Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи ивы адӕймаджы цард

Библи ивы адӕймаджы цард

КАТОЛИКОН дины ӕгъдӕуттыл фидар хӕст чи уыд, ахӕм бинонты ’хсӕн чи схъомыл ӕмӕ стыр бынат чи ахста, уыцы нӕлгоймаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн цӕмӕн сси? Раздӕр террорист чи уыд, уымӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй сраст уыдаид ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдыдтаид? Дӕ хорзӕхӕй, бакӕс, ацы адӕм сӕхӕдӕг цы дзурынц, уый.

«Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый хуыздӕр ӕмбарын райдыдтон» (СЕБАШТИАН АЛВИШ ЖУНКЕЙРА).

РАЙГУЫРД: 1946 АЗ

БӔСТӔ: БРАЗИЛИ

РАЗДӔР: ФИДАР ХӔЦЫД КАТОЛИКОН ДИНЫ ӔГЪДӔУТТЫЛ

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД. Нӕ бинонтӕ цардысты горӕт Пикетийӕ 6 километры дарддӕр. Уыди нын гыццыл фермӕ ӕмӕ уый руаджы ӕххормаг никуы уыдыстӕм. Мӕ скъола уыд Пикетийы, ӕмӕ мӕхицӕн иу зӕронд велосипед балхӕдтон, цӕмӕй мын скъоламӕ цӕуын ӕнцондӕр уыдаид. Адӕм ам мӕгуыр цардысты, фӕлӕ горӕт уыд сыгъдӕг ӕмӕ дзы фыдракӕндтӕ арӕх нӕ цыд. Нӕлгоймӕгтӕн сӕ фылдӕр куыстой, хӕцӕнгарз кӕм арӕзтой, уыцы заводы.

Хорз кӕй ахуыр кодтон, уый фӕрцы бацыдтӕн, иннӕ горӕты цы Хӕстон-авиацион скъола уыд, уырдӕм. 1966 азы уыцы скъола каст куы фӕдӕн, уӕд уыдтӕн сержант. Уый фӕстӕ та бацыдтӕн юридикон академимӕ ӕмӕ юристы диплом райстон. Фӕстӕдӕр курдиат ныффыстон, цӕмӕй мӕ пъӕлицӕйы хицауы бынатмӕ айстаиккой. 1976 азы экзамен радтон ӕмӕ пъӕлицӕйы хицау сдӕн. Иуӕй-иу хатт-иу мӕ хъуыд ахӕстоны хицауы хӕстӕ ӕххӕст кӕнын дӕр. Ахӕстонмӕ-иу нӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ арӕх ӕрбацыдысты, цӕмӕй-иу сын ахст адӕмимӕ аныхас кӕнынӕн бар радтаиккам. Афтӕ никуы уыд, ӕмӕ Библийы тыххӕй мемӕ дӕр ма аныхас кодтаиккой. Хуыцауы тас мӕм алкӕддӕр уыд. Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у, стӕй нӕ хорз ӕмбал суа, уымӕн гӕнӕн кӕй ис, уый куы базыдтон, уӕд тынг бадис кодтон.

Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ мӕ иу стыр бынатӕй иннӕ стыр бынатмӕ ивтой. 1981 азы ма иу экзамен радтон ӕмӕ мӕ штаты тӕрхонгӕнӕгӕй сӕвӕрдтой. 2005 азы тӕрхонгӕнӕгӕй кусын райдыдтон аппеляцион тӕрхондоны Сан-Паулуйы.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Академи каст куы фӕдӕн, уӕд уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Библи кӕсын райдыдтон, ӕмӕ мыл уый тынг фӕзынд. Ӕз фидар хӕцыдтӕн католикон дины ’гъдӕуттыл. Мӕ хӕстӕджытӕй чидӕртӕ уыдысты сауджынтӕ, иу та дзы уыд епископ. Иуафон ӕз дӕр сауджынӕн аргъуаны ӕххуыс кодтон – йӕ раныхасы размӕ-иу куывдтыты чиныгӕй иу скъуыддзаг бакастӕн. Католикон диныл хӕст бинонтӕм Библи кӕсыны ӕгъдау нӕй. Ӕмӕ, Библи кӕй кӕсын, уый мӕ мад куы базыдта, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ мын дзырдта, дӕ сӕрызонд фӕцӕудзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ ӕз уӕддӕр кастӕн, уымӕн ӕмӕ дзы ӕвзӕрӕй ницы уыдтон.

Ӕвӕццӕгӕн, Библи мӕ фырцымыдисӕй кӕсын райдыдтон. Фӕндыд мӕ фылдӕр базонын сауджынты тыххӕй ӕмӕ сыл аргъуаны цавӕр хӕстӕ ис, уый тыххӕй. Уымӕй уӕлдай ма ме ’ргом аздӕхтон, католикон аргъуаны иуӕй-иутӕ цы хъуыдыйыл хӕст уыдысты, уымӕ, ома чырыстон аргъуантӕн сӕ хӕс кӕй у мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмы барты сӕрыл тох кӕнын. Фӕлӕ сӕ чингуыты цы фыст уыд ӕмӕ цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ хастой, уый бамбарӕн нӕ уыд.

Раст мӕм уыцы рӕстӕг ӕрбахауд чиныг «Жизнь – как она возникла? Путем эволюции или путем сотворения?» *. Радта мын ӕй, мӕ дӕндӕгтӕ кӕмӕ дзӕбӕх кодтон, уыцы дохтыр. Йӕхӕдӕг уыд буддист ӕмӕ йын ӕй йӕхицӕн дӕр чидӕр радта. Чиныгмӕ куы ’ркастӕн, уӕд мӕхинымӕр ахъуыды кодтон, Чарлз Дарвин эволюцийы тыххӕй цы зындгонд чиныг ныффыста, уыимӕ йӕ куы абарин, зӕгъгӕ. Мӕ дохтыр мын кӕй радта, уыцы чиныг куы бакастӕн, уӕд ӕппындӕр нал дызӕрдыг кодтон, эволюци ӕрымысгӕ хабар кӕй у, ууыл.

Алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уый тыххӕй фыст кӕм уыд, ахӕм чиныг кӕй бакастӕн, уый мӕ ноджы тынгдӕр сцымыдис кодта ӕмӕ мӕ бафӕндыд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй рауагътой, ӕндӕр ахӕм чингуытӕ дӕр бакӕсын. Уый тыххӕй загътон мӕ зонгӕ механикӕн. Уый уыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, ӕмӕ мын цалдӕр чиныджы радта. Фӕлӕ мӕ уыцы рӕстӕг Библи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ахуыр кӕнын нӕ фӕндыд, уымӕн ӕмӕ хъуыды кодтон, зӕгъгӕ, цӕмӕй Библи бамбарон, уый тыххӕй мӕ никӕй ӕххуыс хъӕуы.

Библи кӕсын куы райдыдтон, уӕд ахъуыды кодтон, зӕгъын мын бинонтӕ ис ӕмӕ йӕ хъуамӕ уыдонимӕ кӕсон. Ӕмӕ уый адыл алы къуыри дӕр Библи иумӕ ахуыр кӕнын райдыдтам. Католик кӕй уыдтӕн ӕмӕ-иу арӕх сауджынтимӕ ӕмӕ епископтимӕ кӕй ныхас кодтон, уымӕ гӕсгӕ тынг бадис кодтон, Иоанны 14:6 стихы цы фыст ис, ууыл: «Йесо йын [ахуыргӕнинаг Фомайӕн] загъта: „Ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис“». Ацы фарста лӕмбынӕг раиртӕстон, ӕмӕ йӕ бамбӕрстон, махӕн куыд дзырдтой, хабар афтӕ кӕй нӕу, ома нӕ ирвӕзындзинад сауджынтӕй кӕнгӕ кӕй нӕу. Йӕ бон нӕ фервӕзын кӕнын у ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн Чырыстийы уылты.

Католикон аргъуанмӕ ӕмӕ йӕ ахуырӕдтӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтон ноджыдӕр дыууӕ стихы фӕрцы. Иу дзы у Ӕмбисӕндтӕ 1:7 стих: «Йегъовӕйӕ тӕрсын у зонындзинӕдты райдайӕн. Ӕрмӕстдӕр ӕнӕзонд нӕ хъусы зонд ӕмӕ зондамындмӕ». Иннӕ та у Иаковы 1:5 стих: «Кӕд [уӕ] искӕмӕ зонд фаг нӕй, уӕд курӕд Хуыцауӕй,– уымӕн ӕмӕ уый алкӕмӕн дӕр дӕтты рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй,– ӕмӕ йын ӕнӕратгӕ нӕ фӕуыдзӕн». Мӕн тынг фӕндыд фылдӕр базонын, фӕлӕ аргъуанмӕ цӕугӕйӕ уый мӕ къухы нӕ бафтыд, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ ныууагътон.

1980 азы мӕ бинойнаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Хӕдзары-иу куы уыдтӕн, уӕд-иу сӕм ӕз дӕр хъуыстон. Фӕстӕдӕр мемӕ дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Фӕлӕ цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ суыдаиккам, уый тыххӕй нӕ бирӕ рӕстӕг бахъуыд. Мӕ бинойнаг донаргъуыд райста 1994 азы, ӕз та 1998 азы.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Мӕ цыппар сывӕллонӕн Йегъовӕйы закъӕттӕ кӕй амыдтон, уый дзӕгъӕлы нӕ уыд (Ефесӕгтӕм 6:4). Абон мӕ дыууӕ фырты дӕр тынг зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынц, цы ӕмбырдты сты, уыцы ӕмбырдты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн. Мӕ дыууӕ чызджы зӕрдиагӕй хъусын кӕнынц Хуыцауы ныхас адӕмӕн. Мӕ бинойнаг дӕр йӕ рӕстӕг не ’вгъау кӕны, цӕмӕй адӕмӕн Библи хуыздӕр базонынӕн ӕххуыс кӕна. Ӕз та лӕггад кӕнын хистӕр нӕлгоймагӕй ӕмбырды, ӕмӕ мын уый стыр циндзинад хӕссы.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сдӕн, уӕд, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый хуыздӕр ӕмбарын райдыдтон. Мӕ куысты мын тынг ӕххуыс кӕны, Йегъовӕйы миниуджытыл кӕй фӕхъуыды кӕнын, уый. Исты хъуыддаг куы февзарын, уӕд фӕхъуыды кӕнын, Йегъовӕ та мӕ бынаты куыд бакодтаид, ууыл. Уый мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕмбаргӕ уон, алцӕуылдӕр лӕмбынӕг хъуыды кӕнон ӕмӕ, адӕймагӕн йӕ тӕрхон фӕфӕлмӕндӕр кӕнынӕн фадат куы вӕййы, уӕд дзы ӕнӕмӕнгӕй спайда кӕнон.

Тӕрхондоны кусгӕйӕ мӕ бахъуыд бирӕ ӕбуалгъ хъуыддӕгтӕ ӕвзарын: алыхуызон фыдмитӕ, сывӕллӕттӕн-иу тыхми куыд бакодтой ӕмӕ ӕндӕр фыдракӕндтӕ. Фӕлӕ уӕддӕр мӕ зӕрдӕ нӕ ныддур. Ног хабӕртты куы фенын, дуне цы уавӕрмӕ ’рцыд, уӕд мӕ хъуын арц сбады. Фӕлӕ Йегъовӕйӕ бузныг дӕн, хабар афтӕ цӕмӕн у, уый кӕй ӕмбарын, уый тыххӕй. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ мӕ фидӕнӕй ныфс фӕзынд. Ӕз ӕй фидарӕй зонын, хорз цард нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

«Ахӕстон мын мӕ зонд нӕ аивта» (КИТ ВУДС).

РАЙГУЫРД: 1961 АЗ

БӔСТӔ: ЦӔГАТ ИРЛАНДИ

РАЗДӔР: УЫД ТЕРРОРИСТ

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД. Ӕз райгуырдтӕн 1961 азы Цӕгат Ирландийы, горӕт Портадауны. Мӕ ныййарджытӕ уыдысты протестанттӕ. Нӕ сыхӕгтӕй дӕр иутӕ уыдысты протестанттӕ, иннӕтӕ та католиктӕ. Бирӕтӕ дзы иннӕтимӕ абаргӕйӕ мӕгуыр уыдысты. Фӕлӕ нӕ кӕд тынг хъӕздыг ничи уыд ӕмӕ иу диныл хӕст нӕ уыдыстӕм, уӕддӕр хӕларӕй цардыстӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтам.

Мӕ бон афтӕ зӕгъын нӕу, ӕмӕ мӕ раздӕры цардӕй сӕрыстыр дӕн. 1974 азы ӕз дӕр архайын райдыдтон, уыцы рӕстӕг Цӕгат Ирландийы цы змӕстытӕ уыд, уыдоны. Уыцы рӕстӕджы, мах кӕм цардыстӕм, уым дӕр уавӕр ивын райдыдта. Зӕгъӕм, иу изӕр мӕ фыд, Ольстеры * гауызты фабрикӕйы хицау, нӕ дыууӕ католик сыхаг лӕппуйӕн цыдӕр амыдта. Раст уыцы рӕстӕг лӕппуты хӕдзармӕ чидӕр бомбӕ баппӕрста. Лӕппутӕн сӕ фыд, сӕ мад ӕмӕ сӕ кӕстӕр ӕфсымӕр фӕмард сты.

Уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кодта ӕмӕ ӕппынфӕстаг хӕст райдыдта. Католикты районты протестантты хӕдзӕрттӕ судзын райдыдтой, протестанттӕ дӕр католиктӕн фыдмитӕ кӕныныл нӕ ауӕрстой. Мах кӕм цардыстӕм, уым, зӕгъӕн ис, протестантты йеддӕмӕ ничиуал баззад. Гыццыл фӕстӕдӕр мӕ ’рцахстой ӕмӕ мын ӕртӕ азы радтой, теракттӕ кӕй кодтон, уый тыххӕй.

Ахӕстоны куы уыдтӕн, уӕд фӕлымӕн дӕн иу ахст нӕлгоймагимӕ. Уый тынг зындгонд уыд лоялистты ’хсӕн (афтӕ хонынц, Цӕгат Ирланди ӕмӕ Стыр Британийы ’хсӕн бастдзинад уа, ууыл чи архайы, уыдоны). Дыууӕ ’фсымӕры цард кодтам, ӕмӕ ус куы куырдта, уӕд ын ӕз уыдтӕн къухылхӕцӕг. Ахӕстон нӕдӕр мӕнӕн ивта мӕ зонд, нӕдӕр уымӕн – куы нӕ рауагътой, уӕд нӕ тох ноджы карздӕр фӕкодтам. Ме ’мбал та фӕстӕмӕ ахӕстонмӕ бахауд, ӕмӕ йӕ уым чидӕр амардта.

Мӕн дӕр марынмӕ хъавыдысты. Иухатт мын мӕ машинӕ дӕр басыгътой. Уый мӕ уромгӕ нӕ бакодта, фӕлӕ мын мӕ масты цӕхӕр ноджы тынгдӕр ссыгъта.

Уыцы рӕстӕг истой документалон киноныв, Цӕгат Ирландийы цы змӕстытӕ уыд, уый тыххӕй. Мӕн дӕр фӕхуыдтой, ӕмӕ сразы дӕн, цӕмӕй мӕн дӕр систаиккой. Уый фӕстӕ уыцы киноныв Британийы телеуынынады равдыстой ӕмӕ уӕд мӕ цард ноджы фӕфыддӕр. Иухатт изӕрӕй хӕдзармӕ ӕрбацыдтӕн, фӕлӕ мӕ бинойнаджы нӕхимӕ не ’рбаййӕфтон – ныууагъта мӕ. Гыццыл фӕстӕдӕр та мын уыцы телепрограммӕйы тыххӕй хицауад мӕ фырты байстой. Ныр дӕр ма йӕ хъуыды кӕнын, кӕсӕнмӕ куыд кастӕн ӕмӕ куыд скуывтон: «О Хуыцау, кӕд искуы дӕ, уӕд мын баххуыс кӕн».

Иннӕ сабаты фембӕлдтӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи сси, мӕ иу ахӕм зонгӕйыл, Полыл. Пол мын Библийы кой кӕнын райдыдта, ӕмӕ мын дыууӕ боны фӕстӕ ӕрбарвыста журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Иу статьяйы дзы бакастӕн Чырыстийы ныхӕстӕ: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу. Мӕ паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд мӕ лӕггадгӕнджытӕ тох кодтаиккой, цӕмӕй дзуттӕгты къухтӕм лӕвӕрд ма ’рцыдаин. Фӕлӕ мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоанны 18:36). Уыцы ныхӕстӕ мӕ хъуыдытыл бафтыдтой. Уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ цард цӕхгӕр фӕивта.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Фыццаг мемӕ Библи ахуыр кодта Пол, уый фӕстӕ та – Билл. Мемӕ сын ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ мӕм уыд тынг бирӕ фарстатӕ. Уымӕй уӕлдай ма-иу хӕдзармӕ фӕхуыдтон алыхуызон диныл хӕст адӕмы, цӕмӕй Биллимӕ аныхас кодтаиккой, ӕмӕ федтаин, Биллы дин раст у ӕви нӕ. Фӕлӕ, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый фӕуӕлахиз.

Иухатт мӕм Билл хъуамӕ Библи ахуыр кӕнынмӕ ’рбацыдаид, фӕлӕ уыцы рӕстӕг фӕндӕгтӕ ӕрӕхгӕдтой, ӕмӕ тӕссаг уыд, йӕ машинӕ йын куы байстаиккой ӕмӕ йын ӕй куы басыгътаиккой, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ йӕм бадзырдтон ӕмӕ йын загътон, цӕмӕй мӕм ма ’рбацыдаид. Фӕлӕ Билл уӕддӕр ӕрбацыд, ӕцӕг йӕ машинӕйыл нӕ, фӕлӕ велосипедыл. Ӕмӕ йын йӕ велосипед та чи хъуамӕ байстаид! Ӕндӕр хатт та Биллимӕ Библи куы ахуыр кодтам, уӕд нӕм пъӕлицӕйы кусджытӕ салдӕттимӕ фӕмидӕг сты, ӕмӕ мӕ ӕрцахстой. Куы мӕ рацӕйкодтой, уӕд мын Билл афтӕ бакодта: «Дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар». Уыцы дыууӕ хатты Билл йӕхи куыд равдыста, уый мын мӕ зӕрдӕйы арф фӕд ныууагъта.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ фыццаг хатт куы бацыдтӕн, уӕд мӕ, ӕвӕццӕгӕн, бирӕтӕ фӕтарстысты. Уыди мын даргъ сӕрыхъуынтӕ, мӕ хъусыл уыд хъусцӕг, мӕ уӕлӕ та – сӕрак къурткӕ, ӕмӕ бӕрӕг уыд, цавӕр политикон къордмӕ хаудтӕн, уый. Ӕз уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн, ӕмӕ мыл иууылдӕр афтӕ тынг бацин кӕндзысты. Уый мын куыд ӕхсызгон уыдаид, ууыл, ӕвӕццӕгӕн, дзурын дӕр нӕ хъӕуы.

Кӕд Библи ахуыр кодтон, уӕддӕр ма мӕ рӕстӕг ӕрвыстон мӕ раздӕры ӕмбӕлттимӕ. Фӕлӕ, Библийӕ цы базыдтон, уыдӕттӕ фӕстагмӕ мӕ зӕрдӕмӕ хъарын райдыдтой. Бамбӕрстон ӕй, кӕд мӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд хъуамӕ политикӕйыл мӕ къух сисон ӕмӕ мӕ раздӕры ӕмбӕлтты ныууадзон. Уый ӕнцон нӕ уыд, фӕлӕ дарддӕр Библи кӕй ахуыр кодтон ӕмӕ мын Йегъовӕ тыхтӕ кӕй лӕвӕрдта, уый фӕрцы мӕ бон баци мӕ цард аивын. Мӕ сӕрыхъуынтӕ алвыдтон, мӕ хъусцӕг раластон ӕмӕ костюм балхӕдтон. Библийӕ цы базыдтон, уый мын баххуыс кодта, цӕмӕй адӕммӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтаин.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Ӕз уыдтӕн фыдгӕнӕг ӕмӕ террорист. Пъӕлицӕйы кусджытӕ мӕ иууылдӕр зыдтой. Фӕлӕ куыд тынг фӕивта ныр алцыдӕр! Зӕгъӕм, фыццаг хатт Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты конгресмӕ горӕт Наванмӕ, нӕ бӕстӕйы иннӕ кӕронмӕ, куы цыдтӕн, уӕд мемӕ ацыдысты пъӕлицӕйы кусджытӕ дӕр, цӕмӕй мӕм сӕ хъус дардтаиккой. Ныр та конгресмӕ иунӕгӕй фӕцӕуын. Уымӕй уӕлдай ма адӕмӕн Хуыцауы ныхас сӕрибарӕй хъусын кӕнын Пол ӕмӕ Биллимӕ, стӕй иннӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ.

Мӕ цард куы аивтон, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн. Ӕмбырды базонгӕ дӕн Луизӕимӕ, ӕмӕ нӕ цард баиу кодтам. Стӕй ныр мӕ фырт дӕр мемӕ вӕййы.

Мӕ цардыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд тынг фӕфӕсмон кӕнын, иннӕтӕн уыйбӕрц маст кӕй бавзарын кодтон, ууыл. Мӕ цардӕй бӕрӕг у, Библийӕн йӕ бон кӕй у мӕн хуызӕн адӕмы дӕр аивын. Уый адӕймагӕн баххуыс кӕны, цӕмӕй йе ’взӕр митӕ ныууадза ӕмӕ йӕ фидӕнӕй фидар ныфс уа.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 12 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, фӕлӕ ныр мыхуыры нал цӕуы.

^ 25 абз. Цӕгат Ирланди хонынц Ольстер дӕр.

[Хицӕнгонд текст 12 фарсыл]

Библи кӕй кӕсын, уый мӕ мад куы базыдта, уӕд уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд