Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Диссӕгтӕ ӕрцӕуы ӕви нӕ, уый зонын ӕцӕгдӕр хъӕуы?

Диссӕгтӕ ӕрцӕуы ӕви нӕ, уый зонын ӕцӕгдӕр хъӕуы?

«Диссӕгтӕ наукӕйы закъӕтты ныхмӕ сты» (РИЧАРД ДОКИНЗ, РАЗДӔР УЫД ПРОФЕССОР, АДӔМӔН НАУКӔЙЫ ХАБӔРТТӔ ӔМБАРЫН КОДТА).

«Диссӕгтыл чи ’ууӕнды, уый ӕнӕзонд адӕймаг схонӕн нӕй. Диссӕгтыл ӕууӕндын ӕмӕ Хуыцауыл ӕууӕндын – ацы дыууӕ хъуыддаджы кӕрӕдзийы ныхмӕ не сты. Хуыцау диссӕгтӕ кӕй фӕаразы, уый дзурӕг у йӕ уарзондзинадыл ӕмӕ, йе сфӕлдыстадыл кӕй тыхсы, ууыл» (РОБЕРТ ЛАРМЕР, ФИЛОСОФИЙЫ ПРОФЕССОР).

«ДИССӔГТЫЛ ӕууӕндыс?» Ацы фарстайы фӕдыл, куыд уынӕм, афтӕмӕй алкӕмӕн дӕр йӕхи хъуыды ис. Ды та куыд хъуыды кӕныс?

Чи зоны дӕ ныфс нӕ хӕссыс, ӕууӕндын, зӕгъгӕ, зӕгъын, уымӕн ӕмӕ бирӕтау ды дӕр тӕрсыс, афтӕ дӕ куы зӕгъой, цытӕ йӕ уырны, зӕгъгӕ, кӕнӕ дӕ ницы ӕмбарӕг куы схоной, уымӕй.

Фӕлӕ, гӕнӕн ис, диссӕгтӕ кӕй ӕрцӕуы, ууыл ӕууӕндыс, зӕгъӕм, Библийы фыст диссӕгтыл. Уыдонӕй иу у, Моисей Сырх денджыз дыууӕ дихы кӕй фӕкодта, уый. Чи зоны дӕ уырны абон дӕр диссӕгтӕ кӕй ӕрцӕуы, уый дӕр. Ӕрӕджы куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй Европӕйы ӕмӕ Цӕгат Америкӕйы бӕстӕты адӕмӕй бирӕтӕ – зӕгъӕм, Великобританийы цӕрджытӕн сӕ 38 проценты, Америкӕйы цӕрджытӕн та сӕ 75 проценты – диссӕгтыл ӕууӕндынц (The Cambridge Companion to Miracles). Зӕгъын ма хъӕуы, диссӕгтыл ӕрмӕст чырыстӕттӕ кӕй не ’ууӕндынц. Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй диссӕгтыл ӕууӕндынц, зӕгъӕн ис, алкӕцы диныл хӕст адӕм дӕр (Britannica Encyclopedia of World Religions).

Фӕлӕ, чи зоны, ды бынтон ӕндӕр дзуапп раттис, зӕгъӕм: «Нӕ йӕ зонын, мӕнӕн уӕлдай нӕу. Ӕз нырма иу диссаг дӕр нӕ федтон!» Диссӕгтӕ ’рцӕуы ӕви нӕ, уый зонын, цымӕ, ӕцӕгдӕр хъӕуы?

Зӕгъӕм, уӕззау низӕй фӕрынчын дӕ. Фӕлӕ уалынмӕ, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, иу ахӕм медицинон журналы бакастӕ, дӕ низӕн хос кӕй ссардтой. Цымӕ уӕд иу гыццыл рӕстӕг не ссарис ӕмӕ нӕ бацархаис, цӕмӕй хабар бӕлвырддӕр базонай? Библийы дӕр фыст ис, тагъд рӕстӕджы стыр диссӕгтӕ кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, кӕуыл нӕ фӕзындзысты, зӕххыл иунӕг ахӕм адӕймаг дӕр кӕй нӕ уыдзӕн. Уӕдӕ, цымӕ, хорз нӕ уаид рӕстӕг ссарын, цӕмӕй, уый ӕцӕг у ӕви нӕ, уый базонай?

Фӕлӕ цалынмӕ, Библийы цы диссӕгты тыххӕй фыст ис, уыдоныл аныхас кӕнӕм, уӕдмӕ уал ӕркӕсӕм, бирӕтӕ диссӕгтыл цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы тыххӕй нӕ феууӕндынц, ууыл.

[Рамкӕ 3 фарсыл]

ДИССАГ ЦЫ ИС СХОНӔН?

Диссаг хонынц, адӕймаджы зонд кӕуыл не ’ххӕссы ӕмӕ ӕрдзы закъӕтты руаджы бамбарын кӕнӕн кӕй нӕй, ахӕм хабар.