Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

Йегъовӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕй йе сӕфт уыны

Йегъовӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕй йе сӕфт уыны

«АДӔЙМАГ адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9). Ацы ныхӕстӕ фыст ӕрцыдысты иу-3 000 азы размӕ ӕмӕ хорз ӕвдисынц, цавӕр дунейы цӕрӕм, уый. Адӕм арӕх сӕ бартӕй раст нӕ фӕпайда кӕнынц, чифӕнды ма уой ӕмӕ кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр. Уыдон фефхӕрынц, мӕгуыр ӕмӕ ӕххуысхъуаг адӕмы. Цымӕ Йегъовӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы? Ацы фарстайӕн дзуапп ссардзыстӕм Йезекилы 22:6, 7, 31 стихты. (Бакӕс сӕ.)

Йегъовӕ израилӕгтӕн цы Закъон радта, уым бӕлвырдӕй загъд уыд, хицӕуттӕ сӕ бартӕй алкӕддӕр раст кӕй хъуамӕ пайда кодтаиккой. Цӕмӕй Хуыцау йӕ адӕмӕн арфӕ кодтаид, уый тыххӕй, бартӕ кӕй къухы уыдысты, уыдон хъуамӕ мӕгуыр ӕмӕ ӕххуысхъуаг адӕммӕ хорз цӕстӕй кастаиккой ӕмӕ сын ӕххуыс кодтаиккой (Дыккаг закъон 27:19; 28:15, 45). Фӕлӕ Йезекилы рӕстӕджы, Иудӕйы ӕмӕ Иерусалимы цы сӕргълӕуджытӕ уыд, уыдон тынг ӕгъатыр митӕ кодтой. Бӕлвырдӕй та цавӕр митӕ кодтой?

Израилы адӕмы разамонджытӕй «алчидӕр йӕ тыхтӕ уымӕ радта, цӕмӕй туг кала» (6-ӕм стих). Дзырд «тыхтӕ» амоны бартӕм. Уӕдӕ Израилы рӕстдзинад куыд хъуамӕ уыдаид, кӕд ӕмӕ, закъон чи хъуамӕ ӕххӕст кодтаид ӕмӕ иннӕты дӕр уыцы зондыл чи хъуамӕ арӕзтаид, уыцы разамонджытӕ ӕнаххос адӕмы ӕфхӕрдтой ӕмӕ сӕ мардтой?

Йезекил Израилы сӕргълӕуджытӕн сӕ хъуыддӕгтӕ хурмӕ куы ракалдта, уӕд уый фӕстӕ фӕаххосджын кодта, Йегъовӕйы закъон чи не ’ххӕст кодта, ӕппӕт уыцы адӕмы дӕр. Йезекил загъта: «Ницӕмӕ... дарынц фыд ӕмӕ мады» (7-ӕм стих). Израилӕгтӕ сӕ ныййарджытӕн кӕй нал кад кодтой, уый тыххӕй бинонтӕ ӕнгом нал уыдысты, ӕмӕ уый аххосӕй ӕппӕт адӕмы ’хсӕн дӕр иудзинад нал уыд (Рацыд 20:12).

Фыдгӕнджытӕ ӕфхӕрдтой, ӕххуысхъуаг чи уыд, уыцы адӕмы. Сӕ алы хӕрам хъуыддаг дӕр ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Хуыцауы Закъон, йӕ бындур уарзондзинад кӕмӕн уыд, уыцы Закъон, ницӕмӕ дардтой. Зӕгъӕм, Закъонмӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ хъуамӕ хорз цӕстӕй кастаиккой, се ’хсӕн ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи цард, уыдонмӕ (Рацыд 22:21; 23:9; Левит 19:33, 34). Фӕлӕ уыдон ӕрцӕуӕггӕгтыл «сайдӕй цыдысты» (7-ӕм стих).

Израилӕгтӕ ма ’фхӕрдтой, сӕ сӕрыл сдзурӕг кӕмӕн нӕ уыд, уыдоны дӕр – «сидзӕры ӕмӕ идӕдз усы» (7-ӕм стих). Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ уӕлдай тынгдӕр риссы, йӕ ныййарӕг кӕнӕ йӕ цардӕмбал кӕмӕн амард, уыдоныл. Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, сидзӕры кӕнӕ идӕдзы чи хъыгдары, уыдонӕн йӕхӕдӕг кӕй тӕрхон кӕндзӕн (Рацыд 22:22–24).

Йезекилы рӕстӕг ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон цыдысты, Хуыцауы Закъоны ныхмӕ, уарзондзинадыл сӕ кӕй фӕрцы ахуыр кодта, уыцы Закъоны ныхмӕ. Цымӕ уыцы адӕммӕ цы ’нхъӕлмӕ каст? Йегъовӕ загъта: «Ӕз [сыл] мӕ фыдӕх ныккалдзынӕн» (31-ӕм стих). Ӕмӕ йӕ ныхас сӕххӕст кодта: н. э. размӕ 607 азы вавилойнӕгтӕн бар радта, цӕмӕй Иерусалим ныппырх кодтаиккой ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты уацары акодтаиккой.

Йезекилы ныхӕстӕй базыдтам дыууӕ ахсджиаг хабары. Фыццаг: Йегъовӕ йе сӕфт уыны ӕнӕраст хъуыддӕгтӕй. Дыккаг: ӕнаххосӕй кӕй ӕфхӕрынц, уыдонӕн тӕригъӕд кӕны. Хуыцау нӕ ивы – ӕнӕраст хъуыддӕгтӕм уыцы рӕстӕг цы цӕстӕй каст, ахӕм цӕстӕй сӕм кӕсы абон дӕр (Малахи 3:6). Йегъовӕ зӕрдӕ ’вӕры, ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн ӕмӕ сӕ чи аразы, уыдонӕн тагъд кӕрон кӕй скӕндзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22). Уӕдӕ дӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, рӕстдзинад чи уарзы, уыцы Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонай ӕмӕ йӕм баввахс уай? (Псалом 37:28).

АВГУСТЫ БИБЛИЙӔ ДӔ БОН У БАКӔСЫН:

Йезекил 21–38

[Хицӕнгонд текст 27 фарсыл]

Йегъовӕ израилӕгтӕн цы Закъон радта, уым бӕлвырдӕй загъд уыд, хицӕуттӕ сӕ бартӕй алкӕддӕр раст кӕй хъуамӕ пайда кодтаиккой