Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныхас цавӕрдӕр фарстайыл. Хорз адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм ацӕуынц?

Ныхас цавӕрдӕр фарстайыл. Хорз адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм ацӕуынц?

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ уарзынц адӕмимӕ Библийы тыххӕй ныхас кӕнын. Мыййаг дӕм Библийы фӕдыл исты фарста ис? Кӕнӕ дӕ фӕнды Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фылдӕр базонын, зӕгъӕм, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй? Кӕд о, уӕд ӕфсӕрмы ма кӕн, ӕмӕ сыл ӕндӕр хатт куы амбӕлай, уӕд-иу сӕ бафӕрс. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын дӕ фарстатӕн ӕхсызгонӕй дзуапп ратдзысты.

Дӕлдӕр бакӕсӕн ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ арӕхдӕр куыд фӕныхас кӕнынц, уый. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Марат, ӕрбацыд иу нӕлгоймагмӕ, йӕ ном Роберт, ӕмӕ ныхас кӕнынц.

Уӕлӕрвтӕм чи ацӕудзӕн, уыдон уым цы кусдзысты?

Марат: Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, хорз адӕм сӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм ацӕуынц. Ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс?

Роберт: О. Мӕнмӕ дӕр афтӕ кӕсы.

Марат: Уый ӕцӕгдӕр диссаджы ныфс у. Библийы бирӕ ис фыст уӕлӕрвты тыххӕй, стӕй, уырдӕм ацӕуын цы стыр кад у, уый тыххӕй дӕр. Искуы ахъуыды кодтай, уырдӕм чи ацӕудзӕн, уыдон уым цы кусдзысты, ууыл?

Роберт: Хуыцауимӕ уыдзысты ӕмӕ йӕ ӕнустӕм кадджын кӕндзысты.

Марат: Уый тынг хорз у. Фӕлӕ цымыдисаг у, Библийы ӕрмӕст уый тыххӕй фыст кӕй нӕй, ӕмӕ, уӕлӕрвтӕм чи ацӕудзӕн, уыдонӕн уый стыр кад кӕй у, фӕлӕ ма сыл уый стыр хӕс дӕр кӕй ӕвӕры уый тыххӕй дӕр.

Роберт: Цавӕр хӕс?

Марат: Уый базонӕн ис Раргомады 5:10 стихӕй: «Ӕмӕ сӕ [Чырысти] скодта нӕ Хуыцауы паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ, ӕмӕ уыдон зӕххӕн уыдзысты паддзӕхтӕ». Дӕ хъус ӕрдардтай, сӕ хӕс цы уыдзӕн, уымӕ?

Роберт: Ам фыст ис, зӕгъгӕ, дам, зӕххӕн паддзӕхтӕ уыдзысты.

Марат: Ацы хъуыды дӕм диссаг нӕ фӕкаст?

Кӕмӕн дӕтдзысты разамынд?

Марат: Разы нӕ дӕ, кӕд, уӕлӕрвтӕм чи ацӕудзӕн, уыдон паддзӕхтӕ уыдзысты, уӕд, разамынд кӕмӕн хъуамӕ дӕттой, ахӕмтӕ дӕр кӕй хъуамӕ уа? Стӕй ма ахъуыды кӕн, хицауад адӕмы тыххӕй нӕ вӕййы?

Роберт: Ӕмбарын, цы зӕгъинаг дӕ, уый.

Марат: Уӕдӕ ӕвзӕры фарста: кӕмӕн дӕтдзысты разамынд?

Роберт: Мӕнмӕ гӕсгӕ, чи нӕма амард ӕмӕ уӕлӕрвтӕм чи нӕма ацыд, уыдонӕн.

Марат: Чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнын, ӕцӕгдӕр, раст уаид, зӕгъгӕ, хорз адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм ацӕуынц. Фӕлӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у? Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ иуӕй-иу хорз адӕм уӕлӕрвтӕм нӕ ацӕудзысты?

Роберт: Ахӕмӕй никуы ницы фехъуыстон.

Марат: Бакӕс-ма, дӕ хорзӕхӕй, Псалом 37:29 стих.

Роберт: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм».

Марат: Ацы стихмӕ гӕсгӕ, хорз адӕм кӕм цӕрдзысты?

Роберт: Зӕххыл.

Марат: Раст зӕгъыс! Стӕй цыбыр рӕстӕгмӕ нӕ. Кӕс-ма куыд фыст дзы ис: «Ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм».

Роберт: Мӕнмӕ гӕсгӕ, ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ сты, ӕмӕ зӕххыл алкӕддӕр хорз адӕм уыдзӕн. Мах куы амӕлӕм ӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы ацӕуӕм, уӕд нӕ фӕстӕ райгуырдзӕн ӕндӕр хорз адӕм ӕмӕ йыл уыдон цӕрдзысты.

Марат: Бирӕтӕ ацы стих, ӕцӕгдӕр, афтӕ ’мбарынц. Фӕлӕ кӕд ам дзырд ӕндӕр цӕуылдӕр цӕуы? Кӕд, мыййаг, хорз адӕм мӕлгӕ нӕ кӕндзысты, фӕлӕ зӕххыл ӕнустӕм цӕрдзысты?

Роберт: Бынтон хорз дӕ не ’мбарын.

Фидӕны зӕххыл уыдзӕн дзӕнӕт

Марат: Уӕдӕ-ма ӕркӕсӕм, фидӕны адӕм зӕххыл куыд цӕрдзысты, уый тыххӕй ма Библийы ноджыдӕр цы фыст ис, уымӕ. Зӕгъӕм, Раргомад 21:4 стих. Фидӕны чи цӕрдзӕн, уыцы адӕмы тыххӕй ацы стихы фыст ис: «Ӕмӕ сын [Хуыцау] ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта». Ахӕм цард дӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы?

Роберт: О, фӕлӕ ӕз афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ ам дзырд уӕларвон цардыл цӕуы.

Ӕнӕуи, уӕлӕрвтӕм чи ацӕудзӕн, уыдон дӕр ахӕм арфӕдзинӕдтӕй уыдзысты хайджын. Фӕлӕ ма стихмӕ иу хатт ӕркӕсӕм. Мӕлӕты тыххӕй дзы цы фыст ис?

Роберт: Фыст дзы ис, мӕлӕт нал уыдзӕн, зӕгъгӕ.

Марат: Афтӕ у. Уӕдӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, сразы уыдзынӕ, ӕмӕ цӕмӕй цыдӕр мауал уа, уый тыххӕй уыцы цыдӕр фыццаг хъуамӕ уа.

Роберт: Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы!

Марат: Фӕлӕ уӕлӕрвты мӕлӕт ис? Адӕм мӕлынц ӕрмӕстдӕр ам, зӕххыл.

Роберт: Ууыл ахъуыды кӕнын хъӕуы.

Марат: Библийы фыст ис, ӕрмӕст иуӕй-иу хорз адӕм кӕй ацӕудзысты уӕлӕрвтӕм, иннӕ хорз адӕм та ӕнустӕм цӕрдзысты ам, зӕххыл. Мӕнӕ-ма кӕс, ацы стихы цы фыст ис: «Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ зӕхх бынӕн райсдзысты». Кӕд, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон зӕхх бынӕн райсдзысты, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уыцы адӕм зӕххыл цӕрдзысты? Зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдон хайджын уыдзысты, Раргомады цы арфӕдзинӕдты тыххӕй бакастыстӕм, уыдонӕй. Уыцы адӕм фендзысты, нӕ дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр куыд аивдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕнды зӕххӕй ӕппӕт ӕвзӕрдзинад дӕр фесафын, суанг мӕлӕт дӕр (Матфейы 5:5).

Роберт: Ӕмбарын ӕй, цы зӕгъынмӕ хъавыс. Фӕлӕ иу кӕнӕ дыууӕ стихы раст хъуыдымӕ ’рцӕуынӕн фаг не сты.

Марат: Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы! Фӕлӕ Библийы ис тынг бирӕ стихтӕ, фидӕны зӕххыл цавӕр цард уыдзӕн, уый тыххӕй. Кӕд ма дын иу гыццыл рӕстӕг ис, уӕд ма дын иу стих бакӕсдзынӕн.

Роберт: О, цалдӕр минуты ма мӕ ’вдӕлы.

«Фыдгӕнӕг нал уыдзӕн»

Марат: Ӕрдӕбон бакастыстӕм 37 псалом 29 стих. Ногӕй та ма уыцы псаломмӕ ’ркӕсӕм. Ныр та дзы бакӕсӕм 10 ӕмӕ 11 стихтӕ. Бакӕсдзынӕ сӕ?

Роберт: «Иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн, Кӕм уыди, уырдӕм бакастӕ, ӕмӕ нал ис. Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты Ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты».

Марат: Бузныг! 11 стихмӕ гӕсгӕ, «сабыр адӕм», ома хорз адӕм, кӕм цӕрдзысты?

Роберт: Афтӕ фыст дзы ис, ӕмӕ, дам, «зӕхх бынӕн райсдзысты». Фӕлӕ мӕнмӕ гӕсгӕ, ацы ныхӕстӕ нӕ рӕстӕгмӕ дӕр ис ахӕссӕн, абон дӕр зӕххыл хорз адӕм цӕры.

Марат: Мӕнгӕй ницы зӕгъыс. Фӕлӕ-ма ӕркӕс, ацы стихы афтӕ дӕр кӕй ис фыст, зӕгъгӕ, хорз адӕм фарнӕй бафсӕддзысты. Куыд уынӕм, афтӕмӕй та абон дунейы фарн нӕй.

Роберт: Нӕй, нӕй.

Марат: Уӕдӕ, ам цы фыст ис, уый куыд хъуамӕ сӕххӕст уа? Ахъуыды-ма кӕнӕм: зӕгъӕм, дӕ хӕдзармӕ квартиранттӕ бауагътай. Иуӕй-иутӕ дзы хорз адӕм сты – хӕдзармӕ дӕр зилынц ӕмӕ сӕ сыхӕгтимӕ дӕр хӕларӕй цӕрыныл архайынц. Ӕхсызгон дын у, ахӕм адӕм дӕ хӕдзары кӕй цӕры, уый. Фӕлӕ иннӕтӕ ахӕмтӕ не сты. Уыдон хӕдзармӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц, исты дзы сӕтты, уый сӕм нымады дӕр нӕу, стӕй сӕ сыхӕгты дӕр ӕнцад цӕрын нӕ уадзынц. Уыцы ӕвзӕр квартиранттӕ дарддӕр дӕр афтӕ куы кӕной, уӕд цы бакӕндзынӕ?

Роберт: Атӕрдзынӕн сӕ.

Марат: Уӕдӕ Хуыцау дӕр ӕвзӕр адӕмӕн уыцы ми бакӕндзӕн. Ӕркӕсӕм та-ма 10 стихмӕ. Ам фыст ис: «Фыдгӕнӕг нал уыдзӕн». Ӕндӕр ныхасӕй, иннӕты ӕнцад цӕрын чи нӕ уадзы, уыдоны Хуыцау «атӕрдзӕн». Уый фӕстӕ хорз адӕм амондджынӕй ӕмӕ фӕрнӕй зӕххыл цӕрдзысты. Ӕвӕццӕгӕн, ныронг никуы фехъуыстай, хорз адӕм ӕнустӕм зӕххыл кӕй цӕрдзысты, уый.

Роберт: Никуы.

Марат: Дӕхӕдӕг раст загътай, цӕмӕй цавӕрдӕр фарста хорз бамбарӕм, уый тыххӕй Библийӕ ӕрмӕст иу-дыууӕ стихы бакӕсын фаг нӕу. Уӕдӕ, хорз адӕммӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый цӕмӕй базонӕм, уый тыххӕй хъӕуы базонын, Библийы ӕндӕр рӕтты уыцы фарстайы фӕдыл цы фыст ис, уый. Куыд хъуыды кӕныс, цы стихтӕ бакастыстӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ хорз адӕмӕй иуӕй-иутӕ уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты, иннӕтӕ та зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты?

Роберт: Раст дын куы зӕгъон, уӕд нӕ зонын. Фӕлӕ мын цы стихтӕ бакастӕ, уыдонмӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ у. Ацы хъуыддагыл ма ноджыдӕр ахъуыды кӕндзынӕн.

Марат: Чи зоны дӕм ӕндӕр фарстатӕ дӕр фӕзына. Зӕгъӕм, мах размӕ цы хорз адӕм цард, уыдонӕн та сӕ хабар куыд у? Се ’ппӕт дӕр уӕлӕрвтӕм ацыдысты? Кӕд нӕ, уӕд ныр кӕм сты?

Роберт: Адон дӕр хорз фарстатӕ сты.

Марат: Ӕмӕ сыл уӕд иннӕ хатт аныхас кӕнӕм?

Роберт: Хорз, ӕрбауай та-иу.