Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Хистӕр сауджыны риуылдарӕныл цы зынаргъ дуртӕ уыд, уыдон израилӕгтӕм кӕцӕй ӕрбафтыдысты?

Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы ’рбынат кодтой, уӕд сын Хуыцау загъта, цӕмӕй хистӕр сауджынӕн риуылдарӕн сарӕзтаиккой (Рацыд 28:15–21). Уыцы риуылдарӕныл уыди ахӕм дуртӕ: рубин, топаз, изумруд, бирюза, сапфир, яшмӕ, лешем, агат, аметист, хризолит, оникс ӕмӕ жадеит *. Цымӕ израилӕгтӕм уыцы зынаргъ дуртӕ ӕцӕгдӕр уыдысты?

Раджы заманты зынаргъ дуртӕн стыр кад уыд ӕмӕ дзы пайда кодтой ӕхцайы бӕсты дӕр. Зӕгъӕм, Рагон Египетмӕ зынаргъ дуртӕ ластой, ныртӕккӕ Иран ӕмӕ Афганистан кӕм сты, уыцы бӕстӕтӕй ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, суанг Индийӕ дӕр. Иуӕй-иу зынаргъ дуртӕ Египетӕн йӕхи ӕрзӕткъахӕнты дӕр ссарӕн уыд. Египеты паддзӕхты бар цы зӕххытыл цыд, уым уыдоны ӕвастӕй уыцы куыст ничи кодта. Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Иовы ныхӕстӕй базонӕн ис, йӕ заманты-иу зынаргъ дуртӕ ссарыны тыххӕй адӕм ӕрзӕткъахӕнтӕ ӕмӕ донцӕуӕнтӕ кӕй арӕзтой, уый. Иов ма загъта, зӕххы бынӕй-иу кӕй скъахтой сапфир ӕмӕ топаз дӕр (Иов 28:1–11, 19).

Рацыды чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй, израилӕгтӕ Египетӕй куы цыдысты, уӕд «египетӕгты бастыгътой», ома сӕм цы зынаргъ дзауматӕ уыд, уыдон ахастой (Рацыд 12:35, 36). Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, хистӕр сауджыны риуылдарӕныл цы зынаргъ дуртӕ уыд, уыдон израилӕгтӕ Египетӕй рахастой.

Раджы заманты сӕнӕй хосау цӕмӕн пайда кодтой?

Иухатт Чырысти радзырдта фӕсномыг ныхас: иу адӕймаджы абырджытӕ фӕнадтой ӕмӕ йын стӕй самариаг лӕг баххуыс кодта. Самариаг лӕг ын «йӕ цӕфтыл... сой ӕмӕ сӕн рауагъта ӕмӕ йын сӕ бабаста» (Лукайы 10:30–34). Апостол Павел та йе ’мбал Тимофеймӕ фыстӕг ныффыста ӕмӕ йын бауынаффӕ кодта: «Дӕ ахсӕн кӕй риссы ӕмӕ арӕх рынчын кӕй вӕййыс, уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕст дон мауал нуаз, фӕлӕ-иу сӕн дӕр иу гыццыл ануаз» (1 Тимофеймӕ 5:23). Йесо дӕр ӕмӕ Павел дӕр, сӕнӕй хизтӕ дзӕбӕх кӕнӕн кӕй ис, уый тыххӕй кӕй дзырдтой, уый, цымӕ, медицинӕйы цӕстӕй акӕсгӕйӕ раст у?

Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, сӕны мидӕг ис, «рыстытӕ чи къаддӕр кӕны, микробтӕ чи мары ӕмӕ, ӕнӕниздзинадыл хуыздӕрырдӕм чи фӕзыны, ахӕм буаргъӕдтӕ» (Ancient Wine). Раджы заманты Египеты, Месопотамийы ӕмӕ Сирийы низтӕ арӕх дзӕбӕх кодтой сӕнӕй. Ӕндӕр чиныджы та фыст ис, сӕн кӕй у, «раджы заманты документты йӕ кой кӕмӕн ис, ахӕм рагон хос» (The Oxford Companion to Wine). Павел Тимофейӕн цы уынаффӕ радта, уый тыххӕй та иу чиныджы загъд уыд: «Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй тифы бактеритӕ ӕмӕ, цардӕн тӕссаг чи сты, ӕндӕр ахӕм микробтӕ сӕнимӕ куы схӕццӕ вӕййынц, уӕд уайтагъд амӕлынц» (The Origins and Ancient History of Wine). Абон ахуыргӕндтӕ раиртӕстой, сӕны мидӕг цы 500 буаргъӕдӕй фылдӕр ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ӕцӕгдӕр кӕй марынц иуӕй-иу микробтӕ, стӕй ӕндӕр низтӕ дӕр кӕй дзӕбӕх кӕнынц.

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Ацы дуртӕй иуӕй-иутӕ абон цы хуыйнынц, уый сбӕрӕг кӕнын зын у.

[Ныв 26 фарсыл]

Зӕхкусджытӕ сӕнӕфсир цъӕл кӕнынц (Ныв Нахтӕйы зӕппадзы. Фивӕтӕ, Египет)

[Ныв барлӕвӕрдӕй]

Gianni Dagli Orti/​The Art Archive at Art Resource, NY