Библи ивы адӕймаджы цард
ХУЫЦАУЫЛ чи не ’ууӕндыд ӕмӕ хорз бынаты чи куыста, уыцы ӕрыгон сылгоймаг удӕнцой куыд ссардта? Католикон диныл хӕст ӕрыгон лӕппу мӕлӕты тыххӕй цы базыдта, уый йын йӕ цард куыд фӕивта? Йӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ кӕмӕн нӕ рухс кодта, уыцы нӕлгоймаг Хуыцауы тыххӕй ахӕмӕй цы базыдта, цӕмӕй йын лӕггад кӕнын райдыдтаид? Бакӕс, уыцы адӕм сӕхӕдӕг цы радзырдтой, уый.
«Бирӕ рӕстӕг мын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта ахӕм фарста: адӕймаг цӕмӕн цӕры?» (РОЗАЛИНД ДЖОН).
-
РАЙГУЫРД: 1963 АЗ
-
БӔСТӔ: БРИТАНИ
-
РАЗДӔР: ХОРЗ БЫНАТЫ КУЫСТА
МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.
Ӕз райгуырдтӕн хуссар Лондоны, горӕт Кройдоны, ӕмӕ фараст сывӕллонӕй уыдтӕн ӕхсӕзӕм. Мӕ ныййарджытӕ уыдысты Сент-Винсентӕй, Карибаг сакъадахӕй. Мӕ мад цыди методистты аргъуанмӕ. Ӕз Хуыцауыл не ’ууӕндыдтӕн, фӕлӕ зонындзинӕдтӕм тынг тырныдтон. Мӕ каникултӕ-иу арвыстон, цы цад нӕм уыд, уый был, библиотекӕйӕ-иу цы чингуытӕ райстон, уыдон кӕсгӕйӕ.
Скъола каст куы фӕдӕн, уӕд бамбӕрстон, рыстзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнын мӕ кӕй фӕнды. Ӕмӕ уӕд райдыдтон кусын, ӕнӕхӕдзар адӕмӕн, инвалидтӕн ӕмӕ, ахуыр кӕнын зын кӕмӕн у, уыдонӕн чи ӕххуыс кодта, ахӕм организацийы. Уый фӕстӕ та бацыдтӕн университетмӕ, медицинон факультетмӕ. Ахуыры фӕстӕ хорз куыст ссардтон ӕмӕ мӕ уды дзӕбӕхӕн цӕрын райдыдтон, мӕхицӕн «нӕ» ницӕмӕй дзырдтон. Куыстон консультантӕй ӕмӕ социалон аналитикӕй ӕмӕ уыцы куыст мӕ бон кӕнын уыд мӕ хӕдзары дӕр, кусынӕн та мӕ компьютер ӕмӕ Интернет йеддӕмӕ ницы хъуыд. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу дыууӕ къуыримӕ фӕсарӕнтӕм атахтӕн, цардтӕн-иу, мӕ зӕрдӕмӕ тынг чи цыд, уыцы уазӕгдзӕрӕны, ӕрдзы рӕсугъдзинӕдтӕм кӕсынӕй-иу мӕ мондӕгтӕ уагътон ӕмӕ-иу спа-салонмӕ ӕмӕ фитнес-клубмӕ цыдтӕн. Афтӕ мӕм каст, кӕд исчи цӕры, уӕд – ӕз! Фӕлӕ мӕ уӕддӕр ӕххуысхъуаг адӕм рох никуы уыдысты.
БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.
Бирӕ рӕстӕг мын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта ахӕм фарста: адӕймаг цӕмӕн райгуыры ӕмӕ цӕмӕн цӕры? Фӕлӕ мӕ фарстайӕн дзуапп Библийы бацагуырдтаин, ууыл никуы ахъуыды кодтон. Мӕ хо Маргарет сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ мӕм иухатт, 1999 азы, уазӕгуаты ӕрбацыд йе ’мбал чызгимӕ, уый дӕр уыди уыцы диныл хӕст. Маргареты ӕмбал мӕ цыма рагӕй зыдта, уыйау мемӕ зӕрдӕбынӕй ныхас кодта, ӕмӕ мын Библи ахуыр кӕныны тыххӕй куы загъта, уӕд ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтон, куыд сразы дӕн, уый. Фӕлӕ мын размӕ цӕуын не ’нтыст, уымӕн ӕмӕ мӕ рӕстӕг иууылдӕр мӕ куыстыл цыд.
2002 азы цӕрынмӕ ацыдтӕн хуссар-ныгуылӕн Англимӕ. Уым бацыдтӕн аспирантурӕмӕ, цӕмӕй социалон наукӕты докторы ном райстаин. Уым мӕ гыццыл лӕппуимӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм арӕхдӕр цыдтӕн. Кӕд мӕм уӕлдӕр ахуырад уыд, уӕддӕр ӕрмӕстдӕр Библийы фӕрцы базыдтон, адӕм цӕмӕн хъизӕмар Матфейы 6:24 стихы ныхӕстӕ раст кӕй сты, зӕгъгӕ, дыууӕ хицауӕн лӕггад кӕнӕн нӕй: кӕнӕ Хуыцау хъуамӕ уа мӕ хицау, кӕнӕ – хъӕздыгдзинад. Ӕрцыд рӕстӕг, ахсджиагдӕр мын цы у, уый равзарынӕн.
кӕнынц ӕмӕ сын цы баххуыс кӕндзӕн, уый. Бамбӕрстон,Уый размӕ аз арӕх цыдтӕн чиныгахуырмӕ – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн-иу хӕдзӕртты цы фембӕлд уыд, уырдӕм. Уыцы рӕстӕг ахуыр кодтой чиныг, «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?» a, зӕгъгӕ. Ӕз бамбӕрстон, адӕмы се ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр ӕрмӕстдӕр не Сфӕлдисӕг Йегъовӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Университеты та нӕ афтӕ ахуыр кодтой, Хуыцау адӕмы цардмӕ ницы бар дары, зӕгъгӕ, ӕмӕ тынг мӕсты кодтон. Дыууӕ мӕйы фӕстӕ мӕ ахуыр ныууагътон ӕмӕ сфӕнд кодтон Хуыцауы хуыздӕр базонынӕн фылдӕр рӕстӕг хицӕн кӕнын.
Мӕ цард аивын мӕ бафӕндыд, Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6 стихты цы фыс ис, уый куы бакастӕн, уӕд: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн». Нӕ уарзӕгой Хуыцауы тыххӕй фылдӕр кӕй базыдтон, уый мын цы стыр циндзинад ӕрхаста, ахӕм циндзинад мын нӕдӕр бирӕ ӕхца ӕрхастаид, нӕдӕр – наукӕты докторы ном. Йегъовӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, ӕмӕ Чырысти мах тыххӕй кӕй амард, уый нын цы стыр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уый цас хуыздӕр ӕмбӕрстон, уыйас мӕ тынгдӕр фӕндыд мӕ цард Хуыцауӕн снывонд кӕнын. 2003 азы, апрелы, донаргъуыд райстон. Уый фӕстӕ мӕ цард сабыргай фӕхуымӕтӕгдӕр кодтон.
АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.
Йегъовӕ ме ’ввахс ӕмбал кӕй у, уымӕй зынаргъдӕр мын ницы ис. Кӕй йӕ зонын, уый мын стыр циндзинад хӕссы ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы ис фарн. Стӕй, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ’хсӕн кӕй дӕн, уый фӕрцы дӕн тынг амондджын.
Цӕрӕнбонты зонындзинӕдтӕм тырныдтон, ӕмӕ ныр Библи кӕй ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм кӕй цӕуын, уый фӕрцы мӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕнынц. Тынг ӕхсызгон мын вӕййы мӕ уырнындзинады тыххӕй иннӕтӕн дзурын. Уый у мӕ хуыздӕр куыст, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй мӕ бон у адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй абон дӕр сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ райа ӕмӕ фидӕны та ног дунейы амондджынӕй цӕрой. 2008 азы июны райдыдтон лӕггад кӕнын ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй, ома мӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнын. Уӕдӕй абоны онг куыд амондджын дӕн ӕмӕ мӕ цардӕй куыд райгонд дӕн, афтӕ никуы. Ӕз базыдтон, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый, ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйӕ стыр бузныг дӕн.
«Ме ’мбал куы амард, уӕд тынг маст кодтон» (РОМАН ИРНЕСБЕРГЕР).
-
РАЙГУЫРД: 1973 АЗ
-
БӔСТӔ: АВСТРИ
-
РАЗДӔР: ХЪАЗЫД ӔХЦАЙЫЛ
МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.
Ӕз схъомыл дӕн Австрийы, иу гыццыл горӕт Браунауы. Адӕм дзы ницы цух уыдысты ӕмӕ дзы фыдракӕнды кой арӕх нӕ фехъуыстаис. Нӕ бинонтӕ уыдысты католиктӕ ӕмӕ мӕнӕн дӕр уыцы дины ӕгъдӕуттӕ амыдтой.
Гыццыл куы уыдтӕн, уыд ӕрцыд иу хабар, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕйы арф хъӕдгом ныууагъта. 1984 азы, 11 азы мыл
куы цыд, уӕд иухатт ме ’мбалимӕ футболӕй хъазыдыстӕм. Уыцы бон ӕй фӕссихор машинӕ скъуырдта, ӕмӕ амард. Ӕз тынг маст кодтон. Уыцы хабары фӕстӕ мын бирӕ азты дӕргъы ӕнцой нӕ лӕвӕрдта иу хъуыды: цымӕ мӕрдты исты ис?Скъола каст куы фӕдӕн, уӕд райдыдтон электрикӕй кусын. Кӕд ӕхцайыл хъазыныл фӕцалх дӕн ӕмӕ-иу бирӕ ӕхца фӕхӕрд дӕн, уӕддӕр ӕхцахъуаг никуы уыдтӕн. Бирӕ рӕстӕг ма мын цыд спортыл, уымӕй уӕлдай ма бауарзтон музыкӕ – хэви-метал ӕмӕ панк-рок. Иу дискотекӕйӕ иннӕ дискотекӕмӕ, иу клубӕй иннӕ клубмӕ – уый дын мӕ цард. Цардтӕн мӕ уды дзӕбӕхӕн, ӕнӕгъдау митӕ кодтон, фӕлӕ мӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕй калд.
БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.
1995 азы мын иу ацӕргӕ нӕлгоймаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, мӕ дуар ӕрбахоста ӕмӕ мын иу чиныг радта. Дзырд дзы цыд, мӕрдты исты ис ӕви нӕ, уыцы фарстайӕн Библи цы дзуапп дӕтты, ууыл. Ме ’мбалы мӕлӕтыл нырма мӕ зӕрдӕ кӕй рыст, уымӕ гӕсгӕ чиныг райстон. Мӕлӕты тыххӕй дзы кӕм фыст уыд, ӕрмӕст уыцы сӕр нӕ бакастӕн, фӕлӕ чиныг ӕнӕхъӕнӕй дӕр!
Уыцы чиныджы мӕ фарстайӕн мӕлӕты тыххӕй дзуапп ссардтон, стӕй ма дзы бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ дӕр базыдтон. Католикон бинонты ’хсӕн кӕй схъомыл дӕн, уымӕ гӕсгӕ Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ никӕуыл ӕууӕндыдтӕн. Фӕлӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд хуыздӕр базыдтон Йесойы Фыды, Хуыцау Йегъовӕйы, ӕмӕ йӕм хорз ӕмбалау баввахс дӕн. Тынг диссаг мӕм фӕкасти, куы йӕ базыдтон, Йегъовӕ дурзӕрдӕ ӕмӕ, базонӕн кӕй нӕй, ахӕм Хуыцау кӕй нӕу, фӕлӕ йӕ чи агуры, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр йӕхи кӕй раргом кӕны (Матфейы 7:7–11). Базыдтон ма, нӕ хъуыддӕгтӕй нӕ бон кӕй у Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕнӕ фӕриссын кӕнын, кӕнӕ барухс кӕнын. Стӕй ма базыдтон, йӕ ныхас кӕй никуы фӕсайы. Уый тыххӕй мӕ бафӕндыд, Библийы цы пехуымпарӕдтӕ фыст ис, уыдонмӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсын ӕмӕ, куыд сӕххӕст сты, уый базонын. Цы базыдтон, уый фӕрцы мӕ уырнындзинад тынг бафидар.
Бирӕ рӕстӕг мӕ нӕ бахъуыд, цӕмӕй бамбӕрстаин, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц адӕмӕн Библи хуыздӕр ӕмбарынӕн. Сӕ литературӕйы Библийӕ цы стихтӕ уыд, уыдон-иу мӕхи Библийы федтон. Цас фылдӕр ахуыр кодтон, уыйас хуыздӕр ӕмбӕрстон, рӕстдзинад кӕй ссардтон, уый.
Библи кӕй ахуыр кодтон, уый фӕрцы бамбӕрстон, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй мӕ цард йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ аразон. Ефесӕгтӕм 4:22–24 стихтӕ куы бакастӕн, уӕд нал дызӕрдыг кодтон: хъуамӕ мӕ «зӕронд удыхъӕд» ӕмӕ мӕ «раздӕры митӕ» ныууадзон, ӕмӕ мӕ «удыхъӕд ногмӕ раивон – уыцы удыхъӕд [та] конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ». Уымӕ гӕсгӕ ӕнӕгъдау цард нал кодтон. Стӕй ма бамбӕрстон, ӕхцайыл хъазын ӕвзӕр кӕй у, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй адӕймаг свӕййы мулкуарзаг ӕмӕ зыдгӕнаг (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10). Цӕмӕй мӕ удыхъӕд аивтаин, уый тыххӕй мӕ хъуыд мӕ раздӕры ӕмбӕлтты ферох кӕнын ӕмӕ, хорз ӕгъдауыл хӕст чи у, ахӕм ӕмбӕлттӕ ссарын.
Уыцы ивындзинӕдтӕ саразын ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтон ӕмӕ мын сабыргай ног ӕмбӕлттӕ фӕзынд. Стӕй раздӕрау Библи лӕмбынӕг ахуыр кодтон. Уый мыл афтӕ тынг фӕзынд, ӕмӕ раздӕр цы музыкӕмӕ хъуыстон, уый мӕ зӕрдӕмӕ ӕппындӕр нал цыд, мӕ разы ӕндӕр нысӕнттӕ ӕвӕрын райдыдтон, стӕй ме ’ддаг бакаст дӕр аивта. 1995 азы донаргъуыд райстон ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн.
АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.
Абон ӕхца ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ раст цӕстӕй кӕсын. Раздӕр-иу гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр рамӕсты дӕн, фӕлӕ ныр афтӕ нал дӕн. Стӕй, фидӕны цы уыдзӕн, ууыл дӕр ӕгӕр нал мӕт кӕнын.
Йегъовӕйӕн ӕнӕхъӕн зӕххыл чи лӕггад кӕны, ӕз дӕр уыцы адӕмы ’хсӕн кӕй дӕн, уый мын тынг ӕхсызгон у. Се ’хсӕн ис, алыхуызон зындзинӕдтыл чи ӕмбӕлы, фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм адӕм. Абон мӕхи уды дзӕбӕхӕн нал цӕрын, фӕлӕ мӕ рӕстӕг ӕмӕ мӕ хъарутӕ дӕттын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнон ӕмӕ адӕмӕн хорздзинад аразон. Уый мын хӕссы стыр циндзинад!
«Ныр зонын, цӕмӕн цӕрын, уый» (ИАН КИНГ).
-
РАЙГУЫРД: 1963 АЗ
-
БӔСТӔ: АНГЛИ
-
РАЗДӔР: ЦАРДӔЙ ФЫДӔНХЪӔЛ ФӔЦИ
МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.
Ӕз райгуырдтӕн Английы, фӕлӕ мыл авд азы бӕрц куы цыд, уӕд цӕрынмӕ ацыдыстӕм Австралимӕ. Ӕрцардыстӕм Голд Косты, бирӕ туристтӕ кӕм вӕййы, ахӕм бынаты Квинсленды. Хъӕздыг нӕ уыдыстӕм, фӕлӕ никуы ницы хъуаг ӕййӕфтам.
Кӕд мын алцыдӕр уыд, уӕддӕр амондджын никуы уыдтӕн. Цардӕй фыдӕнхъӕл фӕдӕн, сывӕллон ма куы уыдтӕн, уӕд. Мӕ фыд тынг нызта. Никуы йӕ уарзтон, тынгдӕр йӕ нозты тыххӕй ӕмӕ мӕ мадӕн ӕвзӕр кӕй уыди, уый тыххӕй. Бирӕ азтӕ фӕстӕдӕр базыдтон, Малайӕйы (ныр Малайзи) ӕфсады куы уыд, уӕд уым цытӕ бавзӕрста, уый. Ӕмӕ йӕ уӕд бамбӕрстон, афтӕ цӕмӕн кодта.
Хистӕр кълӕсты мӕхӕдӕг дӕр нуазын райдыдтон. 16 азы мыл куы цыд, уӕд скъола ныууагътон ӕмӕ ӕфсадмӕ флотмӕ ацыдтӕн. Бафтыдтӕн наркотиктыл ӕмӕ тамакойыл. Ӕнӕ нозтӕй та мӕ бон ӕппындӕр нал уыд. Ӕмӕ-иу кӕд раздӕр ӕрмӕст улӕфты бонты нуӕзтон, уӕд уый фӕстӕ та нуӕзтон алы бон дӕр.
20 азы бӕрц мыл куы цыд, уӕд Хуыцауыл хъуыды кӕнын райдыдтон. Хъуыды-иу кодтон: «Кӕд Хуыцау ис, уӕд, адӕм кӕй хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ кӕй мӕлынц, уымӕ ӕнцад цӕмӕн кӕсы?» Зӕххыл ӕппӕт фыддзинӕдты дӕр Хуыцауы кӕм аххосджын кодтон, суанг ма ахӕм ӕмдзӕвгӕ дӕр ныффыстон.
23 азы мыл куы цыд, уӕд ӕфсадӕй рацыдтӕн. Уый фӕстӕ цынӕ куыст кодтон, ахӕм нал баззад, иу аз ма фӕсарӕнты дӕр фӕдӕн, фӕлӕ мын уӕддӕр ӕнцондӕр нӕ фӕци. Царды мӕ ӕппындӕр ницы хъуыд ӕмӕ ницӕмӕ тырныдтон. Мӕ зӕрдӕ ницӕмӕй рухс кодта. Ницы мӕм кастысты нӕдӕр хӕдзар, нӕдӕр хорз куыст, нӕдӕр кад. Нозт ӕмӕ музыкӕ уыдысты мӕ иунӕг «удӕнцой».
Адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый базонын мӕ ӕппӕты тынгдӕр бафӕндыд, Польшӕйы концлагер Освенцимы куы уыдтӕн, уӕд. Кӕддӕр кастӕн, уым адӕмӕн цы ӕгъатыр митӕ кодтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ уыцы концлагер цӕйас уыд, уый мӕхи цӕстӕй куы федтон, уӕд мӕ зӕрдӕ сӕнкъуысыд. Нӕ йӕ ӕмбӕрстон, адӕймаг адӕймагӕн ахӕм ӕгъатыр митӕ куыд хъуамӕ кӕна. Мӕ цӕстытӕ доны зылдысты, афтӕмӕй лагерыл зылдтӕн ӕмӕ хъуыды кодтон: «Цӕмӕн?»
БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.
1993 азы фӕсарӕнтӕй ӕрыздӕхтӕн ӕмӕ Библи кӕсын райдыдтон, цӕмӕй мӕ фарстатӕн дзуапп ссардтаин. Уымӕй бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, афтӕ мӕм иубон дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны ӕрбацыд ӕмӕ мӕ конгресмӕ фӕхуыдтой. Конгресс хъуамӕ уыдаид стадионы. Ӕз загътон, ӕнӕ ацӕугӕ мын нӕй, зӕгъгӕ.
Цалдӕр мӕйы размӕ уыцы стадионы футболы уыдтӕн. Фӕлӕ дзы уӕд цы уыд ӕмӕ дзы ныр цы федтон, уый кӕрӕдзиимӕ абарӕн дӕр нӕ уыд. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхи тынг уӕздан дардтой, сӕ дарӕс уыд аив, сӕ сывӕллӕттӕ дӕр уыдысты хӕрзӕгъдау. Сихоры рӕстӕг цы федтон, уый та мӕм бынтон диссаг фӕкаст. Сӕдӕгай адӕм кӕрдӕгыл сихор хордтой, фӕлӕ фӕстӕмӕ сӕ бынӕтты куы сбадтысты, уӕд кӕрдӕгыл иу бырон дӕр нӕ уыди! Уымӕй уӕлдай бӕрӕг уыд, сӕ цардӕй райгонд кӕй сты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы кӕй ис фарн – ӕз цӕмӕ бӕллыдтӕн, уый. Уыцы бон конгрессы цы дзырдтой, уыдӕттӕй ӕппындӕр ницы бахъуыды кодтон, фӕлӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхи куыд дардтой, уый абон дӕр хъуыды кӕнын.
Уыцы изӕр ахъуыды кодтон мӕ фыды хойы лӕппуйыл. Уый каст Библи ӕмӕ иртӕста алыхуызон динты ахуырӕдтӕ. Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, цалдӕр азы размӕ мын куыд дзырдта, Чырысти афтӕ кӕй загъта, раст дин йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ базонӕн ис, зӕгъгӕ (Матфейы 7:15–20). Бафӕндыд мӕ базонын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иннӕтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый. Фыццаг хатт мӕ царды мӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт бакалд ӕмӕ мӕ цыдӕр ныфс фӕзынд.
Иннӕ къуыри мӕм ногӕй ӕрбацыдысты, конгресмӕ мӕ чи фӕхуыдта, уыцы дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны ӕмӕ мын загътой, сӕ бон кӕй у мемӕ Библи ахуыр кӕнын, ӕмӕ ӕз дӕр сразы дӕн. Стӕй семӕ ӕмбырдтӕм цӕуын дӕр райдыдтон.
Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд Хуыцауы тыххӕй мӕ хъуыды цӕхгӕр аивта. Базыдтон, фыддзинад кӕй ис ӕмӕ адӕм хъизӕмар кӕй кӕнынц, уым Хуыцау кӕй ницы аххосджын у, ӕмӕ адӕм ӕвзӕр митӕ куы фӕкӕнынц, уӕд йӕ зӕрдӕ кӕй фӕриссы (Райдиан 6:6; Псалом 78:40, 41). Уӕд аскъуыддзаг кодтон, кӕй архайдзынӕн, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ макуы мацӕмӕй фӕриссын кӕнон. Йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын мӕ тынг фӕндыд (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Ныууагътон мӕ нозт, мӕ тамако ӕмӕ ӕнӕгъдау цард нал кодтон. 1994 азы мартъийы донаргъуыд райстон ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн.
АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.
Мӕ бон зӕгъын у, амондджын кӕй дӕн ӕмӕ мӕ цардӕй райгонд кӕй дӕн. Исты зын уавӕры куы бахауын, уӕд раздӕрау нозт нӕ фӕагурын, фӕлӕ мӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕрын (Псалом 55:22).
Дӕс азы размӕ мӕ цард баиу кодтон иу рӕсугъд сылгоймагимӕ, Каренимӕ. Каренӕн ис диссаджы чызг, Неллӕ, зӕгъгӕ. Не ’ртӕ дӕр бирӕ рӕстӕг адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базоной. Ныр зонын, цӕмӕн цӕрын, уый.
a Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.