Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?

Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?

КӔД иуӕй-иутӕ Хуыцаумӕ фӕкувынц, уӕддӕр фӕдызӕрдыг кӕнынц, кӕй ис, ууыл. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уынынц, адӕм куыд хъизӕмар кӕнынц, уый. Искуы хъуыды кодтай, Хуыцау адӕмы зындзинӕдтӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы, ууыл?

Цымӕ адӕм ӕнӕххӕст кӕй сты ӕмӕ зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарынц, уый Хуыцауы фӕнд уыд? Ӕвӕццӕгӕн, зын уаид, адӕмы хъизӕмайраг цардӕн чи сфӕлдыста, ахӕм Хуыцауы уарзын. Ахъуыды-ма кӕн: ног машинӕйы алыварс рацу-бацу кӕныс, кӕсынӕй йӕм не ’фсӕдыс, фӕлӕ уалынмӕ ауыдтай, йӕ иу фарс цӕф кӕй у. Цымӕ афтӕ ахъуыды кӕнис, ӕмӕ йӕ завод афтӕмӕй рауагъта? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Куы йӕ сарӕзтой, уӕд ӕм ницы фау ӕрхӕссӕн уыд. Уӕдӕ уӕд уыцы цӕф кӕцӕй фӕзынд? Ӕвӕццӕгӕн ӕй чидӕр ныццавта кӕнӕ йыл исты суад.

Уӕдӕ ӕрдзы диссӕгтӕм ӕмӕ рӕсугъддзинӕдтӕм куы фӕкӕсӕм, ӕмӕ стӕй куы фенӕм, цард куыд ӕмтъеры у ӕмӕ ӕгъдау ӕмӕ уаг кӕй нал ис, уӕд цавӕр хъуыдымӕ хъуамӕ ӕрцӕуӕм? Библийы фыст ис, Хуыцау фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы куы сфӕлдыста, уӕд ӕххӕст кӕй уыдысты, фӕлӕ стӕй сӕхӕдӕг сӕхи бӕллӕхты хай кӕй бакодтой (Дыккаг закъон 32:4, 5). Фӕлӕ Хуыцау зӕрдӕ ’вӕры, хабар цӕрӕнбонты афтӕ кӕй нӕ уыдзӕн – йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдоны схайджын кӕндзӕн, фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг кӕй фесӕфтой, ахӕм ӕххӕст цардӕй. Цымӕ уыйбӕрц рӕстӕг цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Уыйбӕрц рӕстӕг цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Дзуапп баст у, адӕмӕн разамынд чи хъуамӕ дӕтта, уыцы фарстаимӕ. Йегъовӕ адӕмы афтӕ не сфӕлдыста, цӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхицӕн разамынд лӕвӕрдтаиккой, хъуамӕ сын йӕхӕдӕг лӕвӕрдтаид разамынд. Библийы фыст ис: «Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы» (Йереми 10:23). Хъыгагӕн, фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг рацыдысты Хуыцауы ныхмӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тӕригъӕдджынтӕ систы (1 Иоанны 3:4). Афтӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр ӕнӕххӕст систы ӕмӕ бӕллӕхты хай баисты.

Мингай азты дӕргъы Йегъовӕ адӕмӕн бар дӕтты, цӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхицӕн разамынд дӕттой, фӕлӕ цард равдыста, уый сӕ бон кӕй нӕу. Бӕрӕг у, иу хицауадӕй дӕр афтӕ зӕгъӕн кӕй нӕй, ӕмӕ адӕмы хъизӕмӕртты аххосджын нӕу. Иуӕн дӕр дзы йӕ бон нӕу хӕстытӕ бауромын, фыдхъуыддӕгтӕн ӕмӕ хӕрамдзинадӕн кӕрон скӕнын ӕмӕ низтӕ фесафын.

Хуыцау адӕмы сӕ хъизӕмӕрттӕй куыд фервӕзын кӕндзӕн?

Библи зӕрдӕ ’вӕры, тагъд Хуыцау ног дуне кӕй скӕндзӕн (2 Петры 3:13). Уыцы ног дунейы цӕрдзысты, йӕ сӕрибардзинадӕй раст чи пайда кӕны, ома иннӕты ӕмӕ Хуыцауы чи уарзы, ӕрмӕстдӕр уыдон (Дыккаг закъон 30:15, 16, 19, 20).

Уымӕй уӕлдай ма Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, уыцы тӕрхоны бон Хуыцау фесафдзӕн хъизӕмӕрттӕ дӕр ӕмӕ, кӕй аххосӕй цӕуынц, уыдоны дӕр. Ӕмӕ уыцы бонмӕ бирӕ рӕстӕг нал баззад (2 Петры 3:7). Уый фӕстӕ Хуыцауы ӕвзӕрст Хицау, Йесо Чырысти, коммӕгӕс адӕмӕн разамынд дӕттын райдайдзӕн (Данел 7:13, 14). Цымӕ йӕ къухы цы бафтдзӕн? Библийы фыст ис: «Сабыр адӕм... зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:11).

Йегъовӕ у «царды суадон», ӕмӕ адӕм йӕ ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый аххосӕй рынчын ӕмӕ зӕронд кӕнынц ӕмӕ мӕлынц. Фӕлӕ Чырысти, уӕларвон Паддзах, ӕппӕт уыдӕттӕн ӕмӕ иннӕ бӕллӕхтӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн (Псалом 36:9). Чырысти сӕ низтӕй фервӕзын кӕндзӕн, йӕ разамындмӕ йын чи хъусы, уыдоны се ’ппӕты дӕр. Уыцы рӕстӕг сӕххӕст уыдзысты, Библи зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттӕ:

▪ «Уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“. Уыцы зӕххыл чи цӕра, уыцы адӕмӕн сӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕудзӕн» (Исай 33:24).

▪ «[Хуыцау] сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:4).

Ӕхсызгон дын нӕу, тагъд Хуыцау йӕ фӕнд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн? Фӕлӕ кӕд афтӕ хъуыды кӕныс, ӕмӕ Хуыцау нырма адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад кӕсы, уӕддӕр афтӕ зӕгъын раст нӕ уаид, нӕ куывдтытӕ нын нӕ хъусы, зӕгъгӕ.

Хуыцау ис ӕмӕ дӕ хъусы, суанг ӕм цӕссыгкалгӕйӕ куы фӕкувыс, уӕд дӕр. Тынг ӕй фӕнды, цӕмӕй ды дӕр ног дунейы цӕрай. Уым нал уыдзӕн рыст ӕмӕ дзы ничиуал дызӕрдыг кӕндзӕн, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы, ууыл.