Зыдтай йӕ?
Раджы заманты фыстӕджытӕ куыд ӕрвыстой?
Персы паддзахады хицауад фыстӕджытӕ ӕрвыста посты уылты. Есфиры чиныгӕй базонӕн ис, куыд сӕ ӕрвыстой, уый: «Мардохей паддзах Ахашверошы номӕй фыстӕджытӕ ныффыста ӕмӕ сыл паддзахы къухдарӕны мыхуыр сӕвӕрдта, стӕй сӕ хабархӕсджытимӕ постхӕссӕг бӕхтыл, паддзахы дугъон бӕхтыл, арвыста» (Есфир 8:10). Ромаг паддзахады дӕр, дзырд паддзахадон ӕмӕ хӕстон хъуыддӕгтыл кӕм цыд, ахӕм фыстӕджытӕ афтӕ ӕрвыстой.
Паддзахады хъуыддӕгтӕм бар чи нӕ дардта, зӕгъӕм, апостол Павел ӕмӕ иннӕтӕ кӕй фыстой, уыцы фыстӕджытӕ та посты уылты не ’рвыстой. Хъӕздгуытӕ-иу сӕ фыстӕджытӕ арвыстой сӕ цагъартӕн. Фӕлӕ-иу адӕмӕн сӕ фылдӕр сӕ фыстӕджытӕ арвыстой, сӕ зонгӕтӕй кӕнӕ та суанг ӕнӕзонгӕтӕй дӕр фыстӕг йӕ бон фӕхӕццӕ кӕнын кӕмӕн уыд, уымӕн. Арӕхдӕр-иу сӕ «постхӕсджытӕ» уыдысты, зӕгъӕм, сӕ бинонтӕй исчи, се ’мбӕлттӕ, ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ базаргӕнджытӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг-иу сӕйраджыдӕр хъуыды кодта, йӕ фыстӕг кӕимӕ ӕрвыста, ууыл ӕууӕндӕн уыд ӕви нӕ. Стӕй ма хъуыды кодта, йӕ фыстӕг ын куыд фӕхӕццӕ кодтаид, мыййаг ын ӕй нӕ байгом кодтаид, ууыл дӕр. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй апостол Павел йӕ фыстӕджытӕй кӕцыдӕртӕ, ӕвӕццӕгӕн, арвыста, иу ранӕй-иу иннӕ ранмӕ чи балц кодта, уыцы чырыстӕттӕн (Ефесӕгтӕм 6:21, 22; Колоссӕгтӕм 4:7).
Рагон Израилы базарады ӕмӕ ӕргъты тыххӕй цы ис базонӕн?
Бӕстӕйы экономикӕ баст уыд зӕххы куыстимӕ, фос дарынимӕ ӕмӕ, дзауматӕ кӕнӕ хӕринаг ӕндӕр истӕуыл кӕй ивтой, уыимӕ. Библийы ис «Фысты кулдуары», «Кӕсӕгты кулдуары» ӕмӕ «Дурыны сӕстыты кулдуары» кой (Нееми 3:1, 3; Йереми 19:2). Уыцы нӕмттӕм гӕсгӕ бамбарӕн ис, уыцы кулдуӕртты раз базарты цы уӕй кодтой, уый. Библийӕ ма базонӕн ис, Иерусалимы кӕй уыд «дзулгӕнджыты уынг», стӕй ма дзы кӕй уӕй кодтой ӕндӕр цыдӕртӕ дӕр (Йереми 37:21).
Ӕмӕ цы зӕгъӕн ис ӕргътӕй та? Библи чи ӕмбарын кӕны, иу ахӕм чиныджы фыст ис: «Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнусты дӕргъы ӕргътӕ ивтой, ӕмӕ ныр зын зӕгъӕн у, цавӕрдӕр дзаумайӕн кӕцыдӕр рӕстӕджы ӕмӕ кӕцыдӕр бынаты йӕ аргъ цас уыди, уый». Фӕлӕ рагон документтӕй, стӕй Библийӕ дӕр бӕрӕг у, уыцы заманты дӕр ӕргътӕ уӕлӕмӕ кӕй цыдысты. Ӕркӕсӕм, рӕстӕг куыд цыд, афтӕ цагъары аргъ куыд ивта, уымӕ. Дзырдӕн, Иосифы ауӕй кодтой дыууын ӕвзист ӕхцайыл – уыйбӕрц, ӕвӕццӕгӕн, кодта цагъар н. э. размӕ 18-ӕм ӕнусы (Райдиан 37:28). 300 азы фӕстӕдӕр та цагъары аргъ сси 30 сиклы (Рацыд 21:32). Нӕ эрӕйы размӕ 8-ӕм ӕнусы цагъар кодта 50 сиклы (2 Паддзӕхты 15:20). Уымӕй дыууӕ ӕнусы фӕстӕдӕр та, Персы паддзахад дунеон паддзахад куы уыд, уӕд, цагъары аргъ уыди 90 сиклӕй фылдӕр. Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй ӕргътӕ уӕлӕмӕ кӕй цӕуынц, уый адӕмы ӕрмӕст абон нӕ, фӕлӕ алкӕддӕр тыхсын кодта.