Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕмы цард раджы заманты. Кӕсагахсӕг

Адӕмы цард раджы заманты. Кӕсагахсӕг

«Йесо Галилейӕйы денджызы былгӕрӕтты куы фӕцӕйцыд, уӕд федта дыууӕ ӕфсымӕры, сӕ хызтӕ денджызы ӕппаргӕ,– Симоны, хонынц ма йӕ Петр дӕр, ӕмӕ йе ’фсымӕр Андрейы,– уыдон уыдысты кӕсагахсджытӕ. Ӕмӕ сын загъта: „Рацӕут мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ ӕз скӕндзынӕн адӕмахсджытӕ“» (МАТФЕЙЫ 4:18, 19).

ЕВАНГЕЛИТЫ арӕх ӕмбӕлы дзырдтӕ «кӕсаг», «кӕсаг ахсын» ӕмӕ «кӕсагахсджытӕ». Чырысти кӕсаг ахсынимӕ баст фӕсномыг ныхӕстӕ бирӕ ӕрхаста. Ӕмӕ уым диссагӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ-иу адӕмӕн Хуыцауы ныхас Галилейӕйы денджызы был арӕх амыдта (Матфейы 4:13; 13:1, 2; Марчы 3:7, 8). Галилейӕйы денджыз, кӕнӕ цад, у тынг рӕсугъд, йӕ дӕргъ у 21 километры бӕрц, йӕ фӕтӕн та – 11 километрӕй фылдӕр, йӕ дон та цӕхджын нӕу. Ӕвӕццӕгӕн Чырыстийы апостолтӕй авд – Петр, Андрей, Иаков, Иоанн, Филипп, Фома ӕмӕ Нафанаил – уыдысты кӕсагахсджытӕ (Иоанны 21:2, 3).

Цымӕ Чырыстийы заман кӕсаг куыд ахстой? Цӕй ӕмӕ уыцы адӕмы тыххӕй ӕмӕ сын сӕ куысты тыххӕй гыццыл фылдӕр базонӕм. Уый фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм, апостолтӕ цы куыст кодтой, уый, стӕй Чырысти цы арӕзта, уый дӕр ӕмӕ йӕ фӕсномыг ныхӕстӕ дӕр. Фӕлӕ уал фыццаг базонӕм, Галилейӕйы денджызы кӕсаг куыд ахстой, уый.

«Денджыз тынг абухын райдыдта»

Галилейӕйы денджыз у къусы хуызӕн ӕмӕ ис, Иорданы цӕугӕдон кӕм кӕлы, уыцы егъау дӕлвӕзы. Денджызы ӕмвӕзӕй у 210 метры дӕлдӕр. Йӕ алыварс ис рӕсугъд къӕдзӕхтӕ, цӕгатырдыгӕй та лӕууы, йӕ цъупп арвмӕ кӕмӕн хӕццӕ кӕны, уыцы Ермоны хох. Зымӕджы-иу уазал дымгӕ куы радымдта, уӕд-иу денджызыл уылӕнтӕ сыстад. Сӕрдыгон та йӕ сӕрмӕ ныббады тӕвд уӕлдӕф. Ӕнӕнхъӕлӕджы хӕхтӕй куы радымы, уӕд денджыз абухын райдайы. Уыцы рӕстӕг-иу наудзаутӕ хъуамӕ уӕлдай къӕрцхъус уыдаиккой, науӕд сын фӕдӕлдон кӕнынӕй тӕссаг уыд. Иухатт Чырысти дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ахӕм уавӕры бахауд (Матфейы 8:23–27).

Кӕсагахсджытӕ-иу ленк кодтой, сӕ дӕргъ-иу аст метрӕй фылдӕр кӕмӕн уыди, сӕ уӕрх та дыууӕ метрӕй фылдӕр, ахӕм хъӕдын бӕлӕгътыл. Уыцы бӕлӕгътӕн сӕ фылдӕрӕн уыди наупӕлӕзы хъӕд, стӕй сӕ фӕстаг хайы уыд, адӕймаг-иу йӕхи кӕм бааууон кодтаид, ахӕм бынат (Марчы 4:35–41). Бӕлӕгътӕ тагъд нӕ цыдысты. Уыдон уыдысты тынг фидар, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ кӕд дымгӕ наупӕлӕзы фӕрцы размӕ тардта, кӕсӕгтӕй йедзаг хызтӕ та-иу сыл фӕстӕмӕ хӕцыдысты, уӕддӕр-иу нӕ ныппырх сты.

Бӕлӕгъ-иу тардтой йӕ дыууӕ фарсыл цы наувыййӕгтӕ фидаргонд уыд, уыдоны фӕрцы. Иу бӕлгъы-иу уыд 6 кӕсагахсӕджы кӕнӕ фылдӕр (Марчы 1:20). Алы бӕлӕгъӕн дӕр-иу уыд кӕттаг наупӕлӕз (1), уыди-иу дзы бӕндӕн (2), стӕй йын уыд наувыййӕгтӕ (3) ӕмӕ дурӕй конд науӕнгуыр (4). Кӕсагахсджытӕ-иу семӕ райстой хъарм дзаумӕттӕ (5), хӕринаг (Марчы 8:14) (6), чыргъӕдтӕ (7), баз (Марчы 4:38) (8) ӕмӕ хыз (9). Уыди ма-иу сӕм ӕнгуыры къӕбӕлтӕ (10), уӕзгӕнӕнтӕ (11), цалцӕггӕнӕн кусӕнгӕрзтӕ (12) ӕмӕ цырӕгътӕ, кӕнӕ факелтӕ (13).

«Уыйбӕрц кӕсаг ӕрцахстой, ӕмӕ сӕ хызтӕ скъуыйын райдыдтой»

Галилейӕйы денджызмӕ кӕлы бирӕ цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ суадӕттӕ. Ӕмӕ фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ абон дӕр Галилейӕйы денджызы ӕппӕты фылдӕр кӕсаг ис, уыцы цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ суадӕттӕ йемӕ кӕм баиу вӕййынц, уым. Уыцы бынӕтты денджызы бирӕ кӕрдӕг ис, ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ бирӕ кӕсӕгтӕ вӕййы. Чырыстийы заманы-иу кӕсагахсджытӕ арӕх кӕсаг ахстой ӕхсӕвыгон, цырагъы рухсмӕ. Иухатт Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв кӕсаг ахстой, фӕлӕ ницы ӕрцахстой. Фӕлӕ дыккаг бон Йесойы ныхасмӕ гӕсгӕ сӕ хыз доны куы баппӕрстой, уӕд уыйбӕрц кӕсаг ӕрцахстой, ӕмӕ сӕ бӕлӕгътӕ фӕцӕйныгъуылдысты (Лукайы 5:6, 7).

Иуӕй-иу хатт-иу кӕсагахсджытӕ ацыдысты, дон-иу арф кӕм уыд, ахӕм ранмӕ. Уым-иу кӕсаг ахстой дыууӕ бӕлӕгъыл иумӕ. Кӕсагахсджытӕ-иу хыз дыууӕ бӕлӕгъы ’хсӕн айвӕзтой, стӕй-иу бӕлӕгътӕй иу рахизырдӕм райдыдтой тӕрын, иннӕ та галиуырдӕм, ӕмӕ-иу хыз айтынг. Уый фӕстӕ-иу бӕлӕгътӕ, цыма доныл тымбыл хахх ныв кодтой, уыйау-иу ӕрзылдысты ӕмӕ-иу кӕрӕдзимӕ бацыдысты. Афтӕмӕй-иу кӕсӕгтӕ хызы бахаудысты. Хызы кӕрӕттыл цы бӕндӕнтӕ уыд, уыдон-иу кӕсагахсджытӕ стӕй сӕхирдӕм ивазын райдыдтой ӕмӕ-иу кӕсӕгтӕ бӕлӕгъмӕ сластой. Иуӕй-иу хызтӕн-иу сӕ дӕргъ уыд 30 метрӕй фылдӕр, сӕ фӕтӕн та дыууӕ метры ӕмӕ ’рдӕджы бӕрц. Ахӕм хызы ӕрцахсӕн уыд тынг бирӕ кӕсаг. Хызӕн-иу йӕ уӕллаг кӕроныл бакодтой ӕнгуыры къӕбӕлтӕ, цӕмӕй ма ныгъуылдаид, йӕ бинаг кӕроныл та уӕзгӕнӕнтӕ, цӕмӕй йӕ бынмӕ ивӕзтаиккой. Кӕсагахсджытӕ-иу денджызы бирӕ рӕстӕг фесты, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ сӕ хыз доны бирӕ хӕттыты баппарын хъуыд.

Дон-иу арф кӕм нӕ уыд, уым кӕсаг ахсынӕн пайда кодтой ӕндӕр мадзалӕй. Хызӕн-иу йӕ иу кӕрон бабастой бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ-иу бӕлӕгъ фалдӕр аленк кодта. Йӕ иннӕ кӕроныл та йын хӕцыдысты, былыл чи лӕууыд, уыцы кӕсагахсджытӕ. Бӕлӕгъ-иу цыма доныл тымбыл хахх кодта, уыйау-иу куы ’рзылд ӕмӕ-иу фӕстӕмӕ былгӕронмӕ куы ’рбацыд, уӕд-иу, былыл чи уыд, уыдон кӕсӕгтӕ зӕхмӕ ракалдтой ӕмӕ-иу сӕ равзӕрстой. Хорз кӕсаг-иу мигӕнӕнты сӕвӕрдтой. Иуцасдӕр-иу дзы раст уыцы ран ауӕй кодтой, йӕ фылдӕр хай та-иу ын кӕнӕ хус бакодтой, кӕнӕ та-иу цӕхджын скодтой, стӕй-иу ӕй ӕлыг дурынты сӕвӕрдтой ӕмӕ-иу ӕй Иерусалиммӕ кӕнӕ суанг ӕндӕр бӕстӕтӕм дӕр уӕй кӕнынмӕ аластой. Ленкгӕнӕн базыртӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл нӕй, уыцы кӕсӕгтӕ ӕмӕ калмгӕсӕгтӕ нымад уыдысты чъизи кӕсӕгтыл ӕмӕ-иу сӕ уымӕ гӕсгӕ аппӕрстой (Левит 11:9–12). Чырысти «уӕларвон паддзахад» хызимӕ куы абарста, алыхуызон кӕсӕгтӕ та рӕстгӕнджытимӕ ӕмӕ фыдгӕнджытимӕ, уӕд ахӕм мадзалы кой кодта (Матфейы 13:47–50).

Адӕймаг-иу кӕсаг иунӕгӕй куы ахста, уӕд-иу ӕм уыд ӕнгуырбос ӕмӕ-иу ӕнгуыры кӕрон кӕй бакодта, ахӕм бронзӕ къӕпсыртӕ сайӕнтимӕ. Кӕнӕ та-иу кӕсаг ахста, доны-иу кӕй баппӕрста, ахӕм гыццыл хызӕй. Кӕсагахсӕг-иу доны бацыд, хыз-иу йӕ къухы сӕмбырд кодта ӕмӕ-иу йӕхицӕй дард фехста. Хыз-иу айвӕзт, донмӕ-иу ӕрхауд ӕмӕ-иу йӕ бынмӕ ацыд. Кӕсагахсӕгӕн-иу кӕд йӕ хызы цалдӕр кӕсаджы бахауд, уӕд зӕгъӕн уыд, ӕмӕ йӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ. Кӕсагахсӕг-иу, хызы астӕу цы бӕттӕн уыд, ууыл рахӕцыд ӕмӕ-иу хыз былмӕ раласта.

Хызтӕ уыдысты тынг зынаргъ ӕмӕ сӕм хъуыди зилын. Кӕсагхасджытӕн сӕ рӕстӕг фылдӕр ууыл цыд, цӕмӕй-иу сӕ хызтӕ бампъызтаиккой, ныхсадтаиккой-иу сӕ ӕмӕ-иу сӕ бахус кодтаиккой. Афтӕ-иу кодтой, алы хатт дӕр-иу кӕсаг ахсынӕй куы ӕрбацыдысты, уӕд (Лукайы 5:2). Чырысти Иаков ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоаннмӕ куы фӕдзырдта ӕмӕ сын куы загъта, цӕмӕй йӕ фӕдыл рацыдаиккой, уӕд уыдон дӕр раст уыцы куыст кодтой (Марчы 1:19).

Галилейӕйы денджызы фыццаг ӕнусы цы кӕсӕгтӕ ахстой, уыдонӕй иу уыд тилапийӕ. Галилейӕйы цӕрджытӕн сӕ фылдӕрӕн уыцы кӕсаг арӕх уыд сӕ фынгтыл. Ӕвӕццӕгӕн, ацы хӕрзад кӕсаг хордта Чырысти дӕр, ӕмӕ иухатт цалдӕр мин адӕймаджы диссаджы хуызы дыууӕ кӕсагӕй куы бафсӕста, уӕд уыцы кӕсӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты цӕхджын хус тилапийӕтӕ (Матфейы 14:16, 17; Лукайы 24:41–43). Тилапийӕ зындгонд у, йӕ лӕппынты йӕ дзыхы кӕй фӕдары, уымӕй. Фӕлӕ йӕ лӕппынтӕ йӕ дзыхы куы нӕ вӕййынц, уӕд йӕ бон у, ӕмӕ йӕ дзыхы гыццыл дур дара кӕнӕ та денджызы бынӕй суанг ӕрттиваг лыстӕг ӕхца дӕр сиса (Матфейы 17:27).

Уӕды заманты-иу кӕсагахсджыты хъуыд фӕразондзинад, хъуыд сӕ бирӕ фыдӕбон кӕнын ӕмӕ зындзинӕдтӕн быхсын, цӕмӕй сӕ нысан сӕ къухы бафтыдаид. Чырысти афтӕ кӕмӕн загъта, мӕ фӕдыл рацӕут, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинаг чи сси, уыдоны дӕр хъуыдысты уыцы миниуджытӕ, цӕмӕй «адӕмахсджытӕ» суыдаиккой ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы бирӕ бантыстаид (Матфейы 28:19, 20).

[Ныв 19 фарсыл]

(Кӕс публикацимӕ)