уый. Уый фӕрцы дӕ бауырндзӕн, Хуыцау кӕй ис, уый *. Уымӕй уӕлдай ма, Библийӕ дӕ бон у базонын, Хуыцау адӕммӕ цы зӕрдӕ дары. Ӕмӕ уый фӕрцы та базондзынӕ, куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцаумӕ цавӕр миниуджытӕ ис, уый.

Куывдтытӕ чи хъусы, уый цавӕр Хуыцау у?

Библийы фыст ис, куывдтытӕ чи хъусы, уый цавӕрдӕр ӕнӕуынгӕ тых кӕй нӕу. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ базонӕм ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ суӕм. Уымӕ гӕсгӕ йӕм куы фӕкувӕм, уӕд нӕм лӕмбынӕг байхъусы. Уӕдӕ нӕ Библийы фыст ныхӕстӕ ныфс куыннӕ уадзынц: «Куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау, дӕумӕ ӕрцӕудзысты адӕм иууылдӕр» (Псалом 65:2). Чи йыл ӕууӕнды, ӕмӕ йӕм афтӕмӕй чи кувы, уыдоны куывдтытӕ хъусы. Ӕмӕ йын ном дӕр ис. Библи зӕгъы: «Йегъовӕ фыдгӕнджытӕй дард у, рӕстгӕнджыты куывдтытӕ та хъусы» (Ӕмбисӕндтӕ 15:29).

Йегъовӕйӕн ис ӕнкъарӕнтӕ. Йегъовӕ у «уарзондзинады... Хуыцау», стӕй «амондджын Хуыцау» (2 Коринфӕгтӕм 13:11; 1 Тимофеймӕ 1:11). Зӕххыл фыддзинад куы ахӕлиу, уӕд уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй ракаст, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Йӕ зӕрдӕ фӕрыст» (Райдиан 6:5, 6). Афтӕ кӕй фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, Хуыцау адӕмӕн зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕны, цӕмӕй сӕ бафӕлвара, уый раст нӕу. Библи зӕгъы: «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау фыдхъуыддаг сараза» (Иов 34:10). Фӕлӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнай, зӕгъгӕ, кӕд Хуыцау ӕппӕтхъомысджын Сфӕлдисӕг у, уӕд хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?

Йегъовӕ адӕмӕн радта ахӕм бар, цӕмӕй сӕхӕдӕг хӕссой уынаффӕтӕ, ӕмӕ нын уый дӕр дзурӕг у, цавӕр Хуыцау у, ууыл. Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм сӕрибардзинад алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цӕуы. Фӕлӕ, хъыгагӕн, бирӕтӕ сӕ сӕрибардзинадӕй раст нӕ пайда кӕнынц, ӕмӕ уый аххосӕй сӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр зиан хӕссынц. Уӕдӕ ’взӕры, бӕстон ахъуыды кӕнын кӕуыл хъӕуы, ахӕм фарста: уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ Хуыцау адӕмы сӕ сӕрибардзинадӕй ӕнӕхай ма фӕкӕна, афтӕмӕй хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕна? Ацы фарстайыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 8 абз. Хуыцау кӕй ис, уымӕн фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕ бон ссарын у брошюрӕйы «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа» ӕмӕ чиныджы «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?». Мыхуыры сӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 10 абз. Библи Хуыцауы фӕндӕй фыст чиныг кӕй у, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссарӕн ис брошюрӕйы «Чиныг алкӕмӕндӕр» ӕмӕ чиныджы «Библия: слово Бога или человека?». Мыхуыры сӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Рамкӕ 5 фарсыл]

Динты аххосӕй не ’ууӕндыс Хуыцауыл?

Фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй ис ӕмӕ сын сӕ куывдтытӕ кӕй хъусы, ууыл бирӕтӕ, хъыгагӕн, динты аххосӕй дызӕрдыг кӕнынц. Динтӕ адӕмы хӕстыты архайынмӕ разӕнгард кӕнынц, аххосджын вӕййынц терроризмы, стӕй сывӕллӕттӕн тыхми кӕй кӕнынц, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц. Уымӕ гӕсгӕ суанг Хуыцаумӕ кувӕг адӕм дӕр дзурын райдыдтой: «Ӕз Хуыцауыл не ’ууӕндын».

Цымӕ динтӕ арӕх ахӕм ӕвзӕр хъуыддӕгты аххосджын цӕмӕн вӕййынц? Цыбыртӕй йӕ куы зӕгъӕм, уӕд, ӕвзӕр адӕм динтӕй фӕпайда кӕнынц ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразынӕн. Библийы фыст ӕрцыд, чырыстон динӕн сӕхи разамонджытӕ кӕй скӕндзысты, йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ӕмбӕхсынӕн дзы чи пайда кӕндзӕн, уыдон. Апостол Павел ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта: «Уӕхи ’хсӕн дӕр фӕзындзӕн, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты сӕ фӕдыл акӕной» (Хъуыддӕгтӕ 20:29, 30).

Хуыцау мӕнг динтӕй йе сӕфт уыны. Библи зӕгъы, «зӕххыл кӕйдӕриддӕр фыдмард акодтой, уыдоны туг» кӕй ис мӕнг динтыл (Раргомад 18:24). Мӕнг динтӕ адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад кӕй нӕ дзурынц, зӕгъӕм йӕ сӕйраг миниуӕг уарзондзинад кӕй у, уый, уымӕ гӕсгӕ адӕммӕ уарзондзинад нӕй ӕмӕ суанг фыдхъуыддӕгтӕ дӕр аразынц. Уый тыххӕй мӕнг динтыл ис адӕмы туг (1 Иоанны 4:8).

Куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау йӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг исы, динты аххосӕй чи хъизӕмар кӕны, уыдоны рыст. Хуыцау адӕмы кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ мӕнгард дины разамонджытӕн тӕрхон рахаста ӕмӕ уыцы тӕрхон тагъд Чырысти сӕххӕст кӕндзӕн. Чырысти загъта: «Уыцы бон мын бирӕтӕ зӕгъдзысты: „Хицау, Хицау, мах дӕ номӕй нӕ дзырдтам..?“ Фӕлӕ сын уӕд ӕз ӕргом зӕгъдзынӕн: „Ӕз уӕ нӕ зонын! Ацӕут ардыгӕй, фыдгӕнджытӕ“» (Матфейы 7:22, 23).